Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Хъариан, кæнæ Æртæ фæлтæры сусæгдзинад






Æ цæ г хабар

Мæ фыдымад уыд Хъаратæ й æ мæ йæ иууылдæ р хуыдтой Хъариаи. Æ з æ м йæ ном Сæ найæ сдзургæ никуы никæ й фехъуыстон. Мах дæ р æ й, йæ цоты цот, хуыдтам Хъариан.

Æ вæ ццæ гæ н, йæ ном йæ хицæ й дæ р ферох. Фæ цард фондзыссæ дз азæ й фылдæ р. Æ з ын йæ ном базыдтон æ рæ джиау — йæ амæ лæ тæ й бирæ фæ стæ дæ р. Азтæ — æ гъатыр уæ ззау, ницы сын быхсы, æ ндон дæ р æ ртасын кæ нынц, дур дæ р сæ тайы. Кæ ддæ ры бæ рзонд, рæ хснæ г, æ лвæ ст хъæ ддых сылгоймаг фæ гуыбыр, цыд лæ дзæ джы æ нцæ йтты. Бахус. Баруад. Фæ лæ йæ цæ стыты рухс, йæ цæ стыты æ рттывд, цалынмæ сæ æ нустæ м æ рæ хгæ дта, уæ дмæ нæ ахуыссыдысты. Йæ фæ стаг боны онг цыдæ р цæ рдхуыз уыдысты, цыдæ р æ нахуыр æ рттывдрухс сæ калд. Уæ вгæ, цалынмæ ма хуыйын, сынк кæ нынмæ арæ хсти, уæ дмæ, йæ судзины бын ын исчи æ ндах аласа, уый сæ р æ й никæ д бахъуыд. Базæ ронд, æ руатон, уæ ддæ р ма дзы нæ бинонтæ стъæ лфыдысты, йæ алы ныхас дæ р нын уыд бардзырды хуызæ н. Йæ рæ стæ джы уый уыд, дурæ й дон рауадздзæ н, лæ джыхъæ дджын сылгоймаг у, зæ гъгæ, кæ мæ й фæ зæ гъынц, ахæ м.

Мæ фыдыфыды ’фсымæ ртæ уыдысты æ ртæ. Æ ртæ гуыппырсар лæ ппулæ джы. Хъариан — файнустыты хистæ р, фондз сывæ ллоны мад. Иннæ файнустытæ й иуæ н — æ ртæ, иннæ мæ н — дыууæ сывæ ллоны. Сабитæ й чи — дзидзидай, чи хъæ бысыхæ сгæ, чи фыццаг къахдзæ фтæ кодта. Уыцы рæ стæ г Ирыстоны сыстад æ оуалгъ низ — тиф. Зарæ г æ мæ фæ ндыры цагъд нал хъуыст, фæ лæ кæ уын, хъарæ г, сылгоймæ гты марой. Адæ м цагъды кодтой. Тиф сæ иувæ рсты нæ ацыд мæ фыды фыдæ лтæ н дæ р: æ ртæ ’фсымæ ры кæ рæ дзийы фæ стæ амардысты. Æ ртæ æ рыгон сылгоймаджы сидзæ ргæ стæ й баззадысты. Хъариан — файнустыты хистæ р, æ мæ стыр хæ дзары бинонтæ н уынаффæ кæ нын уымæ æ рхауд. Стæ й уыцы бар, æ вæ ццæ гæ н, дæ тгæ дæ р никæ мæ н ракодтаид.

Рæ стæ г — суйтæ, куырмæ лхынцъытæ. Адæ м æ ддæ г-мидæ г ауадысты, раст æ мæ зылын кæ рæ дзийæ раиртасæ н нал уыд. Адæ м кæ рæ дзиуыл нал ауæ рстой. Къæ рныхтæ æ мæ абырджытæ балбирæ гътау лæ бурдтой, æ фсарм нал зыдтой. Хъарианыл хуыссæ г нал хæ цыд: æ ртæ кусæ г æ фсымæ рæ н баззад æ ртæ бæ хы. Уæ дæ сæ м стуртæ дæ р куыд нæ уыд, фыстæ... Куы ничи сын сæ адавид. Æ мæ уæ д йæ дæ лдæ р-уæ лдæ р сидзæ ртæ цы фæ уыдзысты? Куыд цæ рдзысты? Давæ г тæ ригъæ д нæ зоны, куы сфæ нд кæ на, уæ д ын бауромæ н нæ й. Нæ! Хъариан йе ’нахъом сабиты æ нæ урсаг нæ ныууадздзæ н. Сæ бæ хтæ — сæ хæ дзардарæ г, æ мæ уыдон абырджыты хай фæ уой, уый нæ бауадздзæ н. Æ ртæ ’фсымæ ры сæ фæ стæ цы сидзæ ртæ ныууагътой, уыдон уымæ кæ сынц. Æ мæ скарста: æ хсæ в хуысдзæ н скъæ ты, йæ бæ хты, йæ фосы цур, йæ хицæ н хуыссæ г нæ садджын кæ ндзæ н, йæ цæ стытæ не ’рæ хгæ ндзæ н, сæ джидæ фæ рæ т — йæ хæ цæ нгарз, æ дзухдæ р уыдзæ н йæ фарсмæ.

Скъæ т скъæ т у. Цас хъарм уыдзæ н зымæ гон æ хсæ в? Хъариан алы дзаумæ тты, алы пысулты йæ хи бæ ргæ стыхтытæ кæ ны, фæ лæ уæ ддæ р уазал буары хизы. Кæ д та æ рбарухс уыдзæ н? Ох, зымæ гон æ хсæ в, куыд даргъ дæ, кæ рон дын куыднæ уал вæ ййы... Цæ мæ й æ гæ р ма уазал кæ най, уый тыххæ й рацу-бацу кæ н, змæ л. Æ рмæ ст дæ хайуантæ й, дæ фосæ й макæ й бахъыгдар: хъавгæ дæ къах айс, дæ къахфындзтæ æ мæ дæ къухтæ й дæ развæ ндаг сгар, агур. Æ гæ р уазал кæ ныс, уæ д хъугыл банцой кæ н, дæ хи йæ м нылвас, цыма йын хъæ быс кæ ныс. Дыууæ стуры хуыссынц, уæ д се ’хсæ н дæ хи æ руадз, сæ хъармæ й ды дæ р фæ хайджын уыдзынæ.

Саудалынг. Цæ сты къух фæ тъыссæ н нæ й, фæ лæ Хъариан уæ ддæ р сæ бæ хтæ, сæ фосæ й алкæ йы дæ р зоны: цыма сæ м хуры рухсмæ кæ сы, афтæ сæ уыны. Зоны сæ сæ улæ фт, сæ фезмæ лд, сæ уæ нгты æ вæ рдæ й, сæ базмæ лдæ й. Мæ нæ уый сæ зæ ронд хъуг у. Йу æ хсæ в никуыма баззад, сабыр, уæ здан, цыбырсыкъа, асæ й стыр нæ у, фæ лæ æ хсырджын, æ мбаргæ. Мæ нæ уый Зыгъар у, сæ бæ х, талынджы йæ ныхыл йæ урс зыгъар зæ рдæ йы хуызæ н нæ зыны, фæ лæ йæ Хъариан уыны. Йæ бæ рцытæ иннæ дыууæ бæ хы бæ рцытæ й — даргъдæ р, уыцы лæ гъз, цыма сæ рвасæ нæ й фаст сты, фырсауæ й сойæ сæ рсты хуызæ н, хурмæ цæ хæ р фæ калынц. Æ мæ хъуамæ Зыгъар æ мæ иннæ дыууæ стуры кæ йдæ р амæ ддаг фæ уой? Уымæ н та йæ бинонтæ ихы сæ р аззайой?.. Нæ æ! Æ мæ ма иу хатт дæ р — нæ! Ног цард, зæ гъгæ, адæ м сбирæ гътæ сты, кæ рæ дзимæ лæ бурынц. Адæ м ма искæ д кæ рæ дзийы бамбардзысты? Искæ д ма адæ м фæ стæ мæ адæ мы хуызæ н суыдзысты? Æ мæ Хъарианæ н йæ хицæ н цы у? Фæ лæ сывæ ллæ ттæ, сывæ ллæ ттæ... Ног цард истыхуызы бындуронæ й куы ’рфидар уаид. Æ мтъеры, змæ ст рæ стæ г... Кæ д фæ уыдзæ н?

Дуне — æ дзæ м сабыр. Нæ, нæ у æ дзæ м сабыр: сæ гал сынæ р цæ гъды. Гал у, уый йæ йæ уынæ рæ й зоны. Ехх, кæ д та æ рбабон уыдзæ н? Æ мæ йæ файнустытæ дæ р фæ зæ гъынц: мах дæ раивæ м, радæ й хъахъхъæ нæ м, фæ лæ — нæ... уыдон æ рыгондæ р сты, æ мæ сыл не ’ууæ нды: хуыссæ г сыл куы фæ уæ лахиз уа.

Хъарианæ н йæ хистæ р лæ ппу Æ мзор — цалдæ р хатты афæ нд кодта: «Ахсæ в æ з цæ уын нæ фос хъахъхъæ нынмæ, — фæ лæ йæ мад дзурын дæ р не суадзы. Ныр ма йыл цы цæ уы? Æ ртындæ с ’азы, æ мæ мын йæ хицæ й лæ г аразы. Давджытæ хатыр нæ зонынц, æ мæ йæ хистæ р хъæ булыл исты фыдбылыз куы ’рцæ уа, уæ д æ й йæ хицæ н никæ д ныббардзæ н, фæ лтау æ й ацы дунейыл ницы хъæ уы.

Хъариан кæ вдæ смæ бахызт. Уазал. Хосы муртæ, цыдæ р бызгъуыртæ й йæ хи æ рæ мбæ рзта æ мæ æ дзæ мæ й бады. Хуыссæ г... сихорыл иу сахат афынæ й кæ ндзæ н. Ныр... ныр та сæ бур хъуг цæ гъды сынæ р.

Уый... Хъариан нал улæ фы. Цыдæ р уынæ р... фосы уынæ р нæ у. Давæ г, уый давæ г у. Сылгоймаджы хъуыры уæ лдæ ф акъуыбар. Цыдæ р гыбар-гыбур... йæ зæ рдæ... йæ зæ рдæ риу хойы, æ ддæ мæ тоны, йæ хъæ рæ й йын ницыуал хъусы. Æ нхъæ лдæ н, æ нхъæ лмæ цы æ хсæ вмæ каст, уыцы æ хсæ в у. Сæ куыдз Къуыбырхъус кæ м и? Цæ уыннæ рæ йы? Æ хсæ вдзу давæ гыл йæ хи цæ уыннæ æ ппары? Йæ хъæ лæ сы йæ цæ уыннæ ахæ ссы? Скъæ ты дуар мидæ гæ й æ вдузæ нæ й æ хгæ д æ мæ йæ чидæ р гом кæ ны. О, о, чидæ р æ й гом кæ ны. Æ мæ, дæ къух æ дде мидæ мæ æ рбакæ н æ мæ йæ байгом кæ н, уый чи зоны? Хъариан æ й йæ хæ дæ г тыххæ й куы бакæ ны, йæ хæ дæ г æ м тыххæ й куы сарæ хсы. Уый... Уый зонгæ чидæ р у. Æ нæ мæ нг. Æ мæ куыд? Йæ хъæ лæ с араугæ куыд ацæ уа, афтæ ныцъцъæ хахст, ныхъхъæ р кæ на... Нæ! Хъариан йæ мадæ н чызгæ н нæ райгуырд, уый афтæ мæ й куы ауадза. Скъæ ты дуар æ рбазыхъхъыр, æ нæ уынæ рæ й æ рбайгом æ мæ дыдзы рухс мидæ мæ æ рбайвæ зт. Сылгоймаг æ нæ уынæ рæ й, цыма аууон у, афтæ фæ цæ уы. Нæ! Фæ хъуызы. Гæ ды мыстмæ куыд фæ хъуызы, афтæ. Йæ джидæ фæ рæ т... Æ рбайрох дзы. Æ мæ байрох уæ д, фæ стæ мæ йæ м нал разилдзæ н. Рæ стæ г...

Скъæ ты дуар тынгдæ р æ рбайгом æ мæ дзы аууоны хуызæ н нæ лгоймаджы æ ндæ рг фæ зынд. Зонгæ уыдзæ н. Æ мæ иунæ г у æ ви цалдæ р сты. Мин дæ р уæ нт. Хъариан сæ ницæ мæ й тæ рсы. Бæ хтæ м... бæ хтæ м у йæ хъавд. Кæ д иунæ г у, уæ д Зыгъармæ æ рбацыд. Сыхы, хъæ уы нæ лгоймæ гтæ й йæ м бирæ чидæ ртæ хæ лæ г кæ нынц, сæ цæ стытæ дзы нал фæ исынц. Нæ! Хъариан сæ бæ хы давын нæ бауадздзæ н, ноджы уый йæ цардæ мбалы бæ х у æ мæ... фæ лтау мæ лæ т ссардзæ н. Йæ цардæ мбал нал и, фæ лæ йæ бæ х...

Æ рыгон, тæ нтъихæ г сылгоймаг бæ хмæ бахæ стæ г, цыма аууон у. Давæ г ын йæ зæ рдæ йы цæ лхъ-цæ лхъ æ мæ йæ тыхулæ фтæ й ма фæ тæ рсæ д, æ ндæ р... нæ йæ ауадздзæ н. Зыгъары... Зыгъары давы. Нæ! Цъаммар, нæ дын бантысдзæ н! Бахъуыд æ й... сæ хуыздæ р бæ х æ й бахъуыд. Давæ г — аууон бæ хмæ къахдзæ фы онг бахæ стæ г, ныртæ ккæ йын йæ бæ ттæ н кæ вдæ сæ й сыхалдзæ н æ мæ...

— О, цъаммар! — сылгоймаджы хъæ лæ с араугæ ацыд, æ нхъæ лдæ н, скъæ ты хъæ мпын сæ р йæ уæ лæ систа æ мæ æ ддæ мæ аивылд. Иу къухæ й бæ хы æ хсæ вбæ ттæ н ацахста, иннæ мæ й давæ джы æ фцæ ггот, æ мæ йыл ныххæ цыд, ныффидар ыл, цыма йæ аркъауæ й нылхъывта. Йæ тых-йæ бонæ й йæ ныууыгъта. Æ мæ йæ м уыйбæ рц тых æ мæ ныфс кæ цæ й февзæ рд? Бæ хы дæ р æ мæ давæ джы дæ р нæ ауадздзæ н. Давæ г, цыдæ р уысм, цыма цырт у, афтæ æ дзæ мæ й аззад, æ вæ ццæ гæ н, ахæ м фембæ лдмæ æ нхъæ лмæ нæ каст, стæ й, æ вæ ццæ гæ н, йæ хи фембæ рста æ мæ сылгоймаджы къухтæ й йæ хи тоны, йæ хи æ ддæ мæ æ ппары, йæ сау, цъаммар цæ сгом æ мбæ хсы. Мæ йæ æ мбæ хс, уæ ддæ р дæ Хъариан базондзæ н, афтæ мæ й дæ нæ ауадздзæ н. Йæ къухтæ йыл афтæ нындæ гъдысты, афтæ фидар ыл хæ цынц, æ мæ йæ дæ с лæ джы дæ р нæ атондзысты. Цъаммар. Йе ’взаг аныхъуырдта æ мæ дзы иу ныхас нæ хауы. Йæ хи тоны, хъуырдухæ н кæ нынц. Нæ йæ ауадздзæ н, ницы хуызы, фæ лтау амæ лæ д. Хъуырдухæ нгæ нгæ скъæ ты дуары къæ сæ рмæ рахæ ццæ сты. Нæ, Хъариан æ й не суадздзæ н. Мит æ мæ мæ йы рухсмæ давæ джы цæ сгом фæ зынд. Æ мæ... О, дунескæ нæ г Хуыцау, уый цы хабар у! Адæ м бынтондæ р бирæ гътæ фестадысты, табуйаг сын зæ ххыл æ ппын куы ницыуал ис. Цавæ р рæ стæ джы цæ рæ м? Давæ г... сæ сыхаг, сæ хæ рз сыхаг лæ ппу. О, мæ бон куыд бакалд!

— Худинаг дын нæ у, Хадзыбечыр?! — сылгоймаджы хъæ лæ с ризы, йæ аркъау-къухтæ лæ ппуйæ феуæ гъд сты æ мæ йæ уæ рджытыл æ рхаудтой, йæ уæ рджытæ ныххоста. — Охх, куыд ма цардæ уа!

Хадзыбечыр... Хъарианы хистæ р лæ ппу Æ мзорæ й æ ртæ -цыппар азы хистæ р, йæ хи лæ ппуты хуызæ н æ й уарзта, йæ хъарм цæ хджын хæ ринаг дзы никæ д бамбæ хста, æ дзухдæ р сæ м цыд уыцы хионхуызæ й. Æ мæ дын уый та — гъа...

— Ды... цу, фесæ ф!

Лæ ппу йæ хи иуварс аппæ рста. Зымæ гон уазал æ хсæ в æ й аныхъуырдта, фæ тары.

Къуыбырхъус сылгоймагмæ хæ стæ г æ рбацыд, йæ хи йыл ахафта, цыма, давæ гыл кæ й нæ рæ йдта, скъæ тмæ йæ кæ й бауагъта, уый тыххæ й дзы хатыр куырдта. Æ мæ... уый дæ р сыхæ гтыл æ ууæ нды æ мæ... Цы аххосджын у, æ ндæ р æ й Хъариан лæ дзæ гдзагъд фæ кæ нид.

— О мæ бон, цы рæ стæ г скодта, цы! — ныууынæ ргъыдта сылгоймаг, йæ армытъæ пæ нтæ й йæ цæ сгом амбæ рзта: скæ уынмæ йæ бирæ нал хъæ уы. Дæ хъæ лæ сыдзаг ныббогъ кæ н, фæ лæ не скæ удзæ н: йæ бинонтæ йæ куы фехъусой... Уыдон хъуамæ æ ппындæ р мацы зоной. Бонивайæ нтыл сæ м давæ г æ рбацыд, æ мæ чи? Сæ хæ рз сыхаг — Хадзыбечыр. Нæ! Ничи сæ м æ рбацыд.

Хъарианы уæ нгты цыдæ р æ нахуыр уазал риз ацыд, йæ буар ныддыз-дыз кодта. Æ дзæ мæ й лæ ууы, цыма уадзыг баци. Хадзыбечыр... сæ сыхаг — давæ г. Никæ мæ н æ й зæ гъдзæ н, йæ дзыхæ й никæ д схаудзæ н. Йæ цот, йæ фæ йнусты цот — сæ тæ ккæ рæ зыныл, сæ тæ ккæ æ ррайыл, æ мæ уыцы æ взæ римæ се ’хсæ н исты куы ’рцæ уа. Хуыцау бахизæ д. Уыдонæ н сæ цард нырма разæ й и æ мæ... Нæ -æ... Никæ д æ й зæ гъдзæ н. Никæ мæ н æ й зæ гъдзæ н.

***

Æ мæ уыцы сусæ гдзинад бирæ азты дойнагдурау йæ риуы фæ хаста. Куыд нæ йыл уæ з кодта, йæ риу ын куыд нæ сыгъта, уæ ддæ р æ й йæ дзыхæ й никуы суагъта.

Æ руатон, кæ ддæ ры арты хуызæ н, лæ джыхъæ дджын, бинонтæ дарæ г, бинонтæ хæ ссæ г сылгоймаг уадзыгæ й хуыссыд, сынтæ г æ й йæ химæ нылвæ ста. Йæ хъæ лæ с къæ зыд, дзырдта ма тыххæ й. Бамбæ рста: йæ царды фæ стаг бонтæ æ рхæ ццæ сты, æ мæ мæ фыд Æ мзормæ фæ дзырдта. Уаты чи уыд, рынчынфæ рсджытæ, уыдонæ н йæ къухы змæ лдæ й ацамыдта: ацæ ут уал, мæ фыртимæ мæ иу чысыл рæ стæ г хицæ нæ й бауадзут.

...Уат — æ дзæ м сабыр. Æ рмæ ст хъуысы зæ ронд усы риуы хæ р-хæ р, йæ тыхулæ фт, йæ дзыхæ й уæ лдæ ф ахсы. Хæ рдмæ, цармæ джихæ й кæ сы, йæ цæ стытæ дзагъыр — нæ сæ ныкъулы, æ мæ фырт фæ тарст:

— Хъариан, — йæ мæ ллæ г, стæ гдар къухтæ йын йæ армытъæ пæ ны æ хсæ н бакодта, цыма сын уазал у. Æ мæ, æ цæ гдæ р, цы уазал сты. Мад æ дзæ м, джихæ й цармæ кæ сы. Æ мзоры ’рдæ м йæ сæ р разылдта, йæ цæ стытæ йыл æ рæ вæ рдта, йæ химидæ г базмæ лыд, тыхстызмæ лд. Цыдæ р æ нахуыр мидхъуырдухæ н кæ ны.

Бирæ азты фæ стæ, ныр, мæ фæ ззæ г нæ, фæ лæ мæ зымæ джы къæ сæ рыл куы лæ ууын, мæ сæ ры иу сау хал куынæ уал и, уæ д бамбæ рстон: мæ фыдымад лæ ууыд цардæ й мæ лæ ты арæ ныл æ мæ артæ й доны æ хсæ н бахауд. Цы кæ на? Кæ ддæ р сын сæ сыхаг Хадзыбечыр сæ бæ х куыд давдта, уый зæ гъа æ ви нæ? Уыцы сусæ гдзинад мæ рдтæ м йемæ ахæ сса æ ви йæ схъæ р кæ на? Йæ фырт... йæ фырт ныр гъæ йтт-мардзæ лæ г у, сонт, æ нæ рхъуыды ми нæ бакæ ндзæ н, æ нæ ууылд ныхас дзы нæ сирвæ здзæ н. Уадз... уадз зонæ д æ цæ гдзинад. Æ рмæ ст йæ дзыхæ й макæ д схауæ д. Æ мзорæ н дæ р, Хадзыбечырæ н дæ р — цот, цоты цот, къабæ зтæ, æ мæ цард хъахъхъæ нын хъæ уы.

Æ мæ Хъариан, йæ хъæ лæ с къæ зыд, уæ лдæ ф-иу йæ хъуыры акъуыбар, йæ ныхас æ рдæ гыл скъуыд, афтæ мæ й радзырдта, кæ ддæ р сын сæ сыхаг сæ бæ х куыд давта, уый. Æ мзор æ дзæ мæ йбадт, уыды хабар ын уыд арвæ й дур æ рхауæ гау: уый та куыд? Йæ хорз, йæ иузæ рдион сыхаг кæ й æ нхъæ ддта, уый... Фæ лæ дзы иу ныхас не схауд. Йæ мад — мæ лыны къахыл, æ мæ йын уый йæ зæ рдæ йæ н — дыккаг рæ хуыст.

Цалдæ р сахаты фæ стæ Хъариан йæ цæ стытæ бахгæ дта.

***

Мæ фыд Æ мзор æ руæ ззад, æ руатон. Кæ ддæ р, дæ ргъæ йдæ ргъмæ хъайваны иу кæ рон-иу чи æ рхæ цыд æ мæ -иу æ й æ нцонæ й иуварс чи байста, нæ! — баппæ рста; бæ хты бричкæ йы къорыпп, нартхорæ й йедзаг æ мæ, цæ мæ й бæ хтæ æ нцонæ й разилой, уый тыххæ й-иу бричкæ йыл æ д къорыпп фæ сте чи схæ цыд æ мæ -иу æ й цалдæ р метры иуварс чи бахаста, уыцы домбай, хъаруджын лæ гæ н йæ лулæ райсын дæ р стыр зын сси. Æ рхæ ццæ сты мæ куыстдзагъд фыдæ н йæ фæ стаг бонтæ, æ мæ скарста: кæ ддæ р йæ мад Хъариан дойнагдурау йæ риуы цы сусæ гдзинад фæ хаста æ мæ кæ ддæ р ууыл кæ й баууæ ндыд, уый йе ’нусон дунемæ йемæ нæ ахæ сдзæ н: уадз йæ цотæ й йæ чидæ р зонæ д. Æ мæ мæ м фæ дзырдта. Уаты иунæ гæ й куы баззадыстæ м, уæ д мын радзырдта ацы хабар. Æ нахуыр хабар. Йæ мад æ мæ йæ хи сусæ гдзинад.

***

Мæ фыд ацы дунейæ ацыд 1987 азы. Уæ дæ й фæ стæ мæ æ з дæ р уыцы сусæ гдзинад хæ ссын мемæ, мемæ æ мдзу кæ ны. Æ ртæ фæ лтæ ры сусæ гдзинад. Чи зоны, исчи зæ гъа: «Æ мæ уым диссагæ й цы ис? Адæ м кæ рæ дзийы куы марынц, адæ ймаджы мард бындзы мардæ й уæ лдай куынæ уал у, æ фсымæ р æ фсымæ рмæ топпы кæ сæ нæ й кæ сын куы райдыдта...».

Æ мæ раст сты. Чи зоны, уадиссагæ й дзы ницы ис. Фæ лæ уый — æ ддаг бакастæ й, æ нæ бæ лвырд ахъуыды кæ нгæ йæ, æ нæ райсомыл асагъæ с кæ нгæ йæ. Ныхас сырддонцъиу нæ у, суагътай йæ — спæ р-пæ р кодта æ мæ атахт. Нæ, афтар нæ у. Ныхас топпы нæ мыг у, фæ стæ мæ раздахæ н ын нал и. Ныхас хъамайы рæ хуыст у. Абон нæ, фæ лæ райсом цы расайд, зæ н, уый дæ р — хъуыдыйаг.

Æ з дæ р Хадзыбечыры хорз зыдтон. Æ нусон ницы ис, нал сты нæ хистæ ртæ, азтæ дугъон бæ хау тæ хынц. Хадзыбечыр раджы амард, амард йæ бинойнаг дæ р. Нæ сыхæ гтæ, æ мæ, ай-гъайдæ р, сæ зианты сæ мбæ лдтæ н. Сæ црт — æ ртæ лæ пггуйы æ мæ дыууæ чызджы, Дыууæ йæ дзы — иу лæ ппу æ мæ иу чызг — ацы дунейæ ацыдысты. Иннæ тимæ, уæ лдайдæ р дыууæ лæ ппуимæ — мæ нæ й хистæ р сты — арæ х сæ мбæ лæ м. Цæ рæ м горæ ты. Æ мæ нæ куы циндзинад иу кæ ны, куы — зындзинад. Уæ дæ, нæ райгуырæ н хъæ уы исты хъуыддаг куы вæ ййы, уæ д уырдæ м дæ р æ нæ цæ угæ куыд уыдзыстæ м. Мæ бон сæ æ взæ р зæ гъын ницы у: уæ здан, æ фсармджын, æ гъдаудæ ттæ г лæ ппутæ. Кæ рæ дзиуыл бацин кæ нæ м, уавæ р куыд фæ амоны, афтæ аныхас кæ нæ м. Фæ лæ, диссаг. Адæ ймаг... адæ ймаг æ нахуыр диссаг у: цæ мæ ндæ р мæ зæ рдыл æ рбалæ ууы, сæ фыд Хадзыбечыр нын кæ ддæ р нæ бæ хы куыд давта, уый. Цæ мæ н, цæ мæ н æ рбалæ ууы, цымæ, мæ зæ рдыл? Уæ дæ й нырмæ цæ йбæ рц рæ стæ джытæ рацыд, уæ ддæ р. Никуы никæ мæ н æ й загътон, фæ лæ йæ ныр ныффыстон. Æ рмæ ст нæ кæ ддæ ры сыхагæ н йæ ном аивтон. Уадз æ ртæ фæ лтæ ры сусæ гдзинад сусæ гдзинадæ й баззайæ д. Æ ви — нæ, ныр сусæ гдзинад нал у.

2009 аз, июнь — июль

Мæ фыды цæ стытæ

Æ цæ г хабар

Нæ бинонтæ й, мæ зæ рдæ мæ хæ стæ г адæ мæ й ацы дунейæ чи ацыд, уыдоныл цас фылдæ р рæ стæ г цæ уы, афтæ мæ дарддæ р нæ кæ нынц, фæ лæ... хæ стæ гдæ р. Æ рмæ ст мæ м уыдон нæ хæ стæ гдæ р кæ нынц, фæ лæ æ з... Не ’хсæ н цы рæ стæ г и, уый иу бонæ й иннæ бонмæ цыбырæ й-цыбырдæ р кæ ны, фæ ндаг тайы. Афтæ у цард. Æ рдзы æ нæ фыст закъонтæ цыфæ нды, суанг, сызгъæ ринæ й фыст закъонтæ й дæ р тыхджындæ р сты, мингай æ мæ мингай азты дæ ргъы нæ ивынц, æ ххæ стгонд цæ уынц зæ ххы къорийы алыран дæ р.

Рæ стæ г, дам, хъæ дгæ мттæ дзæ бæ хгæ нæ г у. Чи зоны, чи зоны, кæ мæ ндæ р, фæ лæ... Нæ! Уый бынтон раст нæ у. Хатгай, цалдæ ргай сахæ ттæ нæ, фæ лæ бонтæ — мæ фырт Уырызмæ г æ мæ, мæ зæ рдæ мæ хæ стæ г чи уыд, уыдонимæ баст хъуыдыты æ вджид бахауын, æ ртыхсынц мыл, æ рбагуылф кæ нынц. Æ з вæ ййын сæ уацайраг. Æ виппайды, æ нæ нхъæ лæ джы нæ бинонтæ й чи ацыд ацы дунейæ, уыдонæ й куы сæ иу, куы сæ иннæ мæ нæ н вæ ййы æ гас. Фæ хъусын ын йæ хъæ лæ с, йæ ныхас; фæ уынын йæ чысыл змæ лд дæ р, йæ улæ фт мæ зæ рдæ йыл фембæ лы. Чи сæ кæ д ацыд, раджы æ ви æ рæ джы, уый нымад нал вæ ййы. Рæ стæ джы цалх фæ стæ мæ æ рзилы, ивгъуыд сног вæ ййы, фæ цæ рæ м иу рæ стæ г.

...Мæ фыд Æ мзор сабыргай йæ лæ дзæ джы ’нцæ йтты сыстад. Хатгай сыстын нæ фæ фæ разы æ мæ бинонтæ й йæ цуры исчи куы вæ ййы, уæ д æ м йæ цæ нгтæ сивазы, æ мæ йæ уый æ нæ зæ гъгæ йæ фæ зоны: сыстын æ й фæ нды æ мæ йын феххуыс хъæ уы. Бннонтæ й йæ цуры ничи и, уæ д адзуры:

— Кæ м стут?

Æ мæ чи фæ разæ й уа, уый йæ цуры алæ ууы, уый йын йæ цæ нгтыл схæ цы, уый йын йæ дæ лæ рмтты йæ къухтæ бакæ ны æ мæ йын сыстынæ н феххуыс кæ ны.

Æ рхауд, бынтондæ р æ рхауд Æ мзор нæ мады амарды фæ стæ, цыма йын исчи йæ къæ хтæ цæ вæ гæ й ракъуырдта: йæ зæ нгтæ æ ппындæ р йæ коммæ нал кæ сынц, сæ цæ гæ лон ын сты, нал æ й хæ ссынц, йæ быны кæ рдæ джы хæ лттау фæ дыдагъ вæ ййынц. Кæ ддæ р метры дæ ргъæ н къахдзæ фтæ чи кодта, уымæ н ныр уыдисныйас дæ р нал сты йæ къахдзæ фтæ. Лоджæ мæ кæ нæ балкъонмæ ацæ уа, уымæ н æ й бахъæ уы цалдæ р минуты, йæ алы акъахдзæ ф дæ р ын — зын, хъизæ майраг. Хауæ гау бандоныл æ рбады æ мæ йæ мигъбадт цæ стытæ й æ нæ ныкъулгæ йæ джихæ й æ ддæ мæ, кæ дæ мдæ р фæ кæ сы, кæ дæ мдæ р нымдзаст вæ ййы. Æ мæ афтæ — сахатгæ йттæ... Æ дзæ мæ й фæ бады. Æ мæ æ ддæ мæ кæ сдзæ н æ мæ кæ сдзæ н. Йæ цуры исчи ис æ ви нæ й, исчи йæ хъусы æ ви нæ, уæ ддæ р фæ зæ гъы:

— Чендзе куыд æ рæ гмæ цæ уы.

Æ мзор бандоныл йæ хи æ руагъта. Нæ! Æ рхауд. Æ мæ цыма цыдæ р уæ ззау уаргъ йæ уæ хсчытæ й ахауд, æ мæ йын фенцон, афтæ йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд, ныууынæ ргъыдта. Цалдæ р къахдзæ фы ацæ уын дæ р ын хохы сæ рты ахизæ гау у. Азтæ! Азтæ! Куыд æ гъатыр стут. Цæ мæ й йын фæ тæ рсын: бандоныл, куыд æ мбæ лы, афтæ куы не сбада, бандон æ й куы фæ сайа. Æ мæ хæ дзары куы вæ ййын, уæ д, куыд ницы бафиппайа, афтæ йæ фæ стæ кæ нæ йæ фарсмæ фæ цæ уын — ацахсынæ ввонг. Йæ хиуыл мæ хæ цын нæ уадзы, йæ сæ рмæ йæ нæ хæ ссы. Йæ бон ницыуал у, кæ ддæ ры домбай, бæ рзонд, сæ вджын лæ г баруад, тайы, фæ лæ ма уæ ддæ р бирæ лæ гтæ й бæ рзонддæ р, фæ тæ нуæ хскдæ р æ мæ уæ ззаудæ р у.

Сбадт. Йæ цæ нгтæ йæ уæ рджытыл сабыргай хъавгæ æ руагъта. Цыма уыдон ауæ дзы галтæ сты æ мæ сæ фæ ллад уадзынц, афтæ мæ м кæ сы. Æ мæ та ныджджих, йæ цæ стытæ нæ ныкъулы, афтæ мæ й, гом рудзынгæ й дард кæ дæ мдæ р, арвгæ ронæ й йæ мигъбадт цæ стытæ нæ исы. Æ дзæ мæ й бады æ мæ кæ сы, æ мæ кæ сы, йæ лулæ дымын дæ р дзы байрох. Æ з... æ з æ й хорз зонын, кæ дæ м æ мæ цæ мæ кæ сы, уый: мæ мады, йæ цардæ мбалы агуры, уымæ æ нхъæ лмæ кæ сы: цыма арвгæ рон фæ зындзæ н, æ рбацæ йцæ удзæ н...

— Чендзе... Чендзе куыд æ рæ гмæ цæ уы, — мæ нырдæ м сабыргай йæ сæ р разылдта, йæ цæ стытæ мыл æ рæ вæ рдта æ мæ мæ м æ дзæ мæ й кæ сы. — Чендзе нырмæ кæ м и?.. — фæ рсы мæ, агуры мæ дзуапп. Æ мæ канд йæ цæ стæ нгасæ й, йæ хъæ лæ сыуагæ й нæ — йæ буары алы стъæ лфтæ й дæ р. Фæ рсы мæ: дæ мад афтæ куы никуы фæ стиат кодта, уæ д ныр кæ м и? Кæ дæ м ацыд? Кæ д фæ зындзæ н? Æ нхъæ лмæ кæ сынæ й мæ цæ стытæ куы ныуурссты...

Мæ фыд мæ агуры дзуапп, бæ лвырд дзуапп. Нæ, дзуапп уыйбæ рц нæ: мæ фыд мæ агуры æ ххуыс. Æ мæ... Æ мæ цы кæ нон? Дунейыл ын мæ бон баххуыс ницæ мæ й у. Зæ ххы скъуыды ныххау æ мæ...

Æ мзор мæ йæ цæ стытæ нæ исы: цæ уыннæ исты дзурын, дзуапп ын цæ уыннæ дæ ттын? Æ мæ йын цы зæ гъон? Ехх, йæ цуры куынæ фæ уыдаин ацы минут! Зындоны минуттæ.

— Тагъд æ рбацæ удзæ н, ма тыхс. Тагъд æ рбацæ удзæ н. — Лцы цалдæ р ныхасы фыццаг хатт нæ зæ гъын, уæ ддæ р мын мæ хъуыр æ хгæ нынц. Тыххæ й... тыххæ й мæ схауынц. Æ мæ мыл ныртæ ккæ арв рафæ лдæ хдзæ н, мæ буар ризы.

— Хорз уæ дæ. — Æ мæ мæ м фыццаджы хуызæ н æ дзæ мæ й нал кæ сы, йæ цæ стытæ й мæ тыхфарст нал кæ ны, тыхагуырд мæ нал кæ ны дзуапп. Цыма йæ цæ стытæ чысыл фæ рухсдзастдæ р, фæ цардхуыздæ р сты, цыма, цы бæ зджын фæ лм мигъ сыл ныббадт, уый атайынмæ хъавы. Æ мæ кæ сы, кæ сы арвгæ ронмæ. Чендзе уырдыгæ й фæ зындзæ н æ мæ... Æ з... азгъор, нæ лоджæ йæ мидæ мæ дæ хи анпар. Нæ! Уыциу гæ пп акæ н æ мæ сынтæ гыл ныххау, дæ цæ сгом базмæ нылхъив æ мæ хорз фæ ку, дæ хъæ лæ сыдзаг ныббогъ кæ н. Фæ ку афтæ, æ мæ куыд сафтид уай. Фæ ку афтæ, æ мæ, ногæ хсад хæ цъил хуры зынг цæ стмæ куыд ахус вæ ййы, афтæ куыд бахус уай. Фæ лæ... Йæ -æ, мæ нæ н уый гæ нæ н нæ й: уæ д нæ фатер иууылдæ р кæ уын фестдзæ н. Уæ ддæ р цæ стытæ доны зилынц. Æ мæ цæ мæ й ма скæ уон, уый тыххæ й ме ’нгуылдзтæ здухын, цъæ л сæ кæ нын. Уадз асæ ттæ нт.

Лоджæ йæ, мæ фыды цурæ й хъуызæ гау рацыдтæ н, мæ цæ сгомыл уазал дон скалдтон.

О мæ уæ здан, мæ фæ рнджын фыд! Сайын дæ, сайын дæ, æ мæ мын ныббар, ныххатыр мын кæ н. Мæ бон æ ндæ р ницы у. Зонгæ -зонын дæ фæ ливын æ мæ цы кæ нон. Дæ уæ н дæ цардæ мбал, æ ртиссæ дз азы «а» æ мæ «о»-йæ кæ имæ фæ цардтæ, æ ртиссæ дз азы царды гакъон-макъон фæ ндæ гтыл кæ имæ фæ цыдтæ, фараст сывæ ллоны дын чи балæ вар кодта, мæ нæ н та мæ мад — Чындз, «Чындз» æ й хуыдта дæ мад æ мæ цæ рæ нбонтæ м Чындзæ й баззад, ды дæ р æ й Чендзе уымæ гæ сгæ хуыдтай — уый... уый кæ дæ м ацыд, уый у фæ цу æ мæ ма ’рцуйы фæ ндаг, уырдыгæ й фæ стæ мæ здæ хæ нтæ нал и. Дзæ гъæ лы, дзæ гъæ лы ма йæ м æ нхъæ лмæ кæ сыс, дæ хицæ н ма дзæ гъæ лы ныфсытæ æ вæ рыс. Уый нæ æ нустæ м ацыд, уырдыгæ й рацæ уæ нтæ нал и.

Арæ х дызæ рдыджы бахауын: Æ мзоры, нæ мад нал и, уый-иу дзы рох фæ ци, æ ви... Æ вæ ццæ гæ н, æ вæ ццæ гæ н-иу дзы ферох. Æ ви, амард, уый йæ нæ уырныдта, æ гас ма йын уыд æ мæ йæ м æ нхъæ лмæ каст. Нæ -æ, уымæ н нæ амард! Мæ нæ ныртæ ккæ æ рбацæ удзæ н, йæ фарсмæ æ рбаддзæ н æ мæ сабыр, фæ лмæ н хъæ лæ сæ й цæ уылдæ р дзурдзысты, ныхас-иу куы сæ иу айсдзæ н, куы сæ иннæ.

Фæ лæ нæ гыццыл, нæ фæ лмæ н мад нæ зынд. Фæ лæ йæ м нæ фыд уæ ддæ р æ нхъæ лмæ каст. Æ нхъæ лмæ йæ м каст, сывæ ллон йæ мады æ рбацыдмæ куыд фенхъæ лмæ кæ сы, афтæ. Нæ мад-иу йæ зæ рдыл куы ’рбалæ ууыд, уæ д-иу, бæ ргæ, уыцы рæ стæ г йæ цуры куынæ фæ цадаин. Фæ лæ -иу цæ мæ ндæ р арæ х, тынг арæ х уæ д йæ цуры фæ дæ н! Æ ви мæ нмæ афтæ каст...

Нæ бинонтæ иууылдæ р, бæ ргæ, архайдтам, цæ мæ й нæ фыд йæ химæ ма ныхъхъуса, æ нкъард сагъæ сты азары ма бахауа. Фæ лæ... Нæ мад йæ зæ рдæ йы, йæ царды цы бынат ахста, уый афтидæ й баззад, уыимæ йæ царды иу хай ахауд. Æ мæ нæ фыд нæ мады амарды фæ стæ æ ххæ ст лæ г нал уыд.

...Уыцы мигъбадт, æ нкъард сагъæ сæ й се ’мдзаг дынджыр цæ стытæ... Æ нхъæ лмæ кæ сынц. Æ нхъæ лмæ кæ сынц æ дзæ мæ й, дард кæ дæ мдæ р æ рвгæ ронмæ нымдзаст сты. Чысыл ма, æ мæ доны разилдзысты, ставд къуыбар цæ ссыгтæ сæ æ рызгъæ лдзæ н:

— Куыд æ рæ гмæ зыны Чендзе?..

Æ мæ йын цы зæ гъон?

***

Аз æ мæ ’рдæ джы фæ стæ мæ мад æ мæ мæ фыд сæ мбæ лдысты: мæ фыд æ м йæ хæ дæ г батагъд кодта.

Æ з уæ д уыдтæ н Коктебелы фысджыты сфæ лдыстадон хæ дзары. Æ мæ — телеграммæ: мæ фыд нал и. Тагъддæ р! Тагъддæ р сæ мбæ л! Æ мæ схæ ццæ дæ н сихорыл, йæ фæ стаг бон. Йæ цурмæ бацыдтæ н, сылгоймæ гтæ тынгдæ р ныккуыдтой, Бутаты Тамарæ ныхъхъарæ г кодта.

Æ з цæ мæ ндæ р сылгоймæ гты фарсмæ сбадтæ н æ мæ мæ фыды ныхыл, йæ рустыл мæ уырзтæ хастон. О, зонын æ й, æ нæ мæ лгæ дуне нæ й, фæ лæ уæ ддæ р... Мæ лæ т, афтæ æ гъатыр цæ мæ н дæ? Нæ мад нал и. Ныр та нæ фыд фæ цæ уы. Фæ цæ уы, нæ бинонты, нæ хæ дзарвæ ндаг нын кæ мæ й зыдтой, нæ хæ дзар фæ рнджын кæ мæ й уыд, уый фæ цæ уы...

Иурæ стæ г... Цыма Æ мзорæ н йæ цæ стытæ байгом сты, афтæ мæ м фæ каст. Фæ лурс, мигъбадт, фæ ллад, сагъæ сæ й се ’мдзаг цæ стытæ. Æ мæ æ гас куы уыд, уæ д-иу мæ куыд фарстой, афтæ мæ фæ рсынц:

— Чендзе кæ м и? Куыд æ рæ гмæ зыны?.. Кæ д æ рбацæ удзæ н? — Æ мæ йæ уæ ззау цæ сты уæ лтъыфæ лттæ æ рæ хгæ дта.

Æ з мæ армытъæ пæ нтæ й мæ цæ сгом амбæ рзтон, ирон æ фсарм мæ нæ урæ дта, уæ д чырыны цурæ й мæ хи иуварс аппæ рстаин.

Фæ цæ уы, фæ цæ уы нæ фыд Æ мзор йæ царды фæ стаг фæ ндагыл, фæ лæ ма уæ ддæ р йæ зæ рдæ ’хсайы: æ нхъæ лмæ кæ сы нæ мад, йæ иузæ рдион цардæ мбал Чындзмæ — Чендземæ. Агуры йæ. Фæ стаг хатт ма йæ агуры уæ лзæ хх дунейы.

Цы уыд уый? Мæ фыды цæ стытæ æ цæ г байгом сты æ ви мæ нмæ афтæ фæ каст? Йæ цæ стытæ ма нæ мады фæ стаг хатт агуырдтой æ ви... Нæ зонын. Абон дæ р ын ницы зонын.

Цæ уы рæ стæ г, азтæ кæ рæ дзийы ивынц. Фæ лæ уыцы цæ стытæ, мæ фыды цæ стытæ, æ нкъард, фæ ллад, сагъæ сæ й се ’мдзаг мигъбадт цæ стытæ... Нымдзаст мæ м вæ ййынц æ мæ мæ фæ фæ рсынц:

— Кæ м и? Кæ м и Чендзе? Кæ д æ рбацæ удзæ н? Куыд æ рæ гмæ зыны?..

Æ мæ сын цы дзуапп раттон? Цы сын зæ гъон?..

2009 азы июль






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.