Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Темыры кæстæр чызг 1 страница






Пролоджы бæ сты

Мы не желаем понять, что Россия переживает в первую очередь не политический и не экономический кризис, а кризис духовный.

Б. Миронов

Человек, достижений полного совершенства, выше всех животных; но зато он ниже всех, если он живет без законов и без справедливости. Действительно, нет ничего чудовищнее вооруженной несправедливости.

Аристотель

Семья — это общество в миниатюре, от целостности которого зависит безопасность всего большого человеческого общества.

Ф. Адлер

Нравственность неотделима от стыдливости, стыдливость же от нравственности, и ежели та и другая начинают осыпаться и обваливаться, то все красивое здание рушится, обесценивается и уже ничего, кроме отвращения, не внушает.

М. Сервантес

Что не излечивает лекарство, то излечивает железо; что не излечивает железо, то излечивает огонь; что не излечивает огонь, то излечивает смерть.

Гиппократ

Темыры кæ стæ р чызг

Роман

31-æ м августмæ ма баззад 33 боны.

29-æ м июль. Æ ртыццæ г. 2009 аз

Жаннæ райхъал, фæ лæ йæ йæ хуыссæ нæ й сыстын нæ ма фæ нды. Æ мæ æ дде, фыруазалæ й дæ ндæ гтæ гæ рцц-гæ рцц куы фæ кæ нынц, кæ рæ дзийы куынæ уал фæ ахсынц, уазал рудзгуыты æ вгтыл æ хсæ вы æ нахуыр нывтæ куы скæ ны, ахæ м зымæ г куы уаид, фæ лæ сæ рд — йæ тæ ккæ тæ мæ ны: йæ дыккаг мæ й ацæ уынæ ввонг къæ сæ ргæ рон лæ ууы. 29 июль. Чызгæ н йæ цæ стытыл цы уазал зымæ г ауад, цыма Ирыстоны ахæ м хъызтытæ никуы уыд, афтæ йæ м кæ сы.

Хæ сты фæ стæ, мад æ мæ ма фыд æ рыгæ ттæ куы уыдысты, уæ д, сæ ныхасмæ гæ сгæ, бирæ уазалдæ р уыд. Цъиутæ -иу бæ лæ сты къалиутыл баргъæ встысты, сæ хъæ уы астæ у-иу цæ угæ дон афтæ ныссалд, æ мæ йæ уæ лæ ихыл сугæ й дзаг галуæ рдæ ттæ æ мæ бæ хты бричкæ тæ, сæ уæ ззау хъыррыст хъуыст, афтæ мæ й цыдысты.

Чызг, йæ буарыл æ лхысчъытæ гæ нгæ уазал уылæ н куыд æ рбакалд, уый хорз æ нкъары. Уазал йе ’ппæ т буары дæ р ахъардта. Æ виппайды сæ рдæ й хъысхъысгæ наг зымæ гмæ бахауд. Зымæ джы... Цас уазал вæ ййы æ дде? Райхъал дæ, фæ лæ цасдæ р рæ стæ г цъынддзастæ й хуыссыс, хъæ ццулы бын дæ хи бануæ рстай. Хæ дзар — хъарм, тæ вдгæ нæ ныл дæ къух авæ рдтай, уæ д æ й фæ стæ мæ аскъæ ф. Уæ ддæ р дæ хъарм, фæ лмæ н хуыссæ н йæ химæ ’лвасы, йæ хицæ й дæ ратонын нæ уадзы. Ныр та — сæ рд, азы рæ сугъддæ р афон, уæ ддæ р Жаннæ йы йæ хуыссæ нæ й сыстын нæ фæ нды. Уæ дæ мæ зивæ ггæ наг у. Афтæ мæ й йæ мад мæ «арт-чызг» хоны. Цæ й арт у? Зивæ ггæ наг. Цас у рæ стæ г? Тумбæ чкæ йыл — йæ сахат æ мæ уый райсынмæ кæ нæ телевизоры пультмæ йæ хи байвазынмæ зивæ г чи кæ ны, уый дын арт, дымгæ... Кæ нæ дæ телефонмæ æ ркæ с. Авд сахаты нæ ма у. Авд сахаты цалдæ р минуты хъуаг куы вæ ййы, уæ д фыд кæ нæ мадæ й исчи дуар нæ базыхъхъыр кæ ндзæ н, афтæ мæ й къæ сæ ргæ ронæ й æ рбадзурдзæ н:

— Жаннæ, нæ дын æ рæ джы кæ ны?

Уыцы цалдæ р ныхасы йыл ихдоны æ ртæ хтау не ’ргæ р-гæ р кæ нынц, йæ буар сæ уазалæ й нæ нырризы, йæ химидæ г сæ не ’рбанцъылдтæ вæ ййы. Уыцы цалдæ р ныхасы семæ æ рбахæ ссынц фæ лмæ н, æ хцон хъарм, æ бæ рæ г æ хсызгондзинад. Æ мæ чызг йæ мидбылты бахуды, йæ зæ рдæ йыл æ нахуыр рухс тынтæ амбæ лы. Уыцы цалдæ р ныхасы вæ ййынц, мæ нæ ныртæ ккæ куы сыста, уæ д рудзынг уæ рæ х байгом кæ ндзæ н æ мæ сæ ууон сатæ г уæ лдæ ф æ рбаулæ фдзæ н, æ рбахъæ быс æ й кæ ндзæ н, цыма мæ нæ адæ ймаг у, цыма мæ нæ йæ мад у, цыма йыл йæ мады фæ лмæ н хъарм къухтæ аныдзæ вынц, цыма йæ йæ мад æ рбахъæ быс кæ ны, афтæ. Æ мæ чызг, мад, науæ д фыдæ й исчи кæ д æ рбадзурдзæ н, уымæ æ нхъæ лмæ фæ кæ сы.

— Жаннæ... — мады фæ лмæ н, æ хсызгон хъæ лæ с.

— Мамæ, сыстадтæ н.

Æ мæ сыстад. Тагъд-тагъд нæ акодта йæ дзаумæ ттæ: фæ дисы чи цæ уы, ахæ м салдат нæ у, мыййаг, фæ лæ æ нæ хъуаджы райвазбайваз, схæ ц-ныххæ ц кæ н, уый дæ р нæ уарзы. Рудзынг уæ рæ х байтыгъта, йæ урсбуар цæ нгтæ фæ йнæ рдæ м аппæ рста, цыма сæ ууон сатæ г уæ лдæ фы хъæ быс кæ ны, уæ лдæ ф та — уый. Кæ рæ дзиуыл цин кæ нынц. Йе ’хсæ вхуыссæ н цыбыр, тæ нæ г хæ дон... цыма йæ уæ лæ нæ й. Худинаг. Цымыдисæ й йæ цæ стытæ йæ хиуыл æ рхаста. Зоны йæ, йæ хæ дон йæ уæ лæ и, фæ лæ йæ м афтæ фæ каст. Æ мæ йæ хæ дæ г йæ хицæ й фефсæ рмы. Ноджы... цыма йæ м чидæ р кæ сы, цыма йыл кæ йдæ р цæ стытæ аныдзæ вынц, æ рæ нцайынц ыл. Зоны йæ: дунейыл æ й йæ хи йеддæ мæ ничи уыны, уæ ддæ р... Æ мæ чызг фестъæ лфыд, цæ хгæ р фæ зылд æ мæ йæ халат акодта, йæ сæ хтæ джытæ йын тагъд-тагъд авæ рдта. Уыцы цæ стытæ... Уæ ддæ р сæ уыны. Сæ нт сау не сты, фæ лæ куыддæ р морæ хуыз, æ нахуыр сыгъдæ г, ирд, æ рттивынц, цæ хæ ры стъæ лфæ нты хуызæ н сæ рухс стъæ лфæ нтæ хауы. Цыма дыууæ чысыл хуры сты, æ мæ сæ тынтæ Жаннæ йы буарыл æ мбæ лынц, сæ фæ лмæ н æ хсызгон хъарм сын хаты. Йæ цæ стытæ йыл тартæ кæ нынц æ ви... æ ви йæ зонд фæ цыд? Йæ армытъæ пæ нæ й йæ цæ сгом амбæ рзта. Уæ ддæ р... уæ ддæ р уыцы цæ стыты уыны. Æ хсары цæ стытæ. Гом рудзынгæ й йæ м кæ сынц. Æ мæ рудзынг æ рбахгæ дта. Уæ ддæ р æ м кæ сынц. Æ нхъæ лдта: Æ хсар æ фсæ рмыгæ наг лæ ппу у, уымæ й æ фсæ рмыгæ нагдæ р лæ ппу ацы зæ ххыл нæ ма райгуырд, фæ лæ ныр... Йæ цæ стытæ йæ м комкоммæ кæ сынц, судзынц ыл. Цыдæ р æ гæ нон ракæ нон каст нæ кæ нынц; фæ лмæ н рухс тынтæ сæ хауы. Уый... Диссаг! Æ нахуыр диссаг. Æ хсар... Æ хсар рудзынгæ й æ рбагæ пп кодта, æ мæ Жаннæ фæ цудыдта, йæ зæ нгты цыдæ р риз ацыд, йæ цæ сгом судзы: Æ хсар искуы ахæ м ныфсхаст, ахæ м къæ йных разындзæ н, уый æ нхъæ л никуы уыд. Цы хæ рз хæ стæ г æ м æ рбацыд. Йæ цуры лæ ууы бæ рзонд, тæ нтъихæ г, бæ зджынæ рфыг лæ ппу. Жаннæ йæ химæ кæ сы уымæ й бирæ къаддæ р. Æ мæ къаддæ р у, фæ лæ афтæ къаддæ р... Уый — аргъæ утты уæ йыг, Жанна та... Æ хсар ын йæ армытъæ пæ нтæ йæ уæ хсчытыл æ руагъта æ мæ чызг... цæ уыннæ фестъæ лфы, йæ хи иуварс цæ уыннæ аппары?

Жаннæ æ дзæ мæ й лæ ууы. Лæ ппуйы армытъæ пæ нты æ хсызгон, фæ лмæ н хъарм йæ уæ хсчытыл, йæ дæ ллагхъуыр тайы æ мæ уый дæ р ныртæ ккæ атайдзæ н, фæ донзоныг уыдзæ н.

Сæ фембæ лдты... Цал хатты сæ мбæ лдысты? Нымадæ й цалдæ р хатты. Æ мæ -иу ын Æ хсар, хистæ р кълæ сты скъоладзаутæ, стæ й та университеты ахуыр кæ нгæ йæ студенттæ, лæ ппутæ æ мæ чызджытæ фембæ лгæ йæ кæ рæ дзийæ н куыд аба кæ нынц — йæ русыл ын дæ рус авæ р — афтæ аба кодта. Нæ! Уый ахæ м ба нæ уыд. Æ ддаг бакастæ й — ахæ м. Æ цæ гдзинадæ й та... Æ хсары былтæ русыл кæ м андзæ вынц, уым ссудзы. Æ мæ Жаннæ мæ афтæ фæ кæ сы: лæ ппуйы былты хъарм, сæ химæ хæ дзармæ куы бацæ уы, уæ д дæ р нæ ма атайы, былты æ хсызгон фæ д бæ рæ г фæ дары æ мæ йæ м, мыййаг, фыд æ мæ мадæ й исчи куы фæ комкоммæ уа, уæ д... цы зæ гъдзæ н? Уаты айдæ нмæ бакæ сы. Нæ! Йæ рустыл ницы фæ д и. Уæ ддæ р зæ рдæ сонт гуыпп-гуыпп фæ кæ ны, кæ ддæ р йе ’рдзон гаччы сбады. Мад æ мæ фыд, сæ чызг лæ ппуимæ æ мбæ лы, уый куы базониккой, уæ д сын æ хсызгон уаид. Тынг æ хсызгон. Уый та... Æ хсаримæ сæ мбæ лынц, уый зæ гъын йæ хицæ н дæ р æ фсæ рмы кæ ны. Ныййарджытæ йын фæ сномыгæ й æ мбарын кæ нынц: афон у йæ амонд ссарынæ н. Мад ын фæ стаг рæ стæ джы комкоммæ дæ р фæ зæ гъы:

— Мæ чызг, алцæ мæ н дæ р рад æ мæ уаг и, амонд ссарынæ н дæ р.

— Хорз, хорз, Мамæ, — æ мæ Жаннæ ныхас æ ндæ рырдæ м аздахы, науæ д та æ ргом дзуапп ратты: — Æ мæ мæ нæ н дæ р мæ афон куы ’рхæ ццæ уа, уæ д ссардзынæ н мæ амонд.

Æ хсар ын йæ къух куы райсы, æ нахуыр фæ лмæ н ист, уæ д чызг цæ мæ ндæ р ныфсæ рмы вæ ййы. Йæ къух не суæ гъд кæ ны, зæ гъгæ, уæ д ыл лæ ппу афтæ хæ цид æ мæ хæ цид, æ вæ ццæ гæ н æ й сахат — дыууæ сахаты дæ р уæ гъд не суадзид. Æ хсары къухæ й ахæ м æ нахуыр тых фæ цæ уы, æ мæ зæ рдæ йæ гаччы нал вæ ййы: йæ химидæ г фезмæ лы, чызгæ н йæ улæ фтыл дæ р фæ зыны; цыма ферхæ цдзæ н, тагъддæ р фæ улæ фы. Мæ нæ ныр дæ р... йæ улæ фт йæ хъуыры бады. Æ хсар æ м афтæ хæ стæ г никуыма лæ ууыд. Чысыл ма, æ мæ дыууæ буары кæ рæ дзиуыл андзæ вдзысты. Йæ армытъæ пæ нтæ, йæ уырзтæ чызджы дæ ллагхъуыр сæ хъарм фæ д уадзынц. Комкоммæ йæ м кæ сы. Сæ фембæ лдты йæ м æ дзухдæ р афтæ фæ кæ сы, йæ цæ стытæ дзы нæ фæ исы. Фæ лæ ныр... Ныр æ м бынтон къæ йных каст кæ ны, йæ цæ стытæ дзы ныхсынц, цыма, Жаннæ йæ н йæ зæ рдæ йы цы и, цы хъуыды кæ ны, уый базонынмæ хъавы.

— Нæ -æ! Æ хсар, ды дæ р мæ нал хъæ уыс! Ацы дунейыл мæ ничиуал хъæ уы! Ацы дунейыл мæ ницыуал хъæ уы! — Æ мæ чызг лæ ппуйы ассыдта. Нæ! Асхуыста! Æ нæ хатырæ й. Цыма йын уый, ныббарæ н, ныххатыргæ нæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м зын, ахæ м чъизи ми ракодта.

Жаннæ йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд. Цыдæ р уысм йæ гом урс цæ нгтæ ауыгъдæ й аззадысты, стæ й йæ фæ йнæ фарс æ дзардæ й æ рхаудтой. Йæ буары æ нахуыр уазал риз ацыд, ныддыз-дыз кодта. Йæ риуыдзаг сулæ фыд. Æ хсызгонæ й. Цыма уæ ззау уаргъ хаста æ мæ уый йæ рагъæ й ахауд. Йæ былтæ йæ армытъæ пæ нæ й амбæ рзта. Чысыл раздæ р, йæ химидæ г ныхъхъæ р кодта æ ви... Æ вæ ццæ гæ н, æ ндæ р мад æ мæ фыдæ й исчи йæ сонт хъæ рмæ æ рбазгъордтаид, чидæ р дзы йæ цуры удаистай алæ ууыдаид. Ма тыхсæ нт. Ма тыхсæ нт. Уый зонгæ -зонын йæ мад æ мæ йæ фыдæ н зын не скæ ндзæ н. Йæ хи йеддæ мæ ничи ницы зоны, æ мæ никæ д ничи ницы базондзæ н. Базыл нæ ныддæ лгоммæ уыдзæ н æ мæ хæ къуырццæ й нæ кæ удзæ н. Нырма æ гас у, адæ ймаг у æ мæ йæ рохтæ не суадздзæ н, йе ’нкъарæ нты азары нæ бахаудзæ н.

Чызг йæ мидбылтыхудгæ йæ уатæ й рахызт. Йæ мад Маринæ газы пецы цур архайы, йæ райсомы фыццаг куыст — аходæ н кæ ны. Йæ мады хуызæ н хæ рзад, адджын хæ ринаг ацы дунейыл иу сылгоймаджы къухтæ й дæ р нæ ма рацыд. Сыхы исты хабар, уæ д æ фсины номыл фыццаг уымæ бадзурынц.

Йæ фыд Темыр телевизормæ райсомы хабæ рттæ м кæ сы. Политикон æ мæ цæ рæ гойты тыххæ й равдыстытæ м уæ лдай зæ рдиагдæ рæ й фæ кæ сы. Нырыккон кинотæ æ мæ концерттæ æ вдисынц, уæ д пульт æ васт фелхъивы, цыма, уыцы равдыстытæ æ мæ кинотæ м иучысыл куы бакæ са, уæ д цыдæ р бæ ллæ х æ рцæ удзæ н. Йæ къух ауигъы, телевизор ахуыссын кæ ны æ мæ диваныл йæ хи фæ стæ мæ ауадзы кæ нæ кæ ртмæ æ нæ дзургæ йæ рацæ уы. Æ мæ йæ уæ д зон: телевизорæ й цытæ ’вдисынц, уыдонимæ æ ппындæ р разы нæ у. Хатгай йæ хи нал бауромы æ мæ хъуырхъуыргæ нгæ, цыма искæ имæ фæ хыл кæ ны, афтæ фæ зæ гъы:

— Ацы телевизор адæ мы, уæ лдайдæ р æ рыгон фæ сивæ ды, фесæ фта.

— Уæ райсомтæ хорз, Мамæ æ мæ Папæ.

Жаннæ алы райсом дæ р, йæ уатæ й куы рахизы, уæ д, фидауы æ ви нæ, аив у æ ви нæ — йæ ныййарджытæ н салам ратты. Чи зоны, уый кæ мæ дæ р цыдæ р къæ бæ да ми фæ кæ са, цыма ирон бинонты царды нæ фидауы, фæ лæ уымæ, Жаннæ мæ, хорз кæ сы. Афтæ сахуыр æ мæ...

— Фестадтæ, мæ чызг? — мад æ м разылд, бахудт æ м.

— Не ’ппæ тыл дæ р хорз райсомтæ кæ нæ д, — йæ фыды фæ лмæ н хъæ лæ с ыл æ рбаузæ лыд.

Чызг йæ куыстмæ, редакцимæ нæ ма цæ уы. Скъолайы директор æ мæ, скъола ног ахуыры азмæ цалцæ г чи кæ ны, хъуамæ уыдонимæ сæ мбæ ла: скъола ахуыры азмæ куыд цæ ттæ у, уый тыххæ й йæ газетмæ æ рмæ г бацæ ттæ хъæ уы. Йæ мад æ м... йæ мад æ м цыдæ р лæ мбынæ г кæ сы, йæ цæ стытæ йыл æ гæ р афæ стиат вæ ййынц, цыма йæ цæ мæ йдæ р бафæ рсынмæ хъавы. Суанг ма сæ ваннæ йы дæ р йæ хиуыл æ нкъардта. Мæ нæ та ныр дæ р... Мад ыл сæ рæ й къæ хтæ м йæ цæ стытæ ахаста.

— Мамæ, — чызг мады уæ хскыл йæ хи бауагъта, цыма гыццыл сывæ ллон у, афтæ йæ дæ ллагхъуырмæ йæ хи нылвæ ста. Цымæ ацы зæ ххыл мады хъæ бысæ й адджындæ р исты ис? Жаннæ йæ н — ницы. Кæ мдæ р каст: цот сæ ныййарджыты бирæ куыд нæ уарзынц, фæ лæ уæ ддæ р ныййарджытæ сæ цоты куыд уарзынц, уыдон сын сæ хи куыд снывонд кæ нынц, уымæ н абарæ н ницæ имæ ис. Уый цот бамбарынц, сæ хæ дæ г ныййарджытæ куы свæ ййынц, уæ д. Нæ, Жаннæ йæ ныр дæ р æ мбары.

— Жаннæ, — мад чызджы йæ химæ æ рбалвæ ста, — цыдæ р æ нкъард дæ, цыдæ р мæ æ мбæ хсыс.

— Нæ, куыд вæ ййын, афтæ дæ н, ницы дæ æ мбæ хсын, — бахудт чызг. Æ мæ дзы ницы æ мбæ хсы. Нæ, æ мбæ хсы дзы, æ мæ мады зæ рдæ уый æ нкъары. Мады зæ рдæ, дам, алцыдæ р раздæ р базоны, мады зæ рдæ йыл, дам, цæ стытæ и. Æ мæ уыцы цæ стытæ, Жаннæ йæ хæ дæ г дæ р цы нæ ма уыны, æ вæ ццæ гæ н, уый уынынц.

Темыр, хабæ рттæ куы фесты, уæ д сыстад æ мæ цæ хæ радонмæ йæ хи айста.

— Æ з фæ цæ уын, — чызг йæ хызыны бостæ йæ уæ хскмæ баппæ рста.

— Ницы та бахордтай.

— Дæ хæ дæ г нæ фæ зæ гъыс, чызгыл бирæ хæ рын нæ фидауы?

— О, фæ лæ къофи æ мæ дыууæ -æ ртæ печенийæ дæ р цæ рæ н нæ й.

— Хъулон уарзт кæ й кæ ныс, уыцы чызг йæ хи æ ххормаг нæ ныууадздзæ н, — чызг дæ р æ мæ мад дæ р бахудтысты.

— Æ з хъулон уарзт никæ й кæ нын, иууылдæ р мын æ мхуызон стут.

— Кæ ныс, кæ ныс. Мæ нæ мæ н.

— Ацу мæ цурæ й, къулбадæ г.

Æ мæ Жаннæ фæ цæ уы, гомдуары къæ сæ рæ й ахызт, фæ стæ мæ æ хсгæ каст фæ кодта, æ мæ цыдæ р уысм мады цæ стытæ æ мæ йæ цæ стытæ фæ иу сты. Йæ мад ма тыхсæ д. Æ ппындæ р мацæ уыл тыхсæ д.

 

31-æ м августмæ ма баззад 32 боны.

30-æ м июль. Цыппæ рæ м. 2009 аз

Знон Жаннæ йæ уацхъуыд цыдæ р æ нцонæ й ныффыста. Æ мæ цас стыр æ рмæ г у, стæ й дзы диссагæ й дæ р цы и, фæ лæ йæ м уæ ддæ р йæ зæ рдæ æ хсайы. Æ мæ редакцимæ куыддæ р бацæ уа, афтæ ма йæ иу хатт бакæ сдзæ н. Сæ хицæ й редакцимæ æ мæ фæ стæ мæ цал æ мæ цал хатты ацыд ацы къахвæ ндагыл? Йæ куыстмæ байрæ джыйæ тæ рсы, уæ д автобусы абады, фæ лæ уый вæ ййы стæ м хатт. Цалдæ р минуты раздæ р рацу æ мæ æ дыхстæ й дæ бынатыл сæ мбæ лдтæ. Йе ’мкусджытæ й чидæ ртæ, мæ нæ сæ бæ рнон секретарь, цыма йæ фæ сте исчи сургæ фæ кæ ны, афтæ лæ флæ фгæ нгæ æ рбахæ ццæ вæ ййы, зыгуымы голладжы хуызæ н фæ лмæ н бандоныл ныххауы. Жаннæ йын цалдæ р хатты уайдзæ ф дæ р бакодта: цы ’рцыд, дæ сызгъæ рин рæ стæ гæ й цалдæ р минуты ратон, чысыл раздæ р рацу æ мæ дæ хи удхарæ й ма марай. Фæ лæ сахуыр æ мæ, цалдæ р минуты ма байрæ джы кæ на, уый гæ нæ н нæ й.

Жаннæ æ рæ джы кæ нын нæ уарзы. Æ рæ джы чи кæ ны, цыма уыдон сæ ныхасæ н хицау не сты, адæ ймаджы кæ дфæ нды дæ р асайдзысты, кæ дфæ нды дæ р ыл гадзрахатæ й рацæ удзысты, афтæ йæ м кæ сы. Скъолайы дæ р, студентæ й дæ р нымадæ й байрæ джы кодта цалдæ р хатты. Æ гæ р ахæ м бæ лвырд-биноныг кæ й у, уый, æ вæ ццæ гæ н, бынтон аив нæ у, уæ лдайдæ р та уый кары чызгæ н. Йæ хорз æ мбæ лттæ й йæ уый тыххæ й чидæ ртæ суанг «немыцаг» дæ р схуыдтой. Хуыцау æ й ахæ мæ й сфæ лдыста, ахæ м адæ ймаг у æ мæ цы кæ на. Стæ й, дæ ныхасæ н хицау дæ, æ нæ сайд дæ, уый æ взæ р у? Уый адæ ймаджы аиппыл нымад кæ дæ й нырмæ ссис?..

Жаннæ университеты куы ахуыр кодта, уæ д лекцитæ м зонгæ зонын иу хатт байрæ джы кодта. Æ мæ йыл ныр дæ р нæ фæ смон кæ ны.

Уыцы æ вддæ сæ м октябрь дзы никæ д ферох уыдзæ н. Уæ д йæ царды цыдæ р æ рцыд. Ахæ м стыр, вазыгджын æ мæ ахсджиаг цыдæ р, æ мæ йæ абон дæ р йæ бон зæ гъын нæ у.

Университеты цур райсомæ й къах æ рæ вæ рæ н нæ вæ ййы, студенттæ тыннывæ ндæ гау дуæ рттæ м ивылынц. Æ з фæ раздæ р уон, зæ гъгæ, дæ фарсмæ чи цæ уы, ууыл иуварс ахæ ц. Ахæ стонмæ цæ уæ гау чи цæ уы, ахæ мтæ дæ р дзы куыд нæ и. Æ нæ бары, зивæ ггæ нгæ, суанг сæ комивазгæ фæ цæ йцæ уынц, сæ фынтæ й сæ хи нæ ма атыдтой æ мæ сæ лекциты рæ стæ г дарддæ р уындзысты.

Жаннæ -иу университеты цур не ’рхызт, фæ лæ дæ лдæ р. Æ рлæ ууæ ны. Æ мæ кæ д йе ’мбæ лттæ, йæ зонгæ тæ й искæ уыл сæ мбæ ла, уæ д уыимæ фæ иу у, науæ д дæ хæ дæ г ацу. Гыццылæ й фæ стæ мæ дæ р фистæ гæ й цæ уын бирæ уарзы. Иунæ гæ й фæ цæ уы, фæ лæ иунæ г нæ вæ ййы: йæ хъуыдытæ — йæ хорз æ мбæ лттæ, уыдон æ й уæ гъд никæ д уадзынц. Уæ д, æ вддæ сæ м октябры, рахызт троллейбусы æ рлæ ууæ ны. Чи йæ ныхмæ æ рцæ уы, чи йæ разæ й фæ вæ ййы. Адæ мы ’хсæ н йæ цæ стытæ æ рхæ цыдысты иу нæ лгоймагыл. Уыцы лæ г ныр дæ р рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ цæ стыты цур февзæ ры, æ вддæ сæ м октябрь сног вæ ййы.

Нæ лгоймаг Жаннæ йæ цæ уы цалдæ р къахдзæ фы раздæ р. Фæ сте йæ бакастмæ гæ сгæ — фынддæ с æ мæ ссæ дз, дыууиссæ дзаздзыд. Йæ къахайст — æ нæ ныфс, цыма фæ кæ лынæ й тæ рсы, цыма йæ быны ныртæ ккæ зæ хх ныттондзæ н. Фæ цуды, йæ зæ нгтæ фæ дыдагъ вæ ййынц. Йæ гуыр ыл афтæ тынг уæ з кæ ны, æ мæ йæ йæ зæ нгтæ нæ уромынц: куы йæ иуырдæ м фæ цæ йхæ ссынц, куы иннæ рдæ м. Расыг уа æ мæ... ацафон... райсомæ й... Уæ вгæ, ахæ мтæ ис, æ мæ сын арахъхъ уæ д, æ ндæ р кæ дфæ нды дæ р баназдзысты, æ вронг никæ д вæ ййынц. Адæ м арахъхъы бын фесты, йæ уацары бахаудтой. Нæ рæ стæ г — тыхст æ мæ уырыд, райсом — æ бæ рæ г, суйтæ, æ мæ, дам, фыднозт уый тыххæ й кæ нынц. Æ нæ аххос ницы и, фæ лæ хъуамæ адæ ймаг йæ рохтыл хæ цын ма зона? Алы аз дæ р нæ м арахъхъы азарæ й цал адæ ймаджы мæ лы? Астсæ дæ минмæ ’ввахс. Æ нæ хъæ н республикæ йы адæ м чысылæ й, стырæ й сау зæ ххы хай бавæ ййынц.

Æ нæ зонгæ лæ г расыджы цыд нæ кæ ны, фæ цуды, йæ хи тыххæ й бауромы. Кæ д... кæ д наркоман у. Кæ д уымæ н дæ р дыууын фыццæ гæ м æ нусы æ вирхъау бæ ллæ х йæ иувæ рсты нæ ацыд. Ныртæ ккæ даргъ цъæ хахуырст бандоныл бахаудзæ н, йæ къух æ м æ ххуысæ нхъæ л ивазы: кæ д æ й ацахсид, кæ д æ м йæ хи фæ быцæ у кæ нид æ мæ æ взæ р хауд не ’ркæ нид. Йæ цонг æ й нæ баурæ дта, бандоныл æ рхауд. Тыхулæ фт кæ ны, йæ дзыхæ й уæ лдæ ф ахсы, йæ рахиз къух йæ пинджачы дзыппы нытътъыста æ мæ дзы цыдæ р агуры. Æ мæ Жаннæ бамбæ рста: ацы æ нæ зонгæ лæ г расыггæ наг нæ у, наркоман дæ р нæ у. Æ мæ уый йæ дарæ сæ й дæ р бæ рæ г у: ног итуæ вæ рд костюм, урс-урсид хæ дон, сырх галстук, ногдаст. Чызджы сæ ры атахт: йæ зæ рдæ... æ вæ ццæ гæ н æ й йæ зæ рдæ æ рцахста æ мæ... Æ мæ йын цы кæ на? Кæ д йæ дзыппы бахъуаджы сахатмæ хостæ дары æ мæ уыдон агуры.

— Хос дæ м ницы и?

Йæ былтæ змæ лынц, цыдæ р зæ гъын æ й фæ нды, фæ лæ... Йæ цæ стытæ æ нахуыр уæ рæ х байгом сты, æ мæ йæ м кæ сы. Кæ сы йæ м æ ххуысæ нхъæ л. Æ ххуыс дзы агуры. Дохтыртæ м, тагъд æ ххуысы дохтыртæ м адзурын хъæ уы. Æ мæ адзырдта. Æ мæ æ нæ зонгæ лæ джы дзыпмæ куыд нывнала, дзыпкъахæ г æ й куы банхъæ лой, уæ д та. Цыфæ нды дæ р уæ д. Сæ цурты чи цæ уы, уыцы адæ мæ й цалдæ р æ рлæ ууыд, чидæ ртæ сæ къахайст фæ сабыр кæ нынц, æ мæ чи йæ сæ р банкъусы, чи йæ къух ауигъы æ мæ дарддæ р йæ фæ ндаджы кой кæ ны. Фылдæ р адæ м ницы уынынц, кæ сгæ дæ р не ’рбакæ нынц.

Жаннæ рынчыны дзыппæ й цыдæ р хос систа, æ вæ ццæ гæ н, йæ хæ дæ г дæ р уый агуырдта. Гыццыл авг, гыццыл таблеткæ тæ дзы. Зæ рдæ йы хос. Уд ирвæ зынгæ нæ г.

— Дæ хос. — Иу таблеткæ дзы уæ ддæ р куы аныхъуырид. Йæ хи бон йæ къух сисын нæ у.

— Дон, дон никæ мæ и? — Чызджы цæ стытæ, сæ алыварс чи æ рбамбырд, уыдоныл æ рзылдысты. Нæ й, никæ мæ и дон. Чысыл фалдæ р ларекмæ азгъордта. Хос баназын йæ бон нал у, дон уæ д та куы ахуыпп кæ нид. Чидæ р, иу-дæ с æ мæ ссæ дзаздзыд лæ ппу йын дон дары, фæ лæ дзы йæ хъуырмæ ницы хæ ццæ кæ ны, йæ былтыл, йæ роцъойыл æ ркæ лы. Дохтыртæ куыд æ рæ гмæ цæ уынц. Æ мæ та сæ м ногæ й адзырдта. Фæ цæ уынц. Лæ джы цæ стытæ уæ рæ х байгом вæ ййынц, цыма ацы дуне фæ стаг хатт уыны æ мæ йæ бахъуыды кæ нынмæ хъавы, стæ й сæ бахгæ ны. Æ мæ Жаннæ мæ афтæ кæ сы: æ вæ ццæ гæ н, æ нæ зонгæ рынчын лæ джы хуыссæ г ахсы, æ ви... æ ви йæ низимæ тох кæ нын йæ хъару нал у æ мæ, цыма фынæ й аци, афтæ йæ цæ стытæ бахгæ ндзæ н æ мæ нал ракæ сдзæ н. Чызгæ н йæ уæ нгты уазал риз ацыд. Нæ, нæ амæ лдзæ н. Ау, адæ ймаг афтæ æ нцонæ й мæ лы. Нæ -æ!






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.