Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Дыккаг æвдыст. Хъæддаг, æдзæрæг ран хъæды мидæг; æхсæрдзæнтæ хауынц хæхтæй.






Хъæ ддаг, æ дзæ рæ г ран хъæ ды мидæ г; æ хсæ рдзæ нтæ хауынц хæ хтæ й.

Æ рбацæ уы Бертæ цуанон дарæ сты, йæ фæ дыл — Руденц.

Бертæ. Ардæ м æ рбацæ уы. Аныхас кæ ндзыстæ м.

Руденц (æ м тагъдгомау фæ цæ уы). Фадат ран дæ ссардтон, ам иунæ гæ й æ хгæ д стæ м арф кæ мттæ й: уыдон æ хсæ н æ вдисæ нæ й нæ тæ рсын, æ мæ дын, мæ зæ рдæ йы æ з æ вæ рæ нæ н кæ й хастон уæ ззау уаргъау, уыдон сисын мæ бон бауыдзæ н ацы сахат.

Бертæ. Чи зоны æ мæ, кæ д уыйбæ рц хибар не стæ м не ’мбæ лттæ й.

Руденц. Нæ, уыдон нæ м дард сты. Фæ лæ цы уа, уый уæ д ныр, кæ нæ та бынтондæ р — никæ д! Æ мгъуыдтæ кæ нынæ й ницыуал! Æ мгъуыдтæ гæ нгæ йæ саг æ нæ дымæ гæ й баззад. Фæ нды мæ базонын мæ амонд, кæ д нæ хуыцау кæ рæ дзийæ н не сныв кодта, уæ ддæ р. Дæ цæ стæ нгасæ й мæ зæ рдæ ихы къæ ртт куы феста, уымæ й тæ рсын! Цæ мæ н мæ м кæ сыс ахæ м кастæ й! Уæ вгæ зын бамбарæ н дæ р нæ у, æ з кæ й нæ ахадын, кæ й ницы дæ н бынтондæ р дæ цæ сты. Ницы уæ вгæ йæ, æ з бауæ ндыдтæ н сæ нттæ цæ гъдын дæ у сæ раппонд: мæ гуыры зæ рдæ фынтæ й дзæ бæ х. Æ з мæ хи ницæ мæ й ма равдыстон, афтæ мæ й мæ хи барын байдыдтон сгуыхт адæ мтыл, сæ сæ ры кад стыр хъуыддæ гтæ й чи сбæ рзонд кодта. Бертæ цæ ра, ды дæ искæ й аккаг уыдонæ й, æ з та дæ н ницыйæ ницыдæ р. Фæ лæ кæ д æ мæ хайджын нæ ма дæ н уыдон сæ ры кадæ й, уæ ддæ р дын мæ хицæ й раппæ лын мæ нæ н мæ бон бауыдзæ н ахæ м уарзондзинадæ й.

Бертæ (фырнымд æ мæ карзæ й). Гъау, уый зæ гъын та мæ м дæ ныфс куыд бахастай? Ды фæ сайынмæ куы хъавыс дæ ард, цагъайраг куы дæ Австрийæ н, ды дæ хи куы ныууæ й кодтай дæ адæ мы знæ гтæ н, дæ дзыллæ йы домджытæ н.

Руденц (дзы йæ хи айсгæ йæ). Диссаг мæ м кæ сы, Бертæ, дæ уайдзæ ф. Уый зон, æ мæ сæ м кæ д мæ хи ласын, уæ д æ рмæ ст дæ у тыххæ й.

Бертæ. Æ мæ уæ д куыд æ нхъæ лдтай? Йæ фыдыбæ стыл сайдæ й, мæ нгардæ й чи рахæ та, æ з уыдонырдыгæ й ома разынон? Уымæ й зæ рдæ ма сæ вæ р дæ хицæ н! Швейцарийæ н фыртæ н чи нæ бæ ззы, уый райгуырæ н бæ сты фыдызнæ гтæ н цыргъ æ хсырфæ й чи кусы, цæ йнæ фæ лтау уымæ фæ цæ уон, уый бæ сты сразы уыдзынæ н Геслермæ фæ цæ уыныл, намæ мæ фыды уæ ларт бадгæ йæ баззайдзынæ н.

Руденц. Ме сфæ лдисæ г хуыцау, æ мæ дзы уый æ нхъæ л та чи уыди?

Бертæ. Зæ гъ-ма, мын, зæ гъ: дæ хæ стæ г, дæ хæ лар кæ й хоныс, уыдон амондæ й зынаргъдæ р та ма уæ д цы уыдзæ ни адæ ймаджы зæ рдæ йæ н? Намæ дæ м, æ вæ дза, дзурынц, æ фхæ рд дзыллæ йы сæ рыл тох чи кæ ны, уыцы лæ джы бæ рзонд номæ й, стæ й йæ иубæ стæ гты, æ наххосæ й æ фхæ рдты бартыл æ мæ æ гъдæ уттыл фидар хæ цын чи фæ разы, ахæ м цытджын номæ й? Æ з уымæ й фæ рнджындæ р ницыма фехъуыстон, чиныджы дæ р æ й не ссардтон, æ мæ уæ вгæ дæ р нæ й! Уый зон, æ мæ адæ мы амондыл мæ нæ н риссы мæ зæ рдæ; æ з сæ бауарзтон, уый тыххæ й æ мæ сабыр æ мæ лæ джыхъæ дджын сты; бонæ й-бонмæ сæ м мæ хæ лардзинад тыхджындæ р кæ ны. Адæ м тынгдæ р кæ уыл дардтаиккой сæ зæ рдæ, се ’нхъæ лцау кæ й хуыдтой, уыдон сæ фæ лыгъдысты, дзæ гъæ л сæ ныууагътой; сæ дзыллæ йы знæ гтимæ бамбал сты æ мæ се ’фсымæ ртæ н аразынц болат рæ хыстæ! Афтæ мæ й ма дыл кæ д æ лгъаг нæ кæ нын, уæ д дæ бауырнæ д, æ мæ мын æ нцон нæ у уыцы хъуыддаг.

Руденц. Багъæ ц, и, æ мæ сын æ з дæ р æ рмæ ст сæ дзæ бæ хдзинадыл куы зилын, цæ мæ й ссарой æ нцой æ мæ сабыр цард Австрийы къухы.

Бертæ. Æ нæ нхъæ лгæ йæ сын цагъайраджы цуг аразут сымах! Фæ лæ ууæ ндон ма æ гас дунейыл æ рмæ ст уыцы ран ис сæ рибардзинадæ н æ мæ йæ уырдыгæ й дæ р фæ сурынмæ хъавут. Сæ хуыдтæ г хуыздæ р æ мбарынц адæ м сæ амонды уавæ ртæ æ мæ сайын нæ бакомдзысты æ рттиваг дидитæ й. Уæ рм уын скъахтой, уæ рм, æ мæ дзы фæ ныгъуылут бынтондæ р.

Руденц. Куыд амардтæ н, куы!.. Бертæ, дæ зæ рдæ мыл куыд худы, уый хъазын байдыдта мæ цæ стытыл.

Бертæ. Хуыздæ р, хъæ лæ кк, уаид, зæ рдæ кæ й зæ гъы, уый къухы куы æ фтид, уæ д, фæ лæ былысчъилтæ, стырсæ ртæ кæ н уыцы адæ ймагыл, тынг бауарзынмæ кæ й хъавыс...

Руденц. Бертæ! Бертæ! Зæ рдæ тæ мын бавæ рыс, амæ й бæ рзонддæ р æ мæ бæ ллиццагдæ р хъуыддаг нал уыдзæ н, зæ гъгæ, стæ й та мæ цæ стыфæ ныкъуылдмæ бæ рзондæ й раппарыс.

Бертæ. Нæ, дæ риуы ма цæ ры дæ уæ н уарзондзинады тæ фаг, фынæ й кæ нынмæ дзы хъавы, фæ лæ дын æ й æ з райхъал кæ ндзынæ н. Дæ зæ рдæ хорздзинадмæ цы арт уагъта, уый цæ мæ й бахуыссыдаид, ууыл ды нæ бацауæ рстай барвæ ндонæ й, фæ лæ дын ахуыссын нæ бакуымдта. Дæ амондмæ гæ сгæ арт тыхджындæ р разынди дæ уæ й, æ мæ уыйадыл баззадтæ зæ рдæ хæ лар æ мæ уæ зданæ й.

Руденц. Мæ нæ й ма дæ ныфс и?.. Бертæ! Уæ вгæ дæ уарзондзинады руаджы мæ нæ н цынæ бауыдзæ н мæ бон?

Бертæ. Дунейы арæ зтмæ гæ сгæ, зæ рдæ йы мидæ г арф уидæ гтæ цы фæ ндон ауадзы, уый фæ дыл цу; дæ равзæ рыны сахат дæ ныхыл фыст цы хæ с æ рцыди, уый сæ ххæ ст кæ н: сыстут, хуыцауæ й уын курдиат цы бартæ уыди, уыдон тыххæ й, уæ дзыллæ йы охыл, уæ райгуырæ н бæ сты сæ раппонд.

Руденц. Гъей-гъи! Бынтондæ р ахицæ н дæ н æ з дæ уæ й, куыддæ р имперы ныхмæ æ рлæ ууон, афтæ. Дæ уæ н ис ныййарджытæ. Уыдон æ вастæ й исты хъуыддаг чи бакæ на, ды ахæ м адæ ймаг нæ дæ.

Бертæ. Фæ лæ дæ рох ма кæ нæ д — мæ ис, мæ бон, мæ цæ рæ н фадæ ттæ — иууылдæ р ацы ран сты! Æ мæ, æ вæ дза, Швейцары бæ стæ сæ рибар сси, афтæ мæ нмæ дæ р бархъомыс ничиуал дардзæ н.

Руденц. Бертæ, мæ сæ ры мын базмæ лын кодтай стыр хъуыдытæ.

Бертæ. Австрийæ æ з дæ умæ нæ рантысдзынæ н: уым кæ рæ дзийы хъуын-хъис хæ рынц мæ ис, мæ боныл, алчидæ р сæ м йæ уды быцъынæ г скъуыны. Сæ зыд сымахæ н дæ р уæ бынæ й рухс суадздзæ н; мæ хæ дæ г дæ р дзы æ дас нæ уыдзынæ н. Мæ хæ лар! Нæ дын æ й басусæ г кæ ндзынæ н: мæ н паддзахы хæ лæ рттæ й искæ мæ н балæ вар кæ ндзысты. Паддзахмæ æ ввахс адæ м мæ н ласынвæ нд скодтой паддзахы хæ дзармæ, уыцы ранмæ, æ мæ адæ мы æ хсæ н сайд, мæ нгард, козбау, алы ныллæ г хъуыддæ гтæ фидар ахстон кæ м сбыдтой. Æ мæ уым æ з хъуамæ æ рвитон мæ бонтæ; æ гады цыдæ й фæ цæ удзынæ н æ з мæ лæ гмæ, æ гады рæ хыстæ дзы мæ уæ лæ, афтæ мæ й дзы цæ рдзынæ н... Мæ н уыцы зындзинæ дтæ й фервæ зын кæ нын бафæ раздзæ н æ рмæ ст дæ уарзондзинад.

Руденц. Бертæ, æ мæ сразы уаис ам баззайыныл, дæ хицæ н мæ аккаг скæ нис мæ фыдæ лты бæ стæ йы? Хуыцау ме ’вдисæ н: мæ уд, мæ зæ рдæ, мæ фæ ндон зæ гъай — æ дзухдæ р тындзыдтой дæ умæ. Кæ д æ мæ архайдтон, мæ намыс æ мæ мæ хорз ном цæ мæ й айхъуысид, уæ д уый кæ нын æ з иудадзыгдæ р дæ у бузныгад. Уарзондзинад, сыгъдæ г уарзондзинадæ й фæ стæ мæ уæ лдай хъуыды нæ уыди мæ зæ рдæ йы дæ у сæ раппонд. Æ мæ кæ д, мæ хуры рухс, кæ м цæ рыс, уыцы æ рттиваг дзыллæ йыл стырзæ рдæ суыдзынæ, ацы ран фæ цæ рынмæ дæ ныфс бахæ сдзынæ, уæ д цæ мæ бæ ллыдтæ н, «тæ худы» цæ мæ кодтон, уый мын хуыцау саккаг кодта, æ мæ уыцы дзыллæ йæ мæ нæ н агуринагæ й ницы ис. Хъæ р кæ нут, нæ хæ хбæ сты дæ ттæ, дзæ бæ х цæ вут нæ фидар къæ дзæ хтæ н сæ риутæ! Амæ й фæ стæ мæ мæ н дзæ гъæ лы нал хæ сдзæ н, нал, мæ зонд, паддзахы хæ дзармæ нал дзурдзæ н, нал, мæ нæ н мæ зæ рдæ. Бафснайæ нт нæ мах нæ хæ хтæ ацы æ нæ мæ т лæ нкауы, æ рмæ ст нын арвы рухсæ й нæ цæ стæ н хай куыд бакæ ной, афтæ мæ й!

Бертæ. Цы æ нхъæ л дын уыдтæ н, уый разындтæ. Нæ мæ фæ сайдта мæ зæ рдæ!

Руденц. Тагъд мæ нæ й фæ лидзут, ницæ йаг сæ нттæ! Амонд ссардзынæ мæ райгуырæ н хæ хты; мæ сабийы бонтæ уым хъæ лдзæ гæ й æ рвыстон; а бæ сты рухс кодта мæ зæ рдæ алцæ мæ йдæ р — йæ дæ ттæ м, йæ халсармæ цæ ст не ’фсæ ст кæ сынæ й; ныр та мæ чызджыты хуыздæ р кæ д равзæ рста йæ хицæ н ацы ран!.. Уарзтон мæ райгуырæ н бæ стæ æ дзухдæ р, æ мæ йын æ нæ уарзгæ дæ р нæ й: æ нæ уый æ ххæ ст нæ у мæ амонд.

Бертæ. Тæ худиаджы бæ стæ у ацы бæ стæ, сыгъдæ г æ мæ æ нæ тæ ригъæ д бæ стæ; а хæ хты никуыма æ рцыд ахæ м хъуыддаг, æ мæ дзы исчи йæ бæ стæ ауæ й кæ на, йæ райгуырæ н бæ стыл галиуæ й рацæ уа; фыдæ лты рæ стдзинад ма ацы ран баззади, ацы ран. Нæ бонтæ арвитдзыстæ м амондимæ, æ нæ мæ тæ й а бæ сты, сабыр æ мæ æ нцад царды мидæ г. Дæ умæ ис лæ гдзинад, де ’мхуызон адæ мæ н уыдзынæ ды сæ разæ й, стыр цыт дын дæ тдзысты адæ м, паддзахæ н йæ зæ ххыл цы цыт ис, раст ахæ м цыт...

Руденц. Куыд æ мбарын, уымæ гæ сгæ, мæ бон æ дæ рсгæ бауыдзæ н зæ гъын: ды дæ сылгоймæ гтæ н се ’ппæ ты сæ р; дæ у руаджы, дæ уарзондзинады фæ рцы — ды мæ сагъæ сгæ нæ г, ме ’нувыд койгæ нæ г — афтæ мæ й æ з зæ ххыл уæ ларвон цардæ й бацæ рдзынæ н. Цыдæ риддæ р цæ ры, уый цæ ры дæ у руаджы, дидинæ г чи рафтауы, уый дæ р æ й рафтауы дæ у руаджы; дæ уæ н арфæ гæ нæ г сты, дæ алфамбылай чи цæ ры, уыдон се ’ппæ т дæ р!

Бертæ. Мæ иунæ г сæ рыбон, — сагъæ с мæ н æ нцад куыд ныууагътаид, дæ зæ ххон амонд дæ къахы фындзæ й ды аппарынмæ куы хъавыдтæ, уæ д? Цы боны хæ рзтæ ма æ рвыстаин æ з, хицауадуарзæ г тиран мæ арф куы бафснайдтаид йæ тар фидары, уæ д? Ацы ран нæ й фидæ рттæ, ахæ стæ ттæ, нæ й дзы быру мæ н æ мæ мæ уарзон адæ мы æ хсæ н, нæ й дзы, кæ уыл нæ ахызтæ уа, ахæ м æ фцæ г.

Руденц. Æ ппæ тдæ р хорз, фæ лæ куыд фервæ зон, мæ хæ дæ г мæ хи цы бæ ттæ нты стыхтон, уыдон ма цы амалæ й райхалон?

Бертæ. Атон сæ дæ фидар цæ нгтæ й. Цыдæ риддæ р не ’рцæ уа, уæ ддæ р хæ ст самай дæ дзыллæ йы сæ раппонд: уыцы хæ с дæ уæ н æ рдзæ й рацыди демæ!

Хъуысы дардæ й сыкъа уадындзты уасын.

Цуанæ ттæ уасын байдыдтой, фæ йнæ рдæ м уал нæ хи айсæ м. Фæ лæ дæ иу цъусдуг дæ р рох ма уæ д; дæ райгуырæ н бæ сты сæ рыл хæ цгæ йæ, тох самайдзынæ, дæ цæ райæ чи цæ ры, уый сæ рыл, дæ уарзондзинады сæ рыл; уыцы иу сæ рибардзинад суæ гъд кæ ндзæ н нæ дыууæ ты дæ р.

Ацæ уынц.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.