Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






БЕСТАУТЫ ГИУÆРГИ






Бестауты Георгийы (Гиглайы) фырт Гиуæ рги ирон литературæ мæ æ рбацыд 1954 азы. Уыцы аз журнал «Фидиуæ джы» августы номыры фæ зындысты йæ фыццаг æ мдзæ вгæ тæ: «Орденджын фыййау» æ мæ «Тæ рккъæ вда». Æ рбацыд æ взыгъд кусæ гæ й. Æ рбацыд куывдмæ нæ, фæ лæ национ аивады удуæ лдай зиумæ, æ мæ, нæ ртон хосдзауыл куыд æ мбæ лы, афтæ хаста йæ уис йæ царды фæ стаг бонтæ м.

Гиуæ рги фæ цард-фæ куыста нæ дзырдаивады зиуы 24 азы. Æ мæ уыцы азты йæ аив дзырдæ й, йæ зонды тыхæ й, йæ уды рæ сугъд миниуджытæ й бæ лвырд фæ бæ рзонддæ р кодта ирон литературæ йы кад æ мæ ном. Æ рбацыд нæ зиумæ сæ рды тæ мæ ны æ мæ цæ угæ дæ р акодта раст августы райдианы...

Ацыд йæ хæ дæ г, фæ лæ, йæ тыхджын курдиатæ й цы хæ рзиуджытæ рантыст, уыдон баззадысты ирон аивады хæ знадоны æ мæ æ нустæ м уыдзысты нæ адæ мы мысæ нуаты. Афтæ у аивады историон фæ тк дунейы æ ппæ т дзыллæ тæ м дæ р: поэт ацæ уы йæ хæ дæ г, фæ лæ баззайынц цæ ргæ йæ йæ аивад, йæ лæ гуарзон хъуыды. Баззайынц, Пушкины загъдау, цæ мæ й «сагъæ с æ мæ хъизæ мар кæ ной» («чтоб мыслитъ и страдатъ») немæ, удыгæ стимæ иумæ.

***

Бестауты Гиуæ рги райгуырд 1932 азы майы 5-æ м бон Годжиты хъæ уы. Йæ фыд Гигла æ мæ йæ мад Уалион Маруса уыдысты мæ гуыр хохаг зæ хкусджытæ. Гиуæ ргийы райгуырæ н хъæ у ис рæ сугъд ран хæ хты бæ стастæ у: Кавказы бæ рзонд хæ хтæ й — дард, зæ ххæ й хъæ здыг быдыртæ кæ м ныззылдысты дæ рттыл, уырдæ м та — æ ввахс. Ныллæ г, фæ лæ райдзаст хæ хтæ, хъæ дæ й бæ зджын æ хгæ д хæ хтæ. Хъæ уы фарсмæ — хуымы гæ ппæ лтæ, фæ лæ — хæ рз чысыл. Хъæ уы сæ рмæ — кæ рдæ гджын фæ тæ н, фос дарыны фадат уырдыгæ й цыд хъæ уы адæ ммæ. Фæ лæ уыцы фадат дæ р цард нывыл саразыны фаг нæ уыд. Æ мæ Годжиты хъæ уæ й радыгай лыгъдысты йæ цæ рджытæ цардагур. Афтæ мæ й абон бынтондæ р сафтид...

Гиуæ рги йæ сабийы бонтæ ам арвыста. Скъолайы къæ сæ рæ й дæ р ам бахызти, фæ лæ стæ й йæ ныййарджытæ ралыгъдысты быдырмæ æ мæ æ рцардысты Цхинвалы горæ тмæ æ ввахс иу гуырдзиаг хъæ уы. Лæ ппу нæ зыдта нæ дæ р уырыссагау, нæ дæ р гуырдзиагау, ирон скъола та уæ д нал уыди горæ ты нæ, фæ лæ хъæ уы дæ р... Уырыссаг скъолатæ м æ й нæ айстой, фæ лæ тыхæ й-фыдæ й, зондджын директоры ахъазæ й, Гиуæ ргийы бафæ лварыны хуызы айстой гуырдзиаг скъоламæ, кæ д иунæ г скъола уыд Цхинвалы, кæ д гуырдзиаг сабитæ н дæ р нæ фаг кодта, уæ ддæ р. Зæ рдæ ргъæ вд лæ ппу нæ фæ мæ нг кодта ахуыргæ нджыты ныфс æ мæ афæ дзы кæ ронмæ сси раззаг ахуырдзау. Ацы скъола фæ ци каст Гиуæ рги 1952 азы сыгъзæ рин майданимæ.

Уыцы аз Гиуæ рги бацыд Тбилисы паддзахадон университетмæ, журналистикæ йы факулътетмæ. Ам дæ р уыди раззаг студентыл нымад, стæ й разынд курдиатджын стихфыссæ г... гуырдзиаг æ взагыл! Гиуæ рги уæ дмæ афтæ хорз сахуыр кодта гуырдзиаг æ взаг, æ мæ мын йе ‘мбæ лттæ й иу ракодта ахæ м хабар. Георгий Леонидзе, номдзыд гуырдзиаг поэт, сæ литературон фæ сивæ дæ н иу æ мбырды загъта: поэт суæ вын уæ коей фæ нды, уый гуырдзиаг æ взаг хъуамæ зона мæ нæ ацы ирон лæ ппуйау!..

Гиуæ рги университеты йæ ахуыр ахæ ццæ кодта кæ ронмæ 1957 азы уалдзæ джы 25-аздзыд лæ ппуйæ, стæ й сырх дипломимæ.

Гиуæ рги ма студент куы уыди, уæ ддæ р йæ хи равдыста æ взыгъд ирон поэтæ й æ мæ йæ 1957 азы райдиан райстой кусынмæ «Фидиуæ джы» редакцимæ. Фыццаг уыди, рæ нхъон литературон кусæ г, фæ лæ фæ стагмæ сси журналы сæ йраг редактор. Дыууæ азы бæ рц (1972 азы февралæ й — 1973 азы ноябырмæ) фæ куыста редакторæ й, стæ й йæ хицауад барвыста облæ сты чиныгуадзæ ны сæ йраг редакторæ й кусынмæ. Æ мæ ам фæ куыста йæ царды фæ стаг бонмæ — 1978 азы августы 3-аг бонмæ.

***

Диссаджы лæ г уыди Гиуæ рги. Куы йæ базыдтон, уæ д ыл цыди æ рмæ ст 22 азы.

Куы йæ федтон фыццаг хатт, уæ д мæ зæ рдыл æ рæ фтыдысты уырыссаг поэты ныхæ стæ: «Иду красивый, двадцатидвухлетний!» Гиуæ рги, æ цæ гдæ р, рæ сугъд лæ ппулæ г уыди цæ сгомæ й дæ р æ мæ уæ нгты коноæ й дæ р. Фидæ рттæ арæ зт, фæ лæ нырма къæ схуыр, æ ууæ рст дугъон бæ хау. Куы-иу бахудт, уæ д-иу йæ нарæ г рихитæ фæ йнæ рдæ м алыгъдысты, цыма-иу зæ рдæ йы дуар байгом, уыйау.

Дзураг лæ ппутæ й нæ уыд. Фылдæ р хъусгæ кодта, хистæ рты ныхасмæ дзырд стæ м хатт æ ппæ рста. Уымæ й дæ р — чъызгæ -къуызгæ. Литературæ йы фæ дыл исты дзуры, уæ д та йæ ныхас кæ ддæ риддæ р уыди барст, нымад, аргументтыл амад. Стилистикæ йы æ ууæ лтæ й та — фидыцджын, æ гъдауджын, рæ стдзинады нукмæ арæ зт. Æ цæ г, ацы миниуджытæ фæ стæ дæ р фæ бæ рæ г сты æ ххæ стæ й, фæ лæ сын рахатæ н уыди, куы базонгæ стæ м, уæ д дæ р. Æ цæ г, уæ д нырма студент уыди, стæ й тынг æ фсæ рмдзæ стыг æ мæ мæ цуры дзурын дæ р рæ стмæ пæ ма уæ ндыди.

Гиуæ ргиимæ мæ н зонгæ та бакодта Нартыхты Михал 1954 азы сæ рды. Михал йæ хæ дæ г дæ р нырма æ взонг поэт уыди (Гиуæ ргийæ фондз азы хистæ р), фæ лæ хæ лар æ мæ æ ргомзæ рдæ адæ ймаг, стæ й хъазæ гой, юмор æ мæ иронимæ æ мхиц. Йæ зæ рдæ йы рæ бын-иу цы равг фæ йлауæ н кодта, уый æ мбæ хсын æ м нæ цыд æ мæ йæ м нæ дæ р арæ хсгæ кодта. Гиуæ ргийы стихтæ тынг йæ зæ рдæ мæ фæ цыдысты æ мæ мын æ й аппæ лыд: «Хорз лæ г дзы рацæ удзæ н!.. Æ цæ г, гуырдзиагау фыссы... нырма, фæ лæ ныр иронау райдайдзæ н, — дзырд мын радта. Грисы «Салдат» ын бакæ сын кодтон æ мæ мын загъта: «Афтæ хорз фыссæ н ис иронау, уый нæ зыдтон, æ ндæ ра афонмæ дæ р фыстаин нæ хи ‘взагыл...» Михал дæ р Къахеты схъомыл, гуырдзиаг æ взагыл каст фæ ци астæ уккаг скъола, хорз зыдта гуырдзиаг æ взаг æ мæ литературæ. Гиуæ ргийы гуырдзиаг стихтæ й дæ р бамбæ рста лæ ппуйы курдиаты тых.

Иу дзырдæ й, Гиуæ рги иронау фыссынмæ кæ й раздæ хт, уый аххосаг уыд Нартыхты Михалы æ видигæ уарзондзинад ирон æ взаг æ мæ дзырдаивадмæ. Уый йæ уарзоны кой афтæ зæ рдиагæ й кодтаид, æ мæ цыфæ нды хивæ нд лæ джы дæ р йæ хи динмæ раздæ хтаид. Бахъардта йæ зæ рдиаг ныхас Гиуæ ргимæ дæ р, сног ис йæ уды рæ бын ирон дзырды фарн.

Гиуæ рги æ мæ Михал — дыууæ дæ р раджы ацыдысты цардæ й: Михал — дыууиссæ дз аздзыдæ й, Гиуæ рги — цыппор æ хсæ з аздзыдæ й. Фæ лæ мæ зæ рдæ йы рæ бинаг къуымы дыууæ дæ р иу бæ ласы бын бадынц, сæ иуы кой куы фæ кæ нын, уæ д иннæ дæ р мæ цæ сты раз фæ лæ ууы. Дыууæ дæ р хæ д-зонд æ мæ удæ й хæ двидыц уыдысты, фæ лæ сын мæ зæ рдæ йы ахицæ н нæ й, фаззон æ фсымæ ртау...

Гиуæ рги йæ дзырд нæ фæ сайдта: райдыдта фыссын иронау, стæ й нуарджын стихæ й, нывæ фтыд æ взагæ й, эмоцийæ хъуырмæ над дзырдтæ й. Михал ын йæ армæ й тыхæ й исæ гау ракодта йæ фыццаг ирон æ мдзæ вгæ тæ й дыууæ æ мæ сæ бахаста «Фидиуæ джы» редакцимæ. Уым мыхуыр æ рцыдысты 1954 азы 8-æ м номыры. Афтæ райдыдта Гиуæ ргийы балц ирон дзырдаивады...

Ацы дыууæ ‘мдзæ вгæ мæ йæ хъус уыйас ничи ‘рдардта. Фæ лæ 1956 азы журналы фæ зынд ног æ мдзæ вгæ ты цикл. Уый сдзурын кодта Хуссары литераторты иу æ взагæ й: ирон дзырдаивадмæ æ рбацыд ног курдиатджын кусæ г! Не ‘ппæ ты зæ рдæ дæ р балхæ дта йæ иу стих фæ ззæ джы нывтæ й: «Галы фæ ды къæ вдайы дон сæ лы...» фæ лæ нырма мыхуыры йæ хъуыды ничи дзырдта.

Уыцы рæ стæ джы нæ поэзийы рæ зтмæ йæ хъус Плиты Грисы хуызæ н ничи дардта. Грис Мæ скуыйы ахуыр кодта, фæ лæ уырдыгæ й дæ р федта, Гиуæ ргийы æ мдзæ вгæ тæ нæ поэзийы ног фæ зынд кæ й сты, уый, æ мæ йæ фæ ндыд — æ взонг поэт йæ рæ зты фæ ндагыл сæ рибарæ й куы цæ уид, хъыгдард куынæ ‘рцæ уид фысджыты ‘хсæ нады ‘рдыгæ й. Уый охыл мæ м фыста Мæ скуыйæ: фехъуыстон, Гиуæ рги кусын райдыдта «Фидиуæ джы». Кæ д афтæ у, уæ д зæ гъ редактор Дзаттиаты Георгийæ н æ мæ лæ ппумæ йæ хъус æ рдара. Нырма æ вæ лтæ рд у æ мæ йæ куысты исты къуылымпытæ куы уа, уæ д ын уайдзæ фты бæ сты амонгæ куыд кæ на. Уый — Гиуæ рги — ныфсы лæ г у, æ мæ йæ æ вæ рын хъæ уы.

Грис кæ стæ ртыл аудаг уыд. Æ цæ г сæ домгæ дæ р афтæ кодта, сæ аивадмæ дзагъырдзæ стæ й каст æ мæ дзы уыдта алы чысыл аипп дæ р. Фæ лæ йын Гиуæ ргийы аивад йæ зæ рдæ афтæ барухс кодта йæ кæ ркæ -мæ ркæ хуызæ й, йæ ритмы хъандзалдзинадæ й, йæ рифмæ ты рæ сугъддзинадæ й, йе стилы оригиналон æ ууæ лтæ й æ мæ стыр разыйы ныхæ стæ ныффыста Гафезмæ æ мæ мæ нмæ дæ р. Йæ фыстæ джы (1958 азы июны 14 бон) Грис зæ гъы: «С большой радостъю прочитал твои и Георгия стихи в пятом номере «Фидиуаг»... А какой молодец Георгий! Это — целое событие в нашей поэзии. Необходимо перевести их на русский язык. Я писал вчера Федору — издать отделъно эти стихи, если только представляется это возможным. А можно и обсудитъ их с привлечением писателъской общественности».

Циклы стихтæ хицæ нæ й мыхуыр не ‘рцыдысты, фæ лæ бацыдысты Гиуæ ргийы фыццаг чиныгмæ («Уадтымыгъ»), уый та рухс федта уыцы аз (1958), Грисы фыстæ гæ й иу цалдæ р мæ йы фæ спгæ. Æ мæ чиныджы уыд йæ редактор Дзуццаты Хадзы-Мураты разныхас. Хадзы бирое рæ стаг ныхæ стæ загъта Гиуæ ргийы æ мдзæ вгæ тæ й. Фыццаджы уал банысан кодта, Гиуæ рги æ виппайды кæ й æ рбацыд нæ литературæ мæ — «йæ фыццаг æ мдзæ вгæ тæ й йæ химæ аздæ хта чиныгкæ сæ г дзыллæ ты хъусдард». Раст фæ хатыд Гиуæ ргийы поэтикон дæ сниады сæ йраг миниуæ г дæ р: «... дуне æ вдисы фæ лгонцтæ й, мард, статикон нæ, фæ лæ удæ гас, змæ лгæ чи кæ ны, ахæ м динамикон фæ лгонцтæ й». Раст нымайы поэты стилистикæ йы миниуджытæ дæ р: «Гиуæ рги лæ мбынæ г хъусы ирон æ взаджы зæ ллангмæ æ мæ дзы пайда кæ ны арæ хстджынæ й. Поэты æ мдзæ вгæ ты арæ х æ мбæ лæ м, адæ ммæ чи ис, фæ лæ поэзийы нырмæ чи нæ ма уыд, ахæ м дзырдтыл. Йæ рифмæ тæ сты бæ стон, æ нæ лаз. Гиуæ рги ахуыр кæ ны ирон классикон поэзийыл. Уæ лдай тынгдæ р ыл зыны Плиты Грисы поэтикон амалты æ ндæ вдад». Уый та уымæ н афтæ уыд æ мæ «Гиуæ ргийы курдиатæ н ис романтикон ахаст». Грисы поэтикæ дæ р амад у бæ рзонд романтизмы фисынтыл.

Гиуæ ргийы фыццаг чиныг куы рацыд, уæ д ыл ирон литературæ йы кусджытæ фæ цин кодтой. Хадзы-Мураты фæ стæ йыл Гафез ныффыста уац. Уый дæ р Хадзыйы хъуыдытыл разы у: дзуры «романтизмы тæ вагыл», рифмæ ты аивыл, «ритмикæ йы бæ рзонд кулътурæ йыл», æ рдзы нывтæ, хуызтæ бæ стон кæ й уыны, «йæ цырд цæ стытæ й кæ й ницы ирвæ зы», ууыл. Уæ лдай йæ зæ рдæ мæ та цæ уы поэты эмоцион дуне: «поэзийæ н хъæ уы зæ рдæ, стыр зæ рдæ, арф æ нкъарæ нтæ кæ мæ ис, сагъæ с кæ нын чи зоны, ахæ м зæ рдæ». Æ мæ раст ахæ м зæ рдæ критик уыны Гиуæ ргийы поэзийы. Ахæ м хъуыдыйыл лæ уд уыдысты канд Грис, Хаджи æ мæ Гафез нæ, фæ лæ Дзугаты Георги, Нартыхты Михал æ мæ æ з дæ р. Ацы нымады ныхмæ ничи уыд иннæ поэттæ й дæ р.

Иу дзырдæ й, Гафезы загъдау, Гиуæ рги ирон литературæ мæ æ рбацыд æ цæ г «æ лвæ ст кардау», ома цæ ттæ йæ, хъаруджынæ й æ мæ рæ сугъдæ й; цæ ттæ йæ поэзи фæ лдисынмæ, стæ й поэзийы сæ рыл хæ цынмæ дæ р. Гафезы иумæ йаг хатдзæ г уæ д дæ р æ мæ ныр дæ р у, фау æ рхæ ссæ н кæ мæ нæ й, ахæ м: «Бестйуты Гиуæ рги ирон поэзимæ æ рбахаста зынаргъ лæ вар. Иæ чысыл чиныг «Уадтымыгъ» ирон поэзийы хуыздæ р чингуыты ‘хсæ н ссардзæ н аккаг бынат». (Кæ с «Фидиуæ г» 1959, № 3, фарс 82).

Бестауты Гиуæ ргийы аивадыл иттæ г разыйæ сæ мбæ лдысты Цæ гат Иры хуыздæ р поэттæ дæ р. Уый канд Грисæ й нæ зæ гъын. Грисау Гиуæ ргийы поэзи бæ рзонд æ вæ рдтой Цæ рукъаты Алыксандр, Хъодзаты Æ хсар, Джыккайты Шамил æ мæ Хостыхъоты Зинæ. Уый æ з зонын сæ хи дзыхы дзырдæ й. Зонын æ й Алыксандры æ мдзæ вгæ йæ, Бестауы номыл фыст чи у, уымæ й. Мæ зæ рдыл лæ ууынц Шамилы ныхæ стæ дæ р. Дзæ уджыхъæ уæ й мæ м 1967 азы марты 4-æ м бон цы фыстæ г рарвыста, уым фыссы: «Бестауты Гиуæ рги мын йæ чиныг æ рбарвыста («Æ хсæ в æ мæ бон»). Стыр æ хсызгондзинад мын радта æ мæ -иу ын мæ бæ сты арфæ ракæ н».

Бестауы сфæ лдыстадыл уæ лдай зæ рдиагæ й тыхсти, цин кодта, сæ рыстыр дзы уыд Плиты Грис. Поэты дыккаг чиныг куы рацыд 1962 азы кæ рон, уæ д мæ м фыста: «Хороши стихи Бестауты в новой книжке. Ах, злодей, как он растет. Очень удачен и его перевод „Алгузиани“». Æ ндæ р фыстæ джы (1967 азы июны 9-æ м бон) фæ рсы: «А как с поэмой Гио о гражданской войне? Закончил ли? Пусть довершает!» Æ мæ ма иу фарст Бестауы тæ лмацы тыххæ й (1970-æ м аз, январы 2-аг бон): «Уæ дæ Гио та уый бæ рц куыд быхсы Рустауаг Шотаимæ?.. Цæ в, зæ гъ, æ й, фæ у йæ, барухс кæ н ноджыдæ р де ‘нхъæ лцау адæ мы зæ рдæ тæ».

Атæ ппæ т æ вдисæ ндар ныхæ стæ уымæ н хæ ссын, æ мæ Гиуæ ргийы æ рбацыд нæ литературæ мæ, сæ ууон хуры æ рбакастау, уыдис. Ирон фысджытæ н æ ‘ппæ тæ н дæ р хистæ рæ й-кæ стæ рæ й, æ хсызгон кæ й уыд, уымæ н ис бирæ цæ виттонтæ й равдисæ н. Æ ‘ппæ тыл нæ дзурдзынæ н, фæ лæ цæ мæ й уырнинагдæ р уа мæ ныхас, уый охыл æ рхæ сдзынæ н Плиты Хадойы, Дзесты Куыдзæ джы, Ардаæ нты Хадзыбатыры,

Цæ рукъаты Алыксандыры æ мæ Хъодзаты Æ хсары зæ рдиаг ныхæ стæ Гиуæ ргийы аивады æ мæ лæ джыхъæ ды тыххæ й.

Плиты Харитон хæ ларзæ рдæ адæ ймаг уыд. Æ вæ ццæ гæ н, хæ рам цы у, уый зонгæ дæ р нæ кодта, не ‘ппæ тимæ дæ р хæ ларæ й цард, фæ лæ кæ стæ ртæ й уæ лдай хорз зæ рдæ дардта Гиуæ ргимæ. Уарзта йын йе ‘мдзæ вгæ тæ, стæ й йæ зæ рдæ йы æ фсæ рмдзæ стыг ахаст хистæ ртæ м. Йе ‘мдæ вгæ тыл критикон уац ныффыссынмæ, æ вæ ццæ гæ н, йæ ныфс нæ бахаста, фæ лæ куыддæ р «Алгъуызы кадæ г» фæ зынд Бестауы тæ лмацæ й, афтæ йыл ныффыста стыр уац «Рæ стдзинады» 29 номыр, 1963 азы февралы 9 бон: «Нæ фыдæ лты номы аккаг». Уац дардыл фыст у, фаглæ дзы иу абзацæ н нæ й æ нæ рхæ сгæ: «Æ рæ джы Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдад рауагъта ирон æ взагыл «Алгъуызы кадæ г». Оригиналæ й (гуырдзиаг æ взагæ й — Н. Дж.) йæ ратæ лмац кодта поэт Бестауты Гиуæ рги. Бæ рæ г у, тæ лмацгæ нæ г ыл бирæ фыдæ хсæ втæ кæ й арвыста, йæ курдиат, йæ поэтикон дæ сныйадыл кæ й нæ бацауæ рста; æ взаргæ ныхæ стæ й, рæ сугъд ахорæ нтæ й йæ сфæ лындыныл кæ й бацархайдта, йæ зæ рдæ дзы кæ й нывæ рдта æ мæ йын æ вæ джиауы хорз тæ лмац дæ р уымæ н кæ й рауади. Кадæ джы рæ нхъытæ тæ лмацгонд сты фæ лгонцджын хъуыдыйæ дтæ й, музыкалон дзырдтæ й, иу ныхас иннæ йыл аив бады, сты æ нцон æ мбарæ н, æ нцон кæ сæ н, сæ рифмæ тæ хъæ здыг. Хæ рз æ ввахс бацыди оригиналмæ... Кадæ г у рагон гуырдзиаг поэзийы барæ нæ й — шаирийæ —16 уæ нгон стихæ й фыст, тæ лмацы стих та у 15 уæ нгон. Æ нÆ мæ нгæ й афтæ рæ сугъддæ р бады ирон æ взагыл. Цезурæ дæ р йæ бынаты баззади. Æ нцондæ р кæ сæ н у æ мæ дзæ бæ х фидауы. Бестауы-фырт иттæ г хорз бакуыста, цæ мæ й кадæ джы фæ лгонцтæ сæ хи хуызæ нæ й баззайой,

йæ абарæ нтæ, йæ эпитеттæ, йæ метафорæ тæ ма фесæ фой, фæ лæ ирддæ рæ й разыной».

Хадойæ мæ й раздæ р, 1962 азы декабры 27-æ м бон, Гиуæ ргийы поэзийыл æ мæ тæ лмацы аивадыл ноджы зæ рдиагдæ р цин бакодта Ардаæ нты Хадзыбатыр йæ фыстæ джы: «Æ гæ рон бузныг дæ дæ н, мæ зæ рдæ мын кæ й барухс кодтай дæ „Алгъуызы кадæ г“ æ мæ дæ „Царды цин“-æ й, уый тыххæ й. Канд уымæ н нæ, æ мæ мæ кæ й æ рхъуыды кодтай. Æ рхъуыды дæ р хорз у, зæ рдæ йæ н æ хсызгон у, фæ лæ мын уыцы æ хсызгондзинадæ й ноджы æ хсызгондæ р уыдысты де ‘мдзæ вгæ тæ, дæ поэзи. Хицæ нтæ й дæ р сæ кастæ н, фæ лæ ныр иумæ, æ мбырдгондæ й бæ лвырддæ р разындысты æ стыр поэтикон тых, обрæ зты аивад, æ мдзæ вгæ йы арæ хст быд, лирикон геройы хъæ здыг дуне.

Мæ зæ рдæ мын тынг фæ цагайдтой де ‘мдзæ вгæ тæ, бамбæ рстон, стыр поэт нæ м кæ й гуыры æ мæ дис кæ нын (цины дис!), йæ сæ узæ рины тæ мæ нтæ афтæ кæ м æ рттивынц, уым ма фæ стæ дæ р куыд уыдзæ н!..»

Нæ зонын, цы ма уыд зæ гъæ н зæ рдæ бындæ р æ мæ аивдæ р ныхасæ й! Фæ лæ мæ нæ мæ разы Дзесты Куыдзæ джы фыстæ г æ мæ уымæ й дæ р мæ зæ рдæ йыл æ мбæ лы уыцы зæ рдиаг æ мæ цæ стуарзон ныхасы æ вæ джийау хæ рздæ ф. Фыстæ г нæ у, фæ лæ хицæ н лирикон монолог уарзон лæ джы бæ рзонд поэзийы тыххæ й. Мæ цæ ст æ й цыбыр кæ нын дæ р нæ уарзы, фæ лæ йын цы кæ нон, хицæ нæ й мыхуыр кæ нинаг уацмыс у æ нæ мæ г æ мæ дзы æ з скъуыддзаг кæ й хæ ссын, уый мын хатыр фод.

«Дæ бонтæ хорз æ мæ де стыр лæ вар бирæ уæ д, Гиуæ рги!

Райстон дæ æ мдзæ вгæ ты чиныг, æ мæ дын раст куы зæ гъон, уæ д ацы фæ стаг рæ стæ джы ахæ м цины хуын нæ ма ‘рбацыд мæ къухтæ м... Дæ чиныг кæ сгæ йæ мæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты мæ чысылы бонтæ й иуæ й-иу нывтæ. Саунæ мыг кæ нæ -иу мæ цкъуы тонынмæ куы ацыдыстæ м хъæ дмæ, уæ д-иу цас фæ зылдыстæ м, цас фæ цагуырдтам... Фæ лæ -иу уалынмæ адæ ймаг фембæ лд ахæ м зиллаккыл, æ мæ сау дары зды нæ мыджы йас ставдгага саунæ мыгæ й!.. «Арæ хджын» хуыдтам ахæ м бынат.

Раст ахæ м арæ хджын мæ м фæ каст, Гиуæ рги, дæ чиныг дæ р, суанг йæ сæ рæ й йæ кæ ронмæ. Саунæ мгуытæ дæ р æ мхуызон нæ вæ ййынц, чи дзы ставддæ р у гагатæ й, чи адджындæ р, кæ нæ цъæ хдæ р æ мæ рæ гъæ ддæ р. Гъе, фæ лæ дæ чиныджы уæ ддæ р нæ й ахæ м гага, хæ дзармæ æ рхæ ссыны аккаг чи нæ у...

Ныхæ стæ дардыл цæ уынц, Гиорги, фæ лæ дæ «зæ рдæ йы рæ бынæ й» цы «нæ лгоймаджы цæ ссыг» цæ уы, уый æ мæ де ‘ртты фарн, тых æ мæ бæ ркад фылдæ рæ й фылдæ р кæ нæ нт!

Æ мдзæ вгæ тæ й цы загъдæ уа? Уый дын мæ нæ «Сгпай». Алы сæ рд дæ р нæ м вæ ййы сырддон, арæ х фæ кæ нын сывæ ллæ тты уырдæ м æ мæ та мын мæ цæ стытыл авæ рдта ирд ныв: «...йæ бырынчъы пгъыссы... тæ ппуд саби къæ цæ лтæ...» Раст зæ гъыс, адæ ймаджы къахвæ д цы кæ рдæ гыл фæ зыны, уымæ, дам, йæ дзых дæ р цы хæ ххон дзæ бидыр не ‘рхæ ссы, уый, комахсæ ны тохъылау, талынг скъæ ты къуымы кæ вдæ сыл куы ныббæ ттой, уæ д ма уымæ й цæ й дзæ бидыр ис?..

Æ хсызгон мын у, «сойбыл зарæ г» кæ нынмæ дæ къух кæ й нæ тасы, уый. «Царды цæ р æ мæ йæ ма уын, Циныл æ мæ мастыл зар æ мхуызон!» — æ вæ дза ахæ м фыссæ г дзæ гъæ лы фенхъæ лы «зарын», зæ гъгæ. Уый зард нæ у, хуыздæ р-хуыздæ ры — маймулийы æ нахъинон мыртæ.

Æ мдзæ вгæ «Зонын...» æ мæ «Сонеты» цы хъуыдытæ ‘вдисыс, уыдон æ з мæ хирдыгонау æ мбарын æ мæ сæ м ахæ м æ фтауæ н хæ ссын: дугæ н йе стыр цин æ мæ йе стыр бæ ллах дæ р фæ д (уæ д та иу чысыл!) цы фыссæ джы сфæ лдыстады нæ ныууадзой, уымæ й цы загъдæ уа?!

Де стихтæ н æ ‘ппæ ты кой нæ кæ нын, — тæ рсын, куы ныдздзæ гъæ лтæ æ мæ куы ныссуйтæ уон, уымæ й. Къаддæ р куы уыдаиккой ног фæ лгонцтæ, ног нывтæ, ног рифмæ тæ, темæ тæ, уæ д ма, чи зоны, мæ ныфс бахастаин, фæ лæ... «дидинæ джы ‘ртахы ризы рухс уалдзæ джы уд» — æ рмæ ст уый йæ хæ дæ г дæ р у сгуы — хай раттыны аккаг. Кæ нæ — «Цыма знæ т денджызæ й хурыл лакъон донуылæ н ыспырх...»

Цæ й уæ дæ... лæ вархъом у æ мæ дыл нæ хи Сатанайы куывд æ рцæ уæ д!

Де ‘гуыдзæ г хистæ р Куыдзæ г».

Цæ рукъаты Алыксандры æ мæ Хъодзаты Æ хсары фыстæ джытæ Куыдзæ джы фыстæ гæ й бирæ фæ стæ дæ р фыст æ рцыдысты: Куыдзæ г фыста Гиуæ ргийы æ ртыккаг чиныджы тыххæ й («Æ хсæ в æ мæ бон», 1966) февралы мæ йы 1967 азы. Æ хсары фыстæ г хъуырмæ над у зынуромæ н цæ ссыгæ й. Уый фыст у 25 февралы 1977 азы. Уæ д Гиуæ рги уæ ззау рынчын уыди. Зыдта ацы хабар Æ хсар дæ р æ мæ уымæ н ахæ м æ рхæ ндæ г хъæ лæ сæ й æ вæ ры ныфсытæ йæ уарзон æ мгарæ н: «Бестау, мæ ныфс! Иу хатт ма дын зæ рдиаг арфæ кæ нын, дæ удуæ лдай фыдæ бонæ н дын цы аргъ скодтой, уый фæ дыл. Ды нæ чысыл литературæ йæ н, нæ мæ гуыр адæ мæ н цы хæ рзты бацыдтæ, уымæ н аргъ нæ й. Мæ зонгуытыл лæ ууын сæ цуры æ мæ сын мæ мид-зæ рдæ йы табу кæ нын, сабийау.

Удвидар у, Бестау, мæ ныфс! Удвидар у! Дæ хи Æ хсар».

Цæ рукъаты Алыксандры фыстæ г дæ р Æ хсары фыстæ джы аххосагмæ гæ сгæ фыст у: «Знон, 14-æ м февралы изæ рæ й фехъуыстон æ хсызгон хабар: лæ вæ рд дын æ рцыд Иуане Мачабелийы номыл преми Шота Руставелийы æ нæ мæ лгæ кадæ г ирон æ взагмæ диссаджы тæ лмац кæ й ракодтай, уый тыххæ й. Уый иттæ г æ хсызгон уыд ам бирæ тæ н, тел дæ р дæ м ныццавтам уый тыххæ й иу-къордæ й. Дæ куыст (ам зæ гъын тæ лмацæ й) у нæ аивады, нæ кулътурæ йы стыр фæ зынд, мæ нмæ гæ сгæ. Æ мæ канд мæ н хъуыды нæ у уый, — афтæ зæ гъынц бирæ адæ м. Æ мæ айдагъ уыцы тæ лмац нæ, де ‘ннæ фæ ллой, де сфæ лдыстадон куыст дæ р у ахæ м — нæ кулътурæ, нæ царды ахсджиаг хай. Æ мæ канд уыдон нæ, — дæ удыхъæ ды конд, дæ цард, — уыдон иууылдæ р дзурæ г сты æ цæ г адæ ймаджы, раст адæ ймаджы (цардуагыл), рæ стдзинад йæ хур кæ мæ н у, ахæ м æ мбæ стагыл...»

Бестау преми кæ й райста, уый фæ дыл æ м тел æ рбарвыста Самтредиайæ нæ зынгæ романист Булкъаты Михал дæ р йе ‘фсинимæ: «Перевод Руставели — это успех вæ й оæ тинской литературы и праздиик оæ тинского художественного слова. Мы благодарим тсбя, мы любим тебя за это безмерно».

Æ з барæ й æ рæ мбырд кодтон, Бестауæ н ирон фысджытæ цы бирæ уарзон ныхæ стæ фæ кодтой, уыдон. Афтæ мæ м кæ сы, уыцы ныхæ сты автортæ й чи нал ис, уыдон æ нæ рцæ угæ диссаджы охыл сæ мæ рдон дунейæ куы растиккой гъеныр, куы ‘рцæ уид æ мæ Гиуæ рги йæ хæ дæ г дæ р, уæ ддæ р ын ногæ й ницуал зæ гъиккой: фæ дзырдтой йын йæ цæ ргæ йæ сæ зæ рдæ бын ныхас æ мæ раст разындысты æ ппæ тæ й дæ р...

НАФИ

Æ МДЗÆ ВГÆ ТÆ

Чиныг «УАДТЫМЫГЪ»






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.