Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






AElig;нусты балц






Нæ Ирыстон, ивгъуыд æ нусты тары

Дæ истори къæ хты бынæ й уынæ ргъы,

Дæ цардамонды тугхъулон ыстъалы,

Зыны, цыма цъæ хæ йрæ гъæ д мæ нæ ргъы.

Æ хситгæ нгæ тæ хы, тымыгъау, рæ стæ г,

Æ гъатырæ й æ ппæ т дæ рæ н кæ ны.

Ызнон дæ р ма зæ ххыл цы уыд бæ ллиццаг,

Уый абон рохуат бамбæ рзта йæ рыгæ й...

Нынныгуылди тыхджын нарты зынг хур, —

Ныххуыссыди цæ хæ ркалгæ кæ мдæ р

Зæ рæ хсиды сырх-сырхид туджы малы.

Нæ ртон адæ м ныр аргъæ утты цæ рынц...

Ызгъорынц, уайынц мин азтæ, минуттау,

Пæ р-пæ ргæ нгæ тæ хынц æ нустæ цырд...

 

Кæ мдæ р та дугтæ бондзир-дзур кæ нынц,

Ыскæ сæ ны сæ уæ хсид туджы зилы.

Сырх-сырхид арвыл сау уадздзæ гтæ й мигътæ,

Сынтытау, хъомпал, зилахар кæ нынц.

Кæ цæ йдæ р дардæ й тохы хъæ ртæ хъуысы,

Уæ ззау кæ рдты къуырма дæ нг-дæ нг цæ уы.

Тæ хæ г æ нусты базырты пæ р-пæ ры

Æ рбаивылы зарæ джы уылæ н,

Фæ лæ та — «цъызз!» — ныхситт кæ ны зынг фат

Æ мæ кæ мдæ р лæ гдзинады нымд зарæ г,

Фæ ндыры тагау, аскъуыйы дзыназгæ.

 

Уый нарты дард, тыхджын фæ дон алан

Историйы атагъаты кæ мдæ р

Фыдхъысмæ тимæ бацыдис æ рмхæ сты,

Йæ сæ рмæ мигътæ змур хæ лбурцъ кæ нынц.

Ызнæ тæ й сысты рæ стæ джы тыхдымгæ.

Цымæ та йæ кæ дæ м хæ сса йæ адзал:

Дунейы даргъ, æ нæ кæ рон уæ згуыты —

Китайæ дард Европæ йы кæ рæ ттæ м,

Цæ гат зæ ххытæ й хуссармæ, — Мысырмæ —

Тъымы-тъыматы цардагур хæ ты...

Сæ хъару хаста хурæ мдзу аланты,

Сæ быны зæ хх æ мризæ джы рызти,

Зын мæ лæ тæ й нæ фæ тарстысты никуы,

Зыдтой æ рмæ стдæ р худинаджы тас.

Фæ лæ цы лæ ууы рæ стæ гæ н, цы фидар?!

Алантæ н дæ р сæ туг цъыртгай фæ цыд,

Ныйихсыдысты се ‘хсаргæ рдтæ тохты,

Сæ хурæ мбæ рц ном зæ ххы ‘мбуар ыссис.

Кæ мдæ р æ бæ рæ г мигъæ мбæ рзт быдырты

Сæ урс сæ ры зыхъхъырдæ ндаг къуыдыртæ

Былысчъилæ й æ нæ мæ лæ тыл худынц.

Сæ байзæ ддаг — ирон адæ м ныууагътой

Сæ сойдзыхъ зæ хх, фæ лыгъдысты фыд гуннтæ й.

Цагъармæ, дам, нæ ратдзыстæ м нæ хи.

Æ рцардысты бæ рзонд хæ хты — мæ сгуытау,

 

Зынвадаты, зындзæ уæ нты, — æ рмæ стдæ р

Сæ рибаруарз цæ ргæ с кæ м тахт уæ ндонæ й.

Фæ лæ, дам, зæ хх у адæ мæ н сæ дарæ г

Æ мæ кæ м ис гæ мæ х къæ дзæ хты зæ хх!..

Цагъары къæ лæ т не ‘рхастой сæ сæ рмæ, —

Мæ гуырдзинад сыл ‘рывæ рдта æ фсондз...

Ызгъорынц, уайынц мин азтæ, минуттау,

Пæ р-пæ ргæ нгæ тæ хынц æ нустæ цырд...

 

Æ лгъыстаг дугты тар замантæ ивынц,

Ирыстоны мæ йдар æ хсæ вы ‘рттивы

Мæ рдоних уазал цъититы мæ нг рухс.

Фыд-замантæ лæ джы къухтыл, фæ ллойыл

Æ нусты дарынц сау ызгæ хъадаман.

Зæ ххы хъæ бул къæ хты бынæ й уынæ ргъы. —

Йæ урскъух æ мæ саузæ рдæ æ лдар ын

Йæ тугвæ ллой, кæ рæ ф цъулберау, цъиры.

Фæ лæ нæ ртон сæ рыстыр лæ г нæ быхсы

Тыхы бын нымд, сæ ргуыбырæ й цæ рын.

Æ мæ та-иу, гигант вулканау, тарæ й

Чермены зарæ г рухскалгæ ыстыдта,

Æ мæ та-иу тыхы фидар йæ цæ лхъæ й

Йæ бындуртæ м къæ с-къæ сгæ нгæ нынкъуысти.

Фæ лæ йæ цъуппыл тугдзых уари ‘рбадти, —

Дысæ рон маргъ, — æ ндонæ й конд йæ ныхтæ.

Йæ къæ дзил тилгæ, уарийæ н, куыдзау,

Æ хсины лæ г йæ чъизи дзæ мбы сдæ рдта,

Ныттари тынгдæ р уарийы дæ лбазыр,

Ныхъхъус и зарæ г, уадындзы зæ л аскъуыд.

 

Æ рмæ ст ма Терк иронвæ ндæ гтæ кодта

Æ мæ уыраугæ судзгæ додой хъуысти.

Фæ лæ зæ ххыл æ фхæ рд лæ джы цæ стытæ й

Цы цæ ссыджы ‘ртах рахъардта фыццаг,

Уый, — хохæ й цыма миты къуыбар фенкъуыст, —

Æ нус-æ нус ыстырæ й кодта стырдæ р,

Фыдæ й-фыртмæ, гуылф-гуылфгæ нгæ тылдис...

Мысыры пирамидæ тæ уæ ларвмæ

Кæ й уæ зæ гæ вæ рд ризгæ къухтæ систой,

Патрициты ирхæ фсынæ н кæ рæ дзи

Цы римаг гладиатортæ æ ргæ встой,

Иры сагъæ с, сæ цæ стысыг ныхъуыргæ,

Уæ ззау уаргъæ н цы сау адæ м фæ хастой, —

Æ ппæ т, æ ппæ т æ фхæ рдты маст, уыраугæ,

Сæ рæ мбæ рзтæ й, ызнæ т денджызау, фыхт

Æ мæ ныккодта иу дуджы æ мцæ лхъ,

Æ васт фæ къæ ртт ис æ хсæ вæ н йæ тæ н,

Ныггуыпп ласта æ нæ нтау рухс, фантанау,

Æ мæ ыссыгъд Октябры сæ ухсид,

Историйы мæ йдар æ хсæ в ысбон...

Ирыстоны бæ рзонд хæ хты сæ рмæ,

Пæ р-пæ ргæ нгæ, тæ хынц фæ ллад æ нустæ,

Сæ фæ стæ растад, фарнхæ ссæ г бæ лонау,

Октябры зæ ринбазыр æ нус.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.