Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Мæ азым






(З. А.-йæ н)

Мæ нæ, гъе, нæ хæ лар хъæ д, нæ бадæ н,

Хъæ дгæ рон чысыл фæ збынат рындзыл...

Хур, цæ ф сагау, фæ срагъмæ фæ тындзы,

Мигъты ‘хсæ н йæ тугвæ д тайы цадæ г,

 

Рагъыл ризы, тагъд уырдыг фæ цуддзæ н

Æ мæ бонæ н бауазал йæ къона...

Дуне сабыр... Къутæ рты ма уддзæ ф

Спæ р-пæ р кæ ны, базырсаст бæ лонау.

 

Дард кæ мдæ р кæ ны къуырма уаст гакк-гукк,

Мигъ æ ртыхсти комы донгъæ рисыл.

Сусæ г ныхас тар хъæ дæ н йæ гакк у,

Гъе, фæ лæ мæ бафтыдта ныр дисы;

 

Бæ лæ стæ дæ уыл мæ тгæ нæ г систы,

Мæ н фæ рсынц, — цæ мæ н дæ н ам æ нæ дæ у?

Хъус-хъус сусæ г сусу-бусу систой,

Ме сæ фт хур, цы сын зæ гъон, цы фæ дæ?..

 

Федзæ рæ г ис цъиуы ахстон кæ рзыл,

Нал дзы хъуысы цины уынæ р, сафтид;

Хъодыгонд рыст зæ рдæ йау ныккæ рзы

Æ мæ сусæ г сау сагъæ сыл бафтыд.

 

Бадын æ з æ нкъард кæ рзы бын нæ ууыл

Ахæ м райдзаст уалдзыгон изæ рты,

Сабийы бæ ллиц, фынау, мæ зæ рдыл

Диссаджы изæ рмилты æ рлæ ууы...

 

Гъеуæ ды æ фсæ рмдзæ стыг нæ зытæ,

Гъеуæ ды цъæ хдзаст дидин мæ цуры...

Мæ нæ, гъе, ды дæ р æ васт фæ зындтæ,

Сыстадис æ рвгъуыз фæ лмæ й дæ сурæ т.

 

Дунейыл мæ нау амондджын чи уыд,

Ме уæ хскыл дæ уæ здан къух куы ‘руагътай;

Цыма уалдзæ г арф кæ мдæ р мæ риуы

Мин уадындзæ й цины зæ лтæ цагъта...

 

Ныр ам дурыл иунæ гæ й æ рбадын,

Рахонын ивгъуыд бонтæ й дæ фæ лгонц.

Фæ лæ мæ н дæ цæ стыты цъæ х цадæ й

Нал фæ тавы раздæ ры тыфыл монц.

 

Сусæ г уайдзæ ф де ‘нгасыл фæ зыны, —

Нал ын вæ ййы цæ стытæ й фæ хицæ н:

Дам-думтæ быхсын, дам, дын фæ зын и,

Равзæ рстай, дам, рогвæ вдаг дæ хицæ н...

 

Рогвæ ндаг... куыднæ, мæ бон, уыныс мæ!..

Ныфс, хъару сæ рбахъуыды нæ разынд;

Карз тæ рхонæ н ныр уыдзæ н æ нусмæ,

Кардау, тъыст — мæ зæ рдæ йы мæ азым.

19.06.1959 аз

Сыгъзæ риндонытылд изæ ртæ

Дыдзыхур уылæ нты куы схъазы,

Уæ д сын сæ чыр-чыр зард куыд уарзын:

Кæ лæ нмыр зарджытæ, уæ зæ лтæ

Мæ удыл ауайынц узæ лгæ:

Æ хцон ыл атайынц, цыма сын

Мæ лгъæ взаг уадындзы дзыназын

Кæ цæ йдæ р самоны хæ рз цадæ г,

Ыскæ сы суадоны цъæ х цадæ й

Æ васт мæ зонгæ зæ д — æ рвгъуыздзаст.

Уый уайтагъд астъæ лы, фæ лæ уын

Æ нхъæ лцау уе сцæ гмæ цы бæ ллын,

Цæ мæ н æ дзынæ гæ й фæ лæ ууын,

Сыгъзæ риндонытылд изæ ртæ,

Кæ дæ м мын аскъæ фут мæ зæ рдæ?..

 

Фæ скъæ вда дидиндзаст æ рдузты

Фæ цæ уын ирд æ взист æ ртæ хы...

Ивгъуыдæ й амонды фæ лурс тын

Рæ сугъд æ хсинæ гау æ ртæ хы:

Уый хъоппæ г астæ умæ хæ мпæ лы

Мæ ныл æ фсæ рмгъуызæ й æ мбæ лы,

Æ мæ йæ сыгъзæ рин дзыккуты

Мæ бæ ллиц — йе ‘нгæ с зæ д фæ худы,

Æ мæ мæ рухс сæ нтты æ рфæ нты

 

Йæ фæ дыл ленк кæ нын æ рфæ нды.

Æ ви мæ боны уаг нæ ивы

Æ мæ мæ саулагъз арв фæ ливы?..

Сыгъзæ риндонытылд изæ ртæ,

Кæ дæ м мын аскъæ фут мæ зæ рдæ?..

 

Цы хур мыл ракæ сы дæ фендæ й,

Фæ лмигъы, талм бæ лас, гуырвидыц:

Цыма мæ м ме ‘взонджы рæ уфынтæ

Дæ хуызы цины хуын æ рвитынц.

Мæ гуыр — дæ уæ нгты конд кæ мæ н нæ й —

Куыд тасыс рогуддзæ ф зызыны!

Æ ви изæ рмилты кæ лæ нæ й

Уый кæ д гуырвидыц зæ д фæ зыны!

Уæ дæ дыдзы хурæ й цырæ гътæ

Куы ссудзынц де ‘рттиваг æ ртæ хтæ, —

Дæ хъарм цæ стысыджы тæ дзынæ г,

Уæ д æ з цæ мæ н вæ ййын æ дзынæ г?..

Сыгъзæ риндонытылд изæ ртæ,

Кæ дæ м мын аскъæ фут мæ зæ рдæ?..

1960 аз

***

Цыма уазал зымæ гон хъызт боны

Худгæ хъарм уалдзæ г ауад мæ удыл æ васт, —

Уыйау фестъæ лфыд цинæ й дæ разы...

Сау мылазон æ хсæ вты цæ хæ ркал бæ ллиц,

Уый дæ умæ каст æ нхъæ лмæ,

дзыназгæ фæ вдырау, æ нус,

Уый бæ ллыдис

дæ фæ лмæ н

дзæ нхъагъуыз

æ нгуылдзты æ рсæ рфтмæ.

Уый дæ уырзтæ н æ вæ рдта

цæ рддзугæ нæ г уарзты

фыццаг ысконд зарæ г...

Ехх, гæ зæ мæ йæ м бавнал уæ д та,

Ризгæ сыстид зæ рдæ скъæ ф мелоди, —

Лæ г кæ й никуыма фехъуыста æ рдзы,

Уыцы сусæ г алæ мæ ты зæ л:

Сонт зæ рдæ йы

фыццаг уарзт, æ нкъаргæ тыррыкк;

Худгæ уадултыл

цины судзгæ цæ ссыгты гæ р-гæ р;

Балы къалиуыл

уалдзæ г, цырæ гътау, дидинты спæ ртт,

Арвæ рттывды

зынг фаты

гæ зæ мæ дыз-дыз;

Хæ хты цоппай фæ лмигъы цыллæ нымд сыр-сыр...

Ды нæ федтай

æ рцæ гъдыны монцæ й

цъæ хартуадзгæ

хъисын фæ ндыр,

Ды мæ иувæ рсты дарддæ р цыдтæ,

Кодтай марты

истерикон бонау

æ нæ мæ т кæ л-кæ л

Æ мæ раздæ хт хъызт зымæ г æ васт.

Ризы мигъты ‘хсæ н

уады базырыл

мæ й,

Уд — Сырдоны

кæ уынхъæ лæ с

хъисын фæ ндырау —

æ ндыгъд.

1962 аз






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.