Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Дыккаг æвдыст. Фæз, йæ алыварс — бæрзонд хæхтæ æмæ хъæд.






Фæ з, йæ алыварс — бæ рзонд хæ хтæ æ мæ хъæ д.

Къæ дзæ хтыл къахвæ ндæ гтæ конд, уыдоныл æ рцæ уынц хъæ ууон адæ м. Мидæ гоз сценæ йы зыны цад, йæ сæ рмæ мæ йы рухсæ й арвæ рдын. Дардæ й зынынц бæ рзонд сау хæ хтæ митæ й æ мбæ рзтæ й. Талынг æ хсæ в; æ рттивынц æ рмæ ст цад æ мæ цъититæ мæ йы рухсмæ. Мельхталь, Баумгартен, Винкельрид, Майер, Сарнен, Буркгарт Биугель, Арнольд Сева, Клаус фон дер Флиуе, стæ й ма цыппар хъæ ууон лæ джы. Се ’гас дæ р æ д хæ цæ нгæ рзтæ.

Мельхталь (сценæ йы фæ стæ). Мæ нæ уын хæ ххон лæ згъæ р! Цæ ут мæ фæ дыл! Базыдтон дзуарæ фтыд æ мæ къæ дзæ хты. Нæ бынаты стæ м — Риутли ам ис.

Æ рбацæ уынц æ д факелтæ.

Винкельрид. Байхъусут-ма!..

Сева. Сыбыртт дæ р никуыцæ й цæ уы.

Майер. Цъиуызмæ лæ г дæ р дзы нæ ма ис. Нæ хи Унтервальден разæ й фæ ци.

Мельхталь. Цымæ æ хсæ вæ й бирæ рацыди?

Баумгартен. Шелисберджы æ хсæ вгæ с æ рæ джы дыууæ хъæ ры ныккодта.

Дардæ й хъуысы дзæ нгæ рæ г.

Майер. Хъусут?

Биугель. Швицы цады фæ стæ хъæ ды аргъауæ ны райсомы аргъуыдмæ цæ гъдынц.

Фон дер Флиуе. Сыгъдæ г уæ лдæ фы хъуысы дардмæ йæ зыланг.

Мельхталь. Исчи уæ ауайæ д æ мæ пыхсыл арт бандзарæ д, цæ мæ й судза не ’мбæ лтты æ рбацæ уынмæ.

Дыууæ хъæ ууон адæ ймаджы араст сты.

Сева. Рæ сугъд æ хсæ вæ й йæ м дау нæ й; æ ппындæ р не змæ лы цад; раст — айдæ н.

Биугель. Æ нцондæ р сын уыдзæ н ленк кæ нынæ н.

Винкельрид (цадмæ амонгæ йæ). Акæ сут-ма, акæ сут уæ ртæ уыцырдæ м!

Майер. Циу, цавæ р у? Æ цæ г, æ цæ г, арвы æ рдын!.. Æ хсæ выгон!..

Мельхталь. Мæ йы рухс æ й сарæ зта.

Фон дер Флиуе. Стæ ммæ вæ ййы ахæ м диссаг! Иуæ й-иутæ мæ рдтæ м бацæ уынц, сæ цæ ргæ -цæ рæ нбонты ахæ м диссаг нæ фенгæ йæ.

Сева. Ноджы ма йæ сæ рмæ иу ахæ м, уымæ й фæ лурсдæ р.

Баумгартен. Уæ ртæ нæ м бæ лæ гъ дæ р дардæ й зынын байдыдта.

Мельхталь. Уый Штауффахер у. Ахæ м зæ рæ дтæ бирæ нæ й. Бирæ йын нæ байрæ джы. (Баумгартенимæ цады былмæ фæ цæ уынц.)

Майер. Уры бæ стæ й зынæ г нæ ма ис.

Биугель. Бæ стыхицауы хъахъхъæ нджытимæ куы баиу уой, уый тæ ссæ й хъуамæ дæ рдтыл зилой.

Дыууæ хъæ ууон адæ ймаджы кæ м архайдтой, уым арт ссыгъди.

Мельхталь (цады былæ й). Зæ гъут! Чи стут?

Штауффахер (донæ й уæ лæ мæ). Бæ сты дзæ бæ хдзинадмæ бæ лджытæ не ’ппæ т дæ р.

Араст сты се ’гас дæ р æ рбацæ уæ джы размæ. Бæ лæ гъæ й рахизынц: Штауффахер, Итель Рединг, Ганс Мауер, Йорг Гоф, Конрад Гуни, Ульрих Шмид, Йост Вайлер, стæ й ма ноджы æ ртæ хъæ ууон адæ ймаджы, се ’ппæ тмæ дæ р — хæ цæ нгæ рзтæ.

Се ’ппæ т дæ р (хъæ рæ й). Салам-алекум!

Се ’ппæ т дæ р æ рæ нцадысты арфгомау сценæ йы, салам дæ ттынц кæ рæ дзийæ н, Мельхталь æ мæ Штауффахер размæ рацæ уынц.

Мельхталь. Мæ кадджын хистæ р! Æ з федтон уыцы адæ ймаджы, æ мæ мæ нмæ æ рбакæ сын йæ бон кæ мæ н нал у! Йæ цæ стытыл æ з уымæ н æ рхастон мæ къухтæ, æ мæ йæ рухс дуне кæ уыл баталынг, уымæ кæ сгæ йæ, æ з цъæ х арт уадзын мæ фыды хæ с райсыны тыххæ й.

Штауффахер. Хæ с исыны кой мын ма кæ н, мæ кæ стæ р! Махыл æ мбæ лы фыдрæ стæ г æ рцæ уынмæ нæ хи барæ вдз кæ нын, раздæ р уал мын радзур, цы дын бантысти Унтервальдены? Æ мбæ лттæ дзы ссардтай? Цы фæ ндтæ сæ м ис дзыллæ мæ? Дæ хæ дæ г куыд раирвæ зтæ хъусдарджытæ æ мæ нымудзджытæ й?

Мельхталь. Суренны бæ рзæ ндтыл, цæ ст кæ уыл не ’ххæ ссы, ахæ м цъитиджын фæ зтыл, цæ ргæ сы фæ сус хъæ рæ й æ ндæ р кæ м никуы ницы фехъусдзæ н адæ ймаг, æ з ахæ м рæ ттыл бацыдтæ н Альпы сæ рвæ ттæ м; Ур æ мæ Ангельбергæ й фыййæ уттæ уырдæ м фескъæ рынц сæ фос. Цъититæ æ мæ дагъы цыхцыртæ й æ з састон мæ дойны; æ нæ сгæ рст мын иу хæ дзар дæ р нал баззад; хæ дзæ ртты-иу æ з мæ хæ дæ г уыдтæ н уазæ г дæ р æ мæ фысым дæ р; фæ стагмæ бахæ ццæ дæ н ахæ м хæ дзæ рттæ м, сæ цæ хх, сæ кæ рдзынæ й сæ уазæ джы хайы буцæ й чи æ рвиты. Æ вирхъауы ног уацхъуыд уырдæ м дæ р байхъуыст. Мæ зиан, ме ’намонддзинадмæ гæ сгæ мын лæ вæ рдтой æ гъдау, тæ ригъæ д мын кодтой алы ран дæ р. Ног хицæ уттæ й разы ничи у уым дæ р! Райдианæ й Альпы хæ хтыл алы аз дæ р уыциу кæ рдæ джы мыггæ гтæ куыд зайынц, сæ дæ ттæ уыциу цыд куыд кæ нынц, сæ æ врæ гътæ, сæ дымгæ тæ уыциу фæ ндæ гтыл куыд цæ уынц, афтæ фыдæ й-фыртмæ се ’гъдæ уттæ нæ ивынц. Сæ зæ ронд æ гъдæ уттыл фидар хæ цгæ йæ, уыдон нæ уарзынц ног æ гъдæ уттæ. Зæ рдиагæ й мын кодтой «æ гасцуай», сæ къултæ й истой се згæ хæ рд кæ рдтæ; цæ хæ р-иу акалдтой сæ цæ стытæ, хæ хбæ сты стыр аргъ кæ й нæ мттæ н ис, уыдон кой сын-иу куы райдыдтой, уæ д — дæ ном æ мæ Вальтер Фиурсты ном. Ард хæ рынц, цы сын зæ гъат, уый кæ й сæ ххæ ст кæ ндзысты; ард схъардтой, уæ фæ дыл цæ угæ йæ мæ рдты дуарæ й дæ р кæ й нæ раздæ хдзысты. Афтæ мæ й зылдтæ н хæ дзар-хæ дзар, цытджын уазæ джы кад мын лæ вæ рдтой нæ фыдæ лты æ гъдæ утты руаджы. Уыйадыл фæ стагмæ æ рцыдтæ н нæ фыдæ лты коммæ, мæ хæ стæ джытæ, ме ’ввæ хстæ бирæ кæ м цæ рынц, уырдæ м. Куырмæ й мæ фыды ссардтон кæ йдæ р лыстæ ныл: фæ тæ ригъæ д ын кодта чидæ р...

Штауффахер. Не сфæ лдисæ г хуыцау, табу дæ уæ н!

Мельхталь. Фæ лæ не скуыдтон; ницæ йаг цæ ссыгæ й мæ зæ рдæ йы маст не суагътон; æ з æ й арф бафснайдтон мæ риуы, фыдæ лты хæ знайау, æ мæ хъуыддагыл архайынæ й нал бацауæ рстон. Æ з цы ком, цы фæ свæ д адаг æ мæ фæ з нæ басгæ рстон, ахæ м мын нал баззади. Æ з басгæ рстон, æ нусон цъититæ м æ ввахс æ нцад цæ рæ ндæ ттæ. Мæ къахæ й кæ м æ рлæ ууыдтæ н, уым алы ран дæ р се сæ фт федтой тиранæ й. Цæ рæ г цы зæ ххыл нал ис, уæ лæ мæ кæ рдæ джы хал кæ м нал цæ уы, уыдонæ й дæ р хъалон стигъынц бæ стыхицæ уттæ. Адæ мы сыл сардыдтон; мах сты адæ м ныр сæ удæ й дæ р, сæ зæ рдæ йæ дæ р.

Штауффахер. Фæ стиат бирæ нæ бадæ, фæ лæ дын дзæ вгар бантыст.

Мельхталь. Мæ нæ н ма ноджы фылдæ р бантыст. Росберг æ мæ Сарнен сты ахæ м фидæ рттæ, сæ койæ дæ р адæ м кæ мæ н ризынц æ мризæ джы; уыцы галуанты мидæ г цæ рынц махæ н не знæ гтæ, нæ дзыллæ йæ н нын алы фыдбылызтæ чи аразы... Федтон сæ мæ хи дыууæ цæ стæ й; Сарнены фидар басгарын дæ р мын бантысти: мæ цæ ст ыл рахастон кæ рæ й-кæ ронмæ.

Штауффахер. Гъау, æ мæ калмы хуынчъы дæ къух бакæ нынмæ та дæ ныфс куыд бахастай?

Мельхталь. Монахы дарæ стæ мæ уæ лæ, афтæ мæ й дзы фæ зылдтæ н. Федтон дзы бæ стыхицауы куывды бадгæ. Мæ хи уромын кæ й фæ разын, уый сбæ рæ г уымæ й, æ мæ ме знаджы федтон, фæ лæ йæ нæ амардтон.

Штауффахер. Амонд дын баххуыс кодта де ’хсарæ н.

Аннæ адæ м дæ р æ рбаласынц сæ хи.

Ныр ма мын зæ гъ, чи сты, чи, дæ хæ лæ рттæ, ардæ м нæ м кæ й æ рбахуыдтай, уыдон? Куыд сæ базонæ м, ууыл бацархай, цæ мæ й раргом кæ нæ м нæ зæ рдæ тæ кæ рæ дзийæ н.

Майер. Æ мæ дæ не ’ртæ кантонæ й та уæ д чи нæ зоны? Мæ ном мæ нæ н — Майер, сарненаг, мæ нæ дын уый та мæ хæ рæ фырт — Струт, Винкельрид.

Штауффахер. Фехъуыстон ма æ з уыцы ном: иу Винкельрид амардта залиаг калм Вайлеры цъымарайы æ мæ мард фæ ци йæ хæ дæ г дæ р тохы мидæ г.

Винкельрид. Уый уыди мæ фыдæ лтæ й.

Мельхталь (дыууæ хъæ ууон адæ ймагмæ амонгæ йæ). Мæ нæ ацы унтервальдейнæ гтæ цæ рынц хъæ ды фæ стæ беридоны. Æ мæ кæ д сæ рмæ адæ мæ й не сты, кæ д æ мæ уыдон кусæ г адæ мы хаттæ й сты, уæ ддæ р сыл стыр сæ р ма скæ н дæ хи: уыдон дæ р уарзынц сæ фыдыбæ стæ.

Штауффахер (сæ дыууæ йæ н дæ р). Æ рисут-ма мын уæ къухтæ! Амондджын у уыцы адæ ймаг, бардарæ г кæ мæ нæ й, сæ рибарæ й чи цæ ры йæ хи зæ ххыл: фæ лæ рæ стдзинадæ н стыр аргъ хъуамæ уа алы ран дæ р.

Конрад Гунн. Мæ нæ дын уый та Рединг, нæ рагон иубæ стон.

Майер. Æ з æ й зонын. Зылындзых стæ м мах Редингимæ: тæ рхоны бацыдыстæ м зæ ххы тыххæ й. Фæ лæ уый зон, Рединг, дыууæ знаджы уыдзыстæ м тæ рхондоны, ацы ран та стæ м дыууæ æ фсымæ ры. (Йæ къух ын исы.)

Штауффахер. Лæ джы ныхас ракодтай.

Винкельрид. Æ рбацæ уынц. Нæ хъусут Уры уасæ нмæ?

Рахиз æ мæ галиу фарсæ й хæ хтыл æ рцæ уынц адæ м æ д хæ цæ нгæ рзтæ, сæ къухты рухсгæ нæ нтæ.

Майер. Сæ динамонæ г дæ р семæ: ай хуызæ н мæ йдар æ хсæ в зын фæ ндаджы уый ницæ мæ æ рдардта. Æ нæ зæ рдæ худт фыййау йæ фосы куыд хъахъхъæ дта, афтæ йæ адæ мы нæ ныууагъта уый дæ р тæ ссаг рæ стæ джы.

Баумгартен. Петерман æ мæ Вальтер Фиурст — сæ астæ у, фæ лæ дзы Теллы нæ уынын.

Вальтер Фиурст; Рессельман, сауджын; Петерман, кистер; Куони, фыййау; Верни, цуанон; Руоди, кæ сагахсæ г; стæ й ма фондз хъæ ууон адæ ймаджы. Уыдон се ’ппæ т дæ р — дæ с æ мæ ссæ дзæ й арты алыварс алæ ууыдысты.

Вальтер Фиурст. Уæ дæ афтæ! Адæ м цы хуызæ н зынæ взарæ нты нæ бафтдзысты! Ам нæ хи бынтыл, сдзырдхъом нын кæ мæ ничи у, нæ фыдæ лтæ й нын цы зæ хх баззад, уыцы ран сусæ гæ й мах æ мбырдтæ кæ нæ м, раст цыма æ взæ ргæ нджытæ стæ м, уыйау. Æ хсæ выгон, мæ йдарæ н йæ сау æ мбæ рзæ ны бын, къæ рных кæ мæ бæ ллы, ахæ м талынджы, хъуамæ архайæ м мах, цæ мæ й тыхгæ нджытæ й хъахъхъæ д æ рцæ уой нæ бартæ. Афтæ мæ й та уыдонмæ дæ уццагæ й ницы ис, бæ лвырд æ мæ бæ рæ г сты, кæ рдæ гхуыз цъæ х арвыл хурты хурзæ рин куыд бæ рæ г æ мæ куыд рухс у, афтæ.

Мельхталь. Хистæ р, сагъæ с ма кæ н уый тыххæ й! Мæ йдары кæ й байтауай, уый боныгон равзæ рдзæ н сæ рибардзинад æ мæ циндзинадæ н.

Рессельман. Байхъусут мæ м, хорз адæ м, хуыцау мын мæ зæ рды цы бафтыдта, æ з уын уый радзурон. Мах стæ м хъæ утæ й æ рвыст адæ м, æ мæ уый фæ дыл нæ бон у дзурын æ гас дзыллæ йы номæ й. Байдайæ м тæ рхоны бадын, нæ фыдæ лты æ гъдæ уттæ м гæ сгæ. Исты нæ дзы куы байрох уа, уæ д нæ м уый тыххæ й дæ р азым ничи æ рхæ сдзæ н, фадат æ ндæ р нæ амыдта. Сæ рибардзинады тыххæ й кæ мдæ риддæ р дзурой, уым тæ рхонгæ нджыты астæ у фæ бады хуыцау йæ хæ дæ г! Зæ гъут ма мын: хуыцау цы арв сфæ лдыста, уый бын нæ лæ ууæ м, нæ?

Штауффахер. Æ гъдау куыд амона, афтæ бакæ ндзыстæ м: æ хсæ в цыфæ нды мæ йдар уæ д, нæ бартæ рухс сты.

Мельхталь. Нымадæ й кæ д æ мæ уыйбæ рц бирæ не стæ м, уæ ддæ р адæ мæ н ацы ран ис сæ зæ рдæ, ацы ран: хуыздæ ртæ ам сты махимæ.

Конрад Гунн. Кæ д æ мæ нæ зæ ронд чингуытæ не сты ацы ран, уæ ддæ р сæ фыст арф æ фснайд у нæ зæ рдæ ты.

Рессельман. Цæ й, уæ дæ, ме ’фсымæ ртæ, зиллаккæ й æ рлæ ууæ м, хъама зæ ххы ныссадзæ м — уый у хицæ утты нысан!

Мауер. Нæ астæ у нæ иубæ стон æ рлæ ууæ д, æ ххуысгæ нджытæ та — йæ алыварс.

Петерман. Æ ртæ дзыллæ йæ стæ м ацы ран: кæ й равзардзыстæ м мах нæ хицæ н хицауæ н?

Майер. Швиц æ мæ йыл Ур бафидауæ нт, Унтервальден сын æ й хатыр кæ ны.

Мельхталь. Хатыр сын фæ уæ д: æ рмæ ст нын баххуыс кæ нæ нт се стыр бонæ й.

Штауффахер. Уæ дæ цыргъаг сласæ д Ур. Хæ сты рæ стæ джы æ фсæ дты разæ й тырыса йе ’вджид.

Вальтер Фиурст. Нæ, уый нæ уыдзæ н. Уыцы кад Швицæ й раздæ р никæ уыл æ мбæ лы. Уымæ й стæ м сæ рыстыр не ’ппæ т дæ р.

Рессельман. Уæ цытджын, уæ уæ здан быцæ у уын æ з ахицæ н кæ ндзынæ н, цæ мæ й бафидауат, ууыл бацархайдзынæ н: хъуыддаджы мидæ г фæ нд йæ химæ айсæ д Швиц, хистæ рдзинад та хæ сты лæ вæ рд уæ д Урмæ.

Вальтер Фиурст (дæ тты æ хсаргард Штауффахермæ). Айс æ й!

Штауффахер. Амал нæ й, — мæ нæ й дзы хистæ ртæ ис ацы ран.

Гоф. Ульрих Шмидæ й хистæ р нæ м нæ й.

Мауер. Лæ гæ й йæ м дау нæ й, фæ лæ йæ мыггаг не ’ххæ ссы, цæ й фæ дыл æ м нæ хауы тæ рхоны лæ джы бынат Швицы бæ сты?

Штауффахер. Уæ д та уын Рединг — нæ рагон иубæ стон, уымæ й хуыздæ р та ма кæ й равзардзыстут!

Рединг (астæ умæ рацæ уы). Мæ фадат нæ у чингуытыл мæ къух æ рæ вæ рын. Фæ лæ уын ард хæ рын æ нусон рухсдæ тджытæ й, æ рмæ ст рæ стдзинадæ й уæ лдай кæ й никуы ницы бакæ ндзынæ н!

Йæ размæ йын æ рсагътой дыууæ карды. Зиллакк æ ркодтой сæ хицæ й. Швиц — астæ уæ й, Ур — рахизварс.

Унтервальден та — галиуварс. Рединг лæ ууы, кардыл хæ цгæ йæ.

Хæ хты мах ныууагътам нæ хæ дзæ рттæ, æ ртæ адæ мыхаттæ й æ хсæ в æ нафоны æ рцыдыстæ м ардæ м — цады æ дзæ рæ г былмæ, фæ лæ ма нын бамбарын кæ нут, не ’мбырды сæ р цæ уыл у? Стъалыджын арвы бын кæ рæ дзийыл сбастам ногæ й нæ хи, фæ лæ цæ й руаджы æ рцыди махæ н нæ баст?

Штауффахер. Ног нæ у нæ иудзинад, фыдæ лтæ й нын чи баззад, мах хъавæ м æ рмæ ст уый сфидар кæ нынмæ. Уый зонут, ме ’фсымæ ртæ, æ мæ нæ кæ д дих кæ нынц кæ мттæ æ мæ дæ ттæ, кæ д алыхуызон уыди нæ зонд дæ р, уæ ддæ р — иу у нæ туг, не стæ г, схъомыл нæ кодта иу фыдыбæ стæ.

Винкельрид. Нæ зарæ джы ныхæ стæ уæ дæ раст сты — мах ардæ м кæ й æ рцыдыстæ м дардæ й? Радзурут-ма йæ, куыд уыди, цæ мæ й, зæ ронд хъуыддæ гтæ мысгæ йæ, фидардæ р кæ на нæ иудзинад.

Штауффахер. Æ з уын сæ радзурдзынæ н, хистæ ртæ й хъусгæ сæ куыд æ рцыдыстæ м, афтæ. Раджы кæ ддæ р цæ гатырдыгæ й цардысты стыр адæ м; скодта сыл фыд аз, схъазар алцыдæ р, æ мæ дзыллæ сфæ нд кодтой, цæ мæ й адæ мæ н сæ дæ сæ м хай ныууадзой сæ бæ стæ, хæ лттæ сæ ппаргæ йæ. Æ мæ афтæ бакодтой. Лæ гæ й, усæ й — дзæ вгар адæ м — æ нкъардæ й араст сты, хур сихорафон кæ м вæ ййы, уыцырдæ м, хуссармæ. Кард æ мæ уартæ й сæ хицæ н фæ ндаггæ рдгæ, уыдон цыдысты Германы бæ стыл æ мæ фæ стагмæ æ рбафтыдысты ацы тархъæ дæ й æ мбæ рзт хæ хтæ м. Сæ цыды кой кодтой æ дзæ рæ г фæ змæ, ныр Муота-дон кæ м згъоры йæ цъæ х былты астæ у, уырдæ м. Адæ ймагæ н дзы нæ ма уыди йæ дымгæ дæ р ацы ран, доны был дзы уыди æ рмæ ст иу мусонг, бадти дзы бæ лæ гътæ рæ г æ мæ ласта бæ лццæ тты. Дон афтæ фæ йлыдта уыцы рæ стæ джы, æ мæ дзы ленк кæ нынмæ ничи хаста йæ ныфс. Сæ цæ ст рахастой бæ стыл: бæ стæ разынди хъæ здыг — донæ й, хъæ дæ й; æ мæ байстой сæ зæ рдæ мæ — ног фыдыбæ стæ кæ й ссардтой сæ хицæ н; стæ й сфæ нд кодтой — æ нусмæ бынат куыд æ ркæ ной ацы ран. Æ рæ вæ рдтой дзы Швицы хъæ уы; бирæ фыдбонтæ дзы федтой, фæ сыгъдæ г кодтой хъæ д, — бæ лæ стæ сæ бындзарæ й фæ къахтой. Уалынмæ куы бабирæ сты, куынæ уал сын арæ хсти цæ рынæ н фыр къуындæ гæ й, уæ д айстой сæ хи дарддæ р, сау хæ хтæ м, стæ й Вайсландмæ, ихын цæ ндты хæ д æ мбуар кæ м цæ рынц хицæ н адæ м, æ ндæ р æ взагыл дзурæ г. Æ рæ вæ рдтой Станцы хъæ уы, Кернвальды. Альторфы хъæ уы — Ройсы дæ лвæ змæ æ ввахс; фæ лæ сæ сæ мыггаджы кой рох нæ кæ ны æ нусмæ дæ р. Сæ фæ стæ ма цы адæ мтæ æ рцардысты, уыдон æ хсæ н швицæ гты базондзынæ кæ ддæ риддæ р: уæ здан сты уыдон. (Къухтæ исы: куы рахиз, куы галиуварс.)

Мауер. Раст загътай: махæ н нæ туг дæ р иу у, нæ зæ рдæ дæ р.

Се ’ппæ т дæ р (кæ рæ дзимæ сæ къухтæ дæ тгæ йæ). Иу адæ мы хуызæ н фидаудзыстæ м мах.

Штауффахер. Бирæ тæ хæ ссынц искæ й къæ лæ т; уыдон æ гасæ й дæ р барвæ ндонæ й радтой сæ хи тыхджыны къухмæ. Ахæ м цагъайрæ гтæ чысыл нæ разындзæ н мах æ хсæ н дæ р: уыдонæ н сæ бар нæ цæ уы сæ хиуыл, сæ цагъайраг зæ рдæ йы уаг ныууадзынц сæ байзæ ддагæ н: фыды фарн мæ рдтæ м нæ цæ уы. Фæ лæ мах стæ м, адæ м ард кæ мæ й хордтой, уыдон цот, æ нусмæ мах æ вæ рын бафæ рæ зтам сæ рибардзинад, никæ мæ н бакуывтам нæ зоныгыл, фæ лæ барвæ ндонæ й нæ хи бафæ дзæ хстам имперыл, цæ мæ й ныл дара уый йæ арм.

Рессельман. Раст дзурыс, — уый уазæ г нæ хæ дæ г бакодтам мах нæ хи. Император нын цы чиныг радта, уым дæ р афтæ фыст ис.

Штауффахер. Фæ лæ сæ рибартæ н дæ р æ нæ иу æ гъдауæ й нæ й цæ рæ н. Хъæ уы хистæ р, хицау, тæ рхон кæ й номæ й кæ ной, адæ м сæ маст, сæ хъаст кæ мæ хæ ссой, уыдонæ н фидауцы хос кæ й къухы уа. Уыйадыл нæ фыдæ лтæ куырдтой цезарæ й сæ хуыдтæ г, сæ бæ сты номæ й Итали æ мæ Германы зæ ххытæ н хицауад чи кæ на, уый йæ бар куыд дара уыдонмæ дæ р; дзырд ын радтой, — хæ сты бон кæ й уыдзысты йæ фарсласæ г. Сæ рибар адæ мыл ис æ рмæ ст иу хæ с: нæ хъахъхъæ нæ г имперы хъахъхъæ нын.

Мельхталь. Аннæ хъуыддæ гтæ та сты се ’гас дæ р цагъайраг дуджы нысæ нттæ.

Штауффахер. Æ фсадмæ сæ м сидынц, æ вæ дза, уæ д-иу хæ цыдысты имперы тырысаты бын; бафсад кодтой Италимæ, цæ мæ й императорæ н райсой Римы коронæ, сæ хи бæ сты та сæ цард арæ зтой, сæ фыдæ лты æ гъдæ уттæ куыд амыдтой, афтæ. Император тæ рхонгæ нæ г уыди марджытæ н æ рмæ ст; тæ рхон кæ нынæ н æ рæ вæ рдта граф, фæ лæ уый дæ р нæ бæ стæ йы нæ царди: искæ й-иу куы амардæ уыд, уæ д нæ м-иу фæ зынд, æ мæ -иу æ дæ рсгæ, æ ргом адæ мы астæ у кодта туджджынтæ н раст тæ рхон. Цагъайраджы дугæ й дзы чи цы ссардзæ н ацы ран? Кæ д уæ, мыййаг, искæ мæ афтæ нæ зыны, уæ д æ й сусæ г ма бакæ нæ д!

Гоф. Нæ, кæ й дзурыс, уый раст у: бæ гуыдæ р, мах æ фхæ рды бынаты никуы уыдыстæ м.

Штауффахер. Мах иухатт коммæ дæ р бакастыстæ м, сауджынты фарс хæ цын куы байдыдта, уæ д. Айнзидельны моладзандон дын бавдæ лд æ мæ, фыдæ й-фыртмæ нæ фос кæ м хызтам, уыцы сæ рвæ ттæ нын айсынмæ хъавыд. Аббат нæ м, паддзахы лæ вæ рд у, зæ гъгæ, цавæ рдæ р чиныг равдыста, æ мæ хъуамæ сайдæ й моладзандоны бауыдаиккой, цыма дзы нæ хæ дæ г æ ппындæ р ницыуал уыдыстæ м, уыйау. Фæ лæ мах хъæ бæ рæ й загътам: «Ацы чиныг мæ нгард хъуыддаг у. Райдайæ нæ й-байдайæ нмæ мах нæ хи кæ й хонæ м, уыдон балæ вар кæ нын кесæ ры бон кæ цæ й у? Æ мæ нын уæ дæ кæ д импер нæ зæ ххытæ фидар кæ нынмæ нæ хъавы æ нусмæ дæ р нæ хиуыл, уæ д æ нæ уый дæ р фæ цæ рдзыстæ м нæ хæ хты». Ахæ м дзуапп радтой нæ фыдæ лтæ. Нæ сæ рмæ куыд бахæ сдзыстæ м мах худинаджы ног æ фсондзмæ нæ бæ рзæ й бадарын? Император нæ цæ уылты нæ домдта, æ рцæ уæ ггаг вассалтæ н та ма уый куыд ныббарæ м? Мах нæ хуыдтæ г скодтам зæ хх нæ хицæ н, нæ хи къухтæ й бакуыстам зæ ронд тулдзбынтæ, æ дзæ рæ г сырдбадæ нтæ æ мæ дзы сарæ зтам адæ мæ н цæ рæ ндæ ттæ. Мах сихсийын кодтам тугдзых сырдты мыггаг, маргтауæ г цъаммарты. Мах фæ сырдтам æ нусон сау мигътæ, уыцы æ дзæ рæ г бæ сты сæ рмæ æ дзух ауындзæ гæ й чи лæ ууыди; мах ныппырх кодтам къæ дзæ хтæ, сарæ зтам бæ лццæ ттæ н кæ мтты æ нцонвадат фæ ндæ гтæ. Ацы бæ стæ рагæ й-æ рæ гмæ дæ р нæ хи бæ стæ у. Æ мæ дæ м ныр кæ цондæ р вассал æ рбацæ уæ д æ мæ дæ тæ рсын кæ нæ д, хынджылæ г дæ скъæ рæ д дæ фыды зæ ххыл! Ау, æ мæ бынтон сæ фт фестæ м! Нæ хи бахъахъхъæ нынæ н дæ р та нал стæ м?..

Адæ м тынг базмæ лыдысты.

Нæ, кæ рон хъуамæ уа тиранæ н дæ р! Æ фхæ рд адæ ймаг, æ вæ дза, рæ стдзинад куы нал ары, хæ ссын куы нал фæ разы, æ вæ дза, йæ уаргъ, уæ д арвмæ сцæ гъды йæ риуыкъæ й. Йæ бартæ се ’ппæ т дæ р ссардзæ н уым; æ нæ ивгæ æ мæ æ нæ хæ лгæ уыдон лæ ууынц уыцы ран, æ нусон рухсгæ нджытау! Ралæ удзæ н фыдæ лтыккон дуг, адæ м сæ кæ рæ дзимæ фæ уыдзысты, æ ххуыс æ нхъæ лмæ макæ цæ йуал кæ сут... Уæ хъару æ мæ уæ хæ дæ г!.. Райсут уæ кæ рдтæ уæ къухмæ! Нæ исбон бахъахъхъæ нæ м; стох кæ нæ м нæ уарзон фыдыбæ сты сæ раппонд; хæ цæ м, уæ дæ, хæ цæ м мах нæ сылгоймæ гтæ æ мæ нæ сабиты сæ рыл!

Се ’ппæ т дæ р (сæ кæ рдтæ цæ вгæ йæ). Мах хæ цæ м нæ сылгоймæ гтæ æ мæ нæ сабиты сæ рыл!

Рессельман (фæ цæ уы зиллакмæ). Цалынмæ уæ кæ рдтæ м бавналат, уæ дмæ уал ахъуыды кæ нут, — чи зоны, æ мæ императоримæ нæ хъуыддаг лæ гъзæ й ахицæ н кæ ндзыстæ м. Хъыгдаргæ нæ цæ мæ й нæ кæ ной, æ рмæ ст нын уымæ й раттæ нт æ ууæ нк, æ ндæ ра нын тирантæ дæ р æ лхæ ндзысты нæ зæ рдæ; цы уæ агурынц, уый сын сæ ххæ ст кæ нут, æ мæ уæ д ахицæ н уыдзыстут имперæ й, Австрийы уазæ г та уæ хи бакæ нут.

Мауер. Цытæ дзуры, цы? Ард Австрийæ н бахæ рæ м?

Биугель. Уымæ дæ р хъусут!

Винкельрид. Уый у, йæ райгуырæ н бæ стыл сайдæ й чи цæ уы, топпы кæ сæ нæ й йæ м чи кæ сы, ахæ м адæ ймаджы ныхас!

Рединг. Ма ма стæ вд ут, мæ хæ лæ рттæ!

Сева. Утæ ппæ т æ фхæ рдты фæ стæ ма йын ард дæ р бахæ рæ м Австрийæ н?..

Флиуе. Гъау, æ мæ дзæ бæ х дзырдæ й нæ бон цы нæ баци, уый ныр тыхы фæ дыл ауæ лдай кæ нæ м?

Майер. Уæ д цагъайраджы аккаг стæ м, æ ндæ р ницы, æ мæ афтæ мæ й баззайæ м æ нусмæ дæ р!

Мауер. «Австрийы уазæ г уæ хи бакæ нут» нын чи зæ гъа, уымæ й ист хъуамæ æ рцæ уой, швейцайраг адæ ймагæ н цы бартæ ис, уыдон. Мæ нырдыгонау, нæ иубæ стон, не ’гъдæ уттæ н хъуамæ сæ тæ ккæ сæ рмæ фыст æ рцæ уа уыцы æ гъдау!

Рединг (иу цъусдуг алæ ууыд æ нæ дзургæ йæ, стæ й). Афтæ, афтæ!

Рессельман. Ме ’фсымæ ртæ, ног æ гъдаумæ гæ сгæ, ныр стут сæ рибар. Австрийæ н уæ дæ тыхы руаджы мауал бантысæ д, мах ын сабырæ й цы нæ радтам, уый.

Иост Вайлер. Ныр байдайæ м хъуыддаг кæ нын!

Рединг. Кæ д ма уæ, равзарын цы хъуыди, уыдонæ й исты байрох, мыййаг? Чи зоны, æ мæ паддзах йæ хæ дæ г нæ зоны, йæ номæ й нæ куыд æ фхæ рынц, уый! Тагъд ма бакæ нут! Хъуыддаг алырдыгæ й дæ р сбæ лвырд хъæ уы, фæ лваринæ гтæ й фæ свæ д иу дæ р мауал ныууадзæ м, бавзарæ м-ма! Раздæ р æ м бахæ ссæ м нæ хъаст: куы нæ йæ айса, уæ д нын нæ кæ рдтæ та кæ дæ м лидздзысты? Нæ хъуыддаг кæ д æ мæ раст хъуыддаг у, уæ ддæ р тыхы фæ ндагыл ныллæ ууын зæ рдæ нæ комы; хуыцау та ныл йæ арм æ рмæ ст уæ д дардзæ н, æ мæ зæ ххон адæ ймаджы æ ххуысмæ куы нал æ нхъæ лмæ кæ сæ м.

Штауффахер (Конрад Гуннмæ). Радзур-ма нын, хъуыддагæ н цы зоныс, уый.

Конрад Гунн. Æ з фæ цыдтæ н Райнфельдмæ, паддзахы фидармæ, цæ мæ й хъаст бахæ ссон бæ стыхицауыл æ мæ цæ мæ й фæ стæ мæ нæ къухы бафтой нæ рагон бартæ. Бирæ минæ вæ рттæ дзы федтон æ з уыцы ран Швабæ й æ мæ Рейндоны был цæ рджытæ й. Уыдон райстой сæ бартæ æ мæ хъæ лдзæ гæ й аздæ хтысты сæ химæ. Бахуыдтой тæ рхондонмæ мæ н дæ р — уæ минæ вары — æ мæ мын радзырдтой уыцы ран: «Нæ паддзахы ацы сахат не ’вдæ лы йæ хъуыддæ гтæ й, фæ лæ æ ндæ р хатт уымæ н æ рлæ удзыстут йæ зæ рдыл». Æ нкъардæ й сæ раздæ хтæ н, æ мæ паддзахы агъуысты мидæ г цæ угæ йæ, æ васт фæ комкоммæ дæ н герцог Иоганнмæ; уый лæ ууыди уыцы ран æ мæ йæ цæ ссыг калдта. Йæ разы уыдысты Варт æ мæ Тегерфельд. Уыдон мæ м басидтысты æ мæ мын загътой: «Хохы мæ сыгджын фесæ фт, быдыры — хъанджын, — макæ уыл дарут уæ зæ рдæ, уый тыххæ й æ мæ уæ хуыдтæ г куы нæ уат уæ сæ рæ н, уæ д уын ничи ницы фæ уыдзæ н. Паддзах ома рæ стдзинад бакæ на, уый уæ фæ сонæ рхæ джы дæ р ма уæ д: баздæ хт, æ мæ йе ’фсымæ ры фыртæ н байста йæ бынтæ. Герцогæ н та ныр йæ азтæ сæ ххæ ст сты — саби нал у; æ гъдау куыд амоны, афтæ мæ й уынаффæ кæ нид йæ зæ ххытæ н. Паддзахæ й куырдта уый йæ фыды бынтæ æ мæ йын хуыздæ рæ н цы дзуапп радта æ нхъæ лут? Паддзах ын æ ркодта дидинджытæ й худ йæ сæ рыл æ мæ йын загъта: «Мæ нæ дын аив дарæ с дæ лæ ппуйы рæ стæ джы».

Мауер. Фехъуыстат? Паддзахæ й нæ бадомдтат сымах уæ бартæ. Ныфсджын ут æ рмæ ст уæ хицæ й!

Рединг. Паддзахæ й дæ р ныр нæ кард нæ кæ рддзæ мы нытътъыстам, — нæ бон дзы базыдтам. Архайын куыд байдайæ м, уымæ н фæ нд хъæ уы.

Вальтер Фиурст (рацæ уы зиллакмæ). Фæ нды нæ мах нæ уаргъ аппарын æ мæ нæ рагон бартыл ныххæ цын, нæ фыдæ лтæ нын кæ й бафæ дзæ хстой, уыдоныл. Ног бартæ фæ лгъауæ г мах нæ хи не скæ ндзыстæ м. Кесæ р уæ цы агура, уый — кесæ рæ н; алкæ уыл дæ р нæ цы хæ с ис, уый æ ххæ ст кæ нæ д.

Майер. Австрийæ райстон æ з, æ фстау сын цы раттон, уый.

Вальтер Фиурст. Æ мæ йын фид, цы дыл æ мбæ лы, уый.

Иост Вайлер. Æ з Рапперсвейльтæ н фидын хъалон.

Вальтер Фиурст. Фид, куыд фыстай, афтæ.

Рессельман. Циурихы беридонæ н æ з ард бахордтон...

Вальтер Фиурст. Аргъуаны чи у, уый бадæ тт аргъуанмæ.

Штауффахер. Æ з æ фстау исын имперæ й.

Вальтер Фиурст. Кæ нут алцыдæ р, цæ йбæ рц уыл æ мбæ лы, уыйбæ рц, уæ лдай иу мисхал дæ р ма кæ нут. Мах саразинаг стæ м æ рмæ ст иу хъуыддаг: бæ стыхицæ утты фæ сурын æ мæ сын сæ фидæ рттæ фехалын; стæ й кæ д амал уа, уæ д ууыл дæ р кусдзыстæ м, цæ мæ й дзы нæ акæ ла туг. Уымæ й император бамбардзæ н, æ ндæ р амал нын кæ й нал уыди; ноджы ма æ нæ гъдау мийæ куы ницы бакæ нæ м, уæ д уый дæ р бауромдзæ н йæ маст, уымæ н æ мæ æ д хæ цæ нгæ рзтæ адæ м сæ хиуыл хæ цын куы фæ разой, уæ д семæ дзурын æ дас нæ вæ ййы.

Рединг. Алцыдæ р хорз, фæ лæ кæ й байдыдтам, уымæ н кæ рон кæ д скæ ндзыстæ м? Не знæ гтæ æ дзæ ттæ не сты, æ мæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ басабыр уыдзысты æ нæ схæ цгæ.

Штауффахер. Æ д хæ цæ нгæ рзтæ сæ ныхмæ куы æ рлæ ууæ м, уæ д æ рсабыр уыдзысты: нæ хи сын бавдисдзыстæ м, æ нхъæ л куыд нæ уой, афтæ мæ й.

Майер. Дзыхæ й дзурын æ нцон у, фæ лæ хъуыддаг скæ нын зын у. Нæ зæ ххыл ис дыууæ фидары: ницы тас сын у не знæ гтæ н уыцы ран; хуымæ тæ джы нæ бафтдзысты уыдон къухы, паддзах æ фсæ дтимæ ам куы æ рлæ ууа, уæ д. Росберг æ мæ Сарнеры фидары райдайæ ны нæ хи бакæ нæ м, цалынмæ хæ ст нæ ма стынг, уалынмæ.

Штауффахер. Фæ стиат нал хъæ уы, цæ мæ й не знаг нæ ма байдайа йæ хи хъахъхъæ нын; бирæ адæ м ис нæ сусæ г фæ нды.

Майер. Сайдæ й чи рацæ уа йæ бæ стыл, ахæ м адæ м нæ хъæ дарæ хджын кантоны нæ разындзæ н.

Рессельман. Æ гæ р æ нувыд дæ р-иу зиан æ рхæ ссы хъуыддагæ н.

Вальтер Фиурст. Фæ стиат куы кæ нæ м, уæ д Альторфы фидар амад фæ уыдзæ н, æ мæ бæ стыхицауæ н уыцы ран тас нал у бынтондæ р.

Майер. Æ рмæ ст уæ хи сæ рты кой кæ нут сымах.

Петерман. Раст нæ зæ гъыс.

Майер (мæ стыйæ). Мах нæ зæ гъæ м раст? Уый та нæ м куыд бауæ ндыд Ур?!

Рединг. Банцайут! Ард кæ й бахордтат, уый уæ рох ма уæ д!

Майер. Банцайынæ й фæ стæ мæ нын æ ндæ р фæ рæ з дæ р нæ й, Ур æ мæ Швиц фарс куы фæ уой, уæ д!

Рединг. Уайдзæ ф дын кæ нын адæ мы раз, уый тыххæ й æ мæ нын халыс нæ иудзинад дæ суццайæ. Уыциу хъуыддаджы сæ раппонд нæ бамбал стæ м ацы адæ м не ’ппæ т дæ р?

Винкельрид. Цыппурсмæ йæ куы ныууадзæ м, уæ д хуыздæ р уыдзæ н. Уыцы рæ стæ джы, æ гъдаумæ гæ сгæ, бæ стыхицауæ н, цы стæ м, уымæ й мах фæ хæ ссæ м лæ вæ рттæ. Иу-дæ с, йе дыууадæ с лæ гæ н нæ амал æ рцæ уид фидармæ, ничи сыл фенæ ууæ нк уаид, афтæ мæ й. Хæ цæ нгæ рзтæ бахæ ссынæ н дæ р амал æ рцæ уид: уырдæ м гæ рзифтонгæ й кæ д нæ уадзынц, уæ ддæ р цыргъæ гтæ бахæ ссиккой аивæ й, стæ й сæ уыцы ран афидар кæ никкой лæ дзджытыл. Иннæ къорд сæ хи бафæ свæ д кæ нæ нт хъæ ды; æ мæ раззæ гтæ, æ вæ дза, кулдуар æ рцахстой, уæ д уадындзæ й ныууасæ нт; аннæ тæ балæ удзысты сæ уæ лхъус æ мæ фидар æ нцонæ й бафтдзæ н сæ къухы.

Мельхталь. Уæ дæ уын Росберг та мæ бар фæ уæ д: уым цæ ры иу чызг, хæ лар у мемæ; уый мæ м æ руадздзæ н асин; асиныл æ з фидары фæ мидæ г уыдзынæ н, æ мæ уæ д аннæ тæ н дæ р фæ ндаджы амал æ рцæ удзæ н мæ фæ дыл!

Рединг. Цы зæ гъут цыппурсæ й? Разы йыл стут уе ’ппæ т дæ р?

Адæ мæ н сæ фылдæ р систой сæ къухтæ.

Штауффахер (нымайы къухтæ). Дыууадæ сы дзы нæ фæ нды, ссæ дз та разы сты æ мгъуыдыл.

Вальтер Фиурст. Стæ й æ мгъуыды бон фидæ ртгæ ист куы æ рцæ уой се ’ппæ т дæ р, уæ д æ ртытæ бандзардзыстæ м къуылдымтыл, хæ хбæ стæ уæ д хъуыддаг бамбардзысты æ мæ дзыллæ иууылдæ р сæ хи барæ вдз кæ ндзысты хæ цæ нгæ рзтæ й. Æ мæ бæ стыхицæ уттæ куы æ ркæ сой, мах дзæ гъæ лы кæ й нæ райстам нæ хотыхтæ, уымæ, уæ д, бауырнæ д уæ, нал сæ бафæ нддзæ н махимæ схæ цын, фæ лæ батагъд кæ ндзысты ардыгæ й сæ хи айсыныл.

Штауффахер. Тас мæ ис æ рмæ ст ацы хивæ нд Геслерæ й, тыхджын æ фсад ис йæ алыварс, уый æ нæ туг ныккалгæ сæ ттын нæ бакомдзæ н, тарды куы фæ уа, уæ ддæ р дзы æ дас не стæ м. Ауæ рдын ыл нæ хъæ уы — фыдбылыз нын æ рхæ сдзæ н.

Баумгартен. Тасдæ р цы ран уа, уым хъуыддаг мæ хи бар кæ нын мæ райгуырæ н бæ стæ йы тыххæ й. Ме ’фхæ рд æ з райстон æ мæ æ рæ нцад мæ зæ рдæ.

Рединг. Цы уа, уый уæ д. Æ нхъæ лмæ кæ сут, мæ хæ лæ рттæ! Æ рцæ уинагæ н æ нæ æ рцæ угæ нæ й. Фæ лæ мæ нæ, цалынмæ ацы ран мах не ’хсæ в æ рвитæ м, уалынмæ бæ рзæ ндтæ рухс кæ нын байдыдтой. Æ мæ уал нæ хи айсæ м, намæ ныл хур ам скæ сдзæ н.

Вальтер Фиурст. Тæ рсгæ ма кæ н, талынг сабыргай кæ мттæ й фæ хъуызы.

Се ’гас дæ р сæ худтæ систой æ мæ æ нцадæ й, зæ рдæ райæ сæ уæ хсидмæ кæ сынц.

Рессельман. Цалынмæ ма сахайрæ гтæ талынджы сæ хæ дзæ ртты хуыссынц, уалынмæ, махæ н «æ гас цæ уат» чи зæ гъы, уыцы боны рухсмæ нæ иудзинады тыххæ й ноджыдæ р ард бахъарæ м, цæ мæ й амæ й фæ стæ мæ æ фсымæ ртау нæ цард дæ р, нæ зиан дæ р иу уа; фыдбоны дæ р, тыхст рæ стæ джы дæ р нæ хи куыд нæ аласæ м кæ рæ дзийæ.

Се ’ппæ т дæ р ын æ мхуызонæ й йæ фæ дыл дзурынц йæ ныхæ стæ.

«Нæ фыдæ лтау уыдзыстæ м сæ рибар! Мæ лæ т хуыздæ р у цагъайраджы дугæ й. Хуыцауыл бафæ дзæ хсæ м нæ хи æ мæ нын тас нæ уыдзæ н».

Хъæ ууон адæ м хъæ быстæ кæ нынц сæ кæ рæ дзийæ н.

Штауффахер. Ныр уæ алчидæ р агурæ д йæ фæ рныг хæ дзар. Фыййау хизæ нмæ аскъæ рæ д йæ фос æ мæ нын нæ иудзинадæ н æ нцад-æ нцойæ æ мбæ лттæ æ мбырд кæ нæ д. Не ’мгъуыдмæ мах бафæ раздзыстæ м. Уадз æ мæ тиранмæ тынгдæ р æ хсида нæ маст, фæ лæ æ рцæ удзæ н афон æ мæ дзы нæ хæ с уыциу ист ракæ ндзыстæ м. Уæ хиуыл уал фæ хæ цут стырдæ р тохы бонмæ: æ рмæ ст йæ хи гуылы бын арт чи æ ндзара, уый нæ бацауæ рддзæ н давынæ й дзыллæ йы иумæ йаг хорздзинадыл.

Адæ м цадæ ггай фæ йнæ рдæ м куыд цæ уынц, афтæ оркестр цæ гъды зæ рдиагæ й; иу цъусдуг гомæ й аззайы афтид сценæ; зынынц хуры фыццаг тынтæ, митджын бæ рзæ ндтæ адардтой сырх хъулон.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.