Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 21 страница






Уыцы хъуыдыйæ Жаннæ йæ н фенцондæ р. Цалдæ р хатты йæ цæ стыбынтæ, йæ рустæ ныссæ рфта. Йе ’муд куы ’рцæ уид. Сæ химæ... Сæ химæ йæ йæ къах нæ хæ ссы. Куыстмæ... Дуканитыл æ рзилдзæ н, цыма йæ цыдæ р хъæ уы, цыдæ р балхæ нынмæ хъавы. Æ мæ рæ стæ г ивгъуыйдзæ н.

 

31-æ м августмæ ма баззад 4 боны.

27-æ м август. Цыппæ рæ м. 2009 аз

Жаннæ йæ телефон систа. Вадим æ м дзуры. Æ мæ, диссаг: рæ стæ г ын куыд разынд, фæ ллойы бонтыл ын цы хо кусы, уыимæ аныхас кæ нынмæ, йæ сызгъæ рин рæ стæ г цæ мæ н сафы.

— Жаннæ, зæ рдиаг салам дын.

— Мæ нæ й дæ р афтæ. Куыдтæ стут? Сывæ ллæ ттæ дзæ бæ х сты?

— Иууылдæ р дзæ бæ х. Цæ мæ н дæ м дзурын. Ды мæ не ’мбарыс, фæ лæ дыл æ з арæ х фæ хъуыды кæ нын. Æ мæ дæ куыст... Уый ницы куыст у. Адæ ймаг æ хца кæ м нæ иса, йæ хи дарынхъом дзы куынæ уа, уæ д уый куыст нæ у, уырдыгæ й лидзын хъæ уы.

— Тыхсыс мыл, æ мæ бузныг, фæ лæ...

— Кæ ронмæ мæ мæ хъуыды зæ гъын бауадз. Æ з дыл кæ ддæ риддæ р тыхстæ н æ мæ тыхсын. Уымæ н æ мæ мах бинонтæ стæ м. Уымæ н æ мæ ды мæ хо дæ.

— Æ мæ...

— Æ мæ цы зæ гъынмæ хъавын. Бухгалтерты курсытæ м куы бацæ уис, уæ д куыд уаид? Дæ сны, йæ куыст хорз чи зоны, ахæ м бухгалтертæ æ дзухдæ р хъуыд æ мæ хъæ удзысты. Сæ йрагдæ р та — уыдон чысыл мызд никуы истой. Стæ й, цæ уыннæ хъуамæ суай сæ йраг бухгалтер? Æ мæ уæ д алцыдæ р — дæ хи къухы.

— Æ з...

— Мæ ныхас нæ ма фæ дæ н. Бухгалтеры дæ сныйад ма хорз цæ мæ н у. Дæ хæ дæ г исты куыстуат куы саразай, уæ д дæ кæ йдæ р æ ххуыс нæ хъæ удзæ н. Ахъуыды кæ н, æ виппайды дæ къæ хтæ ма ныссадз.

— Мæ нæ н мæ куыст...

— Дæ уæ н дæ куыст ницы у. Зонгæ -зонын дæ хи сайыс.

— Хорз, хорз, Вадим. Фыццæ гæ м сентябры фæ стæ нал ацæ удзынæ н, фыццæ гæ м сентябры фæ стæ нал кусдзынæ н.

— Æ мæ хорз бакæ ндзынæ, æ гайтма цард æ мбарын байдыдтай.

— Мæ зондджын æ фсымæ ры фæ рцы.

— Уæ дæ баныхас кодтам.

— Баныхас кодтам. — Жаннæ йæ телефон йæ хызыны сæ вæ рдта. Баныхас кодтой. Цæ уыл баныхас кодтой? Ницæ уыл. Чи кæ м кусы, æ хца чи цас исы, уый тыххæ й Жаннæ искæ й фæ рсы? Искæ мæ н йе ’хцатæ нымайы? Куы йæ ныхъхъуытты уадзиккой. Æ мæ йæ ныр ныууадздзысты. Ныр Вадимы ныхæ стыл разы у. Ныр алцæ уыл дæ р разы у.

 

31-æ м августмæ ма баззад 3 боны.

28-æ м август. Майрæ мбон. 2009 аз

Жаннæ сихоры фæ стæ куыстмæ нал цæ уы. Йæ къах æ й нæ хæ ссы. Чи зоны, æ нæ бары, зивæ ггæ нгæ ацыдаид æ мæ къуыттыйы бадт фæ кæ нид. Мацы дзур. Исчи дæ истæ мæ й фæ рсы, уæ д ын цыбыр дзуапп ратт йе дæ сæ р банкъуысын кæ н. Дæ хицæ й дæ р цалдæ р ныхасы ныллæ мар: ома æ гас дæ н, уе ’хсæ н дæ н.

Дыууадæ с сахаты æ ххæ ст нæ ма уыд, афтæ йæ м Дауыт йæ уатмæ фæ дзырдта, æ мæ цыма Жаннæ йы хъуыдытæ йæ ныхыл фыст уыдысты æ мæ уыдон бакаст, афтæ загъта:

— Фæ ссихор-иу, кæ д дын хæ дзары исты хъуыддæ гтæ и, уæ д куыстмæ мауал рацу. Къуырисæ ры, æ ртын фыццæ гæ м августы та — дæ райгуырæ н бон, æ мæ уый та Хуыцау загъта — хъуамæ баулæ фай, дæ зæ рдæ йы фæ ндиаг дæ рæ стæ г арвитай.

Чызг æ м хъуыста, йæ хинымæ р бахудт, йæ редакторæ н зæ гъынмæ хъавыд: «О, æ ртын фыццæ гæ м август мæ зæ рдæ йы фæ ндиаг арвитдзынæ н».

Æ мæ йæ йæ зæ рдæ йы фæ ндиаг арвитдзæ н. Хорз æ й арвитдзæ н. Тынг хорз. Афтæ хорз йæ райгуырæ н бон, æ вæ цтдæ гæ н, иу адæ ймаг дæ р нæ ма сбæ рæ г кодта. Уый уыдзæ н йæ царды æ хсызгондæ р бон.

— Райгуырæ н боны тыххæ й раздæ р нæ фæ арфæ кæ нынц, фæ лæ дын æ з арфæ кæ нын. Æ нæ низ, зæ рдæ рухсæ й, хъæ лдзæ гæ й дыл цæ уæ д. Иу-сæ дæ азы ма йæ иумæ куыд сбæ рæ г кæ нæ м, уыцы хорзæ х дæ у дæ р æ мæ мах дæ р уæ д. Нæ редакцийы астæ уккаг цæ джындзтæ й иу дæ æ мæ дæ пъеро æ дзухдæ р цæ хæ р калæ д.

— Бузныг. Бузныг, Дауыт.

— Мæ нæ дын чысыл цыдæ р лæ вар дæ р балхæ дтам æ мæ -иу къуырисæ ры ма базивæ г кæ н.

— О-о... уый та... — Ехх, Жаннæ йæ райгуырæ н бон йæ хицæ н цы лæ вар ракæ ндзæ н, уый у æ ппæ ты хуыздæ р. Тынг хорз лæ вар, рагæ й кæ мæ ’нхъæ лмæ каст, рагæ й кæ мæ бæ ллыд, ахæ м лæ вар. Æ ртын фыццæ гæ м август уыдзæ н йæ царды хуыздæ р бон.

— Ныр та, бухгалтермæ бауай æ мæ дæ отпускнойтæ райс, — редактор æ м скаст, цыдæ р гæ ххæ тт йæ цуры æ рæ вæ рдта.

— Æ мæ къуырисæ рæ й куы у мæ отпуск.

— Ма тыхс, уæ дæ й йæ скодтам.

— Дауыт, бузныг, стыр бузныг, — Жаннæ йы фæ нды йæ редакторæ н ноджы зæ рдиагдæ рæ й арфæ йы ныхæ стæ зæ гъын, фæ лæ æ ндæ р ницы зæ гъдзæ н. Уатæ й рахиза, афтæ ма фæ стæ мæ æ хсгæ каст фæ кодта. Æ хсгæ каст, фæ лæ Дауыты цæ сгом хорз ауыдта, уæ лдайдæ р, йæ цæ стытæ. Сабыр, морæ хуыз стыр цæ стытæ уæ здан, фæ лмæ нæ й цыдæ р уысм Жаннæ йыл андзæ выдысты æ мæ, йæ хæ дæ г куыд сабыр, уæ здан, фæ лмæ н хъæ лæ сæ й фæ дзуры, цыма йæ фæ змгæ кодтой, афтæ мæ й дзырдтой: «Куыстмæ дæ зæ рдæ ма ’хсайæ д. Хорз-иу баулæ ф».

Чызг йæ фæ стæ дуар бахгæ дта. Бухгалтермæ бацыд. Æ хца исдзæ н, уый нæ зыдта, æ ндæ р йæ улупа кæ уылты у, кæ уылты, æ мæ голлаг рахастаид. Цæ й, цы ис, уый хорз. Бирæ йæ бирæ гъ дæ р не ’фсæ ды. Абрамович, Чубайс æ мæ иннæ ахæ мтæ н дæ р се ’хца нæ фаг кæ ны æ мæ цæ рынц? Цæ рынц. Темыртæ н дæ р се ’хца нæ фаг кæ ны æ мæ цæ рынц? Цæ рынц. Нырма, чи амондджындæ р у, уый зын зæ гъæ н у.

Жаннæ куыстмæ нæ цæ уы, фæ лæ... Уæ лмæ рдмæ цæ уы. Куыстмæ куы ацыдаид, уæ ддæ р фæ скуыст уæ лмæ рдмæ æ нæ ацæ угæ нæ фæ уыдаид: йæ хицæ н дæ р æ мæ йæ ныййарæ г — мард мад Лизæ йæ н дæ р ныхас загъта: æ ртын фыццæ гæ м августы размæ ма йæ æ нæ мæ нг бабæ рæ г кæ ндзæ н, фендзæ н æ й. Æ мæ уыцы бон æ рхæ ццæ.

Чызг искуыдæ м цæ уы, суанг уынгмæ, уæ ддæ р, мад æ мæ фыдæ й раздæ р кæ й фены, уымæ н фæ зæ гъы, уæ д та йæ агурынц. Уæ лмæ рдмæ куы фæ цæ уы, уæ д ницы фæ зæ гъы, исты æ фсон акæ ны.

Мад кæ ркдонæ й йæ раздарæ ны æ йчытæ рахæ ссы. Жаннæ йæ м йæ хæ дæ г фæ разæ й:

— Ме ’мбал чызгмæ суайон.

— Хорз. Хорз. Уæ дæ æ ппынæ дзух хæ дзары бад, уый дæ р куыд у.

Маринæ Жаннæ йы æ мæ иннæ цоты дæ р цымыдис фæ рстытæ никуы фæ кæ ны.

Чызг фæ цæ уы. Сæ хи нæ, фæ лæ иннæ уынджы базилдзæ н. Æ мæ цæ мæ й æ фсæ рмы кæ ны? Цæ мæ й тæ рсы? Ныр æ ппындæ р ницæ мæ йуал! Сæ хи уынджы цæ хгæ р ацыд: сæ сыхæ гтæ нæ, фæ лæ йæ м сæ хъæ уы, сæ районы, æ ппæ т Ирыстоны цæ рджытæ куы кæ сой, уæ ддæ р афтæ цæ уы. Уæ лмæ рдмæ цæ угæ йæ йæ хи афтæ сæ рибар æ мæ ныфсджын никуы æ нкъардта. Ныгъуылдтытæ, цыма исты адавта, афтæ -иу фæ йнæ рдæ м фæ кæ сфæ кæ сгæ нгæ фæ цæ йцыд, йæ буарыл-иу ризæ г бахæ цыд. Ныр у æ нахуыр сæ рибар. Æ мæ уыцы сæ рибардзинад нырмæ кæ м уыд? Уый, Жаннæ цæ уы йæ уд ссæ рибар кæ ныны фæ ндагыл æ мæ уымæ н афтæ у. Уый дзы уадзы ныфс.

Чызг йæ мидбылты бахудт, йæ зæ рдæ цыдæ р рухсдзаст у. Уæ лмæ рдмæ цу æ мæ дæ риуы цыдæ р æ хсызгондзинад гуырæ д. Куыд раст у уый? Раст у! Тынг раст у! Цыртытæ йæ м æ рбазындысты. Диссаг! Ацы хатт, бирæ хæ ттыты кæ м уыд, цыма йæ м уыцы уæ лмæ рд не ’рбазынд, цыма æ ндæ р кæ мдæ р цæ уы. Уæ д ыл цыртытæ — гыццылæ й, стырæ й — цыдæ р уæ з фæ кæ нынц, цыма йыл æ рхауынмæ фæ хъавынц. Сæ рдыгон тæ вд бон дæ р сæ цыдæ р уазал фæ цæ уы. Хатт æ м афтæ фæ кæ сы, ныртæ ккæ йæ сæ быны ацъист кæ ндзысты. Ныр сæ нт сау цыртытæ й дæ р уазал нæ ивылы, нæ сæ тæ рсы. Ныр ын уæ лмæ рд цыдæ р хион у.

Йæ мады цырт. Йæ мады ингæ н. Мин цырты, мин ингæ ны æ хсæ н дæ р æ й базондзæ н. Темыр æ й йæ хæ дæ г сарæ зта, алы стъæ лфыл дæ р дзы баззад йæ уырзты, йæ зæ рдæ йы хъарм, æ мæ уый Жаннæ дæ р æ нкъары.

Чызг цыртыл йæ къухтæ æ рхаста, йæ хи йыл бауагъта, йæ цæ нгтæ йыл æ рæ вæ рдта, цыма йын хъæ быс кæ ны. Æ мæ йын хъæ быс кæ ны. Цырты фæ лмæ н хъарм йæ буарыл æ мбæ лы. Уый... Уый йæ мады зæ рдæ йы хъарм у, мæ рдтæ й дæ р æ й тавы. Лизæ нæ амард. Йæ уд сæ нусон, æ гæ рон тыгъдадмæ стахт æ мæ уым цæ ры, уырдыгæ й йæ м кæ сы, уырдыгæ й йыл ауды.

Жаннæ мады нывмæ кæ сы. Уый йæ м уырдыгæ й йæ мидбылты худы. О, худы йæ м. Æ мæ цæ уыл цин кæ ны? Кæ й сæ мбæ лдзысты, ууыл? Кæ д... Кæ д, Лизæ зæ ххон царды хъизæ мæ рттæ й кæ й фервæ зт, ууыл у йæ цин. Уым йæ тыхст, йе ’нæ нцой зæ рдæ сулæ фыд, æ рсабыр.

Жаннæ ма скъоладзау чызг куы уыд, уæ д-иу æ м сæ сыхæ гты урсзачъе зæ ронд лæ г Хъамболат арæ х фæ дзырдта:

— Гыкъы, уæ Гыкъы, рауай-ма æ мæ та мæ фарсмæ абад.

Æ мæ -иу рудзгуыты цур бæ лæ сты аууон йæ фарсмæ даргъ бандоныл сбадт. Хъамболат-иу æ м цæ мæ н фæ дзырдта, уæ д уый нæ ма æ мбæ рста. Фæ лæ фæ стæ дæ р алцыдæ р бамбæ рста: зæ ронд лæ джы-иу фæ ндыд искæ имæ аныхас кæ нын, искæ мæ байхъусын, æ мæ чи кусгæ кодта, чи — цы, æ мæ -иу цæ ф Жаннæ йыл ауад.

Хъамболат-иу дзырдта:

— Æ рцæ удзæ н ахæ м рæ стæ г (æ ви райдыдта), æ мæ æ гæ стæ мæ рдтæ м хæ лæ г кæ ндзысты, — æ мæ -иу йæ сæ р нынкъуыста, цасдæ р-иу æ дзæ мæ й баззад. Дзырдта ахæ м хуызы, цыма Жаннæ йе ’мбай, йæ кары адæ ймаг у, æ мдæ ндæ гтæ сты.

Уæ д скъоладзау чызг фыдæ лтыкон, цардвæ лтæ рд зæ ронд лæ джы ныхæ сты апп нæ ма ’мбæ рста, кæ дæ м цæ вынц, цы уæ з сæ и, уый йæ зонд нæ ма ахста. Æ мæ та-иу Хъамболаты ногæ й бафарста: «Æ гæ стæ хъуамæ мæ рдтæ м куыд хæ лæ г кæ ной? Уымæ н уæ вæ н куыд и?»

— Тынг хорз, — дзуапп-иу радта зæ ронд лæ г. — Чи амард, уый ницæ уылуал тыхсы, ацы æ наккаг цардæ й фервæ зт, сулæ фыд. — Æ мæ та-иу ныууынæ ргъыдта, цасдæ р рæ стæ г-иу аджих, стæ й ма-иу йæ ныхасмæ бафтыдта. — Ех-х, æ з дæ р куы амæ лин. Бафæ лладтæ н. Фæ лæ уый Хуыцауæ й аразгæ у æ мæ йын табу уæ д.

Жаннæ йын уæ лдай хуыздæ р бахъуыды кодта йæ иу ныхас:

— Адæ ймаг куы амæ лы, æ рмæ стдæ р уæ д ссæ рибар вæ ййы.

Арæ х, тынг арæ х æ рлæ ууы йæ зæ ронд сыхаджы ныхас йæ зæ рдыл, йæ хъустыл фæ уайы. Диссаг, Хъамболаты йæ даргъ цардвæ ндаг æ ркодта ахæ м хатдзæ гмæ? Цардæ й афтæ тынг сфæ лмæ цыд?.. Æ ви йæ искæ м бакаст, искæ мæ й йæ фехъуыста?.. Цыфæ нды дæ р уæ д: уыцы хъуыды йæ зæ рдæ мæ уыд тынг хæ стæ г, рацыд йæ удæ й, былалгъæ й йæ нæ дзырдта.

Жаннæ йыл цас фылдæ р азтæ цæ уы, афтæ йæ м зæ ронд Хъамболаты ныхæ стæ тынгæ й-тынгдæ р хъарынц, цы стыр хъуыды дзы æ вæ рд и, уый уæ ззауæ й-уæ ззаудæ р, стырæ й-стырдæ р кæ ны, цæ сты тынгæ й-тынгдæ р ахады. Раст уыд зæ ронд лæ г: ацы зæ ххыл сæ рибардзинад нæ й, сæ рибардзинад и æ рмæ стдæ р Уым. Нæ адæ ммæ уыд куырыхон, пехуымпар, зондджын лæ гтæ. Институттæ æ мæ университеттæ каст нæ фесты, профессорты æ мæ академикты кадджын нæ мттæ нæ хастой, фæ лæ уыдысты философтæ. Царды философтæ. Æ цæ г философтæ.

Адæ ймаг куы амæ лы, æ рмæ стдæ р уæ д ссæ рибар вæ ййы.

Чызг цыртмæ, йæ мады нывмæ нымдзаст. Лизæ дæ р æ м йæ мидбылты уымæ н худы. Сæ рибар у, æ мæ йæ м худы, цыма йын зæ рдæ рухсæ й цыдæ р зæ гъынмæ хъавы. Хъавы. Хъавы. Йæ фæ лмæ н, уæ здан хъæ лæ с ын хъусы. Жаннæ ноджы лæ мбынæ гдæ р ныхъхъуыста. Æ мæ хъусы, йæ мады хъæ лæ с хъусы:

«Ам хорз у. Ам адæ ймаг сæ рибар у. Ам...» — йæ мады хъæ лæ с нал хъуысы. Æ мæ цы фæ ци? Куыд тагъд ныууагъта мад йæ хъæ булы? Цæ уыннæ ма исты загъта? Ма тыхсæ д, ма тыхсæ д. Æ мбæ лдзысты. Жаннæ йæ цæ стытæ цыртæ й атыдта æ мæ уæ лмæ рдыл афæ лгæ сыд. Ног уæ лмæ рд ма йæ хонынц, фыццагдæ р дзы йе ’нусон бынат чи ссардта, уыдонæ й иу уыд Лизæ. Ног уæ лмæ рд, фæ лæ дзы къахайсæ н нал и: сæ рибар адæ м фылдæ рæ й-фылдæ р кæ нынц.

Лизæ йы ингæ ны алыварс — нывæ фтыд æ мбонд. Ныр ахæ мтæ ничиуал æ вæ ры, фæ лæ уæ д сæ хуыздæ ртæ, сæ рæ сугъддæ ртæ й иу кæ й уыд, уый бæ рæ г у. Æ мбонд — ингæ нæ й цыппар-фондз метры стырдæ р. Æ мæ йæ Темыр ахæ м дынджыр цæ мæ н скодта? Йæ мад, йæ фыд раздæ р куы амардысты. Йæ хицæ н? Æ мæ ма уæ д æ рыгон уыд. Цал азы йыл цыд? Авд æ мæ дыууиссæ дз. Лæ ппулæ г, йæ царды фæ ндæ гтæ нырма разæ й. Уæ д бынат кæ мæ н бацахста?

Жаннæ та йæ химидæ г бахудт. Хуыцау ис, алцыдæ р Уæ ле бæ рæ г у. Йæ мады фарсмæ уыцы зæ хх ныр бахъæ удзæ н. Хуыцаумæ алцыдæ р фыст у. Бахъæ удзæ н Темыры кæ стæ р чызгæ н.

Чызг та йæ мады нывмæ нымдзаст. Кæ рæ дзийы цæ стытæ м кæ сынц. Дзагъырæ й. Хъоппæ г цæ стытæ й. Ныр та... Лизæ йы цæ стытæ цыма доны зилынц, кæ угæ кæ ны. Йæ цæ ссыгтæ йæ рустыл æ рфæ д кодтой. Уый... Жаннæ йæ цæ сгом йæ армытъæ пæ нтæ й амбæ рзта. Уый, Лизæ нæ, фæ лæ Жаннæ кæ уы. Æ мæ цæ мæ н? Æ виппайды æ ндæ р адæ ймаг фестад? Йæ зæ нгтæ дон кæ нынц, ныртæ ккæ æ рхаудзæ н. Чызг фæ цудыдта. Рæ стæ г, дымгæ тæ, хур æ мæ къæ вдатæ й бур мрамор ингæ ны тигъ къухтæ й ацахста: йæ хи ахауын нæ бауагъта. Ингæ ны тигъгæ рон æ рхауæ гау кодта. Æ мæ ныккуыдта. Раздæ рты хъæ рæ й нæ, фæ лæ йæ химидæ г кæ уын дæ р æ фсæ рмы кодта, цæ мæ йдæ р тарст, фæ лæ ныр æ фсарм, тас цы сты, уый нал зоны. Æ мæ чызг кæ уы. Йæ цæ ссыгтæ йæ рустыл уайынц, уыцы цæ ссыгтæ сты тад здыйы æ ртæ хтæ й уæ ззаудæ р æ мæ судзагдæ р, фæ лæ сæ уый не ’нкъары. Жаннæ йы... Жаннæ йы æ рмæ стдæ р фæ нды...

— Лизæ, бахатыр мын кæ н.

Жаннæ йы тыххæ й йæ мады цард аскъуыд æ мæ йын ныххатыр кæ нæ д, ныббарæ д ын.

Чызг хæ къуырццæ й кæ уы: зын кæ д искæ мæ н ракодта, æ намонддзинад кæ д искæ мæ н æ рхаста, уæ д ын ныххатыр кæ нæ нт. Ныххатыр ын кæ нæ нт. Иууылдæ р. Барæ й, зонгæ -зонын æ й зын ракæ нын никæ мæ н фæ ндыд. Ныххатыр ын кæ нæ нт иууылдæ р.

— Ныххатыр мын кæ нут. Ныххатыр мын кæ нут. — Жаннæ ингæ ны цур зæ ххыл йæ зонгуытыл куыд æ рæ нцад, йæ зонгуытыл куыд æ рхауд, уый нæ базыдта. Æ мæ лæ ууы йæ зонгуытыл, раджы-иу кæ ддæ р нæ фыдæ лтæ кувæ ндоны сæ зонгуытыл куыд лæ ууыдысты, афтæ. Æ мæ кæ уы, кæ уы æ мæ дзуры:

— Ныххатыр, ныххатыр мын кæ нут иууылдæ р.

Стæ й... Æ виппайды йæ кæ уын фæ сабыр, фæ хъус. Слæ ууыд. Сраст æ мæ хъæ рæ й загъта:

— Æ гъгъæ д! Æ гъгъæ д у! — йæ алыварс акаст. Йæ цæ сты бынтæ, йæ рустæ йæ къухмæ рзæ нæ й ныссæ рфта æ мæ разылд.

— Æ гъгъæ д! Æ гъгъæ д у! — æ мæ фæ цæ уы. Сæ химæ. Уæ лмæ рдмæ куыд цыд, афтæ: фидар, ныфсджын, ацы зæ ххыл йæ хи хорз чи æ нкъары, ахæ м æ рыгон адæ ймаджы къахдзæ фтæ й.

 

31-æ м августмæ ма баззад 2 боны.

29-æ м август. Сабат. 2009 аз

Абон редакцийы ничи уыдзæ н æ мæ уый хуыздæ р у: Жаннæ йы никæ й уынын фæ нды. Чызг йæ мады цурмæ бацыд:

— Æ з мæ куыстмæ суайон.

— Æ мæ сабаты... — мад æ м дисгæ нгæ бакаст.

— Мæ фыссинагæ й ма чысыл аззад æ мæ йæ кæ ронмæ ахæ ццæ кæ нон. — Йæ мады сайы æ мæ сырх дæ р нæ кæ ны. Æ мæ, дам, Темыры кæ стæ р чызг сайын нæ зоны. — Мамæ, ма тыхс.

— Æ мæ исты акомдзаг кæ н, æ ххормагæ й куыд цæ уыс.

— Бирæ нæ афæ стиат уыдзынæ н. — Чызг кæ ртмæ рахызт. Йе стъол бафснайдзæ н — цастæ æ фснаинаг у — æ мæ æ рбацæ удзæ н.

Газеты редакци æ мæ типографи — иу кæ рты. Хъалагъур йæ бынаты разынд. Жаннæ сæ кусæ нуаты дуар бакодта. Ацы уаты къæ сæ рæ й цал æ мæ цал хатты æ рбахызт. Æ хсызгонæ й. Зæ рдæ рухсæ й. Уый мæ нæ фæ стаг рæ стæ джыты йæ хи æ руагъта, ныллæ хъир, æ ндæ р... Йе стъолы цур-иу куы сбадт æ мæ -иу урс гæ ххæ тт йæ цуры куы æ рæ вæ рдта, уæ д йæ хи хуыдта дунейы тæ ккæ амондджындæ р адæ ймаг. Афтæ йæ м каст, уыцы амонд у æ нæ кæ рон. Никуы! Никуы фæ уыдзæ н. Фæ лæ алцæ мæ н дæ р ис райдайæ н æ мæ кæ рон.

Чызг йе стъолы уæ ллаг лагъз раласта. Æ мæ йæ м гæ ххæ ттытæ дæ р цы ис, фæ лæ... Хъуамæ йе стъол æ фснайдæ й ныууадза. Газеты йын цы æ рмæ джытæ рацыд, уыдон никуы æ мбырд кодта. Радзырдтæ, цыдæ р литературон уацмыстæ мын куы не сты, мыййаг. Йе ’мкусджытæ й иу цыдæ риддæ р фыссы — иу хъуыдыйады онг — æ мбырд сæ кæ ны æ мæ сæ папкæ йы æ вæ ры. Æ вæ ццæ гæ н æ м афтæ кæ сы: уыдон сты нæ удварны стыр хæ знатæ æ мæ сæ хъуамæ фидæ ны фæ лтæ ртæ н бахъахъхъæ на. Уыдонмæ гæ сгæ ахуыр кæ ндзысты районы, æ нæ хъæ н республикæ йы — республикæ цæ мæ н — æ нæ хъæ н бæ стæ йы истори.

Жаннæ йы стъолы уæ лдай гæ ххæ ттытæ никуы уыд. Йæ æ рмæ г газеты рацыд, уæ д-иу дыккаг бон йæ къухфыст бырæ тты чыргъæ ды смидæ г. Раздæ рты, уæ д-иу йæ хицæ н пълан сарæ зта. Арæ хдæ р — æ ртæ мæ йæ н. Адæ мæ н, газеткæ сджытæ н ахсджиагдæ р цы фарстатæ нымайы? Цы йын уыдзысты сæ йраг проблемæ тæ? Тынгдæ р йæ цæ стæ нгас цы хъуыддæ гтæ м аздаха? Нæ! Уый, æ фсæ йнаг — бетонæ й баивæ н, йæ иувæ рсты фæ зилæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м пълан нæ уыд. Хатт цард, рæ стæ г ахæ м темæ тæ æ рбаппарынц, æ мæ дисы бацæ удзынæ.

Йæ пълан-иу æ дзухдæ р Дауыты зæ рдæ мæ фæ цыд. Æ мæ куыдфæ стæ мæ редакцийы иннæ сфæ лдыстадон кусджытæ й дæ р ахæ м пълантæ агурын райдыдта. Фыццаг уый сæ зæ рдæ мæ нæ фæ цыд æ мæ -иу чи æ ргомæ й, чи та фæ сномыг ныхасæ й Жаннæ йы алхыскъ кодта. Акæ с-ма, Жаннæ ма, æ вæ ццæ гæ н, афтæ ’нхъæ лы, æ мæ советон дуджы цæ рæ м: пъланон-хæ дзарадон экономикæ, æ хсæ над нал и, уый та ма йæ фæ стæ мæ здахы. Ноджы-иу сæ карздæ р ныхас дæ р райхъуыст: акæ са — йе ’нæ хайыры пълантæ й редакци сызмæ ста.

Уый сæ м иу ныхас дæ р никуы скодта.

Чызг йе стъолы лæ гъзтæ й цалдæ р чиныджы систа. Аивадон, газеты, журналисты дæ сныйадимæ баст литературæ. Ам сæ ныууадзид æ мæ... кæ й хъæ уынц? Хæ дзары дæ р... Нæ. Сæ химæ сæ ахæ сдзæ н.

Йæ мад Маринæ йын ницыма загъта, фæ лæ йын абон, æ ппынфæ стаг, райсом мацы зæ гъа, уымæ н уæ вæ н нæ й. Сæ редакцийы ахæ м æ гъдау и: отпусчы чи фæ цæ уы, уый, йæ къух куыд амоны, афтæ фынг саразы. Æ мæ изæ ры фæ скуыст абадынц. Редакци дæ р йæ хи нæ ныхъхъус кæ ны: исты лæ варæ й йын йæ зæ рдæ балхæ ны æ мæ йæ афæ ндараст кæ нынц.

Жаннæ йы йе ’мбал кусæ г цалдæ р хатты æ ргом нæ, фæ лæ дæ лгоммæ ныхæ стæ й фарста: сæ бон цастæ у, фæ лæ уæ ддæ р... Хуыздæ р ын цы лæ вар ракæ ной? Уый, цыма йæ нæ фехъуыста кæ нæ йæ не ’мбары, афтæ -иу дзуапп раттынæ й йæ хи фæ тылиф, фæ иуварс кодта. Ох-х! Уыдон æ й куы зониккой, уæ д... Цæ й лæ вар ма йæ хъæ уы. Æ мæ æ ппынфæ стаг загъта:

— Бузныг. Стыр бузныг. Мæ н ницы хъæ уы.

Сылгоймаг нæ басасг:

— Цытæ дзурыс? Бирæ азты дæ ргъы нæ м цы æ гъдау, цы замманайы фæ тк ныффидар, уый дæ у тыххæ й халæ м?

— Уæ дæ уæ д, куыд уæ фæ нды, афтæ.

Цы йын ралæ вар кæ ндзысты, Жаннæ уый нæ федта, фæ лæ йæ кæ мдæ р йæ зæ рдæ æ нкъары: æ вæ ццæ гæ н, стъолыл даргæ цырагъ. Æ мæ цыфæ нды дæ р уæ д, уымæ н уæ лдай нæ у: уый йæ нал фендзæ н.

Къуырисæ ры сæ газет нæ цæ уы: дыццæ г, æ ртыццæ г, майрæ мбон æ мæ сабаты. Редакцийы кусджытæ й йæ райгуырæ н бон кæ мæ н вæ ййы, уымæ н æ дзухдæ р йе ’мбæ лттæ газеты ракæ нынц зæ рдиаг арфæ. Ахæ м æ гъдау сæ м и. Æ вæ ццæ гæ н, сæ редактор Дауыты зæ рдæ йы райгуырд уый: арфæ уый ныффыссы, йæ зæ рдæ йы хъарм ын нæ бавгъау кæ ны. Жаннæ йы тыххæ й дæ р дыццæ джы цалдæ р хъарм дзырды хъуамæ рацæ уа сæ газеты цыппæ рæ м фарсыл. Фæ лæ... Фæ лæ йæ сисдзысты. Нал рацæ удзæ н. Йæ бæ сты йын ратдзысты цалдæ р хъуыдыйады — некролог сау бæ зджын фæ лгæ ты. Чи зоны, йæ къамæ н дæ р ын бынат ссарой.

Чызг сыстад. Йæ чингуытæ дзæ къулы сæ вæ рдта. Стъолы лæ гъзты уæ лдай гæ ххæ тт нал и. Цалдæ р сыфы, æ мæ сæ аскъуыдтæ кодта. Йæ къæ линдармæ фæ комкоммæ: фылдæ р сыфтыл — цыдæ р фыстытæ, телефоны номыртæ, мыггæ гтæ. Кæ сы сæ м, скъуыны сæ æ мæ сæ бырæ тты чыргъæ дмæ калы. Ныр йæ зæ рдæ ницæ мæ уал æ хсайы. Дæ гъæ лтæ... Æ мæ ма йæ уыдон дæ р цæ мæ хъæ уынц?






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.