Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Цæмæн?..






Цъæ х денджыз — уадсур дæ тты Мекка,

Йæ кæ рон — эллипсы къæ дзау...

Кæ нынц ыл хъал дымгæ тæ лекка, —

Нæ сын уæ зæ г и, нæ — хæ дзар.

 

Æ рра сæ рибар удты бардуаг

Куы хурмæ фесхъиуы, куы та —

Йæ сæ рмæ, сахъ Батрадзы кардау,

Æ рвæ рттывд ачъепп кæ ны тар.

 

Æ хсныфтау хохнаутæ й фæ хъазы,

Æ нæ рцæ ф уадимæ у ‘мцег.

Куы дары дунейы фыдтасы,

Куы та дзы хур фæ кæ ны ленк.

 

Куы та зæ рин уадындзтæ й уасы,

Йæ хъæ лæ с — удыл тайгæ, ‘хцон;

Æ хсæ в дзы мæ й йæ дзыкку фасы,

Зынынц дзы арвырæ ттæ бон.

 

Уæ д уый — хæ лардзинады бардуаг,

Уæ д уый — нæ уæ лион дзæ нæ т;

Бæ ллиццаг — удæ н дзы цы рардæ уа,

Вæ ййы уый рухс амондау уæ д.

 

Куы ‘хсæ в цæ хæ ркал бонæ й ивы,

Куы та фыдтарæ н судзы буд,

Æ мæ нæ м йе ‘рфæ нтæ й æ рттивы

Æ нусон дун-дунейы уд.

 

Æ ниу æ д хур, æ д денджыз дуне

Мæ зонды, ме сконды цæ ры,

Зынг хур мæ цæ сты худы донæ й,

Уæ ларв мæ къæ рцхъусы нæ ры,

 

Æ мæ — цæ рæ нбоны цъæ х уалдзæ г —

Бæ стысæ рытыхы фæ рсын:

Цæ мæ н дæ н а-зæ ххыл æ з уазæ г,

Æ гæ рон денджыз та — фысым?!

Гагрæ, 1977 аз

Уæ лахизы цырты раз

Зары,

Раст цыма Нары

Зæ ххæ й сыстади дурцырт,

Хохаг саггуырдты ‘хсарыл

Уый æ нус-æ нус дзурдзæ н.

Хæ ст куы сыгъдис æ вирхъау,

Зæ хх куы нынкъуыст йæ нæ рдæ й,

Уæ д ирон лæ джы цирхъ дæ р,

Хурмæ скалдта цæ хæ ртæ,

Рацыд туджы тæ рккъæ вда.

Дардыл сызмæ лыд бæ стæ.

Цал цæ рæ ццаджы скъæ фта

Уæ д йæ саулохаг хæ стмæ!

Сау сынтытау фæ стæ мæ

Сау гæ ххæ ттытæ тахти;

Уыд зындойнаг хæ сттæ мæ н,

Цæ ссыг тугхæ ццæ тагъди.

Уæ д ирон лæ джы рондзæ й

Мæ ры ‘нæ вгъау цы хъардта,

Уæ д уæ лахизы монцæ й

Судзгæ цал уды ‘рхаудта.

Уарзон буц чызджы риуы

Уæ д цы уарзтдидин бахус.

Мады судзаггаг ниуын,

Сидзæ р сабиты сагъæ с

Ацы дурæ н йæ хуылфы

Ныр æ нусмæ цæ рдзысты.

Ома уыцы хæ сттыфыл

Мауал бауадзæ м сыстын,

Зары,

Раст цыма Нары

Сыстад кадгæ нæ г дурдзырт,

Уый ирон лæ джы ‘хсарыл

Ныр æ нусбонмæ дзурдзæ н.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.