Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






VIII. Къаукъаз æмæ Нартийы цот. æз уын радзурдзынæн кадæг ирон адæмы фæзынды æмæ Нарты фыдбылызты тыххæй.






51. Царциатæ

Æ з уын радзурдзынæ н кадæ г ирон адæ мы фæ зынды æ мæ Нарты фыдбылызты тыххæ й.

Раджы æ мæ раджы, иттæ г раджы уыдис ахæ м адæ м, æ мæ сæ ном хуынди Царциатæ. Абон дæ р ма æ мбисондæ н баззадис ирон адæ мы æ хсæ н Царциаты æ мбисæ ндтæ, сæ фесæ фт, ирон адæ мы фæ зынд æ мæ сæ фыдæ бæ ттæ.

Царциатæ уыдысты бирæ адæ м, фондзсæ дæ мин хатты минтæ м æ ххæ стысты. Хуры скæ сæ нæ й йæ ныгуылæ нмæ, йæ рахиз фарс æ мæ йæ галиу фарс — иудадзыг уыдис Царциаты къухы æ мæ дзы Царциатæ цардысты. Зæ ххы тымбылæ н йæ хуыздæ р чи уыдис, уый уыди Царциаты къухы. Уыдон ныууагътой нæ мттæ дæ р. Стыр дæ ттæ абон дæ р ма уыдоны номыл сты, Царциатæ цы нæ мттæ радтой, уыдон хæ ссынц абон дæ р ма стæ мтæ й фæ стæ мæ.

Царциатæ дзырдтой уыцы æ взагыл, абон цы ’взагыл дзурынц ирæ ттæ, фæ лæ хуындысты Царциатæ.

Абон дæ р ма ирон адæ ммæ дзырдæ н баззадис: «Мæ нæ Царциаты диссæ гтæ æ мæ æ мбисæ ндтæ», дам. Царциатæ уыдысты фыдæ боны æ мæ фыдбылызы адæ м. Бирæ цъаммар æ гъдæ уттæ уыди Царциатæ м: се ’хсæ н лæ г æ мæ ус нæ уыдис, мад йæ лæ ппуимæ задис, хо йе ’фсымæ римæ, фыд йæ чызгимæ. Фосау æ рвыстой хъуыддаг.

Уыцы рæ стæ джы Царциатæ н се ’намонддзинад ноджы уый дæ р уыдис, æ мæ лæ джы фыд кæ й хордтой.

Канд Царциатæ м нæ, фæ лæ сæ алыварс чи уыдис, уыцы æ ндæ р адæ мтæ м дæ р уыди ацы æ гъдау — хордтой лæ джы фыд.

Уæ д ахæ м рæ стæ г уыдис.

Царциатæ, сæ бон цас уыди, уымæ й стыр доны былтæ м архайдтой æ мæ иудадзыг доны былтыл цардысты, уымæ н æ мæ сæ царды уагмæ гæ сгæ доны был æ нцондæ р уыдис цæ рæ н; ноджыдæ р уымæ н, æ мæ уæ ды рæ стæ джы фæ ндæ гтæ нæ уыдис, æ мæ сын доныл æ нцондæ р уыдис иу ранæ й иннæ ранмæ бæ лæ гътæ й цæ уын.

Кæ д-иу ранæ й-ран фæ ндæ гты хуызæ н исты уыдис, уæ д уыцы фæ ндæ гтæ тар хъæ ды æ хсæ н цыдысты æ мæ тæ ссаг уыдис сырдтæ й: бирæ гъ дæ р бирæ уыдис уыцы рæ стæ джы.

Царциатæ -иу гыццыл дæ тты былтыл дæ р-иу цардысты. Цæ угæ дон-иу кæ м нæ уыдис, уым-иу Царциатæ ардтой дынджыр цадтæ æ мæ -иу уыдоны цур дæ р цардысты, нуазгæ дæ р-иу уымæ й кодтой, кæ нæ -иу дынджыр суадæ тты цур дæ р цардысты.

Царциатæ дæ р зыдтой ахæ м суадæ ттæ, адæ ймаджы чи дзæ бæ х кæ ны низтæ й, хъарм суадæ ттæ дæ р сæ м уыдис, суартæ.

Царциатæ кувæ ндæ ттæ нæ зыдтой, нæ дæ р сын Хуыцау уыдис, нæ дæ р сын зæ дтæ уыдысты. Царциатæ н уыдысты æ рмæ ст Табутæ.

Табу уыдис лæ г. Мыййаг, æ й адæ м не ’взæ рстой табуйæ, фæ лæ тыхджын чи уыдис, фондз-æ хсæ з лæ гмæ быцæ уы чи фæ ллæ ууыдаид, ахæ м тыхджын лæ г-иу уыдис Табу. Ахæ м тыхджын лæ г йæ тыхы руаджы-иу стабу кодта йæ хи.

Алы Табуйæ н дæ р уыдис йæ хи адæ м, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Царциатæ й, йæ хи зылд. Уæ д хъæ утæ нæ уыдис, пырхытæ уыдысты.

Царциаты адæ м сæ хи Табуйæ н хъуамæ -иу лæ гъстæ кодтаиккой æ мæ кусарт кодтаиккой.

Уыдысты-иу ахæ м Табутæ, сæ адæ мимæ иу ран чи цардысты, зыдтой сæ зæ ххытæ, сæ адæ мты кусын кодтой æ мæ афтæ мæ й цардысты. Ацы адæ м, иу ран чи цардысты, нæ рацу-бацу кодтой иу ранæ й иннæ ранмæ, уыдонæ н уыдис фылдæ р каубыд хæ дзæ рттæ. Сæ сæ ртыл хæ дзæ рттæ н калдтой хос, стæ й цъыф æ мæ хæ дзары сæ рыл астæ уæ й уагъд-иу уыдис хуынкъ, фæ здæ г цæ уынæ н.

Уыдысты ахæ м Табутæ дæ р, иу ран чи нæ цардысты, нæ лæ ууыдысты, цæ угæ табутæ, арæ х ивтой сæ царды бынæ ттæ æ мæ сæ адæ мы дæ р семæ ракæ -бакæ кодтой. Уыдон сæ адæ мимæ тындзыдысты ахæ м рæ ттæ м, кæ м нырма лæ джы къах æ вæ рд нæ ма уыдис, кæ м нырма ничи цардис æ мæ уым алцыппæ т дæ р бирæ уыдис — мæ нæ у, дыргъ бирæ кæ м задис.

Цæ угæ Царциатæ зымæ гон сыджыты бын, ныккæ ндты-иу цардысты, тыгуыргонд сын-иу уыдис, хъæ угонд. Сæ табутæ дæ р-иу сыджыты бын цардысты. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, табутæ хуыздæ р цæ рæ н бынæ тты мидæ г-иу цардысты. Сæ рдыгон та-иу æ ддæ уыдысты.

Иу дзæ вгар-иу куы баззадысты ацы ран, уæ д цæ угæ табутæ сæ хи æ ндæ р ранмæ -иу истой.

Уыцы рæ стæ джы, Царциатæ кæ м цардысты, уым хъæ ддаг сырд дæ р бирæ уыдис — арс, бирæ гъ æ мæ уыдон Царциаты хъыгдардтой: сæ хи дæ р æ мæ мидахуыр цы фос дардтой — гал, хъуг, сæ гъ, дзыгъуын [1], теуа, бæ х — уыдон дæ р-иу хордтой.

Царциаты цæ рæ н рæ тты бирæ уыдис ноджыдæ р хъæ ддаг хуы, сæ гуыт, саг, дзæ бидыр, хъæ ддаг сæ гъ.

Царциатæ куыйтæ дæ р дардтой бирæ, уæ д фыдызгъæ л бирæ уыдис.

Табутæ сæ хæ дæ г нæ куыстой, иудадзыг сæ адæ мы æ ккойы бадтысты, змæ лын сæ кодтой, кусын сæ кодтой.

Табутæ сæ адæ мы хæ сджын-иу кодтой, хæ дзары фос, лæ гимæ цы фос фидыдта — гал, бæ х, теуа, мæ ргътæ алыхуызон фылдæ рæ й-фылдæ р куыд кодтаиккой.

Ацы фæ ллойтæ иууылдæ р табуты хъуыдысты, уыдон сæ хордтой. Сæ цæ рмттæ й та арæ зтой дарæ стæ: зымæ гон æ нæ лопойæ, æ мæ лопойæ та дардтой сæ рдыгон, астæ уæ й уæ раджы онг.

Сæ адæ мæ н-иу табутæ хъæ ды сырдтæ дæ р марын кодтой æ мæ сæ цæ рмттæ та æ мбырдæ й сæ хицæ н æ рбахæ ссын-иу кодтой.

Цуанмæ -иу куы ацыдысты Царциатæ, уæ д сæ разæ й цыдис-иу сæ табу. Сырдыл йæ алыварс-иу æ ртыхстысты æ мæ -иу æ й лæ дзгуытæ й мардтой.

Царциатæ кæ м цардысты, уыцы бæ стæ ты алцыппæ т дæ р задис, дыргъ зæ гъæ м — фæ ткъуы, кæ рдо, сæ нæ фсир дæ р, афтæ мæ нæ у, хор, уæ лдайдæ р æ фсиртæ й.

Уæ ды заманы кæ рдæ гау-иу задис мæ нæ у.

Цæ хæ радон уæ ды рæ стæ джы ничи зыдта. Афтæ, цыдæ риддæ р задис дыргъæ й — иууылдæ р задис хъæ ды. Иу ныхасæ й, алы дыргъ, цыдæ риддæ р уыдис, уый уыдис иууылдæ р хъæ ддаг.

Цы хæ лцаг-иу ссардтой Царциатæ — мæ нæ у, зæ гъæ м, хор, зæ гъæ м — уыдон Царциатæ дард рæ ттæ й бæ лæ гътæ й-иу ластой сæ хæ дзæ рттæ м.

Мæ нæ уы хъуыдыдæ й, хоры хъуыдыдæ й Царциатæ чъинатæ арæ зтой, артыл-иу æ й бадардтой, ацарыдтой йæ æ мæ -иу æ й афтæ мæ й хордтой. Чъинатæ табуйæ н дæ р æ мæ сæ бинонтæ н дæ р-иу хастой æ мæ афтæ лæ ггад кодтой уыдонæ н.

Хус мæ нæ у, хор згъæ лстой æ мæ зымæ гмæ дæ р-иу æ вæ рдтой. Хъæ ды цъæ рттæ стыгътой, уыдонæ й мигæ нæ нтæ бастой, къæ ртатæ дæ р арæ зтой æ мæ уыдоны мидæ г зымæ гмæ дæ р-иу æ вæ рдтой.

Ацы хæ ринæ гтæ й дæ р Царциатæ сæ фылдæ р табутæ н-иу хастой. Дыргътæ дæ р-иу хастой табутæ н. Иу ныхасæ й, Царциатæ цы дзæ бæ х-иу ссардтой, уый-иу табутæ н хастой.

Иуæ й-иу ран Царциатæ афтæ дæ р-иу арæ зтой, æ мæ зымæ джы хæ лцæ й цы мæ нæ у, цы хор сын-иу баззадис иннæ æ рцыдмæ, уый-иу апырх кодтой сыджыты уæ лæ, хъæ дын лæ дзджытæ й-иу бассæ стой сыджыты.

Иу кæ цыдæ р табу-иу куы джиз дардта иннæ зылды Царциаты адæ мы, уæ д-иу ацы æ ндæ р зылды адæ м йæ хи табуйы-иу æ рбахуыдта æ мæ йын-иу хъаст кодта:

— Мæ нæ ацы æ мæ ацы табу йæ хæ дæ г æ мæ йæ адæ м мах хъыгдарынц, нæ сывæ ллæ тты, нæ устыты, нæ хи нын скъæ фынц æ мæ нæ хæ рынц.

Чи хъаст кодта, уыцы Царциаты адæ мы-иу сæ табу æ рæ мбырд кодта æ мæ -иу алæ бурдта, чи сæ -иу джиз дардта, уыцы табумæ.

Афтæ -иу фæ хыл сты: фыццаг-иу табутæ кæ рæ дзийыл сæ хи ныццавтой, стæ й, чи-иу фæ тых ис, уыцы табу иннæ табуйы адæ мы йæ хи-иу фæ кодта æ мæ ноджыдæ р уымæ н йæ сывæ ллæ тты дæ р-иу бахордта. Кæ д-иу йæ адæ м нæ састис, уæ д-иу уымæ н йæ адæ мы дæ р-иу бахордтой. Фæ бынæ й табуйы та-иу уæ рмы мидæ г ныппæ рстой æ мæ -иу уым стонгæ й амардис. Йæ адæ м та фæ тыхджын табуйæ н-иу загътой:

— Мах дæ уазæ г, мах ницы сайæ м, мах сæ рра кодта нæ табу. Мах дæ р амæ й фæ стæ мæ дæ уæ н кувдзыстæ м, дæ уæ н нæ кувинаг дæ тдзыстæ м æ мæ дæ уæ н лæ ггад кæ ндзыстæ м.

Рæ стæ г-иу уыдис Царциатæ н, æ мæ уыцы рæ стæ джы, табуйы æ нцойбон, дам, хъуамæ -иу сæ хи табуйы æ рбакодтаиккой æ мæ уымæ н кусæ рттагæ н лæ джы-иу хъуамæ аргæ встаиккой, ма, дам, нæ м фæ хъыг уа нæ табу.

Ацы æ нцойбоны рæ стæ джы Царциатæ сæ хи табуйæ н ноджы сывæ ллæ тты дæ р-иу лæ вæ рдтой хæ рынæ н. Уæ д æ гас тыгуыры Царциатæ табуйæ н йæ разы-иу æ рæ мбырд сты æ мæ заргæ -кафгæ табуйæ н афтæ -иу дзырдтой:

 

«Ой, йæ рынтæ бахæ рæ м

Нæ бæ рзонд табуйæ н,

Бæ рзондыл нын чи бады,

Нæ разæ й нын чи цæ уы,

Мах чи хъахъхъæ ны

Алы фыдбылызæ й,

Алы æ наккагдзинадæ й

Мах чи хизы.

Барст ын уæ д

Æ мæ хæ лар ын йæ хицæ н,

Нæ табуйæ н нывонд чи у!»

 

Æ мæ сывæ ллон дæ р табуйы раз рацу-бацу кодта.

Царциаты æ хсæ н æ намонддзинæ дтæ афтæ бонæ й-бонмæ цыдысты, фæ лæ Царциатæ н иттæ гдæ р амонд уый уыдис, æ мæ уыдон иттæ г дæ сны адæ м уыдысты.

Кæ д Царциатæ м аразæ нгарз уыйас нæ уыдис æ мæ сæ м цы уыдис, уый дæ р рæ стмæ нæ уыдис, уæ ддæ р-иу Царциатæ дынджыр бæ лас æ д уидæ гтæ зынджы æ ххуысæ й фелвæ стой-иу сыджытæ й, йæ астæ уыл-иу алыг кодтой ноджыдæ р зынджы æ ххуысæ й, стæ й йæ хуылфмæ -иу арт бандзæ рстой æ мæ скъуырф-иу æ й кодтой, æ мæ афтæ мæ й-иу бæ лæ гъ сарæ зтой. Йæ мидæ г-иу бацыдис ацы бæ лæ гъæ н дыууисæ дз-æ ртиссæ дз лæ джы.

Царциатæ сæ хи арæ зт бæ лæ гътæ -иу ластой æ ндæ р адæ мтæ м æ мæ сæ -иу уым адæ ймæ гтыл ивтой.

Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Царциатæ адæ ймæ гты кæ нæ сывæ ллæ тты иууыл хæ рынæ н-иу не ’рбакодтой. Иуæ й-иутæ н зæ нæ г-иу нæ уыдис æ мæ сывæ ллон йæ зæ рдæ мæ -иу куы фæ цыдис, уæ д-иу йæ хицæ н сывæ ллон, куыд йæ хи зæ нæ г, афтæ -иу æ й схъомыл кодта æ мæ -иу йæ лæ ппу хуындис.

Царциатæ м канд иунæ г ацы дæ сныдзинад нæ уыдис. Бирæ æ ндæ р æ мæ æ ндæ р дæ сныдзинæ дтæ уыдис уыдонмæ: цармæ й дзаумæ ттæ кæ нын, æ мпъузын. Ацы хъуыддаджы мидæ г дæ р дæ сны уыдысты иттæ г.

Уæ ды рæ стæ джы Царциатæ м хæ цæ нгæ рзтæ нæ уыдис æ мæ уыдон хъæ бæ р хъæ ды лæ дзджытæ зынджы æ ххуысæ й-иу сцыргъ кодтой æ мæ афтæ мæ й æ рцытæ арæ зтой.

Иу дæ сныдзинад сæ м Царциатæ м ноджы уыдис уый, æ мæ уыдон доны бын бонцæ уыттæ цыдысты. Цыдæ риддæ р кæ саг-иу уыдис доны мидæ г, дынджыр кæ саг, кæ цыйы хъуыдис доны бын амарын, кæ ннод доны бын кæ саг йæ хæ дæ г амардтаид лæ джы, ахæ м дынджыр кæ саджы-иу Царциатæ цыргъ уæ хсты æ мхасæ н доны бын сæ хæ дæ г-иу амардтой, æ мæ -иу æ й уæ лæ мæ сластой.

Азтæ цыдысты, рæ стæ г цыдис, æ мæ Царциатæ куыд æ фсæ н мигæ нæ нтæ м дæ р хызтысты, куыд хæ цæ нгæ рзтæ м, афтæ гæ рзтæ м дæ р. Ахызтысты афтæ сыджыты мигæ нæ нтæ м дæ р хъуырæ уттæ м, дурынтæ м, цъæ читæ м æ мæ æ ндæ ртæ м.

Царциатæ м ноджыдæ р уыдис сыджытæ й агтæ æ мæ -иу сæ мидæ г фыхтой мæ нæ у, хор, куыд сæ хицæ н, афтæ уæ лдайдæ р табуйæ н.

Царциатæ фыдызгъæ л хомæ й дæ р хордтой, уæ лдайдæ р кæ саджы.

Хъæ дын гарз аразынмæ дæ р ахызтысты Царциатæ, куыд хæ дзар аразынмæ, куыд хидтæ аразынмæ æ мæ æ ндæ ртæ.

Ацы дæ сныдзинæ дтæ м Царциатæ сæ хи алæ вардтой иттæ г хорз, фæ лæ се ’намонддзинад уый уыдис, æ мæ се ’хсæ н фыдбылыздзинад æ мæ цъаммардзинад тыхджын æ мæ тыхджындæ р кæ й байдыдта. Афтæ мæ й цыдис бирæ æ мæ бирæ рæ стæ г.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.