Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






ФÆСАУУОН






Кæ ддæ ры уарзонмæ

Нæ хицæ н уыд — рæ стæ гмæ йы мæ лæ т...

Ныр мæ нæ, гъе, æ нæ хицау уæ лмæ рдты

Æ з къахын ингæ н... У дæ уæ н дæ мæ т

Æ вæ стиатæ й ахизын мæ фæ рсты.

 

Фæ лæ уу, мæ хур! Хъысмæ т фæ литой нæ у,

Мæ гуыры бонау, ивддзæ гтæ нæ кæ ны.

Æ з уарзтон дæ у... Æ рцыд мæ рад мæ нæ н:

Кæ й уарзтай, уый дæ хи къухæ й ныгæ ныс.

 

Фæ саууонæ й дæ умæ кæ сы, зæ дау,

Мæ цардæ мбал: æ з уарзтон дæ у, уый зоны,

Фæ лæ

Мæ нмæ,

Дæ умæ

Нæ хæ ссы фау,

Йæ уадултыл йæ цæ стысыг ныззоныг...

 

Дæ лæ джы ингæ н аив у, цыбыр,

Фыдбоны дуг кæ уыл нæ цæ уы хинæ й,

Фæ лæ кæ уы

Мæ цардæ мбал, мæ гуыр,

Мæ ныл,

Дæ уыл,

Æ ви кæ мдæ р йæ хиуыл?!

ИВГЪУЫД

Фæ уы мæ цард, æ мæ кæ сын

Мæ ивгъуыдмæ цырагъы рухсæ й:

Йæ зынг рæ дзæ -мæ дзæ кæ ны,

Нызгъæ лы цæ стысыг мæ рустыл.

 

Уæ дæ цæ уыл уыди дæ тох? —

Рæ студ, хæ рзамондмæ бæ лгæ йæ,

Дæ цæ уæ нтæ гæ взыкк, фыдох,

Дæ хуымгæ нд сойджынæ й — æ дзæ ллаг.

 

Æ ниу мæ н ницы хъуыд, бæ гуы, —

Зæ рдæ йы рухс æ мæ сæ рибар

Уыдысты хохагæ н, мæ гуыр,

Йæ уды цин æ мæ йæ риссаг...

 

Æ мæ кæ д бахаудтæ цæ сты

Фыдахин, хивæ нд æ мæ сонтæ й,

Уæ д ыл мæ хæ дæ г дæ р сæ ттын, —

Уыдысты кадавар мæ бонтæ

 

Цæ ринаг цардмæ... Ехх, мæ бон,

Цы куырой нал разылд мæ удыл,

Сылгоймаг, паддзах уа, бæ лццон —

Мæ ныл æ вæ гæ сæ гау худынц.

 

Æ мæ кæ дæ м кæ нон фæ дис,

Кæ нынц мын иуæ й-иутæ пъатæ,

Фæ лæ -иу зон, æ ууæ ндæ н ис

Æ рмæ ст дæ хи удыл, дæ мадыл.

30. 01. 96

ХОХАГ

Адæ мы уарзон лæ г Коцты Закайæ н

Æ з нæ базыдтон дæ у...

Æ з дæ хорзыл мæ рдтæ м дæ р

Æ ууæ ндын!

Афтæ ихдзагъд мæ нæ у

Хуры тынтæ н фæ цæ уы сæ фæ дыл,

Адæ м бирæ кæ й уарзой,

Уымæ н хъазæ нхъул — ингæ н,

Мæ рддзæ ст...

Æ з дæ цæ рæ нбон нуазын,

Рухсаг — нæ, уый нæ уарзы

Мæ цæ ст!

Æ з уынын дæ у хæ хбæ сты:

Уый нæ цин йе нæ зыны уа,

Зака.

Тары,

Арф кæ мтты фесхуыстай бæ х,

Нымæ т сираг æ фсургъыл ныппака,

Æ мæ ризы æ мризæ джы зæ хх,

Уый фæ тындзы йæ дард балцæ й хохаг,

Зоны: афонмæ ихы къæ йыл

У йæ чысыл, йæ саби — æ ххормаг,

Уæ д ныййазæ лыд комы рæ бынæ й

Сонт бæ хы мыр-мыр... Афтæ у цард:

Ничи батыхсдзæ н никæ д дæ зыныл, —

Ам нæ й хиуæ ттæ йе та æ рвад!

Æ мæ митхъæ пæ н, зинау, йæ риуæ й

Бæ х ныффæ йлауы. Лæ г та — фæ рныг,

Ис гагатæ йæ хордзены бирæ,

У сæ хуындзау йæ кæ стæ р — йæ чызг.

***

Зымæ г у ныр. Ызнæ т тымыгъ

Æ хсы мæ иппæ рд къæ сыл миттæ,

Уæ ддæ р мæ ирхæ фсы мæ куыдз, —

Кæ ны нæ бур гæ дыйыл цинтæ.

 

У афтид риу. Нал — цард, нал — уарзт,

Хæ ццæ, дывыдойнаг хъуыдытæ

Тæ рынц дæ у раууатмæ... Дæ маст

Уæ лæ хох у дæ ис, дæ зынтыл.

 

Ды ацыдтæ. Фæ рнæ й мын цæ р.

Мæ ныл-дæ уыл дзыназгæ худын:

Цымæ цы диссаджы къæ сæ р

Уыдаид арфæ йаг дæ удæ н.

 

О, æ з — мæ гуыр. Ды та, мæ бон,

Дæ бон калдтай: Хуыцауæ й — буцхаст,

Фæ лæ къуыдайраджы хæ дон

Нæ иу, нæ иннæ рдæ мты не ‘вæ зт.

 

Уæ д ма цы хорзмæ кæ са лæ г, —

Мæ къæ сæ рыл ныккæ лынц миттæ,

Фæ лæ мæ бамбарут: хæ лæ г

Хуыцаумæ дæ р нæ кæ нын никæ д.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.