Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Фыццаг æвдыст






Барон Аттингаузены фидар.

Готаг арæ зт зал, хотыхтæ æ мæ дзы згъæ ртæ (йæ къулыл). Барон — 85-аздзыд зæ ронд, бæ рзонд æ мæ хæ рзконд адæ ймаг, йæ уæ лæ — хъарм дарæ стæ, æ нцайы лæ дзæ гыл; лæ дзæ гæ н сычъийы сыкъа — йæ сæ рыл. Куони æ мæ æ хсæ з æ ххуырсты — йæ алыварс; халамæ рзæ нтæ æ мæ сæ м цæ вджытæ. Ульрих фон Руденц æ рбацæ уы рицæ ры дарæ сы.

Руденц. Мæ хистæ р, цы мæ кодтай? Æ з мæ нæ дæ н.

Аттингаузен. Чысыл уал фæ фæ стиат у, фыдæ лты æ гъдау бакæ нæ м: кусджытимæ баназæ м. (Нуазæ нæ й аназы, стæ й йæ дæ тты иннæ тæ м). Мæ дуджы æ з мæ хæ дæ г цыдтæ н быдырмæ — куыстмæ дардтон мæ цæ ст, хæ сты дæ р фæ рсæ й-фæ рстæ м цыдыстæ м æ д тырыса; ныр мæ зæ ронд хæ дзаргæ смæ æ рхаудта, æ мæ мæ м хур куынæ æ рцæ уа йæ хæ дæ г, уæ д сæ фæ дыл хохмæ мæ бон нал бауыдзæ н. Бонæ й-бонмæ мæ царды зиллакк уынгæ гæ й-уынгæ гдæ р кæ ны, мæ къахы айст мæ бар нал у, баззади ма æ рмæ ст мæ аууон æ мæ рæ хджы уый дæ р нал дардзынæ н: баззайдзæ н ма мæ ном.

Куони (Руденцмæ нуазæ н дæ тгæ йæ). Рицæ р, нуазæ н айс (Руденц фæ стиат кæ ны). Саход дзы! Хуыцауы афтæ бафæ ндæ д — нæ нуазæ н дæ р иу куыд уа, нæ зæ рдæ дæ р.

Аттингаузен. Цæ угæ ут, мæ хъæ бултæ, изæ ры куы æ рбаздæ хат, уæ д аныхас кæ ндзыстæ м нæ райгуырæ н бæ стæ йы тыххæ й.

Вассалтæ фæ цæ уынц.

Аттингаузен. Куыд дæ м кæ сын, афтæ мæ й дæ хи сарæ зтай бынтондæ р; Альторфы фидармæ цæ уын дæ зæ рды ис, мыййаг?

Руденц. Хъавын, мæ хистæ р, æ мæ мын бафæ стиатæ н амал нал ис.

Аттингаузен (сбадгæ йæ). Афтæ кæ дæ м тындзыс! Уыйбæ рц æ нæ вдæ лон сдæ, æ мæ дын иу чысыл дæ хистæ ры раз абадынмæ дæ р рæ стæ г нал ис?

Руденц. Мæ нырдыгонау дæ мæ сæ р ницæ мæ н хъæ уы, æ цæ гæ лонæ й уæ лдай нæ дæ н æ з ацы хæ дзары.

Аттингаузен (æ м æ дзынæ г кæ сы иу цъусдуг). Раст зæ гъыс! Дæ фыдæ лты бæ стæ м æ цæ гæ лоны цæ стæ й рагæ й байдыдтай кæ сын! Ульрих! Ульрих! Нал дæ æ мбарын æ ппындæ р. Дæ сæ рæ й дæ къæ хтæ м даритæ й сфæ лыстай дæ хи, мæ лхъхъы систæ фæ йлауынц дæ худыл. Де уæ хсчытыл — сырх-сырхид пæ лæ з; сзынæ рвæ ссон дæ кусджытыл, æ фсæ рмы сын кæ ныс сæ цинтæ й.

Руденц. Цы аккаг сты, уыцы кад сын ратдзынæ н кæ ддæ риддæ р, фæ лæ цы бартæ сæ хи бакæ нынмæ хъавынц, уыдон раттыныл сын æ з никуы сразы уыдзынæ н.

Аттингаузен. Нæ дзыллæ ацы рæ стæ джы сæ мбæ лди паддзахы фыдæ хардыл, адæ мы зæ рдæ тæ катайыл сысты, тираны фыддæ рагæ ндзинæ дтæ æ взаргæ йæ: æ рмæ ст дæ умæ нæ хъары дзыллæ йы зындзинад, æ рмæ ст дæ хи ды атигъ кæ ныс дæ хионтыл: знæ гты æ хсæ н уæ вгæ йæ ды худæ гæ й дæ хи схæ ссыс нæ адæ мы уынгæ гдзинæ дтыл. Дæ куыст скодтай ды, цæ мæ й хайджын уай рог æ хсызгондзинæ дтæ й, цæ мæ й сæ мбæ лай паддзахы хорзæ хыл. Дæ дзыллæ та ацы ран нал сты сæ сæ рæ н хæ рæ джы уаргъ хæ ссынæ й.

Руденц. Нæ фыдæ лты бæ стæ уаргъы бын ис, зæ гъыс? Уæ д кæ й аххосæ й? Чи йæ бафтыдта уыцы бæ ллæ хы? Æ рмæ ст дзы хъуыди иу дзырд зæ гъын, æ мæ зындзинæ дтæ н сæ кой циу, уый дæ р нал уыдаид, паддзах нæ м ракастаид дзæ бæ х цæ стæ й. Фæ лæ додой уыдон къона, адæ мы галиумæ чи сардыдта. æ мæ сæ æ нæ хай чи фæ кодта амондæ й! Аннæ адæ мтæ сæ алфамбылай ард куы хордтой, уæ д нæ бауагътой уыдон хъæ дарæ хджын кантонтæ н Австрийæ н ард бахæ рын. Зиан не скодтой уыдон сæ хицæ н — уæ здæ тты æ мнымад сты ацы ран... Императоры йеддæ мæ никæ й зонынц; æ мæ уый дæ р — æ фсонæ н, цæ мæ й сын ма уа иу хицау дæ р.

Аттингаузен. Уыдон дæ уæ й фехъусыны бæ сты бынтондæ р куы бакъуырма уыдаин.

Руденц. Дæ хæ дæ г ракъахтай, йæ фæ уын та мæ бар у. Уæ д ма æ ркæ с дæ химæ, — цы уагыл æ вæ рд у дæ цард? Мæ нырдыгонау, дæ сæ р сæ рмæ нæ хæ ссыс. Дæ сæ р сæ рмæ куы хæ ссис, уæ д, æ лдар уæ вгæ йæ, аккаг не скæ нис дæ хицæ н ацы ран бадын æ мæ сау адæ мæ н уынаффæ тæ кæ нын. Бирæ хуыздæ р, зынгæ кадджындæ р у цытджын паддзахæ н кусын, уымæ н йæ рæ сугъд галуанты цæ рын, цæ йнæ фæ лтау уынаффæ дæ тты, тæ рхондæ тты сау адæ мы æ мрæ нхъ æ мæ æ мгадæ й бадын.

Аттингаузен. Ульрих, Ульрих! Дзæ гъæ л быдырты дæ фæ хæ ссы дæ зонд: фæ литойы хъæ лæ с дын зары дæ хъусы, йæ марджы тæ дзæ н дæ зæ рдæ йы бацыд.

Руденц. Нæ дын æ й бамбæ хсдзынæ н: маст мын уыди райдайæ ны, кæ й ныл худтысты, стырсæ р ныл кæ й кодтой æ цæ гæ лон бæ стаг хъалтæ, сауæ й уæ здан нæ кæ й хуыдтой, рæ стдзинадæ й ныл куыд æ мбæ лд, афтæ. Маст уыди мæ удæ н, — алы бæ стæ й фæ сивæ д кад агурæ г æ мбырд куыд кодтой Габсбургты тырысатæ м. Æ з та дзæ гъæ л бадт кæ нын нæ къонайы фæ нычы, мæ уалдзæ джы бонтæ æ нæ хъуаджы æ рвитын ницæ йаг куыстыл. Æ ндæ р бæ стæ ты аразынц стыр хъуыддæ гтæ; намысджын дуне — фæ схох; уыцы ран, æ рттивгæ йæ, тындзынц размæ: мæ нæ н та згæ схæ цыд мæ уарт æ мæ ме згъæ рыл. Карды цъыччытæ, æ фсæ ддон уасæ нты хъæ р, хæ рзаив турнирмæ герольд куыд сиды, уыдон æ ппæ т не ’рбайхъуысдзысты нæ фæ зтæ м: æ мæ дзы хъæ угæ дæ р нæ кæ ны: æ з дæ р ацы ран хъусын фыййауы зарæ г æ мæ мырмырæ гты уыцы иухуызон хъæ р.

Аттингаузен. Худын ыл хъæ уы нæ фыдыбæ стыл... Мæ нырдыгонау, саугуырм бадæ: дидиты æ рттывдæ й дæ сæ р разылд, дæ сæ рмæ нал хæ ссыс, æ фсæ рмы кæ нын байдыдтай нæ фыдæ лты сыгъдæ г æ гъдæ уттæ й! Фæ лæ уый зон, — æ рцæ удзæ н афон æ мæ, судзаг цæ ссыг калгæ йæ, дæ хи хъардзынæ нæ райгуырæ н хæ хбæ стæ м; æ мæ ныр дæ зæ рдæ мæ чи нал цæ уы, уыцы фыййауы зарджытæ й дæ уæ н дæ зынæ рвæ ссон уд ныхъхъæ рздзæ н, искæ й бæ стæ йы дæ хъустыл куы æ рцæ уой, уæ д. Мах зæ рдæ ты фидар уидæ гтæ ауагъта уарзондзинад нæ райгуырæ н бæ стæ м! Бамбар, дæ хардз нæ у, дæ хардз, уыцы мæ нгард дуне! Уым, паддзахы æ рттиваг галуанты, æ цæ гæ лоны цæ стæ й кæ сдзынæ дæ химæ: ацы ран нæ хæ хбæ сты цы лæ гдзинæ дтæ й сгуыхтæ, уыдон уым æ рдумæ дæ р нæ дарынц. Фæ лæ сæ м цæ угæ, ныууæ й сын кæ н дæ хи, исбон сæ æ фстау райс æ мæ сын дæ хицæ й скæ н цагъар, кæ д æ мæ дæ нæ фæ нды дæ хи бынтыл цæ рын, кæ д æ мæ дæ нæ фæ нды, цæ мæ й дæ хицæ н уай æ лдар! Ма кæ, Ульрих, махимæ баззай, — ныууадз Альторфы! Зоныс, — бындар мын нæ й, мæ рагон мыггаг сыскъуындзæ н мемæ. Мæ нæ ацы згъæ р, ацы уарт мемæ бахæ сдзынæ н мæ рдтæ м... Гъау, æ мæ уый та куыд бакомдзæ н дæ уæ н дæ зæ рдæ, æ мæ æ з мæ адзалы сахат сагъæ сыл суон: Ульрих æ нхъæ лмæ кæ сы мæ цæ стыты фæ цъындмæ, зæ гъгæ, цæ мæ й мын мæ фыдæ лтæ й цы бынтæ баззад, Хуыцауы руаджы, уыдон райса Австрийæ лæ варæ н.

Руденц. Дзæ гъæ л хуымæ тæ джы лæ ууæ м паддзахы ныхмæ! Хъалондар ын сты æ гас дуне. Нæ алыварс уæ рдæ хау æ рзылдысты, уый йæ хи кæ й бакодта, уыцы зæ ххытæ. Кæ й ма бауырндзæ н, æ мæ мах бон бауа фæ ндаг айгæ рдын паддзахы зæ ххытыл. Йæ къухы сты тæ рхондæ ттæ, базартæ, фæ ндæ гтæ; хъалон исы уый Готарды бæ хрæ гъæ уттæ й. Æ хгæ д, баст стæ м мах уый бæ стæ й. Бахъахъхъæ ндзæ н мах нæ импери, куыннæ!.. Æ мæ йæ хи бахъахъхъæ нын куынæ фæ разы уый Австрийæ! Махæ н хуыцау куынæ баххуыс кæ на, уæ д нын, уырнæ д дæ, император дæ р ницы ахъаз фæ ци. Куыд баууæ ндæ м мах императоры дзырдыл: уыдонæ й алчидæ р æ хцахъуагæ й, æ фсæ ддон хъуыддагæ н цæ мæ й æ хца ссара, уый тыххæ й нæ ауæ рды ницæ уыл: уæ й кæ ны, цъынды æ вæ ры сахартæ, уыцы сахартæ, æ мæ хуыздæ рæ н сæ хи уый къухмæ чи радта, хъахъхъæ ндзæ н нæ, зæ гъгæ. Уæ, мæ хистæ р, ахæ м змæ ст æ мæ тас рæ стæ джы ссарын хъæ уы тыхджын паддзах æ мæ дæ хи уый уазæ г бакæ н. Имперы бартæ цæ уынц къухæ й-къухмæ, иу мыггагæ й аннæ мæ, — раст куыст дзы зæ рдыл нæ дарынц, аргъ ын нæ й, дзæ гъæ лы сæ фы. Фæ лæ фыдæ й-фыртмæ паддзахы бартыл та хæ цы уыцы иу мыггаг. Баздæ хæ м, æ мæ нæ куыст уым скæ нæ м — уæ д фидæ нмæ байтаудзыстæ м мыггаг.

Аттингаузен. Æ взæ р не ’рхъуыды кодтай! Фыдæ лтæ й зондджындæ р схуыдтай ды дæ хи: фæ стиат нæ кодтой уыдон сæ туг акалыныл, сæ рибардзинады тыххæ й. Басгар ма Лиуцерны, — уым дын радзурдзысты, куыд зынхæ ссæ н у, куыд, Австрийы æ лдарад. Хъæ уы сæ ардæ м дæ р; стуртæ æ рнымайдзысты фæ зты, сбардзысты Альпы хæ хтæ, цæ уын нал уадздзысты æ нæ хæ рд саухъæ ды; нæ кулдуæ рттæ м, нæ донуайæ нтæ м нын хъалонисæ нтæ сараздзысты, цæ мæ й сæ хи хъæ здыг кæ ной мах мæ гуырдзинадæ й; уыимæ ма сын нæ туг дæ р калдзыстæ м сæ сæ рыл. Ма кæ н, и, ма кæ н! Кæ д æ мæ дзы нал ис тугæ н æ нæ калгæ, уæ д æ й æ мбæ лы акалын махæ н нæ хи сæ рыл: бирæ асламдæ р нын сыстдзæ н уæ д нæ сæ рибардзинад цагъайраджы дугæ й.

Руденц. Æ мæ уæ д цы бакæ нинаг сты мах хуызæ н фосгæ с адæ м Альбрехты тыхимæ?

Аттингаузен. Мæ саби! Уыцы фосгæ стæ цы хъаруты хицау сты, уый уал базон, стæ й сæ исты дæ р уæ д зæ гъ! Æ з сæ хорз зонын: семæ хæ сты къорд хатты уыдтæ н, Фаэнцы бын куы схæ цыдысты, уæ д, стæ й фендзынæ, куыд хæ сдзыстæ м мах уыцы æ фсондз! Дæ цæ сты уыйбæ рц æ гад ма уæ нт дæ уæ н дæ мыггаг, дæ хи дзыллæ — аргъ сын кæ н. Дæ сæ ры бæ рзонд кад, æ цæ г кад ма ив, ма, дидиты ницæ йаг æ рттивæ нтыл, — рох дæ ма кæ нæ д, сæ сæ р кæ й дæ сæ рибар адæ мæ н; уыдон дыл куы æ ууæ ндой, куы дæ уарзой, уæ д уый зон, æ мæ дæ фæ дыл бацæ удзысты мæ лæ тмæ дæ р. Уымæ й та хъуамæ дæ сæ р бæ рзæ ндты хæ ссай. Искуы кæ д æ мæ æ цæ г кад ис, уæ д дын гъе уый æ цæ г кад! Дæ хæ стæ г, де ’ввахсæ й æ нæ хай ма кæ н дæ хи, саг йæ родæ й куыд лидза, уый лыгъд ма фæ кæ н дæ уарзон фыдыбæ стæ й; баныхас ыл дæ хи дæ зæ рдæ йæ, дæ удæ й! Уый зон æ мæ дæ хъаруйы фидар уидæ гтæ н сæ равзæ рæ н у дæ райгуырæ н бæ стæ. Уыцы ран та, æ цæ гæ лон бæ сты, уыдзынæ бынтон иунæ г, æ мæ дæ лыстæ г тихалæ гау тымыгъ ассæ нддзæ н. Уæ, ма кæ, и — раздæ х дæ хионтæ м! Арвит ма дæ бонтæ й иу бон дæ уарзæ ттимæ, æ ппынфæ стаг, абон уæ ддæ р ма араст у Альторфмæ! Хъусыс? Æ рмæ ст абон, æ рмæ ст ацы бон ма уæ ддæ р баззай махимæ! (Исы йын йæ къух.)

Руденц. Дзырд радтон... ма мæ уром... мæ дзырдæ н мын нæ й фæ сайæ н.

Аттингаузен (ын суагъта йæ къух). Дзырд радтай? Куыд æ намонд фæ дæ! Æ фсон ссардтай, хорз æ фсон! Фæ лæ дæ цы сбаста, уый дæ р мæ сусæ г нæ у: дæ у сбаста æ фсæ н рæ хыстæ й уарзондзинад.

Руденц йæ хи фездæ хта иннæ рдæ м.

Бамбæ хс дæ цæ сгом. Мæ нæ н зонын æ нхъæ л нæ дæ, фæ лæ дæ у сбаста фон Брунекы чызг Бертæ. Уый дæ ласы, уый, паддзахы куыстмæ дæ р. Дæ райгуырæ н бæ стæ уæ й кæ ныс ды уыцы чызгыл. Сæ рра дæ кодта. Сæ хирдыгæ й цæ мæ й фæ уай, ууыл дыл сфæ нд кодтой сæ чызджы руаджы; фæ лæ ды зон: чызг кæ й уыдзæ н, уый бæ рæ г нæ у.

Руденц. Дзæ вгар дæ м фæ хъуыстон. Хæ рзбон! (Фæ цæ уы.)

Аттингаузен. Фæ лæ уу-ма, æ нæ зонд, фæ лæ уу! Афардæ г! Йæ бауромынæ н, йæ фервæ зынæ н ницы баци мæ нæ н мæ бон. Æ рмæ ст Вольфеншиссены куыст бакодта: уый дæ р нæ афтæ ныууагъта. Аннæ тæ н дæ р сæ рæ вæ рæ н фæ уыдзæ н: уыдон дæ р барджынæ й ласдзæ н хъалдзинад йæ химæ, фæ схох æ цæ гæ лон бæ стæ м. Уæ, дæ лæ мæ ныххауа уыцы сахат, ацы арфæ йаг фæ зтæ м нæ цард, нæ раст мæ гуыр цард халынмæ æ ппæ ты разæ й куы æ рбацыдысты æ цæ гæ лæ ттæ! Ног хъуыддагæ й, ног æ гъдауæ й нæ м цыдæ риддæ р фæ зынд, уыдон нæ м тыхджынæ й-тыхджындæ р байдыдтой, фыдæ лтæ й нын кадджинагæ н цы баззад, уыдон та ивгъуыйынц æ нæ вгъау: рæ стæ г дæ р, хъуыдытæ дæ р æ мæ алцы дæ р! Мæ цард та ма циу? Мæ карæ нтæ й иу дæ р уæ лæ уыл нал баззад. Мæ дуджы мын æ рæ мбæ рзта зæ хх. Цæ й амондджын у уыцы адæ ймаг, ног фæ лтæ римæ йæ цард кæ мæ н не ’рцыди! (Фæ цæ уы.)






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.