Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 5 страница






Жаннæ æ нцад бадт, йæ редакторимæ фæ ныхмæ уа, уый йæ нæ фæ ндыд. Хорз æ й æ мбæ рста. Дауыт раст нæ уыд æ мæ раст дæ р уыд, йæ фæ лтæ рддзинад æ й бирæ цæ уылдæ рты сахуыр кодта.

Чызг йæ уацхъуыд «Бæ рнон бынаты — æ бæ рнон адæ м» иннæ гæ ххæ ттыты æ хсæ н стъолы лагъзы баппæ рста. Цæ мæ н æ й хъæ уы? Фæ лæ та кæ с æ мæ æ нæ нхъæ лæ джы кæ цæ йдæ р рагæ пп кодта. Цыма-иу афтæ дзырдта: «Цыфæ нды æ мбæ хст мæ куы бакæ най, уæ ддæ р мæ бон мæ хи бамбæ хсын нæ бауыдзæ н, кæ д нæ хъуыдтæ н, уæ д мæ цæ мæ н ныффыстай?»

Жаннæ мæ -иу афтæ каст: ныртæ ккæ йæ æ намонд уацхъуыд ныхъхъæ р кæ ндзæ н: «Хæ ппæ й дæ р чи тæ рсы, уый цæ й уацхæ ссæ г, уый цæ й журналист у? О, уæ у-уæ й-гъе!..»

Уацхъуыд иннæ гæ ххæ ттыты æ хсæ н бæ рæ г дардта. Жаннæ мæ афтæ каст, цыма-иу базмæ лыд, хæ рдмæ стæ хынмæ хъавыд. Æ ртæ мæ йы йын тыххæ й бафæ рæ зта, стæ й скарста: искæ цы газетмæ йæ раттын хъæ уы. Æ ндæ р мыггаг æ мæ æ ндæ р номимæ, æ ви... Нæ! Цы йын кæ ной, уый-иу ын кæ нæ нт: йæ уацхъуыд газетмæ ратдзæ н йæ хи мыггаг æ мæ йæ хи номимæ. Цæ мæ й тæ рсы? Цы фыссы, уый — рæ стдзинад. Æ мæ, ау, нæ рæ стæ г, не ’хсæ над рæ стдзинадæ й бынтондæ р сæ вдæ лон? Нæ, нæ, уымæ н уæ вæ н нæ й.

Жаннæ йы уарзон газет «Рæ стдзинад» ын фыццаг хатт нæ рауагъта йæ æ рмæ г. Æ мæ йæ фыдæ нæ н, нæ депутаттæ й иу йæ хи фæ рæ зтæ й цы газет уадзы, йæ тираж къаддæ р кæ мæ н у, фæ лæ критикон æ рмæ джытæ й бынтон чи нæ тæ рсы, уырдæ м бахаста. Уацхъуыд уайтагъд рацыд. Æ мæ йын æ хсызгон уыд, цыма цыдæ р сгуыхтдзинад, цыдæ р хъæ батырдзинад сарæ зта. Афтæ æ хсызгон ма йын, йæ фыццаг æ рмæ г газеты куы фæ зынд, уæ д уый уыд.

Жаннæ мæ ницы ныхас æ рхауд, фæ лæ йæ уацхъуыд цы газеты рацыд, уый редактор... Иуизæ р æ й горæ ты талынг къуымы æ ртæ лæ ппуйы ацахстой, сæ цæ сгæ мттæ — æ мбæ рзт, æ рмæ стдæ р зындысты сæ цæ стытæ. Сæ иу ын ивазгæ хъæ лæ сæ й загъта:

— Ацы изæ рæ й фæ стæ мæ, газеты цы уадзын хъæ уы, уый хуыздæ р зондзынæ, — æ мæ йыл дзæ хст-дзæ хстæ й ралæ ууыдысты: чи йæ къухæ й цавта, чи къахæ й, чи сæ рæ й. Куы ’рхауд, уæ д талынджы фæ тар сты. Дыууæ -æ ртæ минуты дæ р нæ ахаста сæ фембæ лд, фæ лæ редактор мæ й куыстмæ нал рацыд: йæ дæ ндæ гтæ й цалдæ р бахауд, сцъæ хтæ, ссаухъулæ ттæ. Кæ й бахъыгдардта редактор? Чи йæ м систа йæ къух? Чи?.. Уацхъуыд «Бæ рнон бынаты — æ бæ рнон адæ м» кæ мæ н бахæ с кодтой, æ хца кæ мæ н бафыстой, уыдон.

• Жаннæ уыдæ ттæ, йæ уацхъуыды фæ дыл газеты цы æ рмæ г ныммыхуыр кодтой, уымæ й базыдта. Æ мæ йæ уацхъуыд газеты кæ й рацыд, уый тыххæ й фæ смон кодта, редакцийы къæ сæ рæ й бахизын йæ цæ сгом нал хъæ цыд. Уæ ддæ р бацыд хатыр курынмæ, йæ ныфс бахаста.

— Æ ппындæ р мацæ мæ й тыхс, нæ куыст ахæ м у. Æ цæ г журналист хæ стон у, мах нæ рæ стæ джы стæ м, атакæ йы разæ й чи фæ цæ уы, ахæ м салдæ ттæ. Исты ахæ м æ рмæ г ма дæ м куы уа, уæ д æ й махæ н ма бавгъау кæ н, — бахудтæ м редактор. Чызгæ н йæ фæ смоны хъуыдытæ атадысты. Нæ! Йæ уацъхъуыд кæ й рацыд, уый хорз уыд, йæ цæ сгом йæ цуры сыгъдæ г у.

Жаннæ йæ куысты фыццаг къахдзæ фтæ кæ нын куы райдыдта, уæ дæ й фæ стæ мæ арæ х фæ хъуыды кæ ны: цы у газет? Газетæ н, журналистæ н сæ рибар уæ вæ н и? Кæ й у газет? Чи йæ уадзы? Æ хца йын чи фиды? Нæ й! Газетæ н сæ рибар уæ вæ н нæ й! Кæ й у, æ хца йын чи фиды, уый хахх хæ ссын хъæ уы? Кæ й уæ рдоны бадай, уый зарæ г кæ н. Журналистæ н, йæ зæ рдæ цы зæ гъы, уый ныффыссын йæ бон у? Нæ у! Æ мæ ма иу хатт дæ р — нæ у! Ахст у. Æ хца йын чи фиды, уымæ н йæ къæ ппæ джы и. Чи загъта, æ мæ махæ н нæ мыхуыр сæ рибар у? Гæ ды, фæ лывд ныхас. Фæ лæ уæ ддæ р... Фæ лæ цæ рæ нбонты дæ фæ здæ г кæ лæ д, уый дæ р цас хорз у. Иу хатт ма ссудз, лæ гау лæ джы хуызæ н дæ ныхас ма райхъуысæ д, уый дæ р куыд раст у?

Бæ ргæ, рæ стдзинады салдæ ттæ куы уаикам æ цæ гдæ р, фæ лæ — ницытæ ’мæ мацытæ. Чызг йæ сæ р банкъуыста...

 

31-æ м августмæ ма баззад 25 боны.

6-æ м август. Цыппæ рæ м. 2009 аз

— Уæ дзæ нæ ты бынаты иумæ абадæ м, — загъта Вадим æ мæ Жаннæ йы разæ й рудзгуыты бын дидинæ гдонмæ бахызт. Æ фсымæ р æ мæ хо стъолы фарсмæ даргъ бандоныл æ рбадтысты.

— Æ цæ гдæ р у дзæ нæ ты бынат, — чызджы цæ стæ нгас дидинджытыл æ рæ нцад. Вадим, æ нхъæ лдæ н, фыццаг хатт æ рбацыд ардæ м. Æ мæ куыд фæ рæ дыд? Жаннæ йæ н цыдæ р стыр сусæ гдзинад зæ гъынмæ хъавы, фæ лæ цы?..

— Жаннæ, цæ уыл хъуыды кæ нын, — йæ хомæ нæ, фæ лæ æ мраст кæ дæ мдæ р кæ сы лæ ппу, йæ цæ стытæ — сагъæ с, хъуыдыдзаст.

— Зæ гъ æ й, фырцымыдисæ й мæ уд схауы, — йе ’фсымæ рмæ хæ стæ гдæ р бабадт чызг, бахудт æ м.

— Нæ рæ стæ джы адæ ймагæ н алцыдæ р йæ хицæ й аразгæ у.

— О. Фæ лæ хъысмæ т дæ р и, æ мæ уый адæ ймаджы йæ хи джиппы ауадзы.

— Æ з хъысмæ т æ мæ ахæ м цæ уылдæ ртыл не ’ууæ ндын. Æ мæ цы зæ гъынмæ хъавын: цæ рын æ нцон никæ д уыд, ныр дæ р æ нцон нæ у, фæ лæ дзы зынæ й дæ р ницы ис. Иу хатт дæ р ма йæ зæ гъын: алцыдæ р аразгæ у адæ ймагæ н йæ хицæ й. Адæ ймагмæ хъуамæ уа нысан, хорз нысан, æ нæ нысан адæ ймаг афтид у. Мæ цард, мæ бинонты цард куыд хуыздæ р саразон, мæ хицæ н дæ р æ мæ уыдонæ н дæ р хорзæ й цы скæ нон; æ мæ уыцы нысанмæ тындз, ма фæ цуд, кæ м хъæ уы, уым сабыр къахдзæ фтæ й, кæ м та — тагъд; дæ размæ цæ лхдуртæ сæ взæ рд — сæ сæ рты ахизæ н нæ й, сæ иувæ рсты ацу. Æ мæ уæ д æ нæ мæ нг дæ нысаныл сæ мбæ лдзынæ. Иуæ й, æ з ахæ м зондыл хæ ст уыдтæ н æ мæ дæ н, æ мæ, цыма мæ цардвæ ндагыл никæ м фæ рæ дыдтæ н, афтæ мæ м кæ сы.

— Ды никæ д фæ рæ дыдтæ, стæ й нæ фæ рæ дийдзынæ.

— Ды мæ н фæ рæ хойыны охыл зæ гъыс, фæ лæ уый æ цæ гдæ р афтæ у. Ныртæ ккæ, цæ мæ й адæ ймаг йæ цард хорз сараза, нывыл, адæ мы фæ стæ задтæ й ма уа, уымæ н алы фадат дæ р и. Фæ сивæ дæ й чи арæ хсы, йæ цард фæ хуыздæ р кæ нын кæ й фæ нды, уыдон гом кæ нынц чысыл куыстуæ ттæ. Цæ мæ йдæ р уал райдай, чысыл цæ мæ йдæ р, стæ й дын фенцондæ р уыдзæ н. Бындур æ рæ вæ р.

Жаннæ йе ’фсымæ рмæ бакаст. Йæ куыст Вадимы зæ рдæ мæ нæ цæ уы: йæ мызд — капеччытæ, рацæ удзæ н рæ стæ г, æ мæ тынг фæ смон кæ ндзæ н; мах рæ стæ джы уый — Жаннæ — цы мызд исы, уый æ хца нæ у.

— Вадим, хуыздæ р куыст мын ссардтай, уый бæ рæ г у. Æ ви мын цыдæ р чысыл куыстуат балæ вар кæ нынмæ хъавыс?

— Ницы куыст дын ссардтон, стæ й дын агургæ дæ р нæ кодтон æ мæ нæ кæ нын, хъуамæ алчидæ р куыст йæ хæ дæ г йæ хицæ н ссара. Куыстуат балæ вар кæ нын мæ бон никæ мæ н у, фæ лæ куы уаид, уæ ддæ р суанг мæ хорз хойæ н дæ р нæ балæ вар кæ нин: хъуамæ царды фæ ндæ гтыл алчидæ р йæ хæ дæ г ацæ уа, æ мæ уæ д цардæ н аргъ кæ ндзæ н.

Уæ ддæ р, цы зæ гъынмæ хъавы Вадим? Жаннæ йын йæ зондамонæ н ныхæ стыл ахуыр у.

— Жаннæ, ныр нæ хистæ рты цардæ й цæ рæ н нал и, размæ тындзын хъæ уы. Æ мæ иу чысыл куыстуат куы саразис, уæ д дæ цардыл фæ зынид: дæ хи хуыздæ р æ нкъарис, зæ ххыл фидардæ р лæ ууис, фидæ нмæ ныфсджындæ рæ й кæ сис.

Хи куыстуат. Жаннæ — куыстуаты разамонæ г. Хицау. Къæ лæ тджын баидоныл бадæ г. Нæ. Ууыл никæ д хъуыды кодта. Уый йæ м дард у, тынг дард. Диссаг, цымæ йын цы куыстуат саразын зæ гъы йе ’фсымæ ры зæ рдæ?

— Æ мæ мæ бынаты цавæ р чысыл куыстуат саразæ н и?

— Алцыдæ р, — разылд æ м Вадим. — Æ рмæ стдæ р дæ фæ ндæ д, æ ндæ р алцыдæ р. Ныртæ ккæ паддзахад хорз æ ххуыс кæ ны —

æ хца кредит дæ тты. Æ рмæ стдæ р змæ л. Æ з дæ бынаты куы уаин, уæ д саразин хилдасæ н.

— Салон красоты. Рæ сугъддзинады салон.

— О. Цæ мæ й куыст хуыздæ р зонон, уый тыххæ й фæ уаин курсытæ, уыцы дæ сныйад базонин хорз. Йæ хæ рдзтæ бирæ не сты. Куыст хорз рацараз, æ мæ нæ м цы хилдасæ н и, уый кæ мдæ р фæ сдуар аззаид, цыбыр рæ стæ гмæ пайда хæ ссын райдаид, уайтагъддæ р дæ къæ хтыл слæ ууис.

— Æ вæ ццæ гæ н ма дæ м æ ндæ р хъуыды, æ ндæ р фæ ндон дæ р ис.

— Хъуыдытæ бирæ. Цæ уыннæ. Ис афтек саразæ н. Уымæ н хъæ уы медицинон ахуырдзинад, фæ лæ йын скæ нæ н и.

Чызджы зæ рдыл æ рбалæ ууыд, æ цæ г уыд æ ви йæ адæ м сæ хæ дæ г æ рхъуыды кодтой, Хуыцау йæ зонæ г.

— Мæ скуыйæ, дам, цыдæ р къамис нæ горæ тмæ, нæ республикæ мæ æ рцыд. Кæ сынц æ мæ къахдзæ фæ й-къахдзæ фмæ — афтек, æ мæ, дам, сæ иу афтæ зæ гъы: «Ирон адæ м цы сахъат, цы рынчынгæ наг адæ м сты».

— Мæ скуыйæ гтæ паддзахады исбон, паддзахады æ хца сæ хи бакодтой æ мæ æ нцад уæ нт. Дзурæ нт æ мæ дзурæ нт. Фæ лæ афтек пайда кæ й у, уый бæ лвырд у. Адæ ймаджы куы фæ нда, уæ д алцы гæ нæ н дæ р ис. Цæ уыннæ и чысыл кондитерон цех саразæ н? Ис! Ис, мæ хо, алцы саразæ н дæ р. Æ рмæ стдæ р дæ фæ ндæ д. Æ мæ ды дæ р ахъуыды кæ н, цæ рын дæ хъæ уы, дæ цард та нырма разæ й и.

— Вадим, мæ нæ н хорз куыст и, æ з мæ куыст уарзын. — Жаннæ йе ’фсымæ ры сайы; уый раздæ р уарзта йæ куыст, ныр æ й нал æ ндавы. Æ мæ ма йæ куыст дæ р цæ мæ н хъæ уы?..

— Жаннæ, æ ргом дын мæ хъуыды зæ гъон: йæ мызд мамæ лайы къæ бæ ры фаг дæ р кæ мæ н нæ у, йæ мыздæ й йæ хи чи нæ дары, уымæ н йæ куыст куыст нæ у. Мæ нæ ды нæ дæ? Ды сайыс дæ хи. Хи сайын та у стыр тæ ригъæ ддзинад, стыр фыдракæ нд, æ мæ, фыццаджыдæ р, чи сайы, уымæ н йæ хицæ н. Жаннæ, æ з дын тæ ригъæ д кæ нын.

— Мæ нæ н мачи тæ ригъæ д кæ нæ д.

— Кæ мдæ р æ й кастæ н. Инæ лар Хоранты Созырыхъойæ н уыд мæ гуыр сыхаг. Созырыхъо цалдæ р хатты йæ сыхаг лæ гæ н хъавыд баххуыс кæ нынмæ. Фæ лæ -иу уый цæ хгæ р ныллæ ууыд: ницы йæ хъæ уы. Йæ ирон сæ рыстырдзинады сæ рты ахизын æ й нæ фæ ндыд. Иурæ стæ джы мæ гуыр лæ г хъæ дæ й суг æ рцæ йласта, Созырыхъо та æ рбацæ йцыд йæ файтоны. Мæ сыхагæ н исты хуызы куы баххуыс кæ нин, зæ гъгæ, йæ разæ й йæ хи фæ кодта, æ хцайы чыссæ систа æ мæ йæ æ рæ ппæ рста. Аивæ й хъахъхъæ ны. Мæ гуыр сыхаг æ хцайы чыссæ ауыдта. Æ рхызт æ мæ йæ йæ дзыппы сæ вæ рдта. Инæ лар æ хсызгонæ й сулæ фыд: йæ мæ гуыр сыхаг лæ гæ н баххуыс кодта. Йæ бæ х суагъта. Уыцы рæ стæ г кæ ртмæ æ рбахызт сыхаг лæ г, æ хцайы чыссæ йæ къухы, æ мæ загъта:

— Созырыхъо, де ’хцайы чыссæ ахауд, — æ мæ йæ м æ й дæ тты.

Инæ лар йæ сæ р банкъуыста, ныуулæ фыд æ мæ загъта:

— Дæ уæ н Хуыцау дæ р нал баххуыс кæ ндзæ н.

— Уæ дæ мæ нæ н дæ р суанг Хуыцау дæ р нал баххуыс кæ ндзæ н, — Жаннæ æ нæ бары бахудт.

— Куыд дæ фæ нды, афтæ йæ ’мбар. Æ нхъæ лдтон, ахъуыды кæ ндзынæ, фæ лæ...

— Æ мæ дæ ’мбарын. Мах цæ уæ м царды алыхуызон фæ ндæ гтыл.

— Бæ ллæ х дæ р уый у, — сыстад Вадим. — Афтæ йæ нымай, не ’хсæ н ницы ныхас æ рцыд.

— Дæ у куыд фæ нды, афтæ, — сыстад Жаннæ дæ р.

— Гъемæ хорз. — Æ фсымæ р æ мæ хо кæ рæ дзимæ бакастысты. Сæ дзæ нæ ты бынатæ й, хæ дзары рудзгуыты бын дидинæ гдонæ й рахызтысты. Чызг ахъуыды кодта: Вадим ацы бынат хуымæ тæ джы нæ равзæ рста: æ вæ ццæ гæ н, æ нхъæ лдта: ацы дзæ нæ ты ран йæ ныхас йæ хомæ хуыздæ р бахъардзæ н, бамбардзæ н æ й. О, алкæ й дæ р хорз æ мбары. Хорз æ мбары Вадимы. Æ ппынфæ стаг, Жаннæ йы стыр æ хцатæ нæ хъæ уы æ мæ йæ ныхъхъуытты уадзæ нт. Ныр та йæ æ ппындæ р ницыуал хъæ уы. Чысыл мызд исы æ мæ цы? Уымæ н йæ фаг у уæ лдайджынтæ й.

 

31-æ м августмæ ма баззад 24 боны.

7-æ м август. Майрæ мбон. 2009 аз

Жаннæ йæ уаты дуар æ нæ уынæ рæ й байгом кодта æ мæ рахызт. Цымæ Темыр кæ м и? Йæ телефон йемæ и? Ахуыр ыл нæ ма у æ мæ йæ куы кæ м авæ ры, куы кæ м, æ рбайрох дзы вæ ййы.

Чызг хъуыды кодта: йæ фыдæ н йæ райгуырæ н бонмæ хуыздæ р цы балæ вар кæ на? Сахат? Æ мæ йæ м и. Жаннæ йæ авд азы хистæ р у, фæ лæ нырма цыфæ нды ног сахæ ттæ й дæ р растдæ р цæ уы. Сæ йрагдæ р та — Темыр ыл уал æ мæ уал азы дæ ргъы сахуыр æ мæ йын зынаргъ у. Хуыцау хорз, æ мæ йæ йæ цонгæ й уæ гъд нæ уадзы, æ ндæ р йæ кой-йæ хъæ р дæ р нал уаид.

Æ мæ уæ дæ цы балæ вар кæ на Жаннæ йæ фыдæ н? Æ хца? Æ мæ æ хца цы у? Телефон. Дзыппыдаргæ чысыл телефон. Кæ мдæ риддæ р дæ — кæ дæ м дæ фæ нды, уырдæ м адзур, дæ умæ дæ р æ рбадзурдзысты. Ахæ м телефон удæ нцой у. Темыр телефон кæ й нæ комдзæ н, Жаннæ уый зыдта, фæ лæ уæ ддæ р йæ фæ нд нæ аивта. Фыд загъд кæ ндзæ н: цæ мæ йæ хъæ уы? Йæ кæ нинæ гтæ уый тыххæ й æ нæ кондæ й баззадысты? Уый æ мæ дын хъуыддаджы адæ м, уыдонæ н у хорз: алы минут дæ р сæ кæ дæ мдæ р дзурын хъæ уы æ мæ... стæ й мæ нæ фæ сивæ дæ н. Уыдоны дæ р бæ ргæ ницæ мæ н хъæ уы, сæ ахсджиаг хъуыддæ гтæ саразыны тыххæ й дзы куынæ фæ дзурынц, мыййаг. Темыры ма цæ й телефон хъæ уы. Мæ нæ ма хæ дзары, цæ хæ радоны цыдæ ртæ змæ лы. Зиантæ æ мæ циндзинæ дтæ м кæ д ацæ уы, æ ндæ р йæ фæ ндаг — хæ дзарæ й сарамæ, цæ хæ радонмæ æ мæ фæ стæ мæ.

Темыр йæ хи æ нæ пайда, æ гуыст лæ г хоны. Цыма хъуамæ адæ ймаг йæ фæ стаг сулæ фты онг æ нæ мæ нг кусгæ кæ на. Стæ й, уый дæ р æ мæ мад дæ р чысыл змæ лынц? Хæ дзары чысыл куыст и? Горæ таг фатеры куынæ цæ рынц, мыййаг. Дыууæ хъуджы æ мæ сæ м дыууæ рæ уæ ды. Уыдонмæ зилын нæ хъæ уы? Уыдонæ н холлаг нæ хъæ уы? Уæ дæ цæ хæ радоны куыстытæ чи кæ ны? Æ ртæ йæ иумæ.

Фыд æ мæ мадæ н цот дæ р, чындзытæ дæ р бæ ргæ дзурынц: фесафæ нт сæ фос, сæ хи сыл цы тухæ нæ й марынц. Фæ лæ сæ дзырд дæ р не суадзынц: фосы, цæ хæ радоны куыст куынæ уал кæ ной, уæ д ма зæ ххыл цæ мæ цæ рынц. Уæ д горæ ты дæ р цæ р æ мæ, зæ рватыкк йæ ахстонæ й куыд кæ са, афтæ бынмæ асфальтмæ кæ с. Жаннæ дæ р сæ æ нцад нал фæ уадзы: сæ хъæ у — районы центр, бирæ уæ ладзыгон хæ дзæ ртты æ нæ фос æ мæ æ нæ зæ ххæ й иу æ мæ дыууæ бинонтæ цæ ры? Æ мæ кæ мæ й æ взæ рдæ р у сæ цард? Мад дæ р æ мæ йыл фыд дæ р сæ къух ауигъынц: цалынмæ змæ лынхъом сты, уæ дмæ фосмæ дæ р æ мæ сæ зæ хмæ дæ р зилдзысты, куыст цард у.

Чызг йæ фыдæ н телефон балæ вар кæ ндзæ н, уый никæ мæ н загъта, мадæ н дæ р. Бинонтæ м, цыма, цы не ’мбæ лы, ахæ м лæ вар у, афтæ фæ каст:

— Телефон? — дисхуызæ й йæ бафарста Вадим. — Æ мæ Папæ ахæ м телефонæ й цы кæ ны? Йæ хъуыддæ гтæ уый тыххæ й æ нæ кондæ й баззадысты?

Фатимæ дæ р уæ дæ йæ хъуыды ма зæ гъа:

— Нæ хо диссаджы лæ вæ рттæ фæ кæ ны.

Мад ницы дзырдта, аивæ й-иу бинонтæ й куы иумæ, куы иннæ мæ бакаст. Чызг йæ химидæ г тыхст: йæ фыд ын йæ лæ вар куынæ бакома, куы сзагъд кæ на, цæ хгæ р куы ныллæ ууа: ницæ мæ н æ й хъæ уы, æ мæ йæ мæ сты æ ппæ рст диванмæ куы бакæ на. Фыд æ мæ чызджы цæ стытæ цыдæ р уысм кæ рæ дзимæ фæ комкоммæ сты, æ мæ Жаннæ бамбæ рста: Темыр йæ зæ рдæ худты нæ бацæ удзæ н, йæ зондджын, йæ æ мбаргæ, уæ здан фыдæ н калм куы балæ вар кæ на, уæ ддæ р æ й æ хсызгонæ й райсдзæ н.

Темыр телефон райста, лæ мбынæ г æ м æ ркаст æ мæ йæ стъолыл æ рæ вæ рдта:

— Бузныг, мæ чызг, дæ лæ варæ й. Бузныг.

— Папæ, дæ уæ й бирæ хистæ р чи у, уыдонмæ дæ р ис ахæ м телефонтæ. Уайтагъддæ р ыл фæ цалх уыдзынæ.

— Тынг хорз лæ вар у, — бахудт мад.

Жаннæ цæ мæ й тæ рсы: йæ лæ вар Темырмæ куынæ бафæ стиат уа. Куыддæ р иуварс аззайа, афтæ æ рбайсæ фдзæ н, зæ ххы скъуыды ныххаудзæ н. Уæ ддæ р æ й агурдзысты, суанг ма йæ Аслан йæ хæ дæ г дæ р агурдзæ н. Рацу-бацу кæ ндзæ н, гобæ тты бынтæ сгардзæ н, скъæ ппытæ къахдзæ н. Чи зоны, исты дæ р зæ гъа:

— Æ мæ цы фæ уыдаид уæ дæ, куы ничи нæ м уыд. Кæ д дын цæ хæ радоны искæ м æ рхауд. — Æ мæ, чи зоны, цæ хæ радонмæ дæ р ацæ уа æ мæ йæ уым агура.

Телефон цы фæ ци, уый бинонтæ й алчидæ р хорз зондзæ н, фæ лæ йыл басæ ттой, уый сæ иуы зæ рдæ дæ р нæ комдзæ н, æ мæ агурдзысты. Иурæ стæ г Темыр йæ хи нал бауромдзæ н æ мæ зæ гъдзæ н:

— Лæ ппу, уыцы телефон цы фæ ци?

Аслан æ м разилдзæ н, йæ уæ хсчытæ æ рбалхъивдзæ н æ мæ, цыма уымæ й растдæ р æ мæ сыгъдæ гдæ р адæ ймаг ацы зæ ххыл нæ й, цыма 1 сом дæ р никуы фæ иуварс кодта æ мæ йын фыды ныхас тынг зын у, æ нæ аххосæ й аххосджын кæ й фæ кæ нынц, уымæ н куыд зын вæ ййы, афтæ, æ мæ уый цы хъæ лæ сыуагæ й фæ зæ гъы, ахæ м хъæ лæ сыуагæ й зæ гъдзæ н:

— Сымах та алцыдæ р ме ’фсон кæ нут. — Йе та, чи зоны, бахуда, æ нæ мæ т, æ нæ фсарм худт, фыдмæ разила æ мæ зæ гъа: — Уыцы телефон нал и, кæ йдæ р тынгдæ р хъуыд, — æ мæ ацæ удзæ н, йæ къæ хты бын цыма зæ хх лæ быры æ мæ фæ цудынæ й, ахауынæ й тæ рсы, ахæ м къахдзæ фтæ й. Кæ дæ м æ й ахæ сдзысты йæ мæ ллæ г, лæ мæ гъ къæ хтæ? Йæ цæ стытæ — мигъбадт, æ рдæ гцъынд, цыма дысон-бонмæ хуыссæ джы хъæ стæ нæ фæ ци æ мæ йæ развæ ндаг æ взæ р уыны.

Бинонтæ й чи фæ раздæ р уа, уый Асланæ н зæ гъдзæ н:

— Кæ дæ м ма цæ уыс? Иучысыл хæ дзары æ рсабыр у, телефон дæ р нæ нал хъæ уы.

Фæ лæ уымæ й иу ныхас дæ р не схаудзæ н: æ нæ дзургæ йæ куыд ацæ уы, афтæ ацæ удзæ н. Мад сагъдауæ й лæ удзæ н. Фыд йæ фæ стæ кæ сдзæ н, йæ цæ сгом дойнаг дуры хуызæ н ныууыдзæ н. Иурæ стæ г кæ уæ гау зæ гъдзæ н:

— О Хуыцау, æ дзух дын табу куы кæ нæ м, уæ д нæ афтæ карз цæ мæ н бафхæ рдтай? Дæ зæ рдæ ныл уыйас цæ мæ й фæ худт?

Жаннæ арæ х сагъæ сы бахауы: Асланы фæ ндаг цæ мæ н фæ саджил? Уыцы бырынцъаг, сæ рсæ фæ н фæ ндагмæ йæ цы бакодта? Чи у аххосджын? Бинонтæ? Йæ хæ дæ г? Рæ стæ г? Цард? Æ хсæ над? Чи у аххосджын?.. Жаннæ?.. Æ ви иууыл иумæ? Дæ аххос искæ й уæ хсчытæ м баппар, уый — æ ппæ ты æ нцондæ р. Æ мæ Темырæ н йæ иннæ цот ацы рæ стæ г, ацы æ хсæ нады нæ цæ рынц? Адæ ймаг... Адæ ймаг хъуамæ, фæ ззыгон дымгæ фæ ззыгон бур сыфтæ р куыд сисы, уый хуызæ н ма уа.

— Мæ чызг, — фæ зæ гъы фыд, — цард фыцгæ денджыз у, тызмæ г æ мæ æ гъатыр.

— Æ мæ уыцы фыцгæ денджызы бар дæ хи бакæ н æ мæ дæ уылæ нтæ æ хсныфау фæ хæ ссынц.

— О, мæ чызг, зæ гъын æ нцон у, фæ лæ цард та... Ох-ох, — йæ ныхас кæ ронмæ нал фæ зæ гъы фыд. Жаннæ дæ р ницыуал фæ дзуры: йæ фыды хъæ дгом зæ рдæ ма ногæ й цæ мæ н агайа.

Темыр ма арæ х фæ зæ гъы: паддзахады æ мæ бинонты цардæ н кæ рæ дзийæ фæ иртæ сæ н нæ й. Æ мæ цы рæ стæ г, цы æ хсæ нады цæ рæ м? Суйтæ, æ лхынцъытæ. Рохтæ суагътой æ мæ дæ цы фæ нды, уый кæ н, цæ вæ г марæ джы нал æ мбары. Темырæ н фырмæ стæ й уæ лдæ ф йæ хъуыры фæ бады. Акса-ма, закъон закъон нал у. Раст æ мæ зылыны, сыгъдæ г æ мæ чъизийы æ хсæ н фыдæ й-фыртмæ цы арæ нтæ уыди, уыдон нал зынынц. Донæ н йæ ауæ зт куы фехалынц, ауазæ н куы байгом кæ нынц, уæ д дон агуылф кæ ны, йæ размæ цыдæ риддæ р фæ вæ ййы, уыдон ахæ ссы. Уый дон нал вæ ййы, фæ лæ хъылма. Паддзахады разамонджытæ паддзахады донауазæ нтæ æ мæ дуæ рттæ байтыгътой æ мæ, акса-ма, дунейы цыдæ риддæ р чъизи æ мæ æ взæ рдзинадæ й уыд æ мæ и, уыдон махмæ æ рбагуылф кодтой.

Темыр телевизор скъæ пп кæ нын нал фæ уæ нды: цы та дзы æ вдисдзысты, цы та дзы фендзæ н? Цы та йæ м дзы разындзæ н? Мæ рдтæ. Туг. Гæ рæ хтæ. Чъизи. Æ взæ рдзинад. Паддзахад ахæ м адæ мы къухмæ бахауд, æ мæ паддзахады дæ р æ мæ адæ мы дæ р стигъынц, цыдæ риддæ р сæ фæ нды, уый кæ нынц. Темыр ахуыргонд лæ г нæ у, цæ рæ нбонты шофырæ й фæ куыста, зæ гъгæ, уæ д ницы зоны?.. Дыууиссæ дз, дæ с æ мæ дыууиссæ дз азы размæ уыцы хъылма чи зыдта? Кæ д искуы иутæ. «Наркоман», «наркотиктæ» æ мæ æ ндæ р ахæ м дзырдтæ и, Темыр уый æ нхъæ л никуы уыд. Ныр сæ æ гæ р хорз дæ р ма зоны. Уый нæ, фæ лæ сæ цыппарфондзаздзыд сывæ ллæ ттæ дæ р зонынц. Æ мæ хистæ ртæ й хуыздæ р. Æ гъдау æ мæ æ фсарм, уæ здан æ мæ уды сыгъдæ гдзинад фæ сдуар аззадысты, тагъд сыл худинаджы гакк сбаддзæ н.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.