Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Фыццаг æвдыст. Цыппар кантоны цадæн йæ хурыскæсæн был






Цыппар кантоны цадæ н йæ хурыскæ сæ н был. Хъæ ддаг, æ муырдыг къæ дзæ хтæ сценæ йы мидæ гоз. Цады фæ йлауæ нтæ дыууæ рдæ м кæ нынц. Хъуысы уылæ нты æ вирхъау хъæ р. Хаттæ й-хатт арв ферттивы, стæ й ныннæ ры.

Кунц Герзауæ й, кæ сагахсæ г æ мæ йæ лæ ппу.

Кунц. Бауырнæ д уæ, хъуыддаг уын сæ рæ й бынмæ куыд радзырдтон, афтæ уыди — мæ хи дыууæ цæ стæ й сæ федтон.

Кæ сагахсæ г. Телль ахст у, æ мæ йæ Киуснахтмæ арвыстой. Стыр ныфс нын уыдаид, искуы нæ сæ рибардзинады тыххæ й куы схæ цыдаиккам, уæ д.

Кунц. Цадыл бæ стыхицау йæ хæ дæ г дæ р фæ цæ йцыди семæ. Уыдон куыд балц кодтой, афтæ рацыдтæ н æ з дæ р Фдиуельнæ й, фæ лæ мæ тымыгъ æ рбаздæ хта ардæ м. Чи зоны, æ мæ уыдоны дæ р бафæ стиат кодта.

Кæ сагахсæ г. Рæ хыстæ й баст у Телль бæ стыхицауы къухы. Æ цæ гæ й дын зæ гъын, уый йæ бакæ ндзæ н ахæ м ран, боны рухс æ м кæ дæ м нал хæ ццæ кæ на! Телль æ нæ рцæ ф адæ ймаг у, бæ стыхицау та йæ æ гæ р-æ гæ р бафхæ рдта; ныр тæ рсы, йæ маст дзы куы райса, уымæ й.

Кунц. Дзурынц ма, нæ зæ рдæ хæ лар зæ ххы хицау Аттингаузен фæ рынчын æ мæ нал у ахъаззаг, зæ гъгæ.

Кæ сагахсæ г. Нæ зæ рдæ ма ууыл дардтам æ мæ та нын уый дæ р нал ис. Иунæ г уый ма уыди нæ сæ рылдзурæ г, йæ адæ м æ мæ йæ бæ стæ йы хъахъхъæ нæ г.

Кунц. Тымыгъ тынгдæ р кæ ны. Хæ рзбон ут! Æ хсæ виуат хъæ уы бакæ ндзынæ н: абон фаллаг фарсмæ бацæ уын къухы бафта, уый кой кæ нын дæ р нæ хъæ уы. (Фæ цæ уы.)

Кæ сагахсæ г. Телль нын — ахæ стоны! Барон — мæ лæ тдзаг рынчын! Тыхдзинад бæ рзонд цæ уылнæ сиса ныр йæ сæ р! Æ фсарм, худинаг нал ис! Рæ стдзинад цы дзых дзырдта, уый бамыр, уынаг цæ стытæ фæ цъынд кæ нынц, домбай арм та — рæ хыстæ й баст.

Лæ ппу. Баба, их ныл ныккалдта! Цом нæ химæ — фыдбон скæ ндзæ н.

Кæ сагахсæ г. Гъе-мардзæ, тымыгъ, мауал ауæ рд! Тыгъдызæ й рауадз! Мауал æ нцай, арвы хъæ р! Уæ, арвнæ рынгæ нæ г мигътæ, уæ тызмæ гдæ ттæ й фæ ласут æ ппæ т бæ стæ! Байсæ фут, байсæ фут, фидæ нмæ чи равзæ ра, уыцы адæ мы ног фæ лтæ р. Æ лдарад байдайут сымах дæ р, дунейы гуымиры куырм тыхтæ! Ардæ м тагъддæ р, хъæ ды цæ рджытæ! Сымах та баисты ацы æ дзæ рæ г зæ ххытæ, уымæ н æ мæ мах æ нæ сæ рибарæ й цæ рын нæ бафæ раздзыстæ м а бæ сты.

Лæ ппу. Нæ хъусыс, куыд пæ ллæ хъхъ кæ ны доны гуылфæ н; афтæ змур зилдух никуы кодта уый æ ппындæ р.

Кæ сагахсæ г. Дæ хъæ булы сæ рыл та фат суадзай! Искуы ма æ рцыди ахæ м аллайаг хъуыддаг, æ мæ фыдæ н йæ фырты сæ р фехсын кæ н? Æ мæ ма ныл дунейы гуырымыхъ тыхтæ дæ р цæ мæ н бацауæ рдой? Диссаг мæ м ницыуал фæ кæ сдзæ н: хæ хтæ цадмæ куы нызгъæ лой, цъити мæ сгуытæ дæ р æ васт куы стайой æ мæ уырдыгмæ куы уайой, рыг куы фестой нæ къæ дзæ хтæ, донæ й хъаймæ т та дунейы дыккаг хатт куы фесафа, уæ ддæ р дис ницæ уылуал бакæ ндзынæ н.

Хъуысы дзæ нгæ рæ джы хъæ р.

Лæ ппу. Хъусыс, — дзæ нгæ рæ г цæ гъдынц хохы бæ рзæ ндтыл. Æ вæ ццæ гæ н, æ мæ дон фæ ласы бæ лæ гъы йæ бынмæ: дзæ нгæ рæ джы хъæ р фæ сиды алкæ мæ дæ р, цæ мæ й бакувой æ намондты тыххæ й. (Уæ зæ гмæ фæ хизынц.)

Кæ сагахсæ г. Фыдраны бахаудис уыцы бæ лæ гъ, айхуызæ н сахат ахæ м авдæ ны фæ йлаугæ кæ й узынц! Никæ йуал сæ р æ й бахъæ удзæ н — нæ дæ р бæ лæ гъаразæ ны, нæ дæ р бæ лæ гъаразджыты: портийау дзы хъазынц тымыгъ æ мæ фæ йлауæ нтæ; зæ рдæ дарæ н лæ ууæ н дæ р дзы, æ вæ дза, никуы ис: алы ран — æ муырдыг, æ мæ бацæ уæ н кæ мæ нæ й, æ рмæ ст ахæ м цыргъ къæ дзæ хтæ; уыдон хъал арæ зтæ й ныддардтой бæ лæ гъмæ сæ айнæ г риутæ.

Лæ ппу (галиуырдæ м амоны). Баба, бæ лæ гъ Флиуельны ’рдыгæ й.

Кæ сагахсæ г. Хуыцау, ды сæ фæ дзæ хсæ г! Тымыгъ сæ хухулæ гмæ куы байса, уæ д сын нал ис фервæ зæ н. Тугдзых сырд къæ ппæ джы уистыл фыр тæ ссæ й йæ хи куыд хойа æ мæ йæ ниугæ -ниуын сæ ттынмæ куыд хъава, афтæ уыцы ран дæ р хъуымы фæ йлауæ нтæ мæ сты хъæ р кæ нынц; уынгæ г сын у уыцы ран: сæ алфамбылай сæ къæ дзæ хтæ æ лвасынц æ мæ сын æ хгæ нынц сæ фæ ндаг. (Схызти бæ рзондмæ.)

Лæ ппу. Баба, бæ лæ гъ Уры бæ стыхицауы бæ лæ гъ у, æ з æ й базыдтон йæ сырх-сырхид тырысайæ.

Кæ сагахсæ г. Расттæ рхонгæ нæ г хуыцау! Уый бæ лæ гъ у бæ лвырдæ й дæ р, Геслер дæ р уым ис, нывондæ н кæ й снысан кодтой, уый дæ р бады семæ. Бирæ дæ нæ ауагъта, бæ ргæ, цы агуырдтай, уый ссардтай. Уый зон, тиран, æ мæ хъилдзæ уагыл хъæ лдзæ уаг сæ мбæ лы! Мæ гуыры бон дыл кæ й бакодта, уый, æ нхъæ лдæ н æ мæ федтай дæ хи цæ стæ й. Сæ рæ й, фæ йлауæ н нал хъусы де ’ртхъирæ нтæ м; айнæ г къæ дзæ хтæ дæ р, сæ рæ й, кад нал дæ ттынц дæ худæ н. Дæ кувын уал фæ уадз, мæ хъæ бул! Хуыцау ын цы стæ рхон кодта, уадз æ мæ уый бавзара ныр йæ сæ р.

Лæ ппу. Бæ стыхицауы тыххæ й нæ кувын, — æ з Теллæ н кувын, — бæ лæ гъы ис уый дæ р.

Кæ сагахсæ г. Æ нæ мбал иунæ г хуыцау! Нæ й бамбарæ н дæ фæ ндтæ н: иу фыдгæ нæ г æ фхæ рды цæ мæ й æ рцæ уа, уый тыххæ й бæ лæ гъы бадджытæ хæ рзсæ фт кæ нынц æ мхуызонæ й.

Лæ ппу. Кæ с-ма, кæ с, амондджын ирвæ зт ракодтой Бугисгартæ й, фæ лæ сæ фæ йлауæ н Тойфельсмиунстерæ й стыр Аксенберджы балæ ууын кодта. Мæ цæ ст сæ нал ахсы.

Кæ сагахсæ г. Уый Гакмессер у; бирæ бæ лæ гъ ныппырх ис уыцы ран. Куынæ йыл æ рзилой, уæ д бæ лæ гъ айнæ гыл йæ хи скъуырдзæ н æ мæ дæ балгъитæ г — уыдонау: фесæ фдзысты. Баххуыс ма сын кæ нид, бæ лæ гъимæ хорз чи арæ хсы, æ рмæ ст ахæ м — Теллы хуызæ н, — фервæ зиккой ма уый руаджы. Фæ лæ уымæ н йæ азмæ лæ нтæ нал сты, нал, йæ бар.

Вильгельм Телль æ д æ рдын. Тындзгæ цæ уы, кæ сы æ мæ дистæ кæ ны; сценæ йы астæ у æ рхауд йæ зонгуытыл, йæ къухтæ зæ ххыл æ рæ вæ рдта, стæ й сæ систа арвы ’рдæ м.

Лæ ппу (йæ куы ауыдта, уæ д). Кæ с-ма, баба! Уæ ртæ уым иу чидæ р йæ зонгуытыл лæ ууы.

Кæ сагахсæ г. Уæ ртæ зæ ххыл æ рæ вæ рдта йæ къухтæ, цыма йæ хи уагыл нæ у, уый хуызæ н.

Лæ ппу (йæ м фæ цæ уы хæ стæ гдæ р). Баба, уæ баба! Мæ нæ кæ й уынын! Ракæ с-ма йæ м ракæ с!

Кæ сагахсæ г (фæ цæ уы хæ стæ гдæ р). Чи у, чи? Мæ рафæ лдисæ г!.. Телль куы дæ уый, сæ рæ й! Æ мæ ма куыд æ рбафтыдтæ ардæ м?

Лæ ппу. Бæ лæ гъы рæ хыстæ й баст нæ уыдтæ уæ ртæ уым?

Кæ сагахсæ г. Киуснахтмæ дæ нæ арвыстой, цы?

Телль (сыстади). Мæ сæ р мæ бар у ныр мæ нæ н!

Кæ сагахсæ г æ мæ Лæ ппу. Суæ гъд дæ? Куыд æ гъдауæ й?

Лæ ппу. Уæ дæ ныр чердыгæ й?

Телль. Бæ лæ гъæ й.

Кæ сагахсæ г. Бæ лæ гъæ й та куыд?

Лæ ппу. Æ мæ уæ д бæ стыхицау та цы фæ ци?

Телль. Цады сæ рты дыууæ рдæ м кæ ны.

Кæ сагахсæ г. Хуыцауы æ мбисонд! Æ мæ уый та куыд уыдзæ н? Стæ й ам куыд февзæ рдтæ? Дæ бæ ттæ нтæ æ мæ тымыгъæ й та уæ д куыд раирвæ зтæ?

Телль. Хуыцау мын баххуыс кодта. Хъуыддаг та уыди афтæ...

Лæ ппу æ мæ кæ сагахсæ г. Радзур æ й, дæ хорзæ хæ й!

Телль. Альторфы цы æ рцыди, уый фехъуыстат?

Кæ сагахсæ г. Уый зонæ м, фæ лæ дзургæ!

Телль. Бæ стыхицау сбæ ттын кодта мæ н, стæ й мæ æ рвитынмæ хъавыди йæ Киуснахты фидармæ.

Кæ сагахсæ г. Уый фæ стæ Флиуельнæ й ацыди демæ — уыдæ ттæ зонæ м иууылдæ р; фæ лæ нын раныхас кæ н, куыд фервæ зтæ?

Телль. Нæ фæ ндаг мах дардтам афтæ: бæ стыхицау, стальмейстер Гаррас æ мæ бæ лæ гътæ рджытæ. Мæ фатдон, ме ’рдын уыдысты бæ лæ гъаразæ нмæ хæ стæ г; æ мæ Аксеныл чысыл куыд æ рбазылдыстæ м, афтæ ныл хуыцау ахæ м тымыгъ рауагъта Готардæ й, æ мæ бæ лæ гътæ рджытæ н фыр тæ ссæ й сæ уд сцæ йхаудис. «Нæ адзалы бон у ацы бон», — загъта нæ алчидæ р йæ хинымæ р. Уæ д дзы иу чидæ р дзуры бæ стыхицауæ н: «Æ нæ сæ фгæ нын нал ис — нæ адзал уынæ м нæ цæ стæ й; тæ ссæ й ницæ мæ уал арæ хсынц нæ дæ р бæ лæ гъаразæ г, нæ дæ р бæ лæ гътæ рджытæ. Стæ й нæ фæ ндаг дæ р ничи зоны. Æ рмæ ст иу адæ ймаг ис ацы ран, мах фервæ зын кæ нын йæ бон кæ мæ н бауид. Уый у Телль. Лæ гæ й дæ р æ м дау нæ й, стæ й бæ лæ гъимæ уый хуызæ н чи сарæ хса, ахæ м та кæ м ис? Хорз уаид, уый бар куы бакæ нис нæ бæ лæ гъ». Уый фæ дыл мæ м дзуры бæ стыхицау: «Æ рбайхъус-ма мæ м, Телль, — ацы фыдбылызæ й нæ цæ мæ й фервæ зын кæ най, уыйбæ рц ныфс дæ м кæ д разындзæ н, уæ д дæ суæ гъд кæ ндзынæ н дæ рæ хыстæ й». «Разындзæ н мæ м, ай-гъай, хицау! Стæ й ма бæ лæ гъы дæ р фервæ зын кæ нин хуыцауы руаджы», — дзуапп ын радтон æ з. Уæ д мæ суæ гъд кодтой мæ бæ ттæ нтæ й. Рул райстон æ з мæ къухмæ: аивæ й цæ стызул дарын ме ’рдынмæ; уыимæ мæ хинымæ р æ нувыдæ й агурын, кæ дæ м алиурон, ахæ м ран. Уалынмæ дын æ васт ауыдтон æ муырдыг къæ дзæ х, йæ сæ р — фæ з, фæ йлауæ нтæ м æ руагъта йæ хи.

Кæ сагахсæ г. Зонын æ й: раст стыр Аксены хæ д раз, æ муырдыг у стыр æ нæ гъдау, — уырдæ м сгæ пп кæ нын зæ ххон адæ ймагæ й никæ мæ н бауыдзæ н йæ бон.

Телль. Хъæ р кæ нын бæ лæ гътæ рджытæ м: «Иу мады фырттау февналут, нæ тæ ккæ зындæ р — уæ ртæ уыцы къæ дзæ хгæ, стæ й уыйбæ рц тас нал у!» Æ мæ уайтагъд балæ ууыдыстæ м йæ разы. Уæ д, хуыцауы ном ссаргæ йæ, мæ тых, мæ бонæ й бæ лæ гъ къæ дзæ хмæ баздæ хтон, ме ’рдыныл мæ хи уыциу цæ ф ныккодтон, æ мæ нал бацауæ рстон мæ хиуыл — бæ рзонд фехстон къæ дзæ хы сæ рмæ мæ хи, стæ й бæ лæ гъ донæ н йæ тæ ккæ тынгмæ асхуыстон мæ къахæ й. Цы уа, уый уæ д, зæ гъгæ, йæ хуыцауы бар бакодтон. Ныр лæ ууын уæ разы — тымыгъы ахæ стæ й фервæ зтæ н, адæ мы тыхдзинæ дтæ й дæ р мын тас нал у.

Кæ сагахсæ г. Хуыцау дæ диссаджы ирвæ зт фæ кæ нын кодта. Нæ ма мæ уырны, Телль дæ, уый. Æ мæ уæ дæ ныр та кæ дæ м дарыс дæ фæ ндаг? Дæ хи дæ бафæ свæ д хъæ уы: бæ стыхицау фæ йлауæ нтæ й куы фервæ за, мыййаг.

Телль. Бæ лæ гъы ма уыдтæ н, афтæ дзы фехъуыстон: цæ уинаг уыди Брунненмæ, уырдыгæ й та йæ фидармæ Швицы бæ стæ йы.

Кæ сагахсæ г. Хуыскъыл?

Телль. Йæ фæ нд уыди афтæ.

Кæ сагахсæ г. Уæ дæ фæ стиат мауал кæ н, æ фснайгæ дæ хи! Дыккаг хатт дзы сæ рæ гасæ й сонт-монты нал раирвæ здзынæ.

Телль. Зæ гъ-ма мын: Арты бæ стæ æ мæ Киуснахтмæ кæ уылты у фæ ндаг хæ стæ гдæ р?

Кæ сагахсæ г. Уырдæ м фæ ндаг цæ уы æ рмæ ст Штайненыл, фæ лæ дын Ловерцыл уыдзæ н хæ стæ гдæ р æ мæ фæ свæ ддæ р. Бирæ йыл æ ниу цæ мæ н дзурæ м — мæ нæ дæ мæ фырт бахæ ццæ кæ ндзæ н.

Телль (ын райста йæ къух). Хуыцауы хорзæ х дыл сæ мбæ лæ д, хæ рзбон! (Иу дзæ вгар ауад, стæ й та фездæ хт фæ стæ мæ.) Æ нхъæ лдæ н, ард бахордтай ды дæ р Риутлийы, куыд фехъуыстон, афтæ мæ й.

Кæ сагахсæ г. Æ з дæ р дзы уыдтæ н æ мæ ард бахордтон нæ иудзинады тыххæ й.

Телль. Дæ хорзæ хæ й, уæ дæ, Биурглены сæ мбæ л! Уыцы ран мыл сагъæ с кæ ндзæ н ме ’фсин! Зæ гъ ын, кæ й раирвæ зтæ н æ мæ æ дас ран кæ й дæ н, уый.

Кæ сагахсæ г. Чердæ м цæ уыс, уымæ й та йын уæ д цы зæ гъон?

Телль. Уыцы ран фендзынæ ме ’фсины фыды, ноджы Риутлийы кæ уыл æ мбæ лдтæ, уыдон се ’ппæ ты дæ р; зæ гъ сын-иу, сæ зæ рдæ мæ м ма æ хсайæ д: тас нал у Теллæ н, йæ авналæ нтæ йæ бар сысты æ мæ дзы а дыууæ боны хабар уыдзæ н.

Кæ сагахсæ г. Телль, зæ гъ мын æ дæ рсгæ: цы сфæ нд кодтай?

Телль. Хъуыддаг куы скæ нон, уæ д æ й хъусдзыстут уе ’ппæ т дæ р. (Фæ цæ уы.)

Кæ сагахсæ г. Лæ ппу, уайгæ, фæ хон æ й, — хуыцау, дæ уазæ г фæ уæ д! Уæ вгæ, Телль цы сфæ нд кæ на, уый æ ххæ ст дæ р бафæ раздзæ н. (Фæ цæ уы.)






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.