Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 20 страница






— Ды дæ р, æ нхъæ лдæ н, ацы чъизи царды агитатор сдæ.

Кæ нæ:

— Æ мæ царды, ды цы федтай хорзæ й, æ ндæ р ницы хъæ уы?

Мæ нæ ныр йæ цуры фæ ци æ мæ йын йæ хъуыды бамбæ рста, уæ д æ нæ мæ нг йæ хи нæ бауромид:

— Æ мæ цард æ рмæ ст компьютерæ й у? Раздæ р нæ м компьютертæ нæ уыд, ацы æ нæ хайыры, фæ сивæ д æ хсæ вæ й-бонæ й сæ хъустыл ныхæ стæ й кæ й дарынц, уыцы телефонтæ нæ уыдысты æ мæ æ взæ р цардыстæ м? Уыдоны тыххæ й нын æ нæ кондæ й цы баззад?

Жаннæ йæ ныхасы цæ г æ рдæ гыл фескъуыны кæ нæ йæ æ ндæ рыдæ м аздахы: зонгæ -зонын йæ фыдæ н маст цæ мæ н кæ на? Æ нæ уый дæ р дзы хъуаг нæ у. Ноджы фылдæ р хатт раст вæ ййы. Жаннæ æ мæ Вадим дæ р арæ х фæ быцæ у вæ ййынц. Æ фсымæ рыл йæ къух ауигъы.

— Демæ фæ нды дзур, фæ нды — ма, ды ницы зоныс, ды цардæ й иуварс дæ. Стæ й большевиктимæ дзурын мæ бон нæ у.

Æ фсымæ р æ й цалдæ р хатты фæ рæ хойыны охыл бафарста:

— Большевикты, мæ нæ Папæ йы партимæ цæ уыннæ цæ уыс? Æ рыгæ ттæ дзы тынг хъæ уы.

— Æ з куы цæ уон, уæ д дæ парти Иугон Уæ рæ семæ цæ удзынæ н.

— Уым дæ у хуызæ тты ницы хъуыддаг и.

— Зонын æ й. Уый хъæ здгуыты æ мæ хицауады парти у. Иу кусæ г дзы ис? Иу хуымæ тæ г адæ ймаг дзы ис?

— Чи дзы хъæ уы, уыдон дзы сты.

Жаннæ иу партимæ дæ р никуы хъавыд бацæ уынмæ. Æ нæ парти цæ рæ н нæ й? Æ нæ парти раст æ мæ сыгъдæ г адæ ймаг уæ вæ н нæ й? Темыр ын æ ргом никуы ницы загъта, фæ лæ коммунистон партимæ куы бацæ уид, уый йæ фæ сномыг ныхасæ й бæ рæ г вæ ййы.

Чызджы амонæ н æ нгуылдзы уырз компьютеры клавишæ йыл азгъордта. Цыфæ нды дæ р уæ д, компьютер хорз дзаума у, алцыдæ р дзы ссардзынæ. Жаннæ йы библиотекæ мæ цæ уын нал хъæ уы.

Моладзан...

Моладзандон...

Нырмæ уыдоны тыххæ й куыд никуы ницы бакаст. Бакаст. «Рæ стдзинад» æ мæ «Северная Осетия»-йы Тæ мискъмæ хæ стæ г сылгоймæ гты моладзандоны тыххæ й цыдæ р æ рмæ джытæ мыхуыргонд уыд. Бакаст сæ, фæ лæ сæ м йæ хъус не ’рдардта, ныр сæ æ ндæ р хуызы бакæ сид.

Жаннæ мæ æ рцыд иу хъуыды. Æ нахуыр хъуыды. Фыццаг дзы йæ хæ дæ г дæ р фæ тарст. Уæ д та... Уæ д та моладзандонмæ бацæ уид?.. Фыццаг йæ фæ ндыл йæ хæ дæ г дæ р фæ дис кодта. Кæ цæ й йæ м фæ зынд ахæ м фæ нд? Цæ мæ н æ м фæ зынд ахæ м æ нахуыр хъуыды? Æ нæ нхъæ лæ джы? Цыдæ р бындур ын и? Æ мæ... Æ мæ дзы диссагæ й та цы ис? Молодзандонмæ фыццаг чи бацыд, уый Жаннæ у? Уый, зæ ххыл цы не ’рцыд, ахæ м хъуыддаг у? Цы зæ гъдзысты бинонтæ? Вадим худид æ мæ зæ гъид: «Нæ хо æ ппынфæ стаг йæ бынат ссардта, уæ ддæ р ацы царды æ цæ гæ лон уыд».

Фатимæ ма йæ м бафтауид: «Раздæ р æ й ацæ уын хъуыд».

Аслан дæ р, чи зоны, срæ цугъид: «Куыд æ й фæ нды, афтæ кæ нæ д, мæ нæ н цы уæ лдай у. Эфиопимæ дæ р ацæ уæ д».

Фæ лæ сæ иу дæ р нæ ахъуыды кæ нид, фæ лæ йæ сæ иу дæ р нæ бафæ рсид: цымæ Жаннæ йæ цардыуаг цæ мæ н аивынмæ хъавы? Цы йын нæ фаг кæ ны? Цы йæ зæ рдæ мæ нæ цæ уа? Моладзандонмæ йæ цы тыхтæ ласынц? Цæ мæ н æ й фæ нды уырдæ м ацæ уын?.. Æ мæ йæ йæ хæ дæ г дæ р нæ зоны. Нæ йæ ’мбары. Бафæ ллад. Сфæ лмæ цыд. Ацы царды йæ ницыуал æ ндавы. Ницыуал æ й хъæ уы. Бафæ ллад алцæ мæ й дæ р. Йæ хицæ й дæ р. Æ мæ... Æ мæ лидзы. Йæ хи æ мбæ хсы. Æ мæ кæ мæ й?.. Æ мæ -гъа... Йæ дыууæ ’фсымæ рæ й. Йæ хойæ. Æ мæ ’рмæ ст уыдонæ й?.. Цардæ й...

Уæ ддæ р цы сты бинонтæ? Рæ стæ г, цард, æ хсæ нады чысыл æ ртах? Уыдоны чысыл стъæ лфæ н? Æ мæ паддзахад, æ хсæ над рынчын куы уой, сахъат, низджын куы уой, уæ д та? Уæ д бинонтæ дæ р — рынчын æ мæ сахъат... Цард... Цард — æ гъатыр æ мæ йын Жаннæ нæ фæ разы, æ вæ ццæ гæ н ын йæ бон ныхкъуырд раттын нæ у, йæ ныхмæ ’рлæ ууын йæ бон нæ у æ мæ дзы æ мбæ хсы, лидзы дзы, æ мæ йæ хи сраст кæ нынæ н алы æ фсæ нттæ агуры.

Жаннæ компьютеры клавишæ йыл иуварс ахæ цыд, йæ мидбынат базмæ лыд, сыстад. Фæ стæ мæ сбадт. Йæ хъуыдыты ныссуйтæ. Алцы та рæ стæ г, цард æ мæ æ хсæ нады æ фсон кæ нæ м. Темыр ын йæ хъуыдытæ æ мбары, зæ гъгæ, уæ д æ нæ мæ нгæ й зæ гъид: «Уæ дæ чи у аххосджын? Нæ паддзахад! Нæ паддзахад у давджыты, къæ рныхты, цæ стфæ лдахджыты паддзахад æ мæ адæ мы йæ джиппы уадзы. Хионтæ, суанг хотæ æ мæ æ фсымæ ртæ дæ р кæ рæ дзийæ н сæ цæ гæ лон сты, кæ рæ дзийы нал хъæ уынц, æ хца æ мæ сæ м мулчы аууонæ й ницыуал зыны, æ ндæ р ницыуал уынынц».

Æ мæ Темыр... Темыр раст у. Институттæ нæ фæ ци, профессоры кадджын ном нæ хæ ссы, фæ лæ уый у царды профессор, академик.

Чызг компьютермæ кæ сы: сылгоймæ гты моладзандонты тыххæ й дзы мацы уа, уымæ н уæ вæ н нæ й. Компьютер энциклопеди у. Ис дзы, ис дзы цыдæ р æ рмæ джытæ. Алы моладзаидонæ н дæ р йæ хи уагæ вæ рд и, Жаннæ уый нæ зыдта. Æ мæ иугæ р уырдæ м бацыдтæ, дæ хи Хуыцауæ н снывонд кодтай, уæ д дæ раздæ ры цардыл дæ къух сис, ды цæ рыс бынтон æ ндæ р цардæ й. Аргъуан, моладзандон у удсыгъдæ ггæ нæ н, дæ тæ ригъæ дтæ суадзæ н бынат.

Жаннæ компьютеры клавишæ йæ йе ’нгуылдзтæ атыдта. Цы?.. Цы йæ фæ нды? Йæ уд ссыгъдæ г кæ нын? Йæ тæ ригъæ дтæ й алидзын? Йæ уды чъизидзинæ дтæ фесафын? Æ мæ хъуамæ моладзан суа — адæ мæ й Хуыцауы æ хсæ н минæ вар, сыгъдæ г æ мæ æ назым адæ ймаг. Æ мæ уымæ н уæ вæ н и? Куыд? Цы хуызы? Цы цæ сгомæ й хъуамæ бахиза Жаннæ моладзандоны къæ сæ ры сæ рты? Æ мæ та, мин æ мæ мин хатты, уæ лдайдæ р фæ стаг рæ стæ г, йæ сæ ры цы хъуыды фегуыры, уый фегуырд: чи у йæ хæ дæ г? Чи у Жаннæ? Бинонты æ намондгæ нæ г? Ацы царды йæ хи чи не ссардта, æ цæ гæ лон ын чи у, ахæ м адæ ймаг? Æ мæ цы кæ на? Æ мæ уый... Æ мæ уый цы аххосджын у? Бæ ргæ, куынæ райгуырдаид, уый куы амардаид, йæ мад та куы цæ рид.

Жаннæ йæ дзаумæ ттæ æ рæ мбырд кодта, йæ хызынтыл схæ цыд æ мæ сæ хицæ й моладзандонмæ фæ цæ уы. Цы зæ гъиккой мад æ мæ фыд? Дойнаг дуртæ нæ фестиккой? Мад ыл йæ хи баппарид:

— Жаннæ, мæ чызг, мæ хъæ бул, æ рра сдæ? Цы кæ ныс? Цы дыл æ рцыд?

Нæ! Жаннæ йæ н йæ зонд нæ фæ цыд, нæ сæ рра. Цыдæ р тых, стыр, æ гæ рон тых æ й цъист кæ ны, цъист æ й кæ ны, æ лхъивы йæ, æ мæ сфæ лмæ цыд. Æ гæ рон тых, фæ лæ йæ цæ ст нæ ахсы, уырзæ й йын басгарæ н нæ й. Æ мæ лидзы, йæ хи æ мбæ хсы моладзандоны, уым цæ рдзæ н æ ндæ р цардæ й. Уым кувдзæ н, уым табу кæ ндзæ н, уым удæ нцойдзинад ссардзæ н, уым йæ зæ рдæ æ рсабыр уыдзæ н. Æ мæ йын дунейы тæ ккæ хæ стæ гдæ р дыууæ адæ ймаджы — йæ мад æ мæ йæ фыды цæ ст уый нæ уарзы, сæ зæ рдæ йын уый нæ зæ гъы? Æ мæ уæ д Жаннæ æ цæ гдæ р ницыуал зоны, уæ д, æ вæ ццæ гæ н, æ цæ гдæ р йæ зонд фæ цыд. Кæ д æ й йæ мад æ мæ йæ фыд не ’мбарынц, уæ д ма чи?..

— Мæ хъæ бул, æ з дæ иу моладзандонмæ дæ р нæ ауадздзынæ н, — ныттыхсдзæ н ыл мад, йæ цæ ссыгтæ й йæ хи æ хсдзæ н. — Удæ гасæ й нæ мæ рдтæ м цæ мæ н æ рвитыс, фæ тæ ригъæ д нын кæ н.

Чызг бахудт. Мæ стджын худт: уымæ н та чи фæ тæ ригъæ д кæ ндзæ н?

Æ мæ та дысоны фын йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд. Диссаг, стыр диссаг: æ вæ ццæ гæ н, мæ нæ ныр цы хъуыдыты азары бахауд, уымæ рацыд.

...Кæ дæ мдæ р тагъд кодта. Кæ дæ м, уый нал хъуыды кæ ны. Цыди балцы, уыд бæ рæ гбонарæ зт. Æ нахуыр хъæ лдзæ г. Зæ рдæ рухс. Йæ къухы — йæ куыстмæ цы чысыл хызын фæ хæ ссы, уый. Йæ хи æ нкъардта бумбулийæ рогдæ р. Уый уыд сæ рдыгон рог дымгæ. Уымæ н æ мæ, кæ дæ м цыд, кæ имæ хъуамæ фембæ лдаид — нал æ й хъуыды кæ ны, æ ви йæ фыны дæ р нæ зыдта — уый йын уыд уарзон, адджын, йæ зæ рдæ йæ н хæ стæ г адæ ймаг, цыд æ хсызгон фембæ лдмæ, зæ рдæ йы рухс æ мæ йæ йæ бæ ллицтæ сæ базыртыл скъæ фтой.

Сæ кæ ртæ й рахызт, афтæ йæ йæ мад, йе схæ ссæ г мад Маринæ ауыдта. Æ мæ йæ размæ алæ ууыд, йæ фæ ндаг ын æ рæ хгæ дта: «Кæ дæ м... кæ дæ м цæ уыс, мæ хъæ бул, мæ н иунæ гæ й ма уадз».

Жаннæ йын дзуапп радта. Æ нахуыр дзуапп. Ноджы уыцы æ васт, цыма йæ дæ лæ взаг зæ гъынæ ввонгæ й цæ ттæ уыд: «Æ з тæ ригъæ дджын дæ н, чъизи адæ ймаг, æ мæ цæ уын мæ тæ ригъæ дтæ, мæ уды чъизидзинæ дтæ ссыгъдæ г кæ нынмæ».

«Мæ хъæ бул, Жаннæ, ды раст æ мæ сыгъдæ г адæ ймаг дæ, æ мæ дæ зæ рдæ мæ мацы хæ сс, дæ хи удхарæ й ма мар. Макæ дæ м цу. Байхъус мæ м».

Æ мæ та мадæ н дзуапп радта, иуцасдæ р тызмæ гхуыз дзуапп, йæ хæ дæ г дæ р æ нхъæ л куыд нæ уыд, ахæ м дзуапп: «Æ мæ дывыдон арты уымæ н судзын?»

«Уымæ н, уымæ н, мæ хъæ бул. Æ дзæ сгом, чъизи, цæ стфæ лдахæ г, цъаммар адæ ймаг, дызæ рдыг цы у, уый нæ зоны. Ды раст æ мæ сыгъдæ г адæ ймаг дæ, алчидæ р дæ у хуызæ н раст æ мæ сыгъдæ г куы уаид, уæ д цæ риккам дзæ нæ ты, уæ д цæ риккам, Рæ стдзинад паддзахиуæ г кæ м кæ ны, ахæ м Дунейы, уæ д зæ ххыл чъизидзинадæ н йæ кой-йæ хъæ р дæ р нæ уаид».

«Мамæ, зын мын у, тынг зын æ мæ мæ нæ бауромдзынæ». — Чызг араст. Фæ стæ мæ фæ кæ сын æ й нæ фæ ндыд, фæ лæ фæ каст: мады цæ нгтæ йæ уæ рджытыл æ рхаудысты, йæ зонгуытыл лæ ууыд æ мæ куыдта. Æ вæ ццæ гæ н, бамбæ рста: ацы хатт йæ уæ здан, йæ коммæ гæ с чызг йæ коммæ нæ бакæ сдзæ н, нæ йæ бауромдзæ н. Æ мæ йæ фæ стæ нал азгъордта, йæ цонгыл ын нæ ныххæ цыд. Йæ зонгуытыл лæ ууыд æ мæ куыдта. Мад йæ хъысмæ тимæ сразы. Фæ лæ, диссаг, Жаннæ уæ ддæ р фæ стæ мæ нæ раздæ хт, размæ йæ ных сарæ зта æ мæ цыд йæ тæ ригъæ дтæ, йæ уды чъизитæ ссыгъдæ г кæ нынмæ. Æ рмæ ст кæ дæ м, уый нæ зыдта, фæ лæ уæ ддæ р цыд æ хсызгонæ й, зæ рдæ рухсæ й. Мады хъæ лæ с-иу æ м æ рбайхъуыст: «Мæ хъæ бул, Жаннæ, мæ цæ стырухс, уый... уый ды нæ дæ тæ ригъæ дджын. Уый рæ стæ г у тæ ригъæ дджын. Уый... уый ды нæ дæ чъизи адæ ймаг, уый... уый нæ цард, не ’хсæ над у чъизи æ мæ суйтæ. Раздæ х! Раздæ х! Макæ дæ м цу!»

Чызг не ’рлæ ууыд, нæ йæ м разылд — тарст: мыййаг, мады дондыппыр цæ стытæ куы ауына, йæ зæ рдæ куы ’рбауынгæ г уа æ мæ йæ фæ нд куы аива, æ мæ йæ мад куыд фехъуса, афтæ хъæ рæ й æ мæ хъæ ддыхæ й загъта: «Мамæ, нал раздæ хдзынæ н. Ауадз мæ!» — Æ мæ ацыд, ноджы барджындæ рæ й, ныфсджындæ рæ й. Йæ равзæ рст фæ ндаг раст кæ й у, ууыл иу уысм дæ р дызæ рдыг чи нæ фæ кæ ны, уый йыл цы фидар къахдзæ фтæ й фæ цæ уы, ахæ м къахдзæ фтæ й.

Æ мæ фын æ нæ нхъæ лæ джы фескъуыд. Фескъуыд, фæ лæ... Цымæ, цы амоны? Фынтæ æ взарын зоныс, уæ д, дам, алы фын дæ р цæ мæ рацæ удзæ н, уый базонæ н и. Кæ д дысоны фын, Жаннæ моладзандонмæ ацæ уынмæ кæ й хъавы, уыимæ баст у. Æ ви æ ндæ р цыдæ р амоны?..

Жаннæ та компьютермæ разылд. Хъуыдытæ... Хъуыдытæ йæ м æ рбагуылф кæ нынц æ мæ сæ йæ хи атонын нал фæ фæ разы, сæ уацайраг æ й бакæ нынц.

Сылгоймæ гты моладзандоны тыххæ й интернеты мæ нæ æ ндæ р æ рмæ г. Иугæ р моладзан сдæ, адæ ймаджы зæ ххон, æ рвылбоны цардæ й дæ хи атыдтай, Хуыцауæ н дæ хи снывонд кодтай, уæ д Хуыцауæ й тæ рс, мацæ мæ хæ лæ г кæ н. Хæ лæ г у зæ рдæ йы зулкъ æ мæ йæ сабыргай æ хсыны, хæ ры йæ, æ мæ дзы дæ хи хъахъхъæ н.

Чызг хъуыдыйад ногæ й бакаст. Хорз, тынг хорз хъуыды.

Хæ лæ г... Адæ ймаджы æ рдзон низ, æ нусты йемæ æ мдзу кæ ны. Æ рдзон... Æ нусты... Нæ! Жаннæ раст нæ хъуыды кæ ны. Сывæ ллон райгуыры цæ ссыджы хуызæ н сыгъдæ гæ й, хæ лæ г цы у, уый нæ фæ зоны, фæ лæ рæ стæ гимæ... Рæ стæ г... Рæ стæ г...

Жаннæ моладзан куы суа, уæ д уым иннæ сылгоймæ гтимæ афтæ бахæ стæ г уыдзысты, æ мæ йæ йе ’мбал чызджытæ, моладзандоны сылгоймæ гтæ хондзысты «хо», кæ рæ дзимæ нæ мттæ й нæ дзурынц, фæ лæ «хотæ й». «Хотæ»... Кæ рæ дзийæ н адджын, уарзон, зынаргъ. Жаннæ йæ н йæ иу хойы бæ сты ныр уыдзæ н бирæ хотæ. Æ мæ иу мадæ й чи нæ райгуырд, уыдон кæ рæ дзимæ афтæ бахæ стæ г уыдзысты? Кæ рæ дзийæ н афтæ сзынаргъ уыдзысты? Жаннæ дардмæ дæ р кæ й никуы федта, уыдоны йæ хотæ схонын йæ бон бауыдзæ н? Былалгъæ й дзур, уый та хи сайын у.

Чызг йæ къухтæ йæ риуыл сæ вæ рдта. Моладзандоны къæ сæ рæ й нæ ма бахызт, æ мæ дывыдон арты бахауд. Бауадздзысты йæ? Баууæ нддзысты йыл? Алчи сæ м сыгъдæ г зæ рдæ æ мæ сыгъдæ г хъуыдытимæ бацæ уы?

Жаннæ сыстад, рудзынджы тæ рхæ гыл йæ цæ нгтæ æ руагъта æ мæ æ ддæ мæ кæ сы. Цымæ, моладзандонты цы чызджытæ, цы сылгоймæ гтæ и, уыдоны уырдæ м цы æ ркæ ны? Хуыцауыл æ ууæ ндындзинад? Сфæ лдисæ гæ н дæ хи снывонд кæ нын? Цæ мæ н систой сæ раздæ ры цардыл сæ къух, цæ мæ н дзы атыдтой сæ хи? Сæ ивгъуыд цардæ й ралыгъдысты? Сæ хи сæ ивгъуыд цардæ й бамбæ хстой? Чи сты? Цавæ р адæ м сты? Æ мæ уыцы адæ мæ й иу уыдзæ н Жаннæ. Йæ хотимæ райсомы æ хсæ з сахатыл кувдзæ н, табу кæ ндзæ н, зардзæ н, Библи кæ сдзæ н. Хотимæ йæ алы хъуыддаг, йæ алы ми дæ р уыдзæ н иумæ. Ды дæ химæ ницыуал бар дарыс, ды дæ хæ дæ г дæ хи нал дæ, ды дæ Сфæ лдисæ джы. Дæ зæ рдæ йы хъарм макæ мæ н бавгъау кæ н, ауд фæ ндаггæ ттыл, мæ гуыртыл, рынчынтыл. Дæ бон баххуыс кæ нын кæ мæ н у, уыдонæ н баххуыс кæ н, æ мæ уый фыццаджыдæ р дæ хицæ н — удæ нцойдзинад. Цæ р дæ хи къухты фæ ллойæ, дæ хи уды хъизæ марæ й æ мæ дæ зæ рдæ æ дзухдæ р уыдзæ н рухс.

Жаннæ та компьютеры цур сбадт æ мæ агуры. Цымæ интернеты, Тæ мисчъы цур сылгоймæ гтæ н цы моладзандон и, уый тыххæ й ницы фыст и? Никуы дзы уыд, фæ лæ фехъуыста: сæ фылдæ р, дам, сты ирон чызджытæ, ирон сылгоймæ гтæ. Æ мæ уыдоны та цы æ ркодта уырдæ м?

Нæ й. Тæ мисчъы сылгоймæ гты моладзандоны тыххæ й интернеты ницы ары. Чызг сыстад. Диваны базыл йæ сæ р æ руагъта. Æ васт рабадт æ мæ аджих. Цы хъуыдытæ? Цы фæ ндтæ сты уыдон? Адæ ймагæ н йæ хицæ й алидзæ н и? Адæ ймагæ н йæ хицæ й йæ хи бамбæ хсæ н и? Жаннæ моладзандонмæ нæ, фæ лæ арвы кæ ронмæ куы ахауа, уæ ддæ р Жаннæ нæ уыдзæ н? Æ гъгъæ д! Æ гъгъæ д сты уыцы æ нæ бындур хъуыдытæ! Уыдон сты лæ мæ гъ, æ нæ бон адæ ймаджы хисайæ нтæ. Уый та лæ мæ гъ, æ нæ бон никуы уыд.

Чызг слæ ууыд, сраст. Жаннæ фидар адæ ймаг у, цы йæ кæ нын хъæ уы, уый хорз зоны. Тынг хорз.

 

31-æ м августмæ ма баззад 5 боны.

26-æ м август. Æ ртыццæ г. 2009 аз

Жаннæ йы куыстæ й сæ химæ йæ къах нæ хаста, иннæ хæ ттыты тагъд фæ кæ ны, фæ лæ абон зивæ ггæ нгæ цыд. Цы маст æ м æ нхъæ лмæ кæ сы, уый, æ вæ ццæ гæ н, зæ рдæ æ мбæ рста æ мæ... Фæ лтау куы баззадаид. Сихоры улæ фты рæ стæ г редакцийы кусджытæ сæ хæ дзæ рттæ м ауайынц. Чызг тигъыл фæ зылд, кæ сы, æ мæ Аслан дæ р сæ химæ фæ цæ уы. Бæ рæ г у, йæ химæ та хорз фæ каст: фæ цуды, йæ сæ р йæ риумæ æ рхауæ гау кæ ны, йæ гуыр æ й куы иуырдæ м фæ цæ йхæ ссы, куы иннæ рдæ м. Цыма ныртæ ккæ фæ дыдагъ уыдзæ н æ мæ, кæ м æ рхауа, уым афынæ й уыдзæ н. Темыр æ мæ йæ Маринæ куынæ фениккой... Æ мæ чызг ахъуыды кодта: цæ й, йæ разæ й йæ хи фæ кæ на, мад æ мæ фыд кæ д хæ дзары разыной, уæ д Асланимæ йæ хи цыдæ ртæ дзурæ г скæ ндзæ н: кæ д ын йæ уавæ р нæ бафиппаиккой. Уыдонæ й кæ рты дæ р æ мæ хæ дзары дæ р ничи разынд. Æ вæ ццæ гæ н, цæ хæ радоны цыдæ ртæ архайынц.

— Аслан, цыхуызæ н дæ, цы? Дæ химæ -ма бакæ с.

— Хорз дæ н, — лæ ппу йæ хуыссæ ны хауæ гау æ рбадт, йæ хи фæ стæ мæ ауагъта.

— Дæ дзаумæ ттæ ралас, æ д дарæ с ма бафынæ й кæ н.

— Æ з... æ з фынæ й нæ кæ нын. Мæ н... — æ мæ йæ м скаст.

Хо, йе ’фсымæ ры цы хъæ уы, уый хорз зоны. Æ хца.

— Мæ нмæ ницы и.

— Мæ н æ хца хъæ уы, — лæ ппу дзойтæ гæ нгæ сыстад, фæ цуды, фæ цæ йхауы. — Мæ н æ хца хъæ уы.

— Аслан, ницы мæ м и, — Жаннæ мæ æ цæ гдæ р ницы и. Йæ мызд, æ мæ йæ кæ д отпусчы ауадзой, уæ д æ хца райсдзæ н æ мæ та «схъæ здыг» уыдзæ н, «финансон магнат» та суыдзæ н. Вадим æ й афтæ хоны: «финансон магиат». Уæ вгæ йæ м æ хца куы уаид, йæ хызынæ й ракæ л-ракæ л куы кæ никкой, уæ ддæ р Асланæ н сом дæ р нæ раттид. Цæ мæ йæ хъæ уы, уый хорз зоны. Æ нæ уи дæ р сæ рсæ фæ ны былыл лæ ууы.

— Мæ н... мæ н æ хца хъæ уы. Тынг мæ хъæ -æ -уы, — къæ зы, тыххæ й дзуры лæ ппу.

— Схуысс, бафынæ й кæ н. Мæ нмæ æ хца нæ й.

— Ссар мын, — æ рбадзагъул æ м кодта æ фсымæ р. — Мæ н æ хца хъæ уы. Тынг мæ хъæ уы.

— Мæ нмæ æ хца нæ й.

Аслан фæ цудыдта, сынтæ джы къух ацахста.

— Кусгæ... кусгæ нал кæ ныс? Райсом... райсомæ й куыстмæ куы ацæ уыс.

— Кусын, фæ лæ милуантæ нæ исын! — Жаннæ фезмæ лыд: йе ’фсымæ ры уатæ й йæ ацæ уын хъæ уы, сæ ныхас быцæ умæ куы расайа. Лæ ппу дзойтæ гæ нгæ йæ размæ слæ ууыд:

— Мæ н æ хца... æ хца хъæ -æ -уы.

— Аслан, капекк дæ р мæ м нæ й.

— Æ мæ уæ д кусын... кусынмæ цæ мæ цæ уыс?

— Ме ’фсымæ р дæ æ мæ мын хуыздæ р куыст ссар. Хорз мыздæ й æ з дæ р «нæ» нæ зæ гъин.

Лæ ппу йе ’рдæ гцъынд цæ стытæ Жаннæ йыл æ рæ вæ рдта:

— Æ з... æ з дын хорз куыст... хорз куыст амонын. Мæ с... Мæ скуымæ ацу. Уым... Уым сылгоймæ гтæ н хорз... хорз куыстытæ и. Бирæ... бирæ æ хца исынц.

Жаннæ йы зæ рдæ фæ къæ пп кодта. Уый... Уый цы дзуры Аслан?

— Цы?!.

— Уым... уым бирæ... хъæ здыг адæ м... хицæ у... хицæ уттæ æ мæ æ хца кус... Æ мбæ л... Ныртæ ккæ афтæ... афтæ бирæ чызджытæ кæ нынц.

Жаннæ ныхас зæ гъынæ н нал уыд, йæ мидбынат бандзыг, йæ мидбынат æ рцæ йхауд.

— Цы?! Цы?! — тыххæ й йæ дзыхæ й схауд.

— Æ хца... Æ хца кус, æ мæ цыфæ нды... цыфæ нды хуызы дæ р. Æ хца... Æ хца тæ ф нæ кæ ны.

Цы хъусы уый?! Жаннæ йы цæ стытæ тартæ кæ нынц, йæ сæ р зилы. Куынæ ахауид. Æ васт Асланы хæ доны æ фцæ гготы æ взæ гтæ ацахста æ мæ йæ ныууыгъта, йе ’фсымæ ры куыд асхуыста, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ базыдта. Æ фсымæ р сынтæ гыл æ рхауд, куыд æ рхауд, куыд адæ ргъ, уый ма ауыдта, æ ндæ р ницыуал: уатæ й йæ хи раппæ рста. Йæ хызын... Фæ лæ бурдта йæ м. Хæ дзарæ й сарамæ, сарайæ кæ ртмæ разгъордта. Йæ тыхулæ фт хъуыст, уæ лдæ ф ын нал фаг кодта. Уынгмæ рахæ ццæ æ мæ фембæ рста: афтæ згъоргæ йæ исчи куы фена, уæ д æ й цы схондзæ н?

Цы гæ нæ н æ мæ амал и, уымæ й йæ хи æ рсабыр кодта. Тигъмæ бахæ ццæ. Æ рлæ ууыд. Йæ къæ хтæ йæ кæ дæ м хæ ссынц? Куыстмæ... Ацыд паркмæ æ мæ тæ ккæ аууондæ р ран сбадт. Йæ бон-иу ран æ нцад бадын нæ уыд æ мæ -иу фестад, рацу-бацу кодта. Йæ цæ сгом-иу йæ армытъæ пæ нтæ й амбæ рзта, йæ сæ рыл-иу ныххæ цыд. Циу? Цавæ р æ нахъинон рæ стæ г скодта? Де ’фсымæ р, чифæ нды дæ р уæ д, цыфæ нды адæ ймаг дæ р уæ д, æ мæ дæ м уый цæ сгом афтæ бахъæ цæ д, афтæ дæ м сфæ разæ д: Мæ скуымæ ацу æ мæ уым кус, дæ буар, де ’нкъарæ нтæ, дæ уарзондзинад уæ й кæ н. О Хуыцау! Цæ мæ ’рхаудыстæ м! О Хуыцау, уый цы у? Æ ви Хуыцау дæ р нал и æ мæ цæ рæ м куырм дунейы. Кæ д нæ сырдты, цыппæ ркъахыгты туг бацыд.

Чызг хæ къуырццæ й куыдта. Йæ буар стъæ лфыд, уæ лдæ ф йæ хъуыры къуыбар кодта. Ау, æ ппындæ р сыгъдæ гдзинад нал и? Ау, бынтон бабын стæ м? Æ хца!.. Æ мæ уый охыл алцыдæ р кæ н, дæ хи дæ р уæ й кæ н. Æ мæ йын уый чи загъта? Йе ’фсымæ р. Уадз наркоман дæ р уæ д, уæ ддæ р адæ ймаг у. Æ ви адæ ймæ гтæ нал стæ м? Æ мæ ма уæ д нæ цард цы у?..

Æ мæ Жаннæ йы сæ ры февзæ рд: æ ртын фыццæ гæ м августмæ, йæ мады мæ лæ н, йæ райгуырæ н бонмæ ма цæ мæ ’нхъæ лмæ кæ сы? Алцыдæ р ын цæ ттæ куы у. Ацы чъизи дунейæ цас тагъддæ р аирвæ зай, афтæ хуыздæ р: сулæ фдзынæ. Ссæ рибар уыдзынæ.

Абон — æ ртыццæ г. Къуырисæ рмæ дæ р бирæ рæ стæ г нал и, бафæ раздзæ н ма. Æ ртын фыццæ гæ м август. Æ нахуыр бон... Уый • йæ хи бон у. Сæ рмагондæ й йæ хи бон. Ахæ м бон алцыдæ р фидауы.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.