Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Фыццаг æвдыст. Тæлмацгæнæг — Æмбалты Цоцко






Цоцко

Фридрих Шиллер

ВИЛЬГЕЛЬМ ТЕЛЛЬ

Тæ лмацгæ нæ г — Æ мбалты Цоцко

АРХАЙДЖЫТÆ

Герман Геслер, имперы бæ стыхицау Швиц æ мæ Уры.

Вернер фон Аттингаузен, зæ хджын барон.

Ульрих фон Руденц, йæ хойы лæ ппу.

 

Вернер Штауффахер } Швицы адæ м
Конрад Гунн
Итель Рединг
Ганс Мауер
Иорг Гоф
Ульрих Шмид
Иост Вайлер
     
Арнольд Мельхталь } Ультервайденæ й.
Конрад Баумгартен
Майер Сарнен
Струт Винкельрид
Клаус фон дер Флиуе
Буркгарт Биугель
Арнольд Сева

 

Енни, кæ сагахсæ джы лæ ппу.

Сеппи, фыййауы лæ ппу.

Гертрудæ, Штауффахеры ус.

Иоганн Паррицида, Швабы герцог.

Гедвигæ, Теллы ус, Вальтер Фиурсты чызг.

Бертæ фон Брунек, бирæ бынты хицау чызг.

Рудольф Гаррас, Геслеры стальмейстер.

 

Вальтер Фиурст } Уры бæ стæ гтæ
Вильгельм Телль
Рессельман, пастор
Петерман, кистер
Куони, фыййау
Верни, цуанон
Руоди, кæ сагахсæ г
     
Армгардæ } Хъæ ууон устытæ.
Мехтгильдæ
Эльсбетæ
Гильдегардæ

 

Вальтер } Теллы лæ ппутæ.
Вильгельм

 

Пфайфер, Лиуцернæ й.

Кунц, Герзауæ й.

 

Фрисгард } Салдæ ттæ
Лейтхольд

 

Штиусси, фатæ хсæ г.

Уацхъуыдхæ ссæ г.

Куыстмæ гæ сæ г, агъуыст аразгæ йæ.

Дурамайæ г, йе ’ххуысгæ нджытæ æ мæ кусджытæ.

Фидиуæ г.

Геслер æ мæ Ланденберджы хъахъхъæ нджытæ.

Устытæ æ мæ лæ гтæ хъæ дарæ хджын кантонæ й.

ФЫЦЦАГ АРХАЙД

Фыццаг æ вдыст

Бæ рзонд айнæ г къæ дзæ х — цады был, цады ном — «Цыппар Кантоны Цад», Швицы комкоммæ. Цад иуырдæ м фæ гуылгонд. Йæ былгæ рон — хæ дзар. Енни ленк кæ ны бæ лæ гъы. Цадæ н иннæ рдыгæ й фарс зынынц цъæ х фæ зтæ æ мæ Швицы хъæ утæ, рухс дарынц хурмæ. Кæ сджытæ н сæ галиуырдыгæ й — хæ хтæ, мигъæ й æ мбæ рзт; рахизырдыгæ й — митджын къæ дзæ хтæ, цæ ст сын нæ ахсы сæ кæ рон. Æ мбæ рзæ н сисыны агъоммæ хъуысы уадындзæ й хъазт, дзугты уасын æ мæ мырмырæ гты хъæ р.

Енни (зары бæ лæ гъы)

Цъæ х цады тæ мæ нтæ, цъæ х цады фæ йлауæ н...

Æ рфынæ й ис лæ ппу... уый дымгæ рæ вдауы.

 

Йæ мидфын ын уадындз

Цыдæ ртæ зæ гъы...

Уый зарды зæ лтимæ

Уæ лæ рвты тæ хы.

 

Æ рыхъал ис. Зæ рдæ рæ сугъд æ рдзмæ хъазы,

Фынккалгæ уылæ нтæ фæ йлауынц йæ разы,

 

Йæ хъустыл æ руадис

Мынæ г, сусæ г хъæ р:

«Ныррæ цугъ хи гуылфмæ,

Æ нусмæ уым цæ р!»

 

Куони (зары хохы сæ рæ й)

Хæ рзбон, сæ рвæ ттæ,

Сæ уæ хсиды ’хсидæ н!

Зын нын у фæ хицæ н!

Фæ ивгъуыдта сæ рд!

 

У афон, ныххизæ м, цæ й, астымтæ м балцы,

Уым фенæ м, куыд райхъал йæ салд фынæ й алцы:

Рæ сугъд дидинджытæ н сæ хъулон цæ хæ р;

Уым фехъусæ м мæ ргъты ’мæ суадæ тты хъæ р.

 

Хæ рзбон, сæ рвæ ттæ,

Сæ уæ хсиды ’хсидæ н!

Зын нын у фæ хицæ н!

Фæ ивгъуыдта сæ рд!

 

Ныв æ ндæ рхуызон фæ ци, æ мыр хъæ р хъуысы хæ хтæ й; аууон алырдыгæ й æ рæ мбæ рзта асæ сты. Руоди, кæ сагахсæ г, рацæ уы йæ хæ дзарæ й. Верни, цуанон, æ рцæ уы къæ дзæ хæ й. Куони, фыййау, æ рцæ уы, хызын йе ’фцæ джы. Сеппи, йæ лæ ппу, йæ фæ дыл.

Руоди. Хыз тагъддæ р амбырд кæ н, Енни! Арв æ рхъуынджын, дымгæ ниуы. Не ’нусон сыхаг мигъын худæ й сарæ зта йæ хи: æ мæ хуыцауы фæ ндæ й арв гæ рæ хтæ кæ нын куыд райдайдзæ н, уый нал фендзынæ.

Куони. Нæ батагъд кодтай, цы, мæ бæ стаг? Уарын байдайдзæ н; нæ кæ сыс, фыстæ куыд зыд кæ нынц кæ рдæ гыл; куыдз дæ р къахы зæ хх.

Верни. Хуымæ тæ джы не згъоры кæ саг, доны арц дæ р нал æ нцайы ныгъуылынæ й, æ нæ уаргæ дзы нæ й, арв дæ р нæ рдзæ н.

Куони (лæ ппумæ). Фосæ й ма хъæ уы, цы, Сеппи?

Сеппи. Нал, мæ хицау, — нæ Лизли дæ р ам ис: базыдтон æ й йæ мырмырæ гтæ й.

Куони. Уæ дæ аннæ тæ дæ р ам уыдзысты: уымæ й дарддæ р сæ ничи вæ ййы.

Руоди. Тынг хорз сты дæ мырмырæ гтæ, мæ хæ лар.

Верни. Фосæ й дæ р цы загъдæ уа!.. Дæ хи сты æ ппæ т рæ гъæ уттæ дæ р, мæ хæ лар?

Куони. Не сты — æ з уыйбæ рц фосджын нæ дæ н. Уыдон ме ’лдар Аттингаузены фос сты.

Руоди. Иу хъуджы хъуырыл та дзы лент баст и; диссаджы хорз ыл фидауы!

Куони. Афтæ кæ й у, уый æ мбары йæ хæ дæ г дæ р æ мæ дзы хъал дары йæ хи. Куы йын æ й рафтауин, уæ д нал хизид.

Руоди. Дзæ гъæ л ныхас у дæ ныхас! Æ гомыг фос та ма дын уыдæ ттæ æ мбара, уый куыд уыдзæ ни?

Верни. Ма зæ гъ! Зонд сырдмæ дæ р кæ й ис, уый мах зонæ м. Цуанонтæ, хæ хты цуангæ нгæ йæ, фенынц алы хатт, — сычъитæ й сæ иу вæ ййы хъахъхъæ нæ г. Æ мæ сæ м, æ вæ дза, цуанон баввахс, уæ д сырд ныхситт кæ ны, æ мæ уадидæ гæ н сычъитæ сæ хи амбæ хсынц кæ мтты.

Руоди (фыййаумæ). Уæ химæ сæ скъæ рыс?

Куони. Гъо! Хиз нал ис хæ хты.

Верни. Фæ ндараст!

Куони. Ды дæ р фæ ндараст! Уыйбæ рц æ дас нæ вæ ййы сымахæ н уæ фæ ндаг.

Руоди. Уый та нæ м чи æ рбацæ уы? Куыд тындзы.

Верни. Уый нæ хи Баумгартен, алцелнаг.

Конрад Баумгартен æ рбазгъоры хæ стулæ фтгæ нгæ йæ.

Баумгартен. Бæ лæ гъ мын тагъд, кæ сагахсæ г, хуыцауы хатыр бакæ н!

Руоди. Æ мæ уыцы тагъд кæ дæ м кæ ныс?

Баумгартен. Райхал тагъд дæ бæ лæ гъ! Фыдбылызæ й мæ бахиз. Доны иннæ фарс мæ фæ кæ н.

Куони. Цы хабар у, цы дыл æ рцыди, мæ хæ лар?

Верни. Сурæ г дæ ис? Кæ мæ й лидзыс?

Баумгартен (кæ сагахсæ гмæ). Мæ фæ д-фæ д згъорынц бæ стыхицауы фæ дисæ ттæ. Бацарæ фтыд дæ н, куыддæ р мæ æ рбаййафой, афтæ.

Руоди. Æ мæ дæ цæ мæ н сурынц?

Баумгартен. Фервæ зын уал мæ кæ н, стæ й дын æ й уæ д радзурдзынæ н.

Верни. Æ мæ уæ д тугæ й ахуырст та цæ мæ н дæ?

Баумгартен. Росберджы цесæ р йæ хи бæ сты цы хицау æ рæ вæ рдта...

Куони. Чи? Вольфеншиссен? Ахсынмæ дæ уый хъавы?

Баумгартен. Уымæ й тас нал у: мæ къухæ й мæ рдтæ м бацыди.

Æ мхуызонæ й (сæ хи дзы фыр тæ ссæ й айсгæ йæ). Цы бакодтай, æ намонд?

Баумгартен. Мæ раны уæ алчидæ р, æ з цы бакодтон, уый бакодтаид: æ з дзы райстон мæ маст, æ з ын нæ ныббарстон... мæ хæ дзары æ фхæ рд, ме ’фсины æ фхæ рд.

Куони. Дæ усы дын бафхæ рдта?

Баумгартен. Хъавыди, хуыцау æ мæ йын мæ цыргъ фæ рæ т куы нæ фæ дзæ гъæ л кодтаиккой йæ фæ ндтæ, уæ д.

Верни. Дæ фæ рæ тæ й йæ?..

Куони. Дæ хорзæ хæ й, радзур нын æ й, куыд уыди? Кæ сагахсæ г цалынмæ бæ лæ гъыл архайа, уалынмæ нын æ й дзырд фæ уыдзынæ.

Баумгартен. Сугтæ кодтон хъæ ды; æ васт ме ’фсин мæ разы æ рбалæ ууыд, хуызæ ртау дзы нал уыди, афтæ мæ й, æ мæ дзуры, бæ стыхицау нæ хæ дзары кæ й æ рæ нцад, абана тæ вд кæ нын кæ й кодта, ме ’фсиныл куыд хъавыд тыххæ й хæ цынмæ. Ус ма тыхтæ æ мæ æ хсæ рттæ й раирвæ зт æ мæ мын ракодта йæ хъаст, йæ маст. Уыцы хуызæ нæ й æ з балæ ууыдтæ н нæ химæ, баййæ фтон дзы æ наккаджы... Уæ балгъитæ г афтæ!.. Фæ рæ тæ й йын афастон йæ сæ ры кæ хц.

Верни. Афтæ йын хъуыд — ничи дæ базылын кæ ндзæ н.

Куони. Тиран! Цы агуырдтай, уый ссардтай. Унтервальдены маст дзы райстай.

Баумгартен. Хабар уайтагъд байхъуыст сахармæ æ мæ тæ рхоны лæ г рарвыста мæ фæ дыл фæ дис. Рæ стæ г цæ уы... цалынмæ дзурæ м...

Хъуысы арвы нæ рын.

Куони. Батагъд кæ н, кæ сагахсæ г, уыцы фарс æ й фæ кæ н!

Руоди. Амал не ’рцæ удзæ н ацы сахат. Арв нæ ры, дæ лæ мæ калы. Банхъæ лмæ уал кæ сæ м

Баумгартен. Хуыцау ме ’вдисæ н, рæ стæ г нæ амоны, мæ бон нæ у... чысылдæ р бафæ стиат дæ н, уæ д мын бауыдзæ н хæ рз æ рæ джы.

Куони (кæ сагахсæ гмæ). Фæ стиат ма кæ н, мæ хæ лар, Хуыцау дыл цы хæ с сæ вæ рдта, уый сæ ххæ ст кæ н: мæ лæ тæ й йæ фервæ зын кæ н. Чи зоны, уый цы зыны ис, мах сæ рты дæ р уый баййафа.

Арвы нæ рын æ мæ тымыгъ.

Руоди. Нæ уыныс, цад куыд фæ йлауы, куыд ниуы: тымыгъы ныхмæ та мæ нæ н бæ лæ гъ тæ рын мæ бон нæ бауыдзæ н.

Баумгартен (зонгуытыл æ рхауд). Фервæ зын мæ кæ н! Хуыцау дын æ й бафиддзæ н хорздзинадæ й мæ бæ сты.

Верни. Дæ къухы ис йæ фервæ зын!

Куони. Бынтон дзæ гъæ лы зайынц йæ бинонтæ: йæ ус æ мæ йæ зæ нæ г!

Ноджы та цæ уы арвы гæ рæ хтæ.

Руоди. Мæ н дæ р мæ уд рауæ лдай хъæ уы, фæ лæ мын ус æ мæ зæ нæ г ис. Кæ сут фæ йлауæ нты абухтмæ: кæ рæ дзийы куыд хойынц, куыд зилдух кæ нынц! Нæ бацауæ рдин мæ хиуыл, цæ мæ й йæ фервæ зын кæ нон, фæ лæ уый адæ ймаджы къухы нæ бафтдзæ н.

Баумгартен (лæ ууы ма йæ зонгуытыл). Уæ дæ мын фервæ зынæ н амал нал ис! Фыдгулты къухы бафтдзынæ н æ мæ мыл сæ вæ рдзысты хъадамантæ. Афтæ мæ й та цады фаллаг фарс дард нæ й: мæ нæ тын дæ р æ м байхъуысдзæ н. Уырдæ м бахæ ццæ дæ н, æ вæ дза, уæ д мын тас нал уаид. Бæ лæ гъ дæ р мæ нæ — мæ разы. Уайтагъд мæ уыцы фарс сæ мбæ лын кæ нид. Фæ лæ хæ рæ г ихы сæ рыл куыд баззайа, афтæ ацы ран баззадтæ н æ вæ гæ сæ гæ й.

Куони. Акæ сут-ма, уый та нæ м чи æ рбацæ уы?

Верни. Уый Телль, тиуыргленаг!

Телль æ рбацæ уы æ д фат, æ д æ рдын.

Телль. Уыцы лæ гъстæ уын цæ уыл кæ ны ацы лæ г? Чи у? Кæ цон у?

Куони. Алцелнаг: йæ усы æ фхæ рдмæ амардта паддзахы бæ сты æ вæ рд хицау Росберджы. Бæ стыхицау æ м рарвыста ахсынмæ, лæ гъстæ кæ ны кæ сагахсæ гæ н, цæ мæ й йæ фæ кæ на цады фаллаг фарс, фæ лæ уый нæ хæ ссы тымыгъæ й йæ ныфс.

Руоди. Мæ нæ уын ай та Телль, — уый дæ р æ нæ арæ хсгæ нæ у фыййагимæ. Зæ гъæ д-ма, кæ ддæ ра цæ уæ н ис ай хуызæ ны цады?

Арвы гæ рæ хтæ. Цад дыууæ рдæ м кæ ны.

Цæ стуынгæ йæ адзалы хъæ бысмæ куыд баппарон æ з мæ хи? Нæ, уыйбæ рц нæ ма фæ дзæ гъæ л мæ зонд!

Телль. Æ хсарджын адæ ймаг йæ хи сæ ры кой æ ппæ ты фæ стæ бакæ ны. Хъиамæ тæ й йæ бахиз хуыцауы фæ рцы.

Руоди. Хуыскъыл уынаффæ кæ нын зын нæ у! Уый дын цад, уый дын бæ лæ гъ — бавзар.

Телль. Цады дæ р искуы æ нцайынмæ хъæ уы, фæ лæ хатыр нæ й бæ стыхицаумæ. Фервæ зын æ й кæ н, кæ сагахсæ г.

Куони æ мæ Верни. Йа-мардзæ, йа-мардзæ!

Руоди. Нæ уыдзæ н! Ме ’фсымæ р куы феста, мæ хи хъæ бул, уæ ддæ р не сразы уыдзынæ н. Абон у Симон Иудайы бон: фыдæ лтæ й куыд баззади, уымæ гæ сгæ та, нывонд фæ цагуры йæ хицæ н æ нæ бын мал уыцы бон.

Телль. Ныууадз-ма дæ æ дылы ныхæ стæ: рæ стæ г махмæ нæ кæ сы, ныхасæ й йæ буц ма кæ н — æ ххуыс ын хъæ уы. Ласыс æ й æ ви нæ?

Руоди. Мæ бон нæ у!

Телль. Уæ дæ хуыцауы цы фæ нда, уый уыдзæ н. Тагъд мын бæ лæ гъ! Æ з æ й ласын, кæ д мын бантыса, уæ д.

Куони. Гъе уый дын лæ джы ныхас, гъе!

Верни. Саглæ джы.

Баумгартен. Телль, абон ды дæ мæ нæ н мæ хуыцауы хай, мæ хъахъхъæ нæ г зæ д!

Телль. Æ з дæ фервæ зын кæ ндзынæ н тæ рхоны лæ гæ й, тымыгъæ й та дæ бахъахъхъæ нæ д бæ рзондылбадæ г! Дæ хи хуыцауы уазæ г бакæ н, адæ мы бон уыйбæ рц нæ бауыдзæ н. (Фыййаумæ.) Мæ хæ лар, зæ рдæ тæ -иу бавæ р ме ’фсинæ н, мыййаг мыл исты фыдбылыз куы æ рцæ уа, уæ д. Цы сфæ нд кодтон, уый æ нæ бакæ нгæ мæ бон нæ у. (Балиурдта бæ лæ гъмæ.)

Куони (кæ сагахсæ гмæ). Дæ умæ дæ р дзы лæ джы номæ й дзурынц! Телль цæ мæ бахаста йæ ныфс, уымæ й ды фæ тарстæ.

Руоди. Æ мæ йæ м йæ ныфс хæ сгæ дæ р ничи бакæ ндзæ н уый йеддæ мæ: нæ хæ хбæ сты дыккаг нæ разындзæ н ахæ м.

Верни (ссæ уы къæ дзæ хмæ). Уæ ртæ фæ ленк кæ ны. Хуыцауы уазæ г у, æ хсарджын лæ г! Кæ сгæ ма йæ м кæ нут, — бæ лæ гъ куыд тæ хы фæ йлауæ нтыл.

Куони (былгæ ронæ й). Нал зыны — фæ йлауæ ны бын фæ ци. Фæ зынди та. Гъе уый дын лæ г, гъе! Фыййагæ й ма исчи арæ хсы афтæ!

Сеппи. Рейтортæ нæ м тындзгæ æ рбацæ уынц!

Куони. Уыдон сты бæ лвырдæ й, фæ лæ сын байрæ джы.

Ланденберджы рейтортæ й иу къорд.

Раззаг. Цы фæ ци марæ г? Тагъд нын æ й æ рисут!

Дыккаг. Ам кæ й ис, уый зонæ м мах. Нал æ й бамбæ хсдзысдзыстут.

Куони æ мæ Руоди. Кæ й агурут, хорз адæ м?

Раззаг (бæ лæ гъ фенгæ йæ). Гъæ, хуыцау кæ й ралгъыста! Нæ йæ м кæ сут!

Верни (къæ дзæ хæ й). Бæ лæ гъы чи фæ ленк кæ ны, уый ма сурут, мыййаг. Фæ стиат ма кæ нут, мæ хæ лæ рттæ, ирвæ зы уын.

Дыккаг. Ирвæ зт дæ р ма фæ ци, хуыцауы æ лгъыст!

Раззаг (фыййау æ мæ кæ сагахсæ гмæ). Йæ хъуыддаг аразæ г сымах уыдыстут. Фæ лæ уый зонут, æ мæ уын нæ батайдзæ н. Хæ лæ ттаг уын фæ кæ ндзыстæ м уæ фос, арт уын бандзардзыстæ м уæ къонатыл — се ’ртхутæ г сын ныддардзыстæ м дымгæ мæ!

Араст ис.

Сеппи (лидзгæ -лидзын). Уæ, мæ гуыры бон куыд бакодта мæ уæ ркотыл!

Куони (йæ фæ д-фæ д). Царæ фтыд куыд фæ дæ н... мæ дзугтæ!

Верни (йæ къухы фыдтæ тонгæ). Бæ рзондылбадæ г! Нæ фыдæ лты бæ стæ нын чи фервæ зын кæ на, уый кæ д фæ зындзæ н? (Уыдон фæ дыл фæ уайы.)






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.