Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Царциаты Цæрддзой






Цæ рддзой иу бон араст ис цуаны æ мæ йыл сæ мбæ лди диссаг иу хохрæ бын. Хохрæ бын цæ угæ йæ арв фыднæ рд ныккодта æ мæ бæ стæ ныкъкъæ с-къæ с кодта. Цæ рддзой йæ хи айнæ гмæ нылхъывта, уалынмæ йæ размæ æ рхауди тæ вд дур, зынгау сырх, æ мæ дзала [1] ныггуыпп ласта, арт сирвæ зтис æ мæ судзгæ ацыди. Сырдтæ арты разæ й лыгъдысты æ мæ Цæ рддзой худтис сæ фæ стæ.

Никуыма федта ахæ м диссаг. Бирæ тæ сырдтæ й арты афизонæ г сты. Цæ рддзой сыл хæ рыныл схæ цыди æ мæ йæ м хæ рзад фæ кастысты. Уæ д дурмæ бацыди, уый æ руазал и, æ мæ йæ Цæ рддзой систа. Доны былы йæ æ рыхсадта æ мæ дур цæ хæ ртæ скалдта. Æ рталынг ис уым Цæ рддзойыл æ мæ хохрæ бын æ рулæ фыди.

Хохрæ быны уæ ллаг фарс уыди цад, кодта æ хсидгæ. Мæ йы бафæ ндыди уым йæ хи найын. Уыцы рæ стæ джы Хуыцауы хæ рæ фырт дæ р рацыд йæ хи найынмæ æ хсидгæ цадмæ. Хуыцауы хæ рæ фырт цадыбыл æ рлæ ууыдис, йæ дарæ сы раласта. Мæ й кæ сы æ мæ зæ гъы йæ хицæ н:

— О, фарн, цы фарн дæ, фæ лæ сылы къах куы разынис!

Æ цæ гдæ р Хуыцауы хæ рæ фырт сылгоймаг уыди. Уый ам никæ й æ нхъæ лдта, бахызти цадмæ. Уæ д Мæ й дæ р раласта йæ дарæ сы æ мæ йæ фæ дыл басæ ррæ т ласта. Цæ рддзой сæ м касти сусæ гæ й. Хуыцауы хæ рæ фырты Мæ й рацахста, чызг йæ хи тыдта, Мæ й йыл хæ цгæ кодта æ мæ йæ нæ рауагъта боны цъæ хтæ м, батыхмитæ йын кодта.

Бон цъæ х кæ нын байдыдта æ мæ Хуыцауы хæ рæ фырт зæ гъы:

— Ныр цы бакæ нон, мæ фыд мæ куы базона, уæ д цы зæ гъдзынæ н?

Мæ й зæ гъы:

— Лæ уу ам.

— Уый фадат мæ нæ н нæ й, фæ лæ гуырдз мæ гуыбыны ис. Æ хсæ вы куы райгуыра, уæ д мæ фыд зæ гъдзæ н: «Æ хсæ в кæ мæ дæ р цыдтæ н», боны куы райгуыра, уæ д та зæ гъдзæ н: «Чидæ р мæ м хъуызыди». Мæ катай ууыл у.

Мæ й зæ гъы:

— Бон æ мæ æ хсæ в кæ рæ дзийæ куы хицæ н кæ ной, уæ д-иу æ й рауадз, ацы æ хсидгæ цады йæ ныббардзынæ.

Хуыцауы хæ рæ фырт фæ цыди уæ ларвмæ, йæ мадмæ нымдгæ нгæ [2] бацыди æ мæ скуыдта. Мад æ й фæ рсы:

— Цы кодтай, мæ къона?

— Цыфыддæ р Мæ йы сæ р, — зæ гъы чызг, — æ хсидгæ цады æ мбисæ хсæ в мæ хи анайон, зæ гъгæ, кæ цæ йдæ р Мæ й фæ зынди æ мæ мын батыхми кодта, ныр дзы æ нхъæ лцау фæ дæ н. Цы ми бакæ нон?

— Ма тыхс, мæ къона, исты схос кæ ндзыстæ м.

Бон цъæ хтæ кодта, афтæ чызг æ руæ ззау ис, сусæ гæ й йæ мадмæ адзырдта æ мæ йæ фæ рсы:

— Мæ фыд ам ис?

— Ам нæ й, бæ лцуатæ й нæ ма æ рыздæ хти.

— Уæ дæ мæ афон у.

Хуыцауы хæ рæ фыртæ н райгуырди чызг, йæ тæ ппалгъ [3] æ ртæ бæ кк и [4]. Чызджы хъæ дын æ ртысгæ нæ й [5] систой æ мæ йæ æ хсидгæ цады смидæ г кодтой. Чызджы хуылыдзты тæ рфы æ хсад [6] ныккодтой, æ рмæ ст ма дзы иу туджы къуыбар фæ скъона аззади.

Уалынмæ æ рцыди хæ дзары хицау, арасмуд-басмуд кодта æ мæ фæ рсы:

— Аллон-биллоны тæ ф мыл æ мбæ лы, æ мæ цы у?

Ус зæ гъы:

— Зæ гъин дын æ й нæ сæ рæ н [7], фæ лæ тæ рсын.

— Цæ мæ й тæ рсыс, кæ д дын исчи ис тыхгæ нæ г, амардзынæ н æ й, кæ д хæ рзгæ нæ г у — баузæ лдзынæ н ыл.

— Нæ, нæ, нæ сæ рæ н, ахæ мæ й ницы ис ам.

— Уæ дæ ма цы?

— Нæ чызг æ хсидгæ цады йæ хи найынмæ ацыди æ мæ йыл уым ноггуырды буар андзæ выди, æ мæ уый тæ ф ис нæ хæ дзары.

— Кæ д боны ацыд, уæ д хъуызгæ акодта æ мæ маринаг у.

— Нæ, нæ, боны æ ддæ мæ дæ р куыннæ кæ сы, нырма йæ буар хуры хъарм куы нæ зоны.

— Уæ д та æ хсæ вы ацыд æ мæ уый та сусæ г цыд у, æ мæ йын цыфыддæ р ми хъæ уы.

— Нæ, нæ, æ хсæ вы дæ р нæ ацыдис. Æ хсæ в развæ ндаг куы нæ уыны, уæ д куыд ацæ удзæ н.

— Уæ д та мæ цæ мæ й бауырна, уый тыххæ й мын исты равдис.

Ус фæ скъонайы туджы къуыбармæ ацамыдта æ мæ зæ гъы:

— Мæ нæ -ма акæ с, ацы тугæ рхæ мттæ йæ уæ лæ уыдысты.

Хæ дзары хицау хъæ дын æ ртысгæ н фелвæ ста æ мæ фæ рсы:

— Уæ д ай та цавæ р тугæ йдзаг у?

— Уымæ й тугтæ хафтон æ мæ уымæ й.

Хæ дзары хицау фæ рсы:

— Уæ дæ æ хсидгæ цады цы рæ стæ джы уыди?

— Боныцъæ хтæ куы кодта, уыцы афоны.

— Уæ дæ уый дæ чызг фæ рæ дыди. Цæ й, уый тыххæ й йæ ном Бонвæ рнон хуыйнæ д ноггуырдæ н, æ мæ бон бæ рæ ггæ нæ г фæ уæ д.

Уыйадыл æ хсидгæ цады хъомыл кодта Бонвæ рнон, æ мæ райсомы куы фæ зынд, уæ д боны æ рбацъæ х афоны февдисы.

Рæ зти æ хсидгæ цады Бонвæ рнон, йæ хъус та йæ м дардта Цæ рддзой. Уый-иу донæ й куы рахызти, уæ д Хур тартæ кодта йæ уындæ й, йæ буары уындмæ. Æ хсæ выгон-иу куы рахызти, уæ д та Мæ й ирддæ р кодта. Йæ февнæ лд — арт, йæ фезмæ лд — зынг. Дзæ бидырты æ мæ сæ гты ахста æ мæ -иу сæ ададта, йæ хи сырдты æ хсырæ й хаста, туг æ мæ æ хсыр йæ уадултыл схъазыдысты, хæ мпус кодтой рустæ, йæ астæ у талыйагау [8] къæ дзтæ кодта.

Кастис æ м Цæ рддзой. Цæ рддзой йе ссаргæ дурæ й мардта сырдтæ æ мæ -иу æ й æ рæ вæ рдта æ хсидгæ цады был. Бонвæ рнон мард сырды фенгæ йæ йæ къухтæ кæ рæ дзийыл ацахтаид, арт скодтаид æ мæ адджын физонджытæ хордта. Нæ зыдта Цæ рддзойы. Цæ рддзой дзы йæ хи æ мбæ хстæ й дардта.

Иу бон та кæ сы Цæ рддзой Бонвæ рноны хъæ зтытæ м, сæ гуыты гæ пп акæ ны, уарийы æ хст фæ кæ ны йæ хи æ мæ æ хсидгæ цады нал фæ зыны.

Цæ рддзой дæ р та йе ссаргæ дурæ й саг амары, æ мæ йæ цады был ныууадзы. Йæ хæ дæ г халагъуд цырд ацаразы æ мæ хъахъхъæ ны. Иу рæ стæ джы Бонвæ рнон фæ зыны. Саджы мард фены. Къæ цæ лтæ кæ рæ дзийыл авæ ры. Цæ рддзой скувы:

— Хуыцæ утты Хуыцау, ме скæ нæ г Хуыцау, ацы чызгæ н йе ’рттæ й зынг куыннæ рахауа.

Бонвæ рнон йæ къухтæ кæ рæ дзийыл æ рцæ вы, фæ лæ Цæ рддзойы куывд Хуыцаумæ фехъуысти æ мæ йын æ хсызгон уыди. Хуыцауы фæ ндонæ й Бонвæ рноны къухтæ й цæ хæ р нал акалди. Уæ д Бонвæ рнон хъуыдыты ацыди æ мæ йыл уадид Цæ рддзой йæ хи æ руадзы. Халагъудмæ йæ бахæ ссы æ мæ йын батыхми кæ ны.

Бонвæ рнон æ м дзуры:

— Бын бауай, цы дæ? Æ фсæ рм дæ р нал и?

Цæ рддзой йæ м дзуры:

— Ды мæ царды хай, не ’хсæ н æ ндæ р исчи куы нæ ис, æ фсæ рмæ г [9] кæ мæ й уон.

Нал æ й суадзы Цæ рддзой иу бонæ й абонмæ.

Дыккаг бон Бонвæ рнон дзуры:

— Цæ й, фæ кæ н мæ дæ уæ зæ гмæ, кæ м цæ рыс, уый фенон.

Цæ рддзой бахудти æ мæ зæ гъы:

— Мæ нæ н цæ й уæ зæ г ис, а бæ стæ алы хъæ д мæ хæ дзар у, алы фæ з æ мæ хох та мæ цæ уæ н у.

— Бæ лвырд цæ угæ цардгæ нæ г дæ.

— Цæ угæ цардгæ нæ г æ мæ хæ дзар агурæ г дæ н.

Уæ д равзæ рстой рæ сугъд бынат æ мæ дзы рæ сугъд халагъуд скодтой, залмы сыфтæ æ мæ йæ сырды цæ рмттæ й сфæ лыстой. Бонвæ рнон хæ дзары ми кодта, Цæ рддзой та амæ ттæ гтæ хаста.

Иу бон та Цæ рддзой саг амардта, æ рласы йæ. Бонвæ рнон катай кæ ны. Цæ рддзой йæ фæ рсы:

— Цæ уыл тыхсыс?

— Куыннæ тыхсон, ме ’рттæ й-иу цæ хæ р калди, арт-иу скодтон, адджын физонæ г хордтон, ныр хомæ й куыд хæ рон сырды фыд.

Цæ рддзой йе ссаргæ дуры авæ ры Бонвæ рнонмæ æ мæ зæ гъы:

— Ай дын мæ лæ вар.

Бонвæ рнон бахудти æ мæ зæ гъы:

— Ай æ рвон дур у.

Сугтæ æ ркалы кæ рæ дзийыл, ссаргæ дуры æ хсон цагъд акæ ны æ мæ цæ хæ р акалы. Цæ хæ р хус дзалайыл сæ мбæ лы æ мæ арт сцырын вæ ййы. Адджын физонджытæ скæ нынц, бахæ рынц æ мæ та халагъуды баулæ фынц. Афтæ æ рвыстой сæ рæ стæ г дыууæ уды, кæ рæ дзи уарзгæ йæ æ мæ кæ рæ дзийæ н адджын уæ вгæ йæ.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.