Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 13 страница






Æ мæ дын æ рцыд фæ стаг фæ ндараст зæ гъын афон. Нæ сыхаг Микъала мæ м дзуры:

— Йæ цурмæ уæ бацæ уын хъæ уы. — Æ мæ йæ хæ дæ г фезмæ лыд, нæ разæ й акъахдзæ ф кодта. Адæ мы æ хсæ нты бацæ уæ н нæ й, æ мæ сыл иуварс ахæ цы, дзуры сæ м. Æ мæ дæ м куыддæ ртæ й бахæ ццæ стæ м, сыхы номæ й чи ныхас кодта, уый дзырд куы фæ ци, уæ д.

О, уæ ууæ й, гъе, Уырызмæ г, мæ нæ ныр дæ сау чырыны цур чи дзуры, уыдон хъуамæ дæ чындзæ хсæ вы арфæ тæ кæ никкой, фæ ндыры зæ лтæ фæ йнæ рдæ м зæ ликкой, уыдон та дын, сæ цæ ссыгтæ сæ рфгæ, фæ стаджы фæ ндараст зæ гъынц. Фæ ци, фæ ци дæ уæ лзæ ххон цард, мæ хъæ бул. О, куыд цыбыр уыд! Цæ стыфæ ныкъуылд. Фæ ндараст. Фæ ндараст, о мæ цоты хистæ р! Дæ зæ ххы хай дын бумбулийау фæ лмæ н уæ д. Æ мæ дæ м ныггуыбыр дæ н, дæ риумæ мæ цæ сгом нылхъывтон — æ мæ афтæ лæ уу æ мæ лæ уу. Чидæ р мын мæ уæ хсчытыл схæ цыд, æ мæ бамбæ рстон: алцæ мæ н дæ р уаг æ мæ æ гъдау и. Мæ фæ стæ рацыдысты Ацæ мæ з æ мæ Батрадз, ме ’фсымæ ртæ, хионтæ, фæ стаджы фæ ндараст зæ гъынмæ дæ м чи бацыд, уыдон. Ницыуал, ницыуал дын у нæ бон, Уырызмæ г.

Дидинджытæ. Дидинджытæ. Веноктæ. Веноктæ. Хæ стæ джытæ й, хионтæ й, де ’мгæ рттæ й, де ’мбæ лттæ й, де ’мкусджытæ й, сыхæ гтæ й... Ныртæ ккæ дын дæ фæ ндагмæ дидинджытæ калдзысты, æ мæ уыдонæ н дæ р демæ сæ рухс цард фæ уыдзæ н.

Æ мæ дын, о мæ бон, Уырызмæ г, ды цæ рынæ й кæ имæ нæ бафсæ стæ, бирæ рæ сугъд фæ ндтæ дын кæ имæ уыд, уыцы хорз, уыцы иузæ рдион æ мбæ лттæ æ мæ æ мгæ рттæ дæ чырыныл схæ цыдысты. Æ мæ йæ систой, систой йæ хæ рдмæ, се ’нгуылдзтыл, сæ уырзтыл. Уырызмæ г, систой дæ бæ рзонд, цыма тырыса дæ, сау тырыса, афтæ. Кæ уы, хъарæ г кæ ны оркестр. «Додой»-ы зæ рдæ халæ н мыртæ зæ рдæ тæ сау хъæ дгæ мттæ кæ нынц. Кæ уынц, богъ-богъ кæ нынц сылгоймæ гтæ. Нæ лгоймæ гтæ й чидæ ртæ æ нæ фсармæ й кæ уынц. Æ з лæ ууын æ дзæ мæ й, мæ цæ ссыгтæ мын мæ цæ стыты рухс ахгæ нынц, æ мæ цыдæ р рæ стæ г ницыуал ауынын. Цыма ныртæ ккæ афынæ й уыдзынæ н æ мæ ницыуал базондзынæ н, цыдæ р уысм мыл ахæ м уылæ н æ рбакæ лы.

Уырызмæ г, де ’мбæ лттæ дæ ноджы бæ рзонддæ р систой æ мæ дæ разылдтой нæ хæ дзармæ, нæ фатермæ. Хæ рзбон зæ гъ нæ фатерæ н, нæ хæ дзарæ н, нæ кæ ртæ н. Хæ рзбон зæ гъ ацы дунейæ н. Хæ рзбон зæ гъ ацы дзыллæ тæ н. Уыдон дæ у тыххæ й æ рцыдысты, ныууагътой сæ куыстытæ, сæ хъуыддæ гтæ. Раарфæ сын кæ н: цинтæ м цæ уæ нт, ацы рæ сугъд дунейæ сæ æ рыгонæ й макуы мачи ацæ уæ д, цæ рынæ й бафсæ дæ нт, уарзон æ мæ амондджынæ й базæ ронд уæ нт.

О мæ бон, Уырызмæ г, дæ хорз æ мгæ рттæ, дæ хорз æ мбæ лттæ дын дæ сау чырын се ’нгуылдзтыл ноджы бæ рзонддæ р систой, цыма дæ хæ рдмæ, арвмæ сисынмæ хъавынц. Сæ уæ лныхтыл дæ фæ хæ ссынц. Нæ! Нæ дæ фæ хæ ссынц! Адæ м денджызы уылæ нтæ фестадысты, æ мæ дæ уыцы уылæ нтæ сæ сæ рыл фæ хæ ссынц. Фæ хæ ссынц дæ махæ й, фæ хæ ссынц дæ мæ мад, мæ фыд, ме ’фсымæ рты, нæ хæ стæ джыты цурмæ. Нырмæ кæ й нæ зыдтай, уыдоны дæ р базондзынæ уым.

Фæ ци, фæ ци, Уырызмæ г, дæ цыбыр зæ ххон цард. Стъалы ферттывта æ мæ фæ тар!

... Сау бæ рзонд цырт. Сæ рдыгон дæ р, хур зæ ххыл куы атулы, усед дæ р дзы цыдæ р уазал ивылы. Йæ цуры куы æ рлæ ууын, уæ д мыл рпзæ г бахæ цы, ме уæ нгтæ æ ркæ лынц. Дæ цырт. Æ з фæ лæ ууын дæ цырты цур, æ з фæ лæ ууын дæ цуры. Цырты дыууæ фарсыл — дæ нывтæ. Сæ иуы худыс, дæ цæ сгом — рухс, ирд, æ нæ хин цæ стытæ й рухс стьæ лфæ нтæ хауы. Цыма афтæ зæ гъынмæ хъавыс:

— Ехх, куыд хорз у цард! Куыд хорз у ацы дуне! Куыд хорз у æ взонгдзинад!

Цырты иннæ фарсæ й æ нкъард, сагъæ сцæ стæ й кæ сыс дунемæ, дæ химæ ныхъхъуыстай. Кæ д, дæ цард цыбыр кæ й уыдзæ н, уый æ мбæ рстай, æ нкъардтай йæ æ мæ дæ химæ уымæ н ныхъхъуыстай, дунемæ æ рхæ ндæ гцæ стæ й уымæ н кæ сыс. Æ мæ дæ бафæ рсын:

— Уырызмæ г, афтæ æ нкъард цæ мæ н дæ?

Фæ лæ ды ницы сдзурыс. Цыма ноджы фенкъарддæ р вæ ййыс, афтæ мæ м фæ кæ сы. Цыма дæ хъоппæ г сыгъоæ г цæ стытæ й урс цæ ссыгтæ æ ргæ р-гæ р кæ ндзысты...

Æ мæ иуварс азилын. Нæ у!.. Нæ у мæ бон уыцы цæ стытæ м кæ сын.

...Дæ цыртыл урс бæ лон абадт. Æ мæ кæ цæ й æ ртахт? Кæ цæ й фæ зынд æ виппайды? Цыртыл, цыма ахауынæ й тæ рсы, афтæ хъавгæ, сæ ркъулæ й куы иуырдæ м ацæ уы, куы ипнæ рдæ м. Куыд нæ мæ тæ рсы. Æ вæ ццæ гæ н, æ рмахуыр у. Аджих вæ ййы. Йæ чысыл ирд цæ стытæ цыдæ р æ нахуыр æ нкъард сты. Мæ нæ й сæ нал исы. Æ мæ мæ м цæ мæ н нымдзаст? Цыдæ р æ бæ рæ г сагъæ с сæ цæ уы. Нæ! Кæ лы! Ивылы! Æ гæ рон сагъæ с... Æ мæ, о урс бæ лон, цы сусæ г хъæ дгæ мттæ й риссы дæ гыццыл зæ рдæ? Æ ви дæ уæ н оæ р дæ хъæ бул искæ й къухæ й сау зæ ххыл æ рхаудта? Цæ мæ н ныхъхъуыстай дæ химæ? О, дæ хорзæ хæ й, ма ску, науæ д кæ удзыстæ м иумæ. О урс бæ лон, цы дæ æ рхаста ардæ м? Кæ цæ й фæ зындтæ æ виппайды?

Уырызмæ г... О Уырызмæ г, гыццылæ й-иу дыл урс дарæ с куы скодтам, уæ д ацы бæ лоны хуызæ н уыдтæ. Хуры тын. Фæ лмæ н рухс оæ калд. Адæ м-иу дæ къухæ й-къухмæ истой, сæ хъæ быссей-иу дæ нал уагътой. Æ мæ... семæ нæ м кæ д ныр урс бæ лоны хуызы фæ зындтæ?.. Æ вæ ццæ гæ н... Æ вæ ццæ гæ н... Æ мæ йæ нырмæ куыд не ’мбæ рстон? Æ мæ, о, ме ’дзард хъæ бул, нырмæ куыд быхсыдтæ æ нæ мах? Дæ амæ лæ ты фæ стæ дæ уд сæ нусон æ мæ нæ м æ нусон рæ стæ г æ мæ æ нусон тыгъдадæ й æ ртахтæ.

Нæ! Уый мæ м урс бæ лон нæ кæ сы сагъæ схуыз æ мæ джихæ й. Уый дæ сыгъдæ г уд у. Æ ртахт уæ ларвæ й, æ гæ рон тыгъдæ й.

О мæ бону Уырызмæ г, дæ сыгъдæ г уд уым дæ р сыгъдæ г æ мæ фæ лмæ н урсæ й баззад.

Бæ лон базмæ лыду цыма стæ хынмæ хъавы, фæ лæ йæ йæ къах мæ енæ й нæ хæ ссы. О, мæ цурæ й йæ нæ фæ нды атæ хын, æ нæ тæ хгæ та йын нæ й йе ’нусон бынатмæ, æ мæ тыхсы... тыхсы... Цыма ныртæ ккæ цыртæ й урс стъалыйы хуызæ н æ рхаудзæ н, йæ хи ныццæ вдзæ н. О мæ бон, ма æ рхау! Æ мæ йæ м мæ цæ нгтæ ивазын, мæ армытъæ пæ нтæ йæ м дарын.

Урс бæ лон у Уырызмæ г — дæ сыгъдæ г уд — йæ базыртæ базмæ лын кодта, стахт. Æ мæ дæ цырты, дæ ингæ ны сæ рмæ зилы, æ рвыг цъæ х арвы хъæ бысмæ йæ хи бæ рзондæ й-бæ рзонддæ р исы. Беслæ ныхъæ уы зæ ронд æ мæ ног, ныр æ ппæ т дунейы дæ р зындгонд судзаггаг уæ лмæ рды сæ рмæ бæ рзондæ й-бæ рзонддæ р тæ хы, тæ хы æ гæ рон тыгъдадмæ, æ нусон рæ стæ гмæ. Дардæ й-дарддæ р кæ ны, Уырызмæ г, дæ сыгъдæ г уд, цæ ст æ й нал ахсы, йæ урсфæ д тайы. Фæ лæ...

Фæ лæ та нæ м иубон æ ртæ хдзынæ. Дæ сыгъдæ г уд сæ нусон æ мæ та... Æ мæ та нæ м æ ртæ хдзынæ... æ ртæ хдзынæ. Зонын æ й.

Нæ -æ! Ды æ дзухдæ р махимæ дæ. Махимæ дæ!!!

2003–2006 азтæ






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.