Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






AElig;ртыккаг æвдыст. Бæрзондыл, арфгомау сценæйы, амайынц фидар; фидар агъуыстхуыз фæци; йæ фæстаг хай йын самадтой бынтондæр; разæй ма






Гом ран Альторфы цур.

Бæ рзондыл, арфгомау сценæ йы, амайынц фидар; фидар агъуыстхуыз фæ ци; йæ фæ стаг хай йын самадтой бынтондæ р; разæ й ма дзы — аразæ н хъæ дтæ, уыдоныл дæ лæ мæ -уæ лæ мæ кæ нынц кусджытæ; агъуысты сæ р бады æ мбæ рзæ г. Змæ лд — алы ран, иу адæ ймаг дзы æ вдæ лон нæ у, се ’ппæ т дæ р архайынц.

Куыстмæ гæ сæ г, дурамайæ г, йе’ххуысгæ нджытæ æ мæ саукуыстгæ нджытæ.

Куыстмæ гæ сæ г (æ д лæ дзæ г, кусджыты ’рдæ м). Цырддæ р, цырддæ р! Дзæ гъæ л лæ уд ма кæ нут! Дуртæ хæ сгæ ут! Фезмæ лут! Чъыр змæ нтут! Цæ мæ й, бæ стыхицау куы æ рбацæ уа, уæ д фена, куыст размæ кæ й цæ уы æ нтыстджынæ й. Бакæ сут ма сæ м, сæ тæ лджыты хылд куыд кæ нынц! (Дыууæ кусæ гмæ, дуртæ куыд хæ ссынц, афтæ мæ й.) Исчи дæ р ма афтæ хæ ссы? Цæ вæ рут ма дзы. Магусатæ! Æ дзух куыстæ й уæ хи куы ласиккат, уый уæ фæ нды?

Фыццаг æ ххуысгæ нæ г. Раст куы зæ гъæ м, уæ д нæ куыст уыйбæ рц зæ рдæ рухс куыст нæ у; нæ хи къухтæ й нæ хицæ н аразæ м ахæ стон.

Куыстмæ гæ сæ г. Ма хъуыр-хъуыр кæ н. Æ нæ гъдау адæ м! Хъуццытæ дуцын æ мæ сæ гуыбынтæ хурмæ дарынæ й æ ндæ р ницæ мæ арæ хсынц.

Зæ ронд (бады йæ фæ ллад уадзынмæ). Нал фæ разын, мæ хъару басаст.

Куыстмæ гæ сæ г (схойы зæ ронды). Фест уæ лæ мæ дын куы загътон, зæ ронд хæ ррæ гъ!

Фыццаг æ ххуысгæ нæ г. Уанцон нæ у, цавæ р зæ рдæ йы хицау дæ — уый ма тыххæ й лæ ууы йæ къæ хтыл, ды та йæ домыс тыхкуыстыл.

Дурамайæ г æ мæ йе’ххуысгæ нджытæ. Уæ дæ ма æ вирхъаудæ р цавæ р хъуыддаг уыдзæ н!

Куыстмæ гæ сæ г. Банцайут! Мæ нæ н цы зæ гъынц, уый кæ нын.

Дыккаг æ ххуысгæ нæ г. Уæ д цы ахæ стон амайæ м, уымæ н та цавæ р ном уыдзæ н?

Куыстмæ гæ сæ г. Уры къæ лæ т. Багъæ цут, мæ хæ лæ рттæ, уыцы къæ лæ т уæ æ рбалвасдзæ н.

Æ ххуысгæ нджытæ. Куыд? Уры къæ лæ т зæ гъыс?

Куыстмæ гæ сæ г. Хъазæ гау уæ м ма кæ сæ д, ма!

Дыккаг æ ххуысгæ нæ г. Æ мæ ацы хæ дзары къуымæ й Уры бæ стæ йы цъысымы бакæ нынмæ хъавынц?

Фыццаг æ ххуысгæ нæ г. Ахæ м ахстæ ттæ цасфæ нды фæ царазой, уæ ддæ р нæ хæ хтæ н сæ чысылы рыджы дæ р нæ фæ зындзысты.

Куыстмæ гæ сæ г мидæ гау сценæ йы фæ цæ уы.

Дурамайæ г. Ацы бæ стыхайыл кæ й куыста, уый тыххæ й мæ дзæ буг цады баппардзынæ н.

Телль æ мæ Штауффахер æ рбацæ уынц.

Штауффахер. Амæ кæ сыны бæ сты сын иу боны цард дæ р куынæ уал уаид!

Телль. Фалдæ р цом. Ацы ран æ дас нæ у.

Штауффахер. Цæ мæ æ рцыди уæ Уры бæ стæ, сæ рибардзинады бæ стæ?

Дурамайæ г. Уагæ р ма мæ сгуыты бын уæ рмытæ куы фениккат. Уырдæ м чи бахауа, уыдон уасæ джы уасын тагъд нал фехъусдзысты.

Штауффахер. Мæ рафæ лдисæ г!

Дурамайæ г. Скæ сут-ма йын йæ цартæ м, æ нусмæ дæ р нал фезмæ лдзысты сæ арæ зтæ й.

Телль. Къухæ й цы скæ най, уый къухтæ ныппырх кæ ндзысты! (Къухæ й амоны хæ хтæ м.) Уæ лæ махæ н хуыцау самадта сæ рибары агъуыстытæ.

Хъуысы барабаны хъæ р; адæ м æ рбацæ уынц, лæ дзæ гыл дарынц худ; сæ фæ дыл — фидиуæ г; сценæ байдзаг устытæ æ мæ сывæ ллæ ттæ й.

Фыццаг æ ххуысгæ нæ г. Уыцы барабан та цавæ р у! Кæ сут-ма!

Дыккаг æ ххуысгæ нæ г. Цавæ р хынджылæ ггаджы хъуыддаг у цымæ? Уæ д сын уыцы худ та ма цы у?

Фидиуæ г. Паддзахы номæ й. Байхъусут!

Æ ххуысгæ нджытæ. Сабыр, сабыр! Байхъусут!

Фидиуæ г. Уры адæ м! Мæ нæ ацы худ бæ рзонд лæ дзæ гыл æ ркæ ндзыстут Альторфы фæ зы; бæ стыхицауæ й дзырд рацыди: уый фæ нды, йæ хицæ н ын цы кад дæ ттынц, ацы худæ н дæ р ахæ м кад куыд дæ ттой, афтæ: алчидæ р бæ гъæ мсарæ й куыд æ рлæ ууа худы раз йæ зонгуытыл. Уымæ й базондзæ н паддзах, иузæ рдион ыл чи сты, уыдон. Йæ дзырд ын чи нæ æ ххæ ст кæ на, уыдонæ н та ист æ рцæ удзысты сæ ис æ мæ сæ бартæ.

Адæ м худынц. Барабаны хъæ р цæ уы. Адæ м фæ йнæ рдæ м сæ хи ласынц.

Фыццаг æ ххуысгæ нæ г. Цы та æ рхъуыды кодта нæ бæ стыхицау! Ныр та нæ худæ н кувын кæ ны. Искуы ма фехъуыста исчи ахæ м диссаг?

Дурамайæ г. Мах... мах лæ ууын кæ нынц нæ зонгуытыл худæ н? Комкоммæ хуынджылæ г скъæ рынц раст адæ мæ й, æ ндæ р ницы.

Фыццаг æ ххуысгæ нæ г. Паддзахы худ дæ р ма куы уаид, фæ лæ хуымæ тæ джы худ — паддзахы худ ауыгъд у паддзахы бадæ ны сæ рмæ, уыцы ран лæ вæ рттæ уарынц, æ фстау дæ ттынц.

Дурамайæ г. Худ австриаг худ у! Къæ ппæ г нын аразынц хинæ й, цæ мæ й нæ æ гады уæ й ныккæ ной Австрийæ н.

Æ ххуысгæ нджытæ. Сæ рмæ бахæ ссинаг нæ у уыцы æ наккаг хъуыддаг.

Дурамайæ г. Цомут æ мæ искæ й бафæ рсæ м зондæ й.

Театры мидæ гаумæ бацыди.

Телль (Штауффахерæ н). Ныр базыдтай. Хæ рзбон, Вернер!

Штауффахер. Кæ дæ м? Тагъд-ма ма кæ н ардыгæ й.

Телль. Нæ й мын фæ рæ з! Нæ хæ дзары мын æ нæ сæ мбæ лгæ амал нæ й. Хæ рзбон!

Штауффахер. Куы зонис, куыд æ нтъыснæ г у мæ зæ рдæ! Фæ ндыди мæ баныхас кæ нын дæ уимæ.

Телль. Ныхасæ й нæ фæ сабыр уыдзæ н зæ рдæ йы рис.

Штауффахер. Хъуыддагæ н дæ р нæ й саразæ н æ нæ ныхасæ й.

Телль. Нæ дзыхтыл æ нцад хæ цын æ мæ не ’фхæ рдтæ н быхсынæ й дарддæ р ницы бауыдзæ н нæ бон.

Штауффахер. Гъе, æ мæ бауромæ н кæ мæ н нæ й, уый та куыд бауромдзынæ н?

Телль. Фыдхицæ уттæ æ мæ фыдрæ стæ г бирæ хъуамæ ма ахæ ссой. Æ нæ бын малы сæ рмæ тымыгъ куы стынг вæ ййы, уæ д ахуыссынц æ ртытæ, æ мæ наутæ тындзын байдайынц наулæ ууæ нмæ. Арв та куыд фæ нæ ры, афтæ нæ цæ вы æ мæ æ нæ фыдбылызæ й æ рызайы зæ хх. Цæ рæ д алчидæ р æ нцадæ й йæ хæ дзары: сабырæ н алы ран дæ р уыдзæ н сабыр æ мæ æ нцад цард...

Штауффахер. Зæ рдиагæ й зæ гъыс?

Телль. Ма хъыгдар калмы æ мæ дыл ма фæ хæ ца. Баууæ нд мыл, æ рсабыр уыдзысты сæ хуыдтæ г дæ р, сæ алфамбылай бæ стæ æ нцад куы уа, уæ д.

Штауффахер. Бирæ нын бантысид, куы баиу уаиккам, уæ д.

Телль. Бæ стæ куы сæ фа, уæ д иунæ гæ н æ нцондæ р у йæ уды фервæ зын кæ нын.

Штауффахер. Дæ уæ н æ хсæ ны хъуыддаг дæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ й.

Телль. Дæ хæ дæ г дæ хицæ н куы нæ уай, уæ д дын ничи ницы фæ уыдзæ н.

Штауффахер. Хал халæ н æ ххуыс у — куы сиу уой, уæ д сæ бон бирæ у æ дыхтæ н дæ р.

Телль. Фæ лæ хъаруджынæ н та рабæ рæ г вæ ййынц йæ тых, йæ лæ джыхъæ д иунæ гæ й архайгæ йæ.

Штауффахер. Уæ дæ нæ фыдыбæ стæ дзæ гъæ лы зæ рдæ ма æ вæ ра дæ уæ й йæ хицæ н, знагимæ хæ стыл æ рлæ угæ йæ?

Телль (æ м дæ тты йæ къух). Телль уæ рыччы сæ фын куы нæ бауадздзæ н, уæ д ма бахъуаджы сахат иунæ гæ й куыд ныууадздзæ н йæ хæ лар адæ мы. Фæ лæ мæ æ мбырдтæ м цæ уынæ й ма рахъаст кæ н: донæ й æ ххуыс кæ нын нæ уарзын, æ ххуыс хорз у задæ й. Зæ рдæ зæ гъгæ пайда уын нæ дæ н... Фæ лæ уæ, æ вæ дза, бахъуыдысты мæ фат, ме ’рдын, уæ д мæ м фæ сидут: Телль уыдзæ н уе ’хсæ н.

Фæ йнæ рдæ м фæ цæ уынц. Æ васт фехъуысти аразæ нты хъæ р.

Дурамайæ г (æ рбазгъоргæ йæ). Цы уыл сæ мбæ лди?

Фыццаг æ ххуысгæ нæ г (æ рбатæ хы хъæ ргæ нгæ). Хæ дзары сæ ртæ æ мбæ рзæ г, кусгæ -кусын, ныртæ ккæ рахауди.

Æ рбацæ уы Бертæ æ д фæ сдзæ уинтæ.

Бертæ. Тынг ныццавта йæ хи? Фервæ зын æ й кæ нут! Фæ кæ сут æ м, кæ д амал ис, уæ д! Мæ нæ уын сыгъзæ рин дæ р, æ рмæ ст æ й фыдбылызæ й бахизут.

Дурамайæ г. Сымах уæ сызгъæ ринæ й бузныг стут. Æ нахъом сабитæ æ нæ фыдæ й баззадысты сымах аххосæ й, мæ гуыр ус æ нæ хай фæ ци йæ уарзон лæ гæ й, æ гас дунейы байдзаг кодтат маст æ мæ зындзинæ дтæ й... Сызгъæ ринæ й ма хъавут уæ зылынтæ саразынмæ! Сымах агъоммæ мах уыдыстæ м хъæ лдзæ г, алчидæ р нæ разы уыди йæ цардæ й; фæ зындыстут сымах, æ мæ сагъæ ссаг фесты нæ сæ ртæ.

Бертæ (куыстмæ гæ сæ гмæ, уый куы æ рбацыди, уæ д). Æ гас ма у?

Куыстмæ гæ сæ г ын æ мбарын кæ ны, кæ й нал у, уый.

Мæ нæ къултæ, маст æ мæ уæ æ лгъыстимæ самадтой — хæ рамдзинад цæ рдзæ ни уæ хуылфы. (Фæ цæ уы.)






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.