Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Дыккаг æвдыст. Барон Аттингаузены фидары.






Барон Аттингаузены фидары.

Мæ лæ тдзаг рынчынæ й барон бады къæ лæ тджын бандоныл. Вальтер Фиурст, Штауффахер, Мельхталь æ мæ Баумгартен лæ ууынц йæ алыварс. Рынчыны раз йæ зоныгыл лæ ууы Вальтер Телль.

Вальтер Фиурст. Бацарæ фтыд стæ м. Нæ зæ рдæ ма кæ уыл дардтам, уый дæ р та нал ис.

Штауффахер. Нæ ма амарди. Кæ с-ма, бумбули ма змæ лы йæ улæ фтмæ. Æ нцад фынæ й — йæ фынæ й, худæ ндзаст — йæ цæ сгом.

Баумгартен дуармæ фæ цæ уы æ мæ дзуры кæ имæ дæ р.

Вальтер Фиурст (Баумгартенмæ). Уый чи у?

Баумгартен (æ рбаздæ хы). Дæ чызг Гедвигæ, æ рбацыди дæ умæ æ мæ йæ сабимæ.

Вальтер Фиурст. Зæ рдæ ма йын цæ мæ й бавæ рдзынæ н? Мæ сæ р мæ кой фæ ци мæ хицæ н дæ р.

Гедвигæ (æ рбацæ уы тыхтæ -амæ лттæ й). Цы фæ ци? Кæ м ис мæ лæ ппу? Цæ уылнæ мæ уадзут мæ хъæ булмæ?

Штауффахер. Гедвигæ, мæ лæ г адæ ймаджы раз дæ хиуыл фæ хæ ц.

Гедвигæ (йæ лæ ппумæ баппæ рста йæ хи). Мæ Вельти, æ гас ма мын дæ!

Вальтер Телль (йæ мады хъуыры ныттыхсти). Æ з мæ нæ дæ н, мæ нæ, нана!

Гедвигæ. Бæ лвырдæ й дæ р ды дæ? Цæ ф ма разын, мыййаг? (Рауын-бауын æ й кæ ны, тæ рсгæ -ризгæ йæ.) Атан æ мæ аманæ й нырмæ ма искуы ахæ м хъуыддаг æ рцыди? Æ мæ дæ æ хсгæ дæ р фæ кодта? Зæ рдæ дæ р ын хъæ уы!.. Куыд батардта йæ зæ рдæ, фатæ й фехсын йæ хи хъæ булы?

Вальтер Фиурст. Стыр катайтыл уыди уыцы хъуыддаг кæ нгæ йæ. Амал ын нал уыд: нал баззадаид сæ рæ гасæ й.

Гедвигæ. Хъæ булуарзæ г фыд нæ уыди, æ ндæ ра сæ дæ марды куы акодтаид, уæ ддæ р ыл не ’мбæ лди фехсын йæ фырты.

Штауффахер. Дæ уæ й æ ндæ р арфæ кæ нид хуыцауæ н, кæ й руаджы дын фервæ зти.

Гедвигæ. Æ мæ йын рохгæ нæ н та куыд ис, — хуыцау зоны, цæ мæ æ рцыдаид хъуыддаджы кæ рон? Сæ дæ азы куы цæ рон, уæ ддæ р уындзынæ н æ дзухдæ р, фыд куыд хъавы йæ фыртмæ, æ мæ кæ ддæ риддæ р уыцы тахтæ й тæ хдзæ н фат мæ зæ рдæ мæ.

Мельхталь. Цы æ фхæ рд ыл сæ мбæ лди, уый куы зонис!..

Гедвигæ. Дурзæ рдæ адæ м стут сымах: искæ уыл уæ, æ вæ дза, иу чысыл уайдзæ ф сæ мбæ лд, афтæ уæ химæ нал вæ ййы уæ зонд, искуы ма уын исты ис, уый байрох кæ нут: фыр мæ стæ й ницæ мæ уал фæ дарут нæ дæ р уæ сабиты, нæ дæ р сæ мадæ лты зæ рдæ тæ.

Баумгартен. Фыдбылызы бафтыд дæ лæ г, ды та ма йæ зылын кæ ныс! Дæ уæ й æ ндæ р та ма йын тæ ригъæ д бакæ нид.

Гедвигæ (йæ м баздæ хт æ мæ йæ м мæ сты каст кæ ны). Багъæ ц, и — рагæ й дæ р йæ хæ лары тыххæ й йæ зæ рдæ уыйбæ рц риссаг кæ мæ н у, уый нæ дæ, цы? Æ мæ йыл кæ д афтæ тыхсут, уæ д æ й цæ мæ н бауагътат æ фсæ н рæ хыстæ й сбæ ттын? Цæ уылнæ йын баххуыс кодтат? Цæ уылнæ йæ фервæ зын кодтат? Дард уæ м куы нæ уыди! Фæ лæ йæ м сымах æ цæ гæ лон цæ стæ й акастыстут, — уæ разы уын æ й куы бастой, сыфцæ й йæ куы ластой уæ разæ й, уæ д. Стæ й ма мын зæ гъ, дæ хорзæ хæ й, уый дæ р дæ м афтæ касти, сырдау дæ бæ стыхицауы адæ м фæ сте куы сырдтой, дæ размæ та фæ йлаугæ цад сабыр куы нал кодта, уæ д? Нæ, уый хъарджытæ кæ нын йæ сæ рмæ не ’рхаста; уый балиурдта бæ лæ гъмæ, байрох сты уымæ й уыцы сахат йе ’фсин, йæ зæ нæ г, æ мæ дæ сласта мæ лæ тæ н йæ тæ ккæ хъæ лæ сæ й!

Вальтер Фиурст. Æ мæ дын æ й куыд фервæ зын кодтаиккам: мах уыдыстæ м уыцы ран бынтондæ р æ нæ хæ цæ нгæ рзтæ.

Гедвигæ (йæ хъуыры ныттыхсгæ йæ). Уæ, мæ фыды зæ ронд! Нал ис дæ уæ н дæ р, нал! Махæ й зæ гъай, нæ бæ стæ йæ зæ гъай — иууылдæ р дзы афтидæ й баззадыстæ м! Фæ лæ уый дæ р махыл систа йæ къух. Хуыцау, æ взæ р зæ рдæ йæ м ма æ руадз! Йæ талынг æ мæ ныккæ нд ахæ стоны уый нал фехъусдзæ н хæ лары ныхас. Йæ тых мын рафтдзæ н уыцы ран! Уымæ л ахæ стоны йæ низ бадомдзæ н!.. Альпы хæ хты дидинæ г цъымараты уæ лдæ фмæ йæ хуыз куыд аивы, куыд бампылы, афтæ нын уый дæ р уым баруайдзæ н, батайдзæ н: æ нæ хай фæ ци нæ хæ хты хурæ й, æ нæ хай фæ ци нæ фæ зты диссаджы уддзæ фæ й! Æ фсæ н рæ хыстæ й баст мын йæ домбай уæ нгтæ!.. Афтæ мæ й та, йæ уд цы у, уымæ й иудадзыгдæ р кæ д у сæ рибардзинад: бирæ цæ рæ нбон ын нал ис æ нуд ныккæ нды!

Штауффахер. Фæ сабыр у — мауал æ ргæ вд дæ хи! Мах нал бацауæ рддзыстæ м нæ сæ ртыл, цæ мæ й байгом уой ахæ стоны дуæ рттæ.

Гедвигæ. Æ мæ цы бакæ никкат æ нæ уый? Уæ ныфс хастат уымæ й; уый уæ астæ у куы царди, уæ д сæ рылдзурæ г ардта раст адæ ймаг, æ фхæ рд лæ гæ н та уыдис йе ’нцой. Иунæ г йæ хæ дæ г фервæ зын кодтаид уе ’ппæ ты дæ р, фæ лæ сымах ницы фæ разут уымæ н йæ бæ ттæ нтæ сыхалынæ н!

Барон æ рыхъал кæ ны.

Баумгартен. Фезмæ лыди! Æ нцад! Æ нцад!

Аттингаузен (рабады). Никæ цæ йма зыны?

Штауффахер. Чи?

Аттингаузен. Нæ й ам: ныууагъта мæ иунæ гæ й мæ удисæ ны сахат.

Штауффахер. Руденцы кой кæ ны. Арвыстат æ м, цы?

Вальтер Фиурст. Арвыстам. Мауал æ м æ хсайæ д дæ зæ рдæ: нæ хи та баци, цы у, уымæ й.

Аттингаузен. Йæ фыдыбæ сты сæ рылхæ цæ г та сси, зæ гъыс?

Штауффахер. Хуыздæ р нал æ мбæ лы, афтæ!

Аттингаузен. Æ мæ уæ дæ кæ м ис? Арфæ йын ракæ нин; мæ мæ лæ ты сахат æ рхæ ццæ кæ ны.

Штауффахер. Ме ’лдар, мæ лæ тæ н нырма йæ кой дæ р ма кæ н! Цы чысыл ахуыссыдтæ, уый дын фидары хос фæ ци, дæ цæ стæ нгас дæ р сыгъдæ г у!

Аттингаузен. Æ нæ тухæ нæ й цард нæ й; фæ лæ мæ ницыуал риссы, — афтæ уын мæ зынæ взарæ нтæ дæ р æ мæ мæ ныфс дæ р атæ хдзысты. (Лæ ппуйы фенгæ йæ.) Чи у?

Вальтер Фиурст. Мæ чызджы лæ ппу. Арфæ йын ракæ н — сидзæ р у.

Гедвигæ æ мæ йæ фырт сæ зоныгыл æ рлæ ууыдысты рынчыны раз.

Аттингаузен. Сидзæ рæ й уæ уадзын сымах дæ р, сымах, мæ хæ лæ рттæ! Еуу æ мæ сар куыд фæ ци сæ сæ р, гъе! Мæ мæ рдон цæ стæ нгасæ й æ з уынын — мæ фыдæ лты бæ стæ æ гадмæ куыд æ рцæ уы; мæ гуыр мæ бон, — уыйбæ рц фæ цæ ргæ йæ, йæ фыдæ лты кад, йæ фыдæ лты фарн æ мæ ныфс мæ рдтæ м йемæ чи бахæ сдзæ н?

Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Гъау, æ мæ нæ уыцы зæ рдæ низимæ мæ рдтæ м афтæ бацæ уа? Уый нæ уыдзæ н! Фæ стаг хатт ын рухсы тын фенын кæ нæ м! Уæ здангуырд рицæ р, мауал хæ р дæ хи. Ныууадз дæ сагъæ с, дæ маст! Бынтон дзæ гъæ л нæ зайæ м, стæ й уыйбæ рц æ нæ сæ рæ н дæ р не стæ м!

Аттингаузен. Уæ дæ ма уæ сæ рылхæ цæ г, уæ ирвæ зынгæ нæ г чи уыдзæ н?

Вальтер Фиурст. Мах нæ хуыдтæ г. Байхъус-ма нæ м: æ рæ джы æ ртæ кантоны кæ рæ дзийæ н дзырд радтой, цæ мæ й фæ сурой тыхгæ нджыты. Сæ цæ дис ардæ й сфидар кодтой. Нæ фæ нд куы суа, уæ д ногбоны размæ, дæ ингæ н цы зæ ххыл уа, уымæ бархъомыс ничиуал дардзæ н, нæ бæ стæ уыдзæ н сæ рибар.

Аттингаузен. Ноджыдæ р-ма мын æ й радзур! Сæ дзырд иу скодтой, зæ гъыс?

Мельхталь. О, ме ’лдар! Уыцы иу бон сыстдзысты æ ртæ кантоны. Цæ ттæ у хъуыддаг; фæ лæ нырма нæ сусæ г æ ргом нæ кæ нæ м, кæ д æ мæ йæ бирæ адæ м райдыдтой, уæ ддæ р. Дзыллæ йы домджытæ, тирантæ къæ дзæ хы был æ рлæ ууыдысты. Сæ хи хъал цы бартæ й дардтой, уыдонæ н æ рхæ ццæ кæ ны тагъд сæ кæ рон, æ мæ дыууæ боны, сæ фæ д циу, уый дæ р нал зындзæ н, сæ кой дæ р фесæ фдзæ н.

Аттингаузен. Сæ фидар мæ сгуытæ та — сахарты мидæ г?

Мельхталь. Дур сæ дурыл нал баззайдзæ н уыциу æ хсæ в.

Аттингаузен. Фæ нды мидæ г рицæ ртæ дæ р сты?

Мельхталь. Æ ххуыс æ нхъæ лмæ сæ м кæ сæ м, фæ лæ нырма æ рмæ ст фæ ллойгæ нæ г адæ м бахордтой ард иудзинадыл.

Аттингаузен (стыр дисгæ нгæ йæ рабады йæ хуыссæ ны). Æ мæ уæ дæ фæ ллойгæ нæ г адæ м дæ р уыцы сгуыхт хъуыддагыл архайæ г сысты, сæ хи хъæ ппæ рисæ й, æ нæ уæ здæ тты æ ххуысæ й? Куыд?.. Æ мæ уыйбæ рц сæ зæ рдæ дарын байдыдтой сæ хиуыл, уыйбæ рц ныфс сæ взæ рди уыдонæ н сæ хи астæ у? Уæ д сæ мах сæ р нал хъæ уы æ мæ æ з мæ рдтæ м æ нæ сагъæ сæ й разы дæ н...

Ам баззайдзысты адæ м мæ фæ стæ, ног фæ рæ зтæ й се стыр кад чи бафæ раздзæ н хъахъхъæ нын. (Зонгуытыл йæ разы чи лæ ууы, уыцы лæ ппуйы сæ рыл йæ къух æ рæ вæ рдта.) Ацы сæ рæ й, фæ ткъуы кæ уыл лæ ууыди, сæ взæ рдзæ н сымахæ н хуыздæ р сæ рибардзинад! Зæ ронд царды арæ зтытæ æ рызгъæ лдзысты бынтондæ р æ мæ сæ хæ лддзæ гты бынæ й ног æ мæ æ рттиваг дур æ рæ гас уыдзæ н.

Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Куыд æ рттивынц йæ цæ стытæ! Удхæ ссæ г нæ ма зилы, нæ, йæ сæ рмæ, уый ног царды рæ сугъд тын æ рттивы.

Аттингаузен. Мæ нæ рацæ уынц æ лдæ рттæ сæ фидæ рттæ й ард хæ рынмæ сахартæ н; Иухтланд æ мæ сæ Тургау сæ хиуыл банымадтой; мæ нæ Бери систа йæ хъомысджын сæ р, æ мæ сæ рибары дуг хъахъхъæ нын Фрейбург йæ химæ райста; хъæ здыг Циурих йæ адæ мы хæ стмæ срæ вдз кодта æ мæ йæ фидар галуанты раз паддзæ хты тыхтæ фæ цудыдтой. (Йæ ныхас пехуымпары ныхасы хуызæ н куыдфæ стæ мæ курдиатджындæ р кæ ны.) Æ мæ уынын æ з зынæ рвæ ссон паддзæ хты, рицæ рты, сæ уæ лæ — сызгъæ рин гæ рзтæ; уыдон фæ цæ уынц, цæ мæ й схæ цой фыййæ уттимæ. Стыр хæ ст уыдзæ н уыцы хæ ст, æ мæ дзы сгуыхт хъуыддæ гтæ й нæ кæ мттæ скадджын кæ ндзысты нæ райгуырæ н хæ хты. Уым фæ ллойгæ нæ г адæ ймаг, гом риуæ й нывондау йæ хи ныццæ вдзæ н фыдгулы æ рцытыл, кæ рæ й-кæ ронмæ сæ байсдзæ н, йæ буарæ й иу æ нæ хъæ н гæ ппæ л дæ р нал баззайдзæ н, фæ лæ знаджы къона дæ р байхæ лдзæ н æ мæ сæ рибары тырысатæ фæ йлауын байдайдзысты алы ран. (Штауффахер æ мæ Вальтер Фиурсты къухтыл ныххæ цыди.) Мауал фæ хицæ н ут мыггагæ й-мыггагмæ дæ р æ фсымæ ртау, æ рдхорд æ мгæ рттау, уæ рдæ хау стыхсут уæ кæ рæ дзийыл уарзондзинадæ й! Тас заманы, уаритау, тæ хут фæ дисы уæ кæ рæ дзи сæ рыл. Цæ рут æ нгомæ й... æ нгомæ й... æ нгомæ й. (Æ рхауди базыл æ мæ систа йæ уд, фæ ле мæ лгæ -мæ лын дæ р уæ гъд нæ уадзы уыдонæ н сæ къухтæ.)

Фиурст æ мæ йæ м Штауффахер кæ сынц æ гуыппæ гæ й, стæ й айстой сæ хи æ мæ сагъæ стыл фесты. Бароны мардыл æ мбырд кæ нынц йæ кусджытæ, тынг æ нкъардæ й æ вдисынц се ’ппæ тдæ р сæ хи; иуæ й-иутæ дзы сæ зонгуытыл æ рлæ ууынц йæ разы æ мæ сæ цæ ссыг уадзынц йæ къухтыл. Уыцы æ гуыппæ г æ вдысты сахат хъуысы дзæ нгæ рæ джы хъæ р фидары мидæ г.

Руденц (æ рбазгъоргæ йæ). Æ гас ма у, базондзæ н ма мæ?

Вальтер Фиурст (æ нкъардæ й). Амæ й фæ стæ мæ ды — нæ хицау æ мæ нæ хъахъхъæ нæ г: ног номæ й дзурдзысты нырæ й фæ стæ мæ нæ фидармæ.

Руденц (тынг æ рхæ ндæ гæ й кæ сы бароны мардмæ). Уæ, хуыцау! Уæ дæ мæ фæ смонæ н æ гæ р байрæ джы уа? Иу цъусдуг ма уæ ддæ р куы ахастаид, кæ д æ мæ мæ фæ смон федтаид. Мæ хъусы алгъы дæ р нæ уадысты мæ нæ н йæ зондджын уынаффæ тæ! Æ рдумæ дæ р сæ нæ дардтон! Ныр уый — æ нусон бæ сты, æ з та ацы ран баззадтæ н цæ ргæ йæ, мæ хи сраст кæ нын дзы нæ бафæ рæ зтон, афтæ мæ й! Сусæ г мын æ й ма бакæ нут — йæ мæ лæ ты сахат мæ азымы дардта, æ вæ ццæ гæ н?

Штауффахер. Уымæ н дæ р йæ фæ стаг сахат сæ ргом сты хъуыддæ гтæ иууылдæ р æ мæ дæ бузныгæ й бацыди мæ рдтæ м.

Руденц (æ рзоныгыл кодта марды раз). Цытджын æ мæ намысджын мард, уæ, мæ уарзон зынаргъ буар! Дзырд дын дæ ттын ацы ран, дæ уазал къух дын исын: мæ адæ мы сæ рвæ лтау знагыл бахъоды кодтон. Швейцайраг дæ н æ з æ мæ швейцайрагæ й хъуамæ амæ лон. (Сыстади.) Кæ угæ ут уæ хæ ларыл, уæ цæ ссыг калут уарзæ гой фыдыл, фæ лæ уæ бахъуыди лæ джы сæ р; уый мын ныууагъта йæ уд æ мæ йæ зæ рдæ: хорз йæ фарн мæ рдтæ м нæ хæ ссы. Дзырд уын дæ ттын: фæ рнджын зæ ронд уын цы фæ дзæ хста, уымæ й уын кæ стæ р зæ рдæ æ вæ ры, æ ххæ ст кæ нын дæ р æ й бафæ раздзæ н! Дæ къух мæ м ратт, мæ кадджын фыд, ды дæ р мæ м æ ри дæ къух.

Мельхталь. Уæ хи мыл ма атигъ кæ нут, мæ хæ лæ рттæ! Дзырд уын дæ ттын, ард уын хæ рын!

Вальтер Фиурст. Нæ къухтæ йæ м раттæ м: нæ фæ сайдзæ н йæ дзырд.

Мельхталь. Стырсæ р-иу кодтай махыл; уæ д дæ м æ нхъæ лмæ цæ мæ бакæ сæ м, дæ хорзæ хæ й?

Руденц. Лæ ппуйæ цы фæ рæ дыдтæ н, уыдон мын хурмæ мауал хæ ссут, и!

Штауффахер (Мельхтальмæ). «Цæ рут æ нгомæ й», — афтæ нын нæ фæ дзæ хста, нæ, йæ мæ лæ ты сахат? Рох уæ ма кæ нæ д!

Мельхталь. Ай уын мæ къух! Хуымæ тæ джы къух у ацы къух, фæ лæ уый зонут: мæ нæ н дæ р ис дзырд, рицæ рæ н цы дзырд ис, ахæ м дзырд. Æ ниу цы стут, цы, æ нæ мах, цы уаиккат? Рицæ ртæ н сæ кой циу, уый дæ р нæ ма уыди, уæ ддæ р хуымгæ нджытæ зæ хх фæ лдæ хтой сæ гутоны бырынкъæ й.

Руденц. Æ з сæ нымайын æ мæ сын уыдзынæ н сæ сæ рылхæ цæ г мæ карды фындзæ й.

Мельхталь. Æ рдзы рохтыл чи æ рхæ цыди, уæ ззау гутонæ й йын йæ зæ ххы цъар чи фæ уæ лгоммæ кодта, уыцы къух ын йæ риу бахъахъхъæ нын дæ р бафæ раздзæ н.

Руденц. Æ з — сымах, сымах та — мæ н, афтæ мæ й стырдæ р уыдзæ н нæ тых, хуыздæ р хъахъхъæ д æ рцæ удзыстæ м иумæ. Фæ лæ дардыл цæ мæ н дзурæ м: нырма нæ куы домы æ цæ гæ лон тираны æ лдарад! Раздæ р уал знаджы нæ бæ стæ й фæ сурæ м; уый фæ стæ нæ кæ мæ н цы бартæ æ мбæ ла, уый дæ р равзардзыстæ м. (Чысыл фæ стæ дæ р.) Куы ницы дзурут. Мæ нæ н кæ й зæ гъат, ахæ мæ й уæ м ницы ис, æ вæ ццæ гæ н? Æ ви уын аккаг нæ дæ н, цæ мæ й мын раргом кæ нат уæ сусæ гдзинæ дтæ. Уæ дæ тыхы руаджы хъуамæ бацæ уон æ з уæ сусæ г фæ нды. Æ ргом мын сты уæ хъуыддæ гтæ иууылдæ р! Риутлийы ард кæ й бахордтат, уый зонын. Кæ д мын æ й сымах нæ зæ гъат, уæ ддæ р æ й арф бавæ рдтон мæ зæ рдæ йы, æ мæ йæ уым норстæ й дардтон, фыдæ лты хæ зна куыд дарай, афтæ. Ныр уæ бауырнæ д: хæ рам зæ рдæ никуы дардтон нæ фыдæ лты бæ стæ м, мæ нгардæ й дæ р ыл никуы рацыдтæ н. Фæ стиат нал хъæ уы: рæ стæ г сымахмæ нæ кæ сдзæ н... Æ рæ джы кæ й кæ нут, уый тыххæ й нын нал ис Телль дæ р!

Штауффахер. Нæ ардмæ гæ сгæ, цыппурсæ й раздæ р нæ райдайдзыстæ м.

Руденц. Æ з дзы нæ уыдтæ н, дзырд нæ радтон. Сымах нæ райдыдтат — æ з байдайдзынæ н.

Мельхталь. Куыд? Ды дæ р...

Руденц. Æ з дæ р, мæ мад, мæ фыдыстæ н, æ з дæ р! Бæ сты æ фсарм кæ мæ ис, æ з дæ р амæ й фæ стæ мæ уыдонæ й иу дæ н, æ мæ мын хæ с у уæ кой бакæ нын.

Вальтер Фиурст. Уе стырдæ р хæ с уал — раздæ р ацы зынаргъ мард йæ сыджытыл бавæ рын.

Руденц. Бæ стæ куы ссæ рибар кæ нæ м, уæ д ын кады худ сæ вæ рдзыстæ м йæ ингæ ныл, знаджы кæ й басастам, уый нысанæ н. Мæ хæ лар адæ м, стæ й уын æ ргом зæ гъын бафæ разон, и: мæ хæ ст иудадзыг сымах сæ рыл хæ ст нæ уыдзæ н, — сагъæ с дæ р кæ нын! Цы уын æ й æ мбæ хсон — Бертæ никуыуал зыны: ардыгæ й йæ мах сусæ гæ й аскъæ фтæ уыд!

Штауффахер. Тыхгæ нæ джы бон цы нæ у, æ дых цы нæ бары? Фыдызнаджы тыхми бакодта, — уæ здан мыггагæ й чи равзæ рыди, уыцы чызгмæ батасыди йæ къух!

Руденц. Мæ хæ лар адæ м, зæ рдæ уын сæ вæ рдтон æ ххуысæ й, фæ лæ уын уæ хицæ й дæ р æ ххуыс курæ г дæ н. Кæ й ракуырдтон, уыцы чызджы мын ахастой! Хуыцау зоны, кæ м æ й бамбæ хста тыхгæ нæ г! Хъуамæ йæ алы мадзæ лттæ й дæ р йæ хи бакæ на. Курын уæ, фыдбылызæ й йæ бахизæ м. Бауырнæ д уæ, уæ фыдæ бон дзæ гъæ л нæ фæ уыдзæ н. Бертæ бæ лвырдæ й дæ р у ахæ м адæ ймаг, кæ й сæ рыл схæ цат.

Вальтер Фиурст. Æ мæ цы кæ нынмæ хъавыс?

Руденц. Мæ хæ дæ г дæ р æ й нæ ма зонын! Æ нцад нал кæ ны мæ зæ рдæ. Фыр сагъæ сæ й æ рдуйæ нарæ гдæ р кæ ны мæ уд. Уыцы мæ т мын мæ риуы бафтыдта æ рмæ ст иу хъуыды, рухс хъуыды: цыфæ нды уа, уæ ддæ р хъуамæ бацархайæ м, нæ хъаруйæ мацыуал ныууадзæ м фæ сте, цæ мæ й знагæ н йæ фидæ ртты хæ лддзæ гты бынæ й махæ н бантыса Бертæ йы фервæ зын кæ нын... Ныппырх кæ нæ м фидæ рттæ, ссарæ м ахæ стон!

Мельхталь. Цæ угæ нæ разæ й, мах — дæ фæ дыл! Абон цы бафта къухы, уымæ н æ мгъуыд нæ хъæ уы сомбонмæ. Телль сæ рибар уыди, Риутлийы ард куы хордтам, уæ д; уыцы рæ стæ джы афтæ бирæ нæ ма уыдысты ацы æ буалгъ хъуыддæ гтæ. Ног чындзæ н — ног æ гъдау, афтæ алы ног дуг дæ р æ рцæ уы ног æ гъдæ уттимæ; æ мæ усы кæ рдæ н æ ркæ нæ д йæ сæ рыл, ныр дæ р чи зила фæ стиатыл.

Руденц (Штауффахер æ мæ Вальтер Фиурстмæ). Хæ цæ нгæ рзтæ й срæ вдз кæ нут уæ хи æ мæ архайын байдайут! Хæ хтыл тагъд æ ртытæ ссудздзысты: уæ лахизы уацхъуыд уæ м батæ хдзæ н фатау æ мæ, уыцы бæ ллиццаг рухс фенгæ йæ, уаритау уе знæ гтыл уæ хи ныццæ вут, цæ мæ й ныппырх кæ нат тыхдзинады фидар! (Фæ цæ уынц.)






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.