Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Джо хиллы ныстуан






(Фыст æ рцыди ахæ сты, йæ мæ лæ ты размæ, 1915 азы 18 ноябры)

Мæ мæ лæ ты размæ кæ мæ н раттон, цы:

Къæ с дæ р мын куы нæ ис, Хуыцауы фæ рцы

Нæ ардзæ н мæ хион йæ хицæ н бынат:

«Ехх, тулгæ дурыл та кæ м хæ цы хъуына».

 

Мæ буар та? Бæ ргæ, уый куы уаид мæ бар, —

Арт бандзарин ууыл, йæ æ ртхутæ г

Ныффæ йлауид дымгæ нæ быдыртыл,

Цæ мæ й йæ рæ удидинтыл апырх кæ на,

 

Цæ мæ й ма, æ мпылгæ, рæ удидины бон

Ног бауа ыслæ ууын йæ къахыл, мæ бон,

Гъеуым ис æ ппæ тдæ р, цы зæ гъы мæ уд.

Цæ й, гъо, амондджын ут!

Назым Хикмет

***

Цард уæ йыглæ г æ рвгъуыз цæ стæ нгасимæ

Æ мæ уарзта, асæ й къаннæ г чи уыд,

Ахæ м сылгоймаджы.

Уымæ н та алкæ ддæ р уади йæ цæ стытыл

Иу чысыл хæ дзар,

йæ рудзынджы бынмæ кæ м ырæ за

Дидинæ фтауæ г сæ гъысыф.

Уæ йыг та уарзта, уæ йыг лæ г куыд уарзы, афтæ.

Уый ыстыр куыстмæ ивæ зтой

дурбыд хæ цъæ фтæ

Æ мæ нæ уыди йæ бон

чысыл хæ дзар саразын,

Кæ й рудзынджы бынмæ ырæ за

Дидинæ фтауæ г сæ гъысыф.

Цард уæ йыг лæ г æ рвгъуыз цæ стæ нгасимæ

Æ мæ уарзта, асæ й къаннæ г чи уыд,

Ахæ м сылгоймаджы.

Уый та ысфæ лмæ цыд йемæ цæ уынæ й

Уæ йгуыты фæ ндæ гтыл, —

Уый фæ ндыди

Æ рулæ фын сабыр хæ дзары,

Дыргъ кæ м зайы, ахæ м

Æ фснайд æ мæ хибар кæ рты.

— Хорзæ й баззай! — уый загъта æ рвгъуыз

цæ стæ нгасæ н

Æ мæ гъеуæ д фæ цыди чындзы,

Дæ лæ мæ дзыд чи уыди, фæ лæ хъæ здыг,

Гъе, ахæ м

Къаннæ г хæ дзармæ,

Кæ й рудзгуыты бынмæ

Сæ рыстырæ й рæ зыд

Дидинæ фтауæ г сæ гъысыф.

Æ мæ гъеныр æ рæ мбæ рста уæ йыг, —

Уæ йыг лæ джы уарзтæ н

Кæ й нæ ис æ мбæ хсæ н

тъæ пæ нсæ р хæ дзары,

Кæ й рудзгуыты бынмæ ырæ зы

Рæ удидинæ фтауæ г

СÆ ГЪЫСЫФ!

Микола Матола

***

Рохтæ атыдтай, мæ байраг,

Уæ д тæ хæ м фæ рнæ й,

Судзгæ стъæ лфæ нтæ куыд хауа

Сæ фтджыты бынæ й.

 

Æ з цæ мæ бæ ллыдтæ н рагæ й,

Уый у ныр дæ бар:

Ацы хурвæ лыст быдыры

‘Взист цæ фхад ыссар.

 

Каконсындз уа, уадтымыгътæ —

Фестæ нт нын цæ лхдур, —

Уарзтмондаг æ взонг зæ рдæ йæ н

Уыдоны тых — мур...

 

Хастай мæ бæ рзонд-бæ рзæ ндты, —

Арвастæ у — дзæ нæ т...

Сæ рвæ ты цъæ хнæ уу уæ лвæ зтыл

Баззади дæ фæ д.

 

Стъалыуарæ нты сæ умæ йæ

Мæ й тыхсы, фынау! —

Разынд, науы урс пæ лæ зау,

Мигъы скъуыдтæ й хъæ у!..

 

Рохтæ атыдтай, мæ байраг,

Уæ д тæ хæ м фæ рнæ й...

Тæ х дымгæ йау, адæ ммæ дын

‘Нæ рыздæ хгæ нæ й.

Паоло Яшвили

ПОЭЗИ

Уадз ма сæ рра у, иугæ р сафтид ис риу дзырды

фарнæ й,

Цу-иу саугуырмæ й, кæ д нæ сæ мбæ лыс хурыл

райгондæ й...

Ме стих, бастъæ л-иу, кæ д нæ райгуырдтæ

зæ рдæ йы хъæ рæ й,

Кæ д æ нус-æ нус ды нæ фæ судзай рухсау, амондау!

 

Ног та сагъудынц бирæ сау рынтæ удыл, ризæ гау:

Хæ ст, зæ йраскъуыд уа, — хъæ ды цардæ фсон цу

абырæ гæ й,

Фæ лæ а зæ ххыл у поэты куыст стырдæ р

хъизæ мар,

Нæ й йын банкъарæ н, — царды баззайы уый

æ бæ рæ гæ й.

 

Рацу горæ тмæ æ мæ хъусдзынæ сусу-бусутæ:

«Ай поэт-лæ г у, сты йæ ис, йæ бон — æ мдзæ вгæ тæ».

Фæ лæ чи зоны, фæ зæ гъын та, хъусут-ма,

Мæ н цы арт судзы мæ хъуыдыты фæ лдзæ гъдæ нтæ й.

 

Цал цæ сты мыл уа, цæ мæ й æ взарон тары

уыджы цæ ст,

Цал зæ рдæ мын уа, — ‘нкъарон мысты уарзт йæ

хъæ булмæ,

Цал удæ н лæ ууон ацы дунейы уырдыгыстæ г,

Цæ мæ й иунæ г стих баззайа мæ нæ н, гæ лæ буйау?

 

Ног мæ стæ вд кæ ны дзырд, æ нæ нцой дзырд —

уды тау.

Туг уа, хъуыды уа, — сты йæ уацары — йæ

фыссинаг...

Æ хсæ в ахицæ н, уæ д ныззæ й кæ ны хæ хтыл хуры тын,

Æ мæ нал дæ лæ г, — ыстæ гдарау сдæ ды мысинаг.

 

Цал æ мдзæ вгæ йы райгуырд сонт риуæ й, уал азы

Цардæ й аскъуыди, æ мæ ком ныххус дойныйæ...

Кæ д мын ацы стих у фæ стаг зæ нæ г, гъеуæ д уадз,

Сау халæ ттæ н фод мæ уд, холыйау!

АМОНДЫ УЫСМ.
Тæ лмацтæ уырыссаг поэзийæ

Александр Пушкин

***

Мæ къух æ з ауыгътон мæ фæ ндтыл,

Цы сты бæ ллицтæ дæ р æ ниу?

Æ рмæ ст мæ хъизæ мары фæ ткæ й

Нæ цух кæ ны мæ афтид риу.

 

Хъысмæ ты карз тымыгъты ниудмæ

Мæ рæ згæ дидинæ г ныруад.

Цæ рын — æ рхæ ндæ г æ мæ иунæ г,

Кæ сын: фæ уыдзæ ни мæ цард?

 

Цыма æ рхæ ны мæ йы, хъызты,

Зымæ джы комулæ фт кæ лы,

Уæ д гом хихтыл фæ стиат сыфтæ р

Бынылзадæ й пæ р-пæ р кæ ны.

Александр Блок

ПОЭТТÆ

Нæ горæ ты сæ рмæ ис иу быгъдæ г къæ с,

Уым цардысты хивæ нд поэттæ.

Иу иннæ мæ кодта æ нæ рвæ ссон каст,

Былысчъилæ й худти йæ фæ дыл.

 

Дзæ гъæ лы-иу раппæ рста рухс хур йæ рон

Гъеуыцы къæ сæ рыл, æ лгъыстау, —

Уым чи царди, уыдон æ рвыстой сæ бон

Сæ н æ мæ æ нувыд куыстытыл.

 

Кæ рæ дзийæ н та-иу фыднозты фæ стæ

Ард хордтой æ фсымæ ры уарзтæ й;

Сæ зæ рдæ сæ хаста сæ умæ йæ, ыстæ й,

Дæ ллаг галау, кодтой сæ куыстаг.

 

Сæ уизæ р ныууагътой сæ хуыссæ нуæ ттæ,

Уынæ ргъыд-иу денджыз, сæ удтау, —

Æ мбаргæ йæ кастысты гъеуæ д уæ ддæ р

Рæ сугъд чызджы дурбыд дзыккутæ м.

 

Сæ рæ дауы рæ стæ г уæ здан уыд, фæ лмæ н,

Бæ ллыдысты рухс дуджы фарнмæ

Æ мæ -иу ныккуыдтой рæ у дидиныл дæ р,

Хæ рæ мигъы пакъуыйыл — дардмæ.

 

Гъеуый уыд поэты фарн. Чи зоны, ды

Æ ппæ лай, мæ хæ лар, дæ цардæ й.

Дæ бонгуыст, дæ къæ биц цынæ тæ кæ рды, —

Кæ м нæ цæ рыс кад æ мæ радæ й.

 

Нæ, ма кæ, мæ кæ сæ г, куырмæ джы цæ уын

Нæ уыди сæ туджы поэтæ н:

Ды, чи зоны, уарзай дæ усы, бæ гуы,

Ыстæ й ма хæ рзиуджытæ -йедтæ.

 

Поэтæ н, æ ппынфæ стаг, алцыдæ р ис:

Дзæ гъæ лы куы нæ вæ ййы хивæ нд, —

Рæ сугъд чызг уа, мигътæ йе фарны къæ биц, —

Нæ сæ м баххæ сдзынæ ды никæ д!

 

Ды гъæ йттæ й нымайыс дæ бæ ркад, дæ мулк, —

Цы хæ йрæ джы номæ й нæ тæ рсыс:

Поэты та нуазын фæ нды æ мæ — цу!

Дæ у хуызæ ттыл никуы æ рвæ ссыд.

 

Куы ныммæ лин иу бон, куы фæ уид мæ цин,

Уæ д дæ р ма ныхъхъæ р кæ нин афтæ:

Кæ сут-ма, Хуыцау мыл ныккалдта йæ мит,

Фыдтымыгъ мæ нæ н кæ ны пъатæ.

Сергей Есенин






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.