Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






AElig;РДХÆРÆНЫ ЗАРÆГ






Æ нæ хъæ н царды размæ, ивгъуыд æ нусы æ вдайæ м азты, фæ схохæ й æ рыхъуысти, зæ рдæ йы уидæ гтыл чи æ мбæ лди, уды тарфы бæ рзонд сæ нттæ чи хъал кодта, йемæ æ нахуыр уæ лтæ мæ нгæ нæ г рухс чи хаста, ахæ м зарæ г, æ мæ йæ м мах, уæ ды литературон фæ сивæ д, цымыдисæ й ныхъхъуыстам. Иæ кæ лæ нгæ нæ г мыртæ м-иу цæ стыты раз куы айнæ г къæ дзæ хтæ февзæ рд, ‘куы — хосгæ рдæ н тъæ пæ нтæ, куы — æ вæ лмон æ мæ æ вæ лмас горæ т, куы — æ нæ хин хъæ ууон царды нывтæ; фæ йлауæ нтæ кодта денджыз, тындзыдтой фыдуаг цæ угæ дæ ттæ; хъуысти бæ хы хуыррытт, поезды цъæ хахст æ мæ адæ мы дзолгъо-молгъо; зæ рдæ агайдтой æ взонг уды сагъæ с, йæ мидхъуырдухæ нтæ, йæ рис æ мæ уарзт.

Кæ рæ дзийы къухтæ й скъæ фæ гау кодтам æ мæ зыдæ й кастыстæ м æ мдзæ вгæ ты къаннæ г æ мбырдгонд, «Фараст барæ джы», зæ гъгæ, ахæ м сæ ргондимæ, йæ автор — Хаджеты Таймураз. Авторы ном не ‘ппæ тæ н дæ р æ нæ зонгæ уыд, никуы йын федтам йæ хи дæ р, фæ лæ нын уыйхыгъд йе мдзæ вгæ тæ та тырысайау систы.

«Ехх, кæ д зæ рдæ йы фыдрыстæ н
Ис æ вдадзы хос— бынат?..
Ир, мæ урс хъыгты Ирыстон,
Цæ стытыл æ фтауы арт»;

«Хауынц рындзæ й комы кæ хцмæ дуртæ,
Уый дæ р сæ м йæ риуыгуыдыр дары.
Хох — чъынды лæ г, саст къæ йдуры муртæ
Арæ хстгай йæ фæ дджитæ м æ взары».

Загъдæ уыд, æ ппæ ты хуыздæ р дзырдтæ, дам, æ ппæ ты хуыздæ р фæ ткыл куы равæ рай, уæ д уый у Поэзи. Чи зоны, афтæ дæ р у, фæ лæ ма уыимæ æ нæ мæ нг хъуамæ уа, уырзæ й бавналæ н нæ, фæ лæ, зонд кæ й нæ ахсы æ мæ зæ гъæ н дæ р кæ мæ н нæ й, ноджы ахæ м æ бæ рæ г цыдæ р. Æ вæ ццæ гæ н, нæ фыдæ лтæ Хуыцауы комытæ ф уый хуыдтой. Æ вæ ццæ гæ н, сæ йрагдæ р уый кæ ны афтæ зæ рдæ скъæ фгæ Хаджеты Таймуразы сфæ лдыстад, æ мæ йын йæ ныхасмæ адæ ймаг сагъдауæ й уымæ н аззайы.

«Горæ т аныгъуылд мигъы,
Тар æ ууилы йæ рæ стæ джы хай.
Мах, хъæ дласæ джы дзоныгъау, уигъы
Афтид трамвай.

Зæ рдæ — донгуырæ н абон.
Ног уым абухы цардæ н йæ хин.
Ды — мæ фæ стиат амонд —
Ма уадз уарзын дæ хи».

Æ мдзæ вгæ йæ н йæ рæ сугъддзинадыл нæ дзурдзынæ н — æ нæ хъæ нæ й дæ р зарæ гау у, фæ лæ дзы кæ й æ рхастон, уыцы кадавар аст рæ нхъы дæ р диссаг ысты: фаг разындысты адæ ймаджы хъысмæ т, йæ удыхъæ д æ мæ йæ мидхъуырдухæ н равдисынæ н. Драмон уавæ р ноджы уæ ззаудæ р кæ ны æ ддаг æ ууæ лтæ й: мигъ, трамвайы афтид æ мæ йе ‘нахуыр цыд (хъæ дласæ джы дзоныгъау). СРæ сгаг фæ лгонц уыцы иу рæ стæ г банысан кæ ны лирикон хъайтары социалон уидæ гтæ дæ р æ мæ уый фæ рцы, æ мткæ й райсгæ йæ, фæ тыхджындæ р вæ ййы уацмысы эмоционалон ахадындзинад.

Кæ д Поэты дунейы йæ райгуырæ и Ирæ н сæ рмагонд бынат ис («мæ зæ рдæ йы уарт»), уæ ддæ р йæ зæ рдæ нæ быхсы адæ мты æ хсæ н арæ нтæ н («арæ х мæ тавта æ цæ гæ лон арт») æ мæ ныфсхастæ й фæ зæ гъы: «Гъей, ды, æ нæ зонгæ! Хъусут, ызнагæ й, хæ ларæ й! Æ з дæ н адæ мтæ н се ‘ппæ ты фырт».

Расту, Поэты удыхъæ ды тыххæ й йе ‘мдзæ вгæ тæ й хуыздæ р ничи зæ гъдзæ н: «Уыд мæ царды æ ппæ тдæ р хуымæ тæ г: Хордтон ногдзыд пысыра цæ ххимæ. Уæ лвæ з цæ ндты сæ рæ й хуымæ ллæ г Æ з бæ гæ ныйæ н хастон нæ химæ. Изæ р хъарм галты астæ у бадтæ н Бæ рзы урс зæ нджы рухсмæ кæ рты»; «Уарзтон хуримæ уарыны найын, Нозтон мæ имæ ‘хсыр мае худæ й».

Фæ лæ раст у уый дæ р, æ мæ, дзырд табуйаг кæ мæ н у, уый никуы бафæ ллайдзæ н Хаджеты Таймуразы сфæ лдыстадыл дзурынæ й. Æ гæ рон æ нæ хæ рд бæ стæ æ нхъæ лмæ кæ сы литературæ иртасджытæ м, Поэты æ мдзæ вгæ тæ й та бирæ ты зарджытæ суæ вынмæ бирæ нæ хъæ уы. Фæ лæ Поэт уыдæ ттæ нал фендзæ н, мæ нæ ацы ног чиныг куыд нал фендзæ н, афтæ. Иæ фыссæ н стъолыл баззадысты йæ ног уацмыстæ — æ мдзæ вгæ тæ æ мæ тæ лмацтæ, йæ хорз хæ лæ рттыл зæ рдæ хæ лар мæ стæ ймарæ нтæ. Чи зоны, кæ цыдæ ртыл ма дзы йæ зæ рды акусын уыд, фæ лæ...

Æ мгъуыд бонæ й раздæ р æ вæ рын мæ уаргъ,
Ныууарыди залты мит царды æ фцæ гыл...
Мæ тухиты фæ ндаг цыбыр уыди, даргъ,
Поэт лæ г йæ бæ хæ й æ рхизы рæ стæ гыл!..

Æ мæ кæ д нæ базыдтон арвау нæ рын,
Мæ рифтаг фыдæ нхъæ л у амондæ й, кадæ й,
Рæ студæ й мын бантыст, бæ ласау, цæ рын,
Зæ ххон царды адджинаг банызтон адæ н...

Æ мæ -иу мыл ма ку!.. Мæ царды æ дде
Мæ уарзт æ мæ де ‘рвон хуыз уадзын мæ фæ стæ;
Фыдох уацыл ма ‘ууæ нд — фæ сайдта дæ тел:
Поэт та йæ ног балцы араст æ рмæ стдæ р!..

Кæ д æ цæ гдæ р афтæ у, мыййаг? Æ ндæ ра уæ д дунейы фæ тк бæ лвырдбæ рæ г ницæ мæ й фæ ивтаид?!

Фыццагау хъæ ддаг Кæ рдо урс дидин калы Къуыдары; Æ хсæ в — Ручъы урсгуыр æ хсæ рдзæ нтæ й урс, æ мæ йæ уæ рагыл, сабийау, æ рфынæ й вæ ййы Бон; Фæ ззæ г — цæ рмыстыгъд фиуы бурау, Иры бæ рзонд рæ гътыл æ м æ рхъуызы урс гæ ды — Зымæ г, æ мæ Зымæ джы урс риуыл, алæ мæ ты фæ лындæ нау, фæ судзы Уагъылы...

Косты Лизæ

УАРЗТЫ УÆ ЗÆ ГЫЛ.
Æ мдзæ вгæ тæ

***

Æ з бæ ргæ уыдтæ н цардæ нхъæ л...

Æ з мæ удыл нæ ауæ рстон,

Цæ мæ й Иры бæ рзонд къæ сыл

Дон нæ баззайа ауæ зтæ й.

 

Ничи, никуы уыд ахæ м лæ г,

Æ з кæ мæ й зæ гъон: хистæ р у! —

Чи — æ дылы, чи — кадуарзаг! —

Уæ д кæ й хъæ уынц дæ риссæ гтæ?

 

Раст куы зæ гъай — фыдахин дæ,

Кæ н къæ бæ рагур — амæ лттæ,

Уый æ ддейæ дæ м, гъайда-гъа,

Фæ свæ д фесхъиуынц хъаматæ.

 

Уæ д цы фæ дæ, нæ Уастырджи! —

Йе ирон лæ джы амондæ н

Нæ й зæ дбадæ ны артдзæ сты,

Нæ й «мæ н у» зæ гъæ г абон дæ р...

***

Цыма мæ удисыны бон

Ныллæ ууыд а райсом мæ къæ сы:

Нырттывта хур, ныззары дон,

Нæ й цъиуызмæ лæ г дæ р æ ввæ хсты.

Фынæ й у хъæ у, æ рмæ ст ма хур

Йæ был ысдарынмæ æ рхъавы

Фæ схохæ й. Фæ лæ дойнаг дур

Йæ цæ уæ нтыл кæ ны гуызавæ?

Уæ д та ма фезмæ лыд æ мæ

Фæ цъортт ласта йæ бынæ й кæ саг,

Уæ д ма кæ мæ дзурыс, кæ мæ, —

Кæ ныс æ нусбонтæ м æ вæ стаг.

Мæ цинты райгуырæ н къæ сæ р!

Æ рвырдынау, рæ сугъд — дæ цæ рæ н:

Ныр исы алчи дæ р йæ сæ р

Дæ хæ рзиуæ г æ мæ дæ фæ рнæ й.

 

Кæ дæ м, кæ дæ м лидзыс, ирон,

Дæ хорхаст байраг уа, дæ хуымæ й? —

Цæ удзынæ сæ м, уа абон — сом,

Фæ стæ мæ уонгхаудæ й, æ рхуымæ й.

Æ вронгæ й бамбардзынæ ды,

Нæ кæ ны алы фæ ндаг Риммæ! —

Лæ джы цы ис, цы хорз фæ нды,

Уый ис Ирыстоны, нæ химæ.

Дæ адæ мыл нæ кодтай мæ т,

Уæ лæ хох дæ сæ рис, сæ артыл,

Уæ д ма дыл чи кæ удзæ ни, уæ д,

Дæ удæ гас уа йе дæ мардыл!..






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.