Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Фидыдад






Кæ д искæ д бон

Фидыдад

Куы нал уа æ рмæ ст ныхас —

Авд дамгъæ йы ахстон,

Цыбыр мыртæ й арæ зт, —

Кæ д, чи зоны,

Фидыдад

Куы нал уа æ рмæ ст бæ ллиц

Мæ йдар æ хсæ в рудзгуыты æ вгты

Ызгъæ лæ нты астæ у, —

Кæ д

Фидыдад

Æ рмæ ст лæ гъстæ нал уа,

Хъуыры цъар ивазгæ йæ:

Къæ вдайау — нæ сур зæ ххыл

Æ мæ — худæ джы хал

Цæ ссыгтæ ныхъуыргæ цæ сгæ мттыл, —

Кæ д дунейы рухс

Нал уа рæ стдзинады ингæ н,

Фыдбоны рис

Æ мæ тасæ н йæ хъузон,

Уæ д

Æ рмæ стдæ р гъеуыцы уысм

Ныззоныг кæ нин æ з дæ разы,

О Адæ ймаг, ме ‘фсымæ р,

Мæ туг æ мæ ме стæ г!

Пабло Неруда

***

Ды ницæ уыл ысразы дæ мæ фæ ндтæ й,

Фæ лæ æ з ахæ м уарзтыл дæ р æ ввæ рсын,

Кæ д уымæ н, æ мæ арв æ мæ нæ зæ хмæ

Нæ дыууæ дæ р æ мрæ стæ джы фæ кæ сæ м.

 

Æ з хатын, уый нæ бур мæ йы кæ рцы бын

Дæ уды риссаг фенкъуысы кæ уынмæ:

Нырризыс ды тыхдымгæ йы хъæ бысы,

Уæ д уыцы ризæ г бахæ цы мæ ныл дæ р.

 

Къух ауыгътай, кæ йдæ ронау, мæ къæ сыл,

Фæ лæ ды дæ мæ цæ сты рухс, мæ зынаргъ.

Æ з — амондджын: нæ фæ йлаугæ быдыртыл

Ды дæ р хæ ссыс дæ рæ вдаугæ цæ стæ нгас.

 

Нæ кæ ны мах нæ хицæ ндзинад хицæ н:

Мæ цæ стытæ куы ныхгæ нон, уæ д дæ р ма

Нæ тæ хæ г мæ ргътæ й базондзынæ н иуы, —

Ды кæ й федтай цъæ х-цъæ хид арвы риуыл.

 

Фæ лæ, кæ с-ма, фæ бадтысты мæ хъуыры

Мæ рухс фæ ндтæ... О, ницыуал дæ домын:

Дæ фæ худты рæ суг суадæ тты зæ лтæ

Сыгъд быдыры ысуадздзысты мæ дойны.

 

Мæ сæ ны быркуы асхуыстай ды цардæ й,

Кæ й бауарзтай — нæ йæ федтон фыны дæ р,

Фæ лæ йын фод мæ уарзты рухс мыды къус,

Фæ ндон хорзау, ды йæ кæ й уарзыс, уымæ н.

 

О, ацы ‘хсæ в... Нæ сæ рмæ — иунæ г стъалы...

Æ з уыимæ æ нус-æ нусты баст дæ н...

Нæ уарзтай мæ н... Æ з хæ сджын дæ н дæ разы,

Ды та, мæ бон, куыдфæ ндыйæ дæ р раст дæ!

Антонио Мачадо

БЫДЫР

Изæ р æ рхуыссыди цадæ г нæ уæ ле,

Афтæ арты ныммæ лы зынг,

 

Фæ лæ ма тыгъд быдыры сæ рмæ

Иу æ ртхутæ г нæ уазал кæ ны.

 

Мæ нæ урс фæ ндаджы цур — тæ гæ р...

Зæ рдæ ногæ й цæ мæ йдæ р тæ рсы!

 

Зæ нг — зынгæ йсыгъд... Уæ д иунæ г сыфтæ р

Бандзыг сау къалиуыл.

 

Цæ й, цæ уыл кæ уыс? Комы дагъы

Уæ ртæ аууон кæ д хъахъхъæ ны дæ у?

Гарсиа Лорка






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.