Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Къаукъаз æмæ Нарти






Ацы замана дуджы Царциатæ й иу лæ ппу равзæ рдис, уыдис домбай лæ ппу, уæ йыг лæ ппу, ссæ дз-дæ с æ мæ ссæ дз лæ джы йын ницы ракодтаиккой уымæ н. Фыццаг æ м куы кастысты ацы лæ ппумæ, у æ д æ й æ нхъæ лдтой тыхджын табу æ мæ хъуыды кодтой, иннæ табутæ сын куыд фыдæ бон кæ нынц адæ мæ н, уый дæ р сын афтæ фыдæ бон кæ ндзæ ни, тæ рдзæ ни сæ æ мæ уымæ гæ сгæ уымæ н дæ р-иу нывондæ н сывæ ллон хастой, фæ лæ уый сын-иу дзырдта:

— Æ з табу нæ дæ н, æ з лæ джы фыд нæ хæ рын, хъуамæ цæ рой сывæ ллæ ттæ, алы цъаммардзинад хъуамæ аппарæ м Царциаты адæ мы æ хсæ нæ й, хъуамæ мачи хæ ра лæ джы фыд.

Ацы лæ ппуйы ныхæ стæ -иу чи фехъуыста, алчидæ р йæ разы-иу æ рхауди зонгуытыл, кувгæ дæ р ын-иу кодта æ мæ йын-иу дзырдта:

— Æ з дæ р дын уыдзынæ н сывæ ллæ тты хъахъхъæ ныны мидæ г æ мбал, æ з цæ ттæ дæ н, кæ д дæ фæ нды — зынджы мæ баппар.

Ацы домбай лæ ппу æ мæ иу чызг, уый дæ р Царциатæ й, кæ рæ дзийы бауарзтой.

Кæ сай ацы Царциаты диссæ гтæ м.

Ацы дыууæ адæ ймаджы разы нæ кодтой Царциаты æ гъдæ уттыл, уыдоны цард æ мæ уагыл, уыдон кæ рæ дзи кæ й хордтой, ууыл, табутæ сын кæ й уыдис æ мæ уыдон сæ кæ рæ дзийы сын кæ й цæ гъдын кодтой, цардуаджы тыххæ й, хæ ринаджы тыххæ й; фыдбылыз фылдæ р æ мæ фылдæ р кæ й кодта се ’хсæ ны, хъомы цард кæ й кодтой, уыдæ тты тыххæ й.

Сфæ нд кодтой ацы дыууæ адæ ймаджы Царциаты цъаммардзинæ дты ныхмæ тох кæ нын.

Лæ ппу æ мæ чызг сфæ нд кодтой исчердæ м, фидар ранмæ алидзын æ мæ уырдыгæ й тох кæ нын.

Рацыдысты æ мæ ихдоны сæ рмæ, æ фцæ джы æ хсæ н, фидар ран сæ хицæ н бынат ссардтой, быууат сарæ зтой, цæ мæ й уырдыгæ й сæ хъуыддаг куыд аразтаиккой.

Лæ ппу æ мæ чызг куы æ рцардысты хицæ нæ й, уалынмæ чызг басывæ рджын ис, уæ д лæ ппу баздæ хтис æ мæ чызгæ н рахъæ р кодта цы хъуыдытæ йæ м уыдис, уыдон, æ мæ зæ гъы чызгæ н:

— Амæ й фæ стæ мæ ды хъуамæ нæ артæ й ничердæ м ахицæ н уай, уымæ н æ мæ дæ уæ н сывæ ллон куы райгуыра, уæ д ды нæ сывæ ллоны хъуамæ хъахъхъæ най Царциаты фыдбылызтæ й, уый тыххæ й хуындзынæ Нарти. Æ з та хъуамæ уон хъæ угæ с æ мæ хъуамæ дзуапп радтон æ гас Царциатæ н, хъуамæ карз тох кæ нон Царциаты цъаммар æ гъдæ утты ныхмæ, табуты ныхмæ, сæ фыдбылызты ныхмæ, се ’гъдæ утты ныхмæ æ мæ сæ хъуамæ фесафон. Уый тыххæ й амæ й фæ стæ мæ æ з хуындзынæ н Къаукъаз [1].

Уæ ды рæ стæ джы Царциаты æ хсæ н нæ мттæ нæ ма уыдис.

Къаукъаз æ фцæ джыты, ихдоны сæ рмæ йæ хи куы сфидар кодта, царды уагæ й, уæ д байдыдта дзурын, хæ стæ г æ м чи цардысты, уыцы адæ мæ н:

— Хъуамæ сæ цъаммар митæ ныууадзой нæ табутæ, адæ мы æ з хъуамæ суæ гъд кæ нон табутæ й æ мæ сæ царды уагыл слæ ууын кæ нон, хъуамæ мауал уа, хъуамæ ахауа Царциаты ’хсæ нæ й адæ ймаджы хæ рын, хъуамæ табутæ фесæ фой Царциаты æ хсæ нæ й, цæ мæ й уæ цард фæ хуыздæ р уа.

Ай тыххæ й Къаукъазы æ ввахс цы адæ м цардис, алчидæ р цин кодта æ мæ лæ гъстæ кодта, сæ зонгуытыл лæ ууыдысты йæ разы Къаукъазæ н æ мæ йын дзырдтой:

— Кæ д, Къаукъаз, ды уый сæ ххæ ст кæ ндзынæ, уæ д цыдæ риддæ р нын бахæ сджын кæ най, мах цæ ттæ стæ м сæ ххæ ст кæ ныныл.

Къаукъаз сын загъта:

— Уæ дæ хъуамæ уа сымахæ н иу фæ тк: цыдæ риддæ р стут, æ рбацæ ут мæ м æ мæ уын æ з уæ хъуыртыл къæ лæ ттæ бакæ ндзынæ н. Уый уыдзæ нис уæ нысан. Амæ й фæ стæ мæ хæ сджын уыдзыстут, зилат Царциаты адæ мы ’хсæ н æ мæ сын дзурат: Мах, дам, стæ м Къаукъазы фæ тæ г [2], æ мæ хъуамæ ахсæ м табуты æ мæ, дам, сæ хъуамæ кæ нæ м Къаукъазмæ.

Къаукъазы æ вварс-иу чи хæ цыдис, уыдон Къаукъаз йæ химæ æ рбаввахс кодта æ мæ сæ -иу схæ сджын кодта иннæ табуты адæ мтæ м дæ р, сæ табуты сусæ гæ й куыд сын дзурой Къаукъазы фæ ндтæ. Бынтон-иу кæ уыл баууæ ндыдис Къуакъаз, уыдонæ н-иу лæ вæ рдта нысæ нттæ, къæ лæ ттæ — уыдон-иу къæ лæ тджынтæ хуындысты.

Иу ныхасæ й, къæ лæ тджынтæ уыдысты, иууыл æ ввахс чи лæ ууыдис Къаукъазмæ, фылдæ р кæ уыл æ ууæ ндыдис йæ хæ дæ г Къаукъаз, иууыл зæ рдиагæ й чи архайдта Къаукъазы фæ ндæ ттыл, ахæ м адæ м.

Къаукъазмæ æ ввахс чи цардис, уыцы Царциаты адæ мтæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, раздæ р базыдтой Къаукъазы фæ ндтæ æ мæ ацы фæ ндтæ сæ табутæ й сусæ г дардтой, фæ лæ уæ ддæ р цыдысты Къаукъазы фæ рсынмæ, куыд, дам, зæ гъгæ, фæ цæ рæ м лæ джы фыд æ нæ хæ ргæ йæ, фæ лæ сын Къаукъаз амыдта хорз царды раст æ гъдæ уттæ.

Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Къаукъазы фæ ндтæ Царциаты æ хсæ н куыд фылдæ р хæ лиу кодтой, афтæ фылдæ р æ мæ фылдæ р Царциаты адæ м цинтæ кæ нгæ йæ цыдысты æ мæ къæ лæ тджынтæ н дзырдтой:

— Баххуыс нын кæ нут, мах дæ р уемæ цæ ттæ стæ м, уæ бон цы у, уымæ й табуты ахсут.

Ацы хъæ р, ацы ныхас тагъд æ мæ тагъддæ р куы пырх кодта Царциаты адæ мы æ хсæ н æ мæ табутæ иугæ р къæ лæ тджынты нысæ нттæ куы федтой æ мæ уыдоны фæ нд куы базыдтой, уæ д уыдон дæ р сæ хи цæ ттæ кæ нын байдыдтой.

Байдыдтой ахсын табуты, фæ лæ замана уый уыдис, æ мæ табу-иу йæ хи афтæ сфидар кодта, æ мæ йæ адæ мы дæ р-иу ничердæ м уагъта, тыхджын сæ хъахъхъæ дта. Уæ ддæ р бирæ тæ -иу ахъуызыдысты сæ табутæ й æ мæ сæ -иу уыдоны дæ р къæ лæ тджынтæ Къаукъазмæ кодтой.

Уыцы Царциаты адæ мæ н, къæ лæ тджынтыл-иу чи баууæ ндыдис æ мæ сæ табутæ й-иу чи ралыгъдис, уыдонæ н Къаукъаз дзырдта: Сымах абонæ й фæ стæ мæ уыдзыстут уæ лæ синтæ æ мæ дæ лæ синтæ.

Уæ лæ синтæ уыдысты къæ лæ тджынтæ й дæ лдæ р, дæ лæ синтæ та уæ лæ синтæ й дæ лдæ р. Уæ лæ синтыл уыдис фылдæ р æ ууæ нк, канд дæ лæ синтæ й. Уæ лæ синтæ н æ мæ дæ лæ синтæ н ахæ м ныфсытæ -иу æ вæ рдта Къаукъаз: иу табуйы чи æ рбакæ ндзæ нис, уыцы зылды адæ м суыдзысты къæ лæ тджынтæ. Иу ныхасæ й, уæ лæ синтæ æ мæ дæ лæ синтæ цыдысты, ахстой æ мæ мардтой сæ табуты æ мæ сæ Къаукъаз уыдоны хизын кодта къæ лæ тджынтæ м. Чи-иу куыд сгуыхтис, уый-иу кæ нæ къæ лæ тджын ссис, кæ нæ та — уæ лæ син. Уыди-иу афтæ дæ р æ мæ кæ д дæ лæ син дзæ бæ х фесгуыхтис, уæ д уый дæ р комкоммæ къæ лæ тджын ссис. Иу ныхасæ й, лæ вæ рдта сын хуызтæ.

Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Къаукъазы амындтæ ног æ гъдæ утты тыххæ й бирæ зылдты афтæ дард айхъуыст æ мæ алчидæ р зæ рдиагæ й æ ххуыс кодта Къаукъазæ н æ мæ йе ’ууæ нккæ гтæ н къæ лæ тджынтæ н, уæ лæ синтæ н æ мæ дæ лæ синтæ н.

Къаукъазы фæ ндтæ кæ д æ виппайды хæ лиу кодтой Царциаты æ хсæ н, фæ лæ афтæ æ виппайды дæ р нæ, уымæ н æ мæ куыд дзырдтам, бирæ адæ м уыдысты Царциатæ — хурыскæ сæ нæ й йæ ныгуылæ ны онг, йæ рахиз фарсæ й йæ галиу фарсы ’рдæ м иуыл Царциатæ цардысты, фондзсæ дæ мин хатт минтæ й уæ лдай уыдысты.

Къаукъазы тох табуты ныхмæ цыдис сæ дæ азты, сæ дæ азты, Къаукъазы фæ ндтæ иууылдæ р не сфидар сты Царциаты æ хсæ н.

Табуты, кæ цытимæ къæ лæ тджынтæ н, уæ лæ синтæ н æ мæ дæ лæ синтæ н бирæ тох-иу сæ бахъуыдис æ мæ кæ цы табутæ -иу сæ хи нæ лæ вæ рдтой, уыцы табуты Къаукъазмæ æ гасæ й-иу æ рбакодтой æ мæ уæ д Къаукъаз йæ адæ мæ н-иу загъта:

— Йæ сæ р ын бахуыйут, уæ рмы йæ ныппарут æ мæ йæ хъахъхъæ нут, цалынмæ уым ма амæ ла.

Айхуызæ н табуйæ н йæ сæ рыл цæ фхады йас æ рхуыйы гæ ппæ л-иу бахуыдта [3] Къаукъаз, æ рхуы зæ гæ лтæ -иу ныкъкъуырдта æ мæ -иу æ й стæ й уæ рмы ныппæ рстой, цалынмæ амардаид, уалынмæ -иу уым уыдис.

Къаукъаз сарæ зта зæ ппадзтæ, цæ мæ й алчидæ р йæ мард уырдæ м куыд хастаид. Алы бинонтæ н йæ хи зæ ппадз уыдис. Къæ лæ тджынтæ сæ хъус-иу дардтой, кастысты, цæ мæ й алчи йæ марды уым куыд бавæ рдтаид, цæ мæ й йæ хицау ма бахордтаид йæ хи марды.

Куы-иу рабæ рæ г ис, мард зæ ппадзы нал ис, уæ д-иу къæ лæ тджынтæ марды хицауы-иу йæ хи ныппæ рстой зæ ппадзы мидæ г æ мæ уый уæ д удæ гасæ й хъуамæ амардаид.

Кæ д та-иу рабæ рæ г ис, марды бирæ гъ аскъæ фта, уæ д раздæ р-иу лæ гтæ бацыдысты зæ ппадзмæ æ мæ -иу иронвæ ндаг кодтой æ мæ -иу æ ддейæ мидæ мæ дзырдтой: гъе, рацу, ныр дæ рæ стдзинад рабæ рæ г ис, æ мæ зылын нæ дæ, кæ д-иу нæ рацыдис, уæ д та-иу устытæ æ рбацыдысты æ мæ -иу хъарæ г кодтой, афтæ -иу хъарæ г кодтой, æ мæ цыфæ нды мæ ллæ г-иу уыдаид æ ххормагæ й, уæ ддæ р-иу йæ зæ рдæ мæ бахъардта устыты иронвæ ндаг æ мæ -иу тыххæ й-фыдæ й рабырыдис зæ ппадзæ й. Бирæ тæ н-иу сæ бон нал уыдис рацæ уын сæ зæ ппадзæ й, фæ лæ адæ м уыдоны дæ р-иу рахастой зæ ппадзæ й æ мæ сæ -иу чи фæ дзæ бæ х ис, чи та-иу амардис.

Къаукъазæ н æ ввахс цы Царциатæ цардис, уыдоны æ хсæ н тагъд фесæ фтис Царциаты цъаммар хъуыддæ гтæ. Адон сæ табуты дæ р аскъуыдтой, адæ м дзырдтой:

— Чи у уыцы лæ г, ахæ м дзæ бæ х æ гъдæ уттæ чи æ рымысыдис? Нæ цæ стæ й нын фенын кæ нут, мах цæ ттæ стæ м уымæ н æ ххуыс кæ нынмæ.

Кæ д Къаукъазы адæ м бырстой табуты ныхмæ, уæ ддæ р табуты адæ мæ й бирæ нæ цагъдысты, уымæ н æ мæ куыддæ риддæ р-иу айхъуыстис Къаукъазы фæ ндтæ, уæ д табуты адæ мтæ й бирæ тæ -иу сæ хи къæ лæ тджынты ’рдæ м истой æ мæ сæ табуты дæ р мардтой. Сæ зæ рдæ мæ -иу цыдис Къаукъазы фæ ндтæ.

Табутæ æ мæ сæ адæ м-иу куы лыгъдысты, уæ д фæ дæ г хъæ нджынты-иу аппæ рстой хъæ дты, къудзиты бын та сывæ ллæ тты æ ппæ рстой, йæ бон кæ мæ н нæ уыдис, æ мæ йæ бон дугъ кæ нын кæ мæ н нæ уыдис, ахæ м гыццыл сывæ ллæ тты. Стæ й-иу сæ Къаукъазы æ фсад фæ стейы куы сырдта Царциаты, уæ д хъомыл сывæ ллæ ттæ та-иу сæ куы федтой лæ бурджыты, æ мæ хъусгонд дæ р сын куы уыдис — къæ лæ тджынтæ, дам, сывæ ллæ тты нæ хæ рынц, уæ д сæ м ацы сывæ ллæ ттæ хъæ дмæ -иу сæ хæ дæ г рацыдысты къæ лæ тджынтæ м.

Уæ д къæ лæ тджынтæ бæ лæ стæ -иу ракодтой, сæ уæ лæ къабузтæ -иу æ рæ вæ рдтой æ мæ сæ уæ лæ сывæ ллæ тты лæ гдыхæ й-иу сластой уыцы ранмæ, фос, сæ гъ, фыс кæ мыты-иу уыдис.

Ацы фосы сæ химæ -иу æ рцахуыр кодтой, чырыстон фосы [4] та-иу бынтондæ р æ рбахæ дзарон кодтой, кæ цыты сын бирæ уыдис, æ мæ афтæ хъомыл кодтой ацы ард сывæ ллæ тты.

Бонтæ цыдысты, мæ йтæ цыдысты æ мæ æ гас Царциатыл тагъддæ р æ мæ тагъддæ р хъуысын байдыдта: уый хуызæ н лæ г разындис, лæ джы хæ рын чи нæ уадзы, æ мæ ахæ м хъуыддаг, дам-иу, чи аразы, уымæ н, дам-иу, йæ сæ р æ рхуыйæ бахуыйы æ мæ йæ уæ рмы æ ппары.

Бирæ табу-иу уыдис æ мæ -иу куы фехъуыста Къаукъазы æ гъдæ уттæ, уæ д йæ хи къахæ й-иу æ рбацыдис Къаукъазмæ, æ рзоныг-иу кодта йæ разы æ мæ йын-иу загъта:

— Дæ рын бахæ рон, Къаукъаз, æ з дæ р разы дæ н де ’гъдæ уттыл цæ уынæ н æ мæ мын радт куыст де ’гъдæ уттæ м гæ сгæ, æ мæ æ з дæ р афтæ кусдзынæ н, архайдзынæ н, де ’гъдæ уттыл цæ удзынæ н, дзырд дын дæ ттын, Къаукъаз.

Уæ д Къаукъаз ацы табуйæ н афтæ -иу загъта:

— Ацу адæ ммæ, архай не ’гъдæ уттæ м гæ сгæ, дæ хъус дар къæ лæ тджынтæ м, уæ лæ синтæ м, дæ лæ синтæ м æ мæ кæ д исчи рацæ уынмæ бахъава, æ мæ не ’гъдæ уттæ хала, кæ нæ та сусæ гæ й байдайа лæ джы фыд хæ рын, уæ д уайтагъд хъусын кæ н махæ н, къæ лæ тджынтæ н, уæ лæ синтæ н, дæ лæ синтæ н.

Афтæ мæ й-иу, мæ хур, байдыдтой кусын ацы табутæ.

Ноджы тагъд æ мæ тагъд, ноджы дард æ мæ дард, æ гас Царциаты æ хсæ н айхъуыстис Къаукъазы æ гъдæ уттæ. Цин кодтой æ мæ йæ м æ рвыстой лæ гтæ, де ’гъдæ уттыл, дам, Къаукъаз, нæ сæ ртæ æ вæ рæ м, табутæ, дам, мах сурæ м, марæ м, дам, сæ. Мах дæ р, дам, айс къæ лæ тджынты, уæ лæ синты æ мæ дæ лæ синты æ хсæ н, æ мæ Царциаты æ хсæ н цард æ мæ уаг фылдæ р сфидар кæ нæ м.

Смæ ллæ г сты табуты æ гъдæ уттæ.

Цыдысты къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ бæ лæ гътыл доны мидæ г æ мæ хъусын кодтой æ гас Царциаты адæ мтæ н:

— Ахæ м лæ г, дам, фæ зынд, йæ ном Къаукъаз, дам, кæ мæ н у, æ мæ, дам, чи рауагъта æ гъдау — лæ джы, сывæ ллон хæ рæ н нал, цъаммар хъуыддæ гтæ н, дам, бынат нал ис, мад, дам, хъуамæ зона йæ фырты, хо йе ’фсымæ ры.

Ацы стыр хъуыддаг хъуыстис æ мæ хъуыстис суанг Царциаты цæ рæ н бæ стæ ты кæ рæ ттæ м.

Ирон

Къаукъазæ н лæ ппу райгуырдис, кæ цыйæ н йæ ном схуыдта Ирон.

Цыдæ риддæ р уыдысты къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ, алкæ мæ н загъта:

— Абонæ й фæ стæ мæ не ’гъдæ уттыл чи цæ уа, уый хуындзæ нис ирон æ мæ иуыл хондзысты сæ хи мæ лæ ппутæ иронтæ, куыд Нартийы цот.

Уый ус Нарти хуындис.

Рацыдис та рæ стæ г æ мæ Къаукъазæ н райгуырдис дыккаг лæ ппу дæ р, кæ цыйæ н радта ном Къив.

Хъомыл байдыдта ацы лæ ппутæ.

Табуты кой сæ фын байдыдта.

Цыдысты мæ йтæ æ мæ азтæ.

Æ гас Царциатæ, цыдæ риддæ р уыдысты, цыдысты æ мæ лæ гъстæ кодтой Къаукъазæ н:

— Мах дæ р дæ фыццаг лæ ппуйы номыл иронтæ стæ м ныр, мах аппæ рстам Царциаты æ гъдæ уттæ.

Къаукъаз æ нæ нхъæ лæ джы стыхджын ис.

Къаукъаз æ мæ Нартийæ н та райгуырдис æ ртыккаг лæ ппу. Йæ ном та радтой Гæ рæ м.

Цыдысты йæ м хурыскæ сæ нæ й, хурныгуылæ нæ й, йæ рахиз фарсæ й, йæ галиу фарсæ й цыдæ риддæ р уыдысты æ мæ йын лæ гъстæ кодтой Къаукъазæ н:

— Де ’гъдæ уттæ иттæ г хорз сты æ мæ сæ мах исæ м. Мах дæ р иууылдæ р стæ м иронтæ, дæ хистæ р лæ ппу ирон куыд у дæ зæ рдиаг, мах дæ р афтæ айс.

Рæ зтис æ мæ рæ зтис Къаукъазы дзыллæ.

Иу ныхасæ й, Царциаты адæ мæ н нал ис уромæ н. Иуыл цыдысты куыд иу фарсæ й, афтæ иннæ фарсæ й Къаукъазмæ, Дзауы комыл, Дзæ уæ джы комыл, бæ хвæ ндагыл.

Абон дæ р ма Къаукъазы æ гъдæ уттæ м гæ сгæ баззадысты номæ н ирон адæ мы æ хсæ н Дзæ уæ джы хъæ у, Дзауы ком. Се ’хсæ н уыдис бæ хы фæ ндаг, уымæ н æ мæ дзæ уæ джытæ цыдысты Къаукъазмæ.

Нартийæ н та райгуырдис цыппæ рæ м лæ ппу — йæ ном та Гуыдзи.

Къаукъаз афтæ сфидар ис æ мæ йæ хæ дæ г зилын байдыдта, куыд йæ хи цæ стæ й федтаид, хъуыддаг куыд уыдис, дзырдта сын — лæ г хæ рæ н нал ис, цъаммардзинад хъуамæ фесафат.

Райгуырди та лæ ппу Къаукъазæ н, йæ ном та — Æ рмæ г.

Ирон — хистæ р лæ ппу — кæ д нырма æ нæ хъомыл у, фæ лæ афтæ дæ сны у, æ мæ Къаукъазæ й бирæ хъадджын [1] нæ у зондæ й, кæ д нырма лæ ппулæ г у, уæ ддæ р йæ къæ лæ тджынтæ, йæ уæ лæ синтæ, йæ дæ лæ синтæ фылдæ рæ й-фылдæ р байдыдтой, стыр зæ рдиагæ й архайынц æ мæ кусынц Къаукъазы æ гъдæ утты тыххæ й.

Къаукъазæ н йæ цæ ст кæ йонг æ ххæ стис, уыдон дзæ бæ х сфидар кодта.

Цæ уын байдыдтой бæ лæ гътæ й дæ ттыл къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ æ мæ æ вналын байдыдтой æ ддæ ты дæ р.

Къаукъазæ н та лæ ппу райгуырдис. Уымæ н та йæ ном радтой Уырси. Къаукъаз йæ хистæ р лæ ппуйы, Ироны, арвыста къæ лæ тджынтимæ, уæ лæ синтимæ, дæ лæ синтимæ иумæ уыцы табуты ныхмæ, кæ цытæ нырма сæ хи нæ радтой Къаукъазæ н, æ мæ сæ адæ мы тыххæ й хæ цын кæ нынц Къаукъазы æ гъдæ утты ныхмæ.

Ирон йæ къæ лæ тджынтимæ, уæ лæ синтимæ, дæ лæ синтимæ байдыдта бырсын уыцы фарс табутыл, кæ дæ м æ й арвыста йæ фыд. Уый æ дде та Ирон уым хъуамæ сфидар кодтаид Къаукъазы æ гъдæ уттæ.

Кæ д табутæ тыххæ й урæ дтой сæ адæ мы æ мæ сæ тыххæ й хæ цын кодтой Ироны ныхмæ, уæ ддæ р Царциаты адæ м-иу куы базыдтой, цæ й тыххæ й хæ цы Ирон æ мæ цы æ гъдæ уттæ хъуамæ æ рхæ сса, уæ д-иу мингай лыгъдысты табутæ й æ мæ сæ хи лæ вæ рдтой Иронæ н, нал сæ фæ ндыди хæ цын табуты æ вварс.

Царциатыл айхъуыстис хъæ р, иууылдæ р бирæ рæ ттыл сæ табуты Царциатæ сæ хæ дæ г дæ р, дам, цæ гъдынц.

Лæ мæ гъ кодта табуты тых. Уымæ гæ сгæ иттæ г тагъд лыгъдысты табутæ й Царциаты адæ м, æ мæ Ироны тыхтимæ лæ ууыдысты. Иронтæ фылдæ рæ й-фылдæ р кодтой, æ мæ тыхджын æ мæ тыхджындæ р кодтой.

Къаукъаз Царциатимæ тохы мидæ г уæ лахиз куы кодта, адæ ймаджы хæ рын куы сафта, адæ мæ н куы дзырдта: амæ й фæ стæ мæ, дам, адæ ймаджы фыд хæ рæ н, дам, хъуамæ мауал уа, ног æ гъдæ уттæ, дам, хъуамæ æ рæ вæ рæ м, зæ гъгæ, уæ д ацы дзæ бæ х фæ ндтæ куы хъуыстой иннæ адæ мтæ, уæ д уыдон дæ р цыдысты Къаукъазмæ æ мæ йын дзырдтой:

— Мах дæ р айс дæ лæ ппу Ироны номыл, куыд дæ хъæ бултæ, мах дæ р иронтæ уыдзыстæ м.

Ноджы рæ зтис æ мæ рæ зтис Къаукъазы дзыллæ.

Райгуырдис та лæ ппу Къаукъазæ н, Дайран та йæ ном.

Къаукъазы лæ ппутæ й чи хъомыл кодтой, уыдон афтæ лæ гъстæ кодтой Къаукъазæ н:

— Ауадз нæ къæ лæ тджынтимæ, уæ лæ синтимæ, дæ лæ синтимæ, Царциаты басæ ттынмæ.

Бонæ й-бонмæ размæ цæ уынц иронтæ æ мæ сæ тых фылдæ р æ мæ фылдæ рдæ р кæ ны.

Къæ лæ тджынты, уæ лæ синты æ мæ дæ лæ синты къухты кæ цы Царциатæ хауынц, уыдон нал дзурынц мах, ома, Царциатæ й стæ м, иууылдæ р дзурынц:

— Мах, дам, иронтæ стæ м, мах, дам, Къаукъазы лæ ппутæ стæ м.

Къаукъазæ н, цалынмæ йæ лæ ппутæ нæ ма рахъомыл сты, уалынмæ уый нырма афтæ дæ рдтæ м нæ цæ уы, нырма тæ рсы йæ цотæ н, мачи сæ адава.

Йæ урс бæ хыл сбады Къаукъаз. Дзæ уæ джы хъæ уы ’рдæ м дæ р акæ сы, Дзауы комы ’рдæ м дæ р акæ сы. Уый зоны: уыдон сты Царциаты кæ мттæ.

Къаукъаз-иу касти йæ бæ хы хъустæ м æ мæ йын-иу бæ х хъустæ разил-базил кодта. Уыцырдæ м-иу адардта йæ хъус, кæ цы ’рдыгæ й уыди табутимæ тыхджындæ р хæ ст. Уымæ й-иу базыдта Къаукъаз, кæ цырдыгæ й фылдæ р æ ххуыс хъæ уы. Бæ хы хъус ын-иу амыдта.

Иу лæ ппу та райгуырдис Къаукъазæ н. Ном ын радта Апха. Нарти — сывæ ллæ тты хицау, цырддзæ стæ й кæ сы сывæ ллæ ттæ м æ мæ сæ м иттæ г хорз зилы.

Кæ д сывæ ллæ ттæ нырма æ нахъомыл сты, уæ ддæ р сæ фыды тагъд-тагъдæ й афæ рсынц:

— Нæ æ рвыст æ фсымæ ртæ кæ м сты? Чи зоны, æ ххуыс сын хъæ уы, уæ д мах дæ р цæ ттæ стæ м, ма тыхс, нæ фыд Къаукъаз, кæ д мах нырма æ нахъомыл стæ м, уæ ддæ р де знæ гтæ н ницы ауадздзыстæ м, æ гас Царциаты мах сирон кæ ндзыстæ м.

Йæ лæ ппуты æ рвиты хæ стмæ Царциаты табуты ныхмæ. Арвыста та Къивы хурыскæ сæ ны фарсы ’рдæ м, йемæ та йын Къаукъаз радта тыхтæ: къæ лæ тджынты, уæ лæ синты, дæ лæ синты.

Уыцы рæ стæ джы хæ цæ нгæ рзтæ ахæ м нæ уыдысты, гъеныр цы хуызæ н сты, фæ лæ уыдысты лæ дзджытæ, дуртæ.

Дынджырдæ р уæ рмытæ -иу скъахтой, сæ хуыдтæ г-иу дард бамбæ хстысты, бæ лæ стæ -иу акалдтой æ мæ -иу сыфтæ ртæ уæ рмытыл бамбæ рзтой.

Куы-иу бахæ ццæ сты къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ Царциатæ м, уæ д-иу фæ стæ мæ ралыгъдысты æ мæ -иу сæ фæ дыл расайдтой Царциаты æ д табутæ æ мæ -иу афтæ мæ й уæ рмыты нызгъæ лыдысты.

Уыцы ран-иу цы Царциатæ баззадысты, уæ рмыты-иу чи хаудысты, уыдонæ н сæ тых-иу фæ лæ мæ гъ æ мæ сæ -иу къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ æ нцонтæ й-иу бырстой, ахстой-иу сæ.

Уыди-иу афтæ дæ р, æ мæ уыдон, чи-иу баззадысты, уыдон сæ хылæ й сæ хæ дæ г цыдысты къæ лæ тджынтæ м æ мæ сын-иу лæ гъстæ кодтой:

— Ма нæ амарут, мах дæ р иронтæ стæ м, мах дæ р Къаукъазы лæ ппутæ стæ м.

Ацыдис азтæ æ мæ та Нартийæ н лæ ппу райгуырдис Лæ гкъиз.

Мингæ йттæ й лидзынц Царциатæ Къаукъазы къæ лæ тджынтæ м, уæ лæ синтæ м, дæ лæ синтæ м, лæ гъстæ сын кæ нынц:

— Айсут нæ уе ’хсæ н, нæ тыхтæ сиу кæ нæ м æ мæ иумæ хæ цæ м табуты ныхмæ. Никæ й уал фæ нды Царциаты табутимæ цæ рын.

Царциатæ цыдæ риддæ р уыдысты, куыд дзырдтам, иудадзыгдæ р цардысты доны былтыл. Ницæ уыл фæ лмæ цыдысты хæ ринагыл къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ.

Царциатæ доны мидæ г куыд кæ саг, афтæ рацу-бацу-иу кодтой æ мæ донæ н йæ химидæ г кæ сæ гты мардтой æ мæ дзæ бæ х минас кодтой. Къæ лæ тджынты, уæ лæ синты, дæ лæ синты стонгæ й нæ уагътой.

Рацыдис азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ Нартийæ н та райгуырдис лæ ппу — Лази.

Кæ д нырма лæ ппутæ æ нæ хъомыл сты, уæ ддæ р зондæ й тынг æ ххæ ст сты æ мæ Къаукъаз æ рвиты хурныгуылæ ны ’рдæ м ноджы иу лæ ппуйы — Гæ рæ мы.

Къаукъаз йæ æ фцджытыл [2] рацу-бацу кæ ны уæ лбæ хыл, йæ бæ хы хъустæ м кæ сы. Цыма бæ х амоны, кæ м иттæ гдæ р хæ ст ис æ мæ зындзинад ис. Къаукъазæ н уыцы бæ х комкоммæ амоны, кæ м иттæ гдæ р хæ ст ис, кæ м дзы хъæ уы баххуыс кæ нын. Кæ д æ взагæ й нæ дзуры бæ х, уæ ддæ р йæ хъустæ й афтæ амоны, цыма Къаукъаз сахуыр ис йæ нысæ нттæ м æ мæ æ мбары бæ х цы амоны. Уыцырдæ м Къаукъаз цæ ттæ кæ ны æ хсæ вæ й-бонæ й.

Рацыди та рæ стæ г æ мæ та Къаукъаз ноджы æ рвиты хуры ныгуылæ ны рахизфарсы ’рдæ м Гуыдзийы æ мæ Æ рмæ джы.

Ацыди та азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ Къаукъаз æ мæ Нартийæ н лæ ппу та райгуырдис. Ацы лæ ппуйæ н та Къаукъаз æ мæ Нарти ном радтой Мангол.

Кæ д нырма нæ ма рахъомыл сты Уырси æ мæ Дайран, уæ ддæ р æ рбацыдысты сæ фыд Къаукъазмæ æ мæ йын загътой:

— Ауадз мах дæ р, не ’фсымæ ртæ н баххуыс кæ нæ м. Ратт нын къæ лæ тджынты, уæ лæ синты, дæ лæ синты æ мæ цæ уæ м не ’фсымæ ртæ н æ ххуыс кæ нынмæ. Æ мæ иумæ йагæ й басæ ттæ м не знæ гты: табуты æ мæ Царциаты.

Къаукъаз сæ арвыста хурыскæ сæ ны ’рдæ м.

Рæ зынц кæ стæ р æ фсымæ ртæ. Цæ ттæ кæ нынц сæ хи æ хсæ вæ й-бонæ й. Уаты улæ фынц æ мæ мæ т кæ нынц — не ’фсымæ ртæ, дам, тынг зын хъуыддаджы сты æ мæ, дам, мах ам адджынæ й фынæ й кæ нæ м.

Кæ д нæ ма рахъомыл сты, уæ ддæ р Къаукъаз ноджы арвыста хурныгуылæ ны ’рдæ м дыууæ лæ ппуйы — Апхайы æ мæ Лæ гкъизы.

Ацыдысты та азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ Къаукъазæ н æ мæ Нартийæ н райгуырдис та лæ ппу, кæ цыйæ н ном радтой Фарсу.

54. Иронтæ

Царциаты табутæ иннæ æ ддагон адæ мтимæ лымæ н байдыдтой, куы фæ уынгæ джы сты, уæ д.

Къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ бонæ й-бонмæ уæ лдай кæ нынц æ мæ æ лхъивынц табуты се ’мдзæ хдонтимæ.

Хорз чи сгуыхынц уæ лæ синтæ й æ мæ дæ лæ синтæ й, уыдон Къаукъаз комкоммæ къæ лæ тджынтæ м схизын кæ ны, ирон ном сын дæ тты. Иронтæ къæ лæ тджынтæ й уæ лдæ р уыдысты. Иу ныхасæ й, чи-иу фесгуыхт къæ лæ тджынтæ й, уæ лæ синтæ й, дæ лæ синтæ й, уыдон-иу фæ стагмæ иронтæ -иу систы.

Йæ хъуыды Къаукъазæ н уый уыдис, æ мæ фæ стагмæ Царциаты ном хъуамæ фесæ фа, иууылдæ р хъуамæ иронтæ суыдаиккой.

Табутæ -иу кæ й æ рцахстой æ мæ -иу хъаст кæ уыл цыдис, цыма ацы табу хыл кæ ны Къаукъазы размæ, уый æ дде ма лæ джы фыд дæ р хордта, уыцы табу-иу æ рбакодтой Къаукъазмæ æ мæ -иу йæ сæ рыл тæ нæ г æ рхуыйы нысан бахуыдтой æ мæ -иу æ й уæ рмы ныппæ рстой.

Къаукъазæ н арфæ тæ кæ нынц æ мæ йын дзурынц:

— Ныр дæ æ гъдæ уттæ й нæ сывæ ллæ ттæ м нæ бон у æ мæ æ дасæ й кæ сæ м. Ныр сæ скъæ фæ г ничиуал уыдзæ нис, ничиуал сæ хæ рдзæ ни.

Цыдис азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ Къаукъазæ н та лæ ппу райгуырдис, Пъорту та йæ ном.

Хуры ныгуылæ ны галиу фарсæ й дзырд æ рцыдис, куыд уым æ ххуыс хъæ уы. Къаукъаз та дыууæ лæ ппуйы уырдæ м арвыста Лазийы æ мæ Манголы.

Айхъуыстис, ома, хурныгуылæ ны йæ рахизфарсы, йæ галиу фарсы цыдæ риддæ р зæ ххытæ сты, уым ахаудис Царциаты хъуыддæ гтæ æ мæ фæ зындысты иронтæ æ мæ уыдон кæ й фæ тыхджын сты.

Къаукъазмæ ласынц дарæ сæ н цæ рмттæ, лæ гуынæ й æ мæ хъуынджынæ й, уыдонимæ алы хæ ринаг: хост нартхор, хост мæ нæ у хæ рынæ н, фыдызгъæ л фосы, фысы, сырды, саджы, хуыйы æ мæ цыдæ риддæ р хъæ уы, хъуынджын цæ рмттæ — зымæ гонæ н, лопо цæ рмттæ — сæ рдыгонæ н. Иу ныхасæ й, къахыдарæ с, æ рчъитæ, къогъодзитæ, къæ лæ тджынтæ н, уæ лæ синтæ н, дæ лæ синтæ н алцыппæ тæ н хæ ссынц. Сæ къухы цыдæ риддæ р æ фты хæ ринаг, урсаг уа æ ви æ нæ уый хæ ринаг, иууылдæ р къæ лæ тджынтæ н, дæ лæ синтæ н æ мæ уæ лæ синтæ н хæ ссынц; теуатыл, бæ хтыл, дзыгуынтыл — хурыскæ сæ нæ й йæ рахиз фарсæ й æ мæ йæ галиу фарсæ й, ноджы хурныгуылæ ны рахиз фарсæ й æ мæ йæ галиу фарсæ й ласынц Дзауы комыл, Дайраны комыл, Дзæ уджыхъæ уыл.

Бæ хы фæ ндаг сæ хгæ дис-иу айас теуатæ й, бæ хтæ й, дзыгуынтæ й; бæ хы фæ ндаг иуыл-иу сæ хгæ дтой фæ ллойтæ.

Фæ сивæ д цыдысты сæ хæ дæ г æ мæ йын лæ гъстæ кодтой:

— Мах дæ р арвит къæ лæ тджынтимæ, уæ лæ синтимæ, дæ лæ синтимæ, кæ д сын æ ххуыс хъæ уы хæ сты. Мах дæ р амæ й фæ стæ мæ иронтæ стæ м æ мæ дæ лæ ппутæ стæ м. Мах разы стæ м дæ уæ н баххуыс кæ ныныл, цæ мæ й лæ гхор адæ мæ н, Царциатæ н, сæ кой цæ рæ нбонты куыд фесæ фа.

Цыдысты та азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ Къаукъазæ н та лæ ппу райгуырдис. Ацы рæ стæ джы уымæ н ном радтой Кæ джи.

Ацыппæ т адæ мимæ хуры ныгуылæ ны ’рдæ м æ рвиты иу лæ ппуйы та — Фарсуйы.

Бавнæ лдтой стыр дæ ттыл хидтæ аразынмæ. Сæ уæ лæ цæ уынц къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ, æ нцон сын у фæ сте Царциаты табуты сурын [1].

Къаукъаз кæ й иста йæ химæ, уыдонæ н лæ вæ рдта нæ мттæ, къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ æ мæ дæ лæ синтæ, иу ныхасæ й сын лæ вæ рдта хуызтæ.

Уæ лæ синты, дæ лæ синты, куы-иу фесгуыхтысты, уæ д-иу уыдоны хизын кодтой къæ лæ тджынтæ м.

Царциаты адæ мæ й чи задысты фæ сте æ мæ сæ къухы чи æ фтыдысты, уыдон-иу кæ угæ йæ -иу дзырдтой:

— Мах дæ р абонæ й фæ стæ мæ стæ м иронтæ æ мæ уыдзыстæ м Къаукъазы лæ ппутæ.

Фæ зындис дынджыр агтæ, фыцæ н агтæ, арæ зт уыдысты æ рхуыйæ. Фенцон ис хæ ринаг аразын. Кæ нæ уæ дмæ къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ иуыл физонæ г арæ зтой.

Рацыдысты азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ Къаукъаз æ мæ Нартийæ н райгуырдис лæ ппу, кæ цыйæ н ном радтой Алгъуыз.

Къаукъазмæ та алырдыгæ й ноджы цæ уы лæ вæ рттæ. Хæ ссынц ын цæ рмттæ, къахыдарæ с, сæ рды дарæ сæ н лопо царм æ мæ хъуынджын цæ рмттæ — зымæ гонæ н. Адæ мæ н æ хсызгон у æ мæ афтæ аразынц, цæ мæ й къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ æ мæ дæ лæ синтæ мацæ мæ й схъуаг уой æ мæ цырддæ р, фидардæ р хæ цой æ мæ тых кæ ной табуты адæ мтыл, Царциатыл.

Айæ ппæ т фæ ллойæ н æ фтауцтæ аразынц, Къаукъаз сын куыд амоны, афтæ. Дзауы комы рæ зы æ фтауцгæ, Дзæ уджыхъæ уы рæ зы æ фтауцгæ, Дайраны комы рæ зы æ фтауцгæ. Хъæ дæ рмæ гæ й аразынц æ фтауцтæ, цæ мæ й ма бамбийой къахыдзаума, уæ лæ дарæ с, хæ ринаг.

Ацы æ фтауцтæ аразынц куыд хæ дзаргонд, аразынц айхуызæ н æ фтауцтæ алы ран æ мæ адон Къаукъазæ н сты, куыд фидар бындуртæ, хурыскæ сæ ны ’рдыгæ й, хурныгуылæ ны ’рдыгæ й, йæ рахизфарсы ’рдыгæ й, йæ галиу фарсырдыгæ й.

Тынг дæ сны кусæ г сты иронтæ, æ мæ тынг зæ рдиагæ й дæ сны кусджытæ кусынц.

Æ рвитынц та ног æ ххуыстæ къæ лæ тджынтæ н, уæ лæ синтæ н, дæ лæ синтæ н. Алы æ ххуыстимæ Къаукъаз арвиты та йæ æ ртындæ сæ м лæ ппуйы, Пъортуйы.

Къаукъазмæ дзырд хæ ссынц, зæ гъгæ, къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ афтæ хъæ батыр хæ цынц, æ мæ табутæ лидзынц сæ адæ мтимæ, цартиатимæ, цæ ст сыл нæ хæ цы. Ацы æ гъдауæ н хидтæ тынг æ ххуыс кæ нынц къæ лæ тджынтæ н, уæ лæ синтæ н, дæ лæ синтæ н æ мæ уыдон бонæ й æ мæ æ хсæ вæ й хидтæ аразынц, цæ мæ й сæ æ нцонæ й дæ р æ ййафой табуты сæ Царциаты адæ мимæ æ мæ сын æ нцондæ р уа сæ ахсын.

Æ рæ мбырд та ис минтæ сгуыхт лæ ппутæ, сæ хи иронтæ чи схуыдта. Æ рæ мбырд сты æ ххуыс кæ нынæ н къæ лæ тджынтæ н, уæ лæ синтæ н, дæ лæ синтæ н.

— Мах дæ лæ ппутæ стæ м æ мæ дæ лæ ппутæ н æ ххуыс кæ нынмæ цæ уæ м, — дзурынц Къаукъазæ н.

Ацы рæ стæ джы та Нартийæ н æ мæ Къаукъазæ н лæ ппу райгуырди, Дзæ хи та йæ ном.

Ацы æ фсæ дтимæ, ног иронтимæ та Къаукъаз радта йæ дыууæ лæ ппуйы. Адон ныр кæ д нырма æ нахъомыл сты, уæ ддæ р сæ Къаукъаз нæ уромы. Лæ ппутæ сæ хæ дæ г тырнынц æ мæ уромæ г дæ р сæ нал ис. Афтæ цырдæ й цæ уынц се ’фсымæ ртæ н æ ххуыс кæ нынмæ.

Уыцы нæ уæ г адæ м, сæ хи иронтæ чи схуыдта, Къаукъаз та уыдонæ н радта къæ лæ тджынты, уæ лæ синты, дæ лæ синты нæ мттæ æ мæ арвыста семæ йæ хи дыууæ лæ ппуйы Кæ джийы æ мæ Алгъуызы.

Адон арвыста æ ххуыс кæ нынмæ уыцырдæ м, кæ цырдыгæ й дзырдхæ сджытæ ныхас хастой Къаукъазмæ, ома, дам, уым æ мæ уым хъæ уы æ ххуыс кæ нын.

Дзырдхæ сджытæ цæ уынц æ мæ Къаукъазмæ хæ ссынц дзырд — табутæ æ мæ сæ æ мдзу адæ м Царциатæ, дам, уыйонг смæ ллæ г сты, æ мæ, дам, лидзынц къуыппытæ м, æ фцæ джытæ м. Хизынц æ фцæ джытæ м æ мæ сæ хи, дам, æ ппарынц къæ дзæ хтæ й. Табуты адæ м сæ хи дæ ттынц къæ лæ тджынтæ н, уæ лæ синтæ н, дæ лæ синтæ н, сæ разы кæ угæ йæ:

— Ма нæ амарут, табутæ лидзынц, мах дæ р иронтæ стæ м, Къаукъазы лæ ппутæ.

Ацыдысты та азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ Къаукъазæ н æ мæ Нартийæ н райгуырдис лæ ппу, Алæ г та йæ ном.

Æ ххуыс цæ уы алырдыгæ й ноджы. Æ фтауцытæ та дзаг кæ ны куыд хæ рдæ й, афтæ дарæ сæ й. Зымæ гон дарæ с — хицæ н, сæ рдыгон дарæ с — хицæ н. Æ фтауцыты бадынц бийджытæ. Куыд сæ рдыгон цæ рмттæ й, афтæ зымæ гон цæ рмттæ й бийынц пысултæ, афтæ къахыдарæ с дæ р бийынц, рæ хсынц. Æ рвитынц хæ сты быдырмæ, хæ хтæ м дарæ с, къахыдарæ сæ й, уæ лæ дарæ сæ й, хæ ринагæ й теуатыл, дзыгуынтыл, бæ хтыл.

Рацыдис азтæ, мæ йтæ, бонтæ, æ мæ та Нарти æ мæ Къаукъазæ н райгуырдис лæ ппу Хæ зар.

Ирон фæ сивæ д кафынц, зарынц, сæ къæ хтыл нал лæ ууынц фырцинæ й.

Къаукъаз сын ахæ м æ гъдæ уттæ сарæ зта, æ мæ сæ цот фылдæ рæ й-фылдæ р кæ ндзæ нис Царциатæ н æ дасæ й. Зæ ххы цъар сæ сæ ртыл исынц къæ лæ тджынтæ, уæ лæ синтæ, дæ лæ синтæ фырцинæ й — Царциатæ рæ хджы скуынæ г уыдзысты, зæ гъгæ.

Рацыдис азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ та йæ дыууæ фырты æ рвиты Къаукъаз хæ стмæ. Адон сты Дзæ хи æ мæ Алæ г. Адонæ н семæ æ рвиты амæ й-ай хуыздæ р лæ ппуты — ирон фæ сивæ ды. Æ рвиты сын семæ хæ ринаг, дарæ с, цы рæ стæ гæ н сæ цы бахъæ уа, уый бæ рц.

Дзырд хæ ссынц дзырдхæ сджытæ:

— Иттæ г дард стæ м, фæ лæ табутæ никуал зынынц. Æ ддагон адæ мты арæ нтæ м бахæ ццæ стæ м. Фæ рсынц нæ уыдоны адæ м: «Цы æ гъдæ уттæ рæ зы Къаукъазмæ?»

— Махæ н не ’гъдæ уттæ фыццагæ й дæ р сты æ мæ лæ г лæ джы фыд хъуамæ мауал бахæ ра. Мах сæ цæ гъдæ м лæ джы æ фхæ рджыты, сæ хистæ рты, нæ сыл ауæ рдæ м, кæ м сæ арæ м æ мæ ахсæ м, уым сын сæ сæ ртыл æ рхуытæ хуыйæ м, уæ рмыты сæ æ ппарæ м æ мæ сæ сыдæ й марæ м. Æ ддагон адæ мæ н ацы ныхæ стæ иттæ г æ хсызгон уыдис æ мæ нын арфæ тæ кодтой.

Кæ стæ р лæ ппу кæ д нырма æ нахъомыл у, уæ ддæ р куры Къаукъазæ й:

— Арвит мæ, ме ’фсымæ ртæ н баххуыс кæ нон, Царциатимæ хæ ст хъуамæ мæ ныл адих уа.

Къæ лæ тджынтимæ, уæ лæ синтимæ, дæ лæ синтимæ сцæ ттæ кодта Къаукъаз йæ кæ стæ р лæ ппуйы æ мæ йæ арвыста хæ стмæ.

Дзырдхæ сджытимæ хæ ссынц бонæ й-бонмæ, райсомæ й-изæ рмæ, куыд хурыскæ сæ нæ й, афтæ хурныгуылæ нæ й, йæ рахиз фарсæ й, йæ галиу фарсæ й табутæ æ д Царциатæ никуал сты, æ мæ сæ ном дæ р фесæ фтис. Кæ д ма иуæ й-иу рæ тты ма исчи баззадис, уыдонимæ дæ р тох цæ уы.

Иу ныхасæ й Царциатæ фесæ фтысты æ мæ иууылдæ р иронтæ систы.

Къаукъазы тох табуты ныхмæ цыдис сæ дæ азты, сæ дæ азты, цалынмæ Къаукъазы фæ ндтæ иууылдæ р нæ сфидар сты Царциаты æ хсæ н.

Азтæ ацыдис, мæ йтæ ацыдис, бонтæ ацыдис, æ мæ хæ сты быдырæ й раздæ хтис Къаукъазы хистæ р лæ ппу Ирон.

Йæ фыдæ н дзуры Ирон:

— Арфæ ракæ н хурæ н — йе скæ сæ нæ й, йæ ныгуылæ нмæ, йæ рахиз фарсæ й, йæ галиу фарсæ й, иууылдæ р иронтæ сты, Царциатæ н сæ табутимæ кой дæ р никуал ис æ мæ иууылдæ р бындзагъд систы. Ды, мæ фыд, Къаукъаз, мæ мад Нарти, базæ ронд стут æ мæ уæ ныр дзæ гъæ л нал ныууаддзынæ н. Нæ фæ сивæ д кæ мыты æ мбæ лынц æ ддагон адæ мтимæ, æ ддагон адæ мтæ сæ фæ рсынц: «Цы дзинад уæ м ис, цæ й тыххæ й цæ гъдут ацы адæ мы?» Уыдон сын дзурынц: «Уымæ н æ мæ лæ джы фыд хæ рын хъуамæ мауал уа, хъуамæ сывæ ллон рæ за æ дасæ й, хъуамæ хъомыл кæ на, хъуамæ ног æ гъдæ уттæ æ рæ вæ рæ м, хъуамæ лæ гхордзинад фесæ фа æ рмæ ст махмæ нæ, фæ лæ сымахмæ дæ р æ рæ вæ рæ м айхуызæ н æ гъдæ уттæ».

Æ ддагон адæ м иттæ г бацин кодтой æ мæ чи фехъуыста ацы ныхæ стæ, лидзын байдыдтой иронтæ м, Къаукъазмæ.

Æ ддагон адæ м, нæ алыварс чи сты, уыдон дæ р куы базыдтой, ахæ м æ гъдæ уттæ кæ й æ рхаудис, лæ джы хæ рын кæ й нал хъуамæ уа, уæ д сæ хистæ ртимæ тох байдыдтой, цæ мæ й лæ гхордзинад мауал уыдаид æ мæ ног æ гъдæ уттыл хъуамæ уыдон дæ р байдайой цæ рын сæ рибарæ й.

Табутæ й фервæ зтысты Ирыстоны.

Къаукъаз йе ’стдæ с лæ ппумæ æ рдзырдта, фæ стæ мæ сæ хæ дзармæ æ ркодта, сарæ зта æ стдæ с фæ лысты нысантæ — иуыл æ ртын æ хсæ з æ мæ сын загъта:

— Сымах æ рвитын æ гас Ирыстоны хъахъхъæ нынмæ. Ацæ ут хурыскæ сæ ны ’рдæ м, йæ рахизфарсы ’рдæ м, йæ галиуфарсы ’рдæ м, хурныгуылæ ны ’рдæ м, йæ рахизфарсы ’рдæ м, йæ галиуфарсы ’рдæ м. Дæ ттын уын бынæ ттæ, æ рвитын уæ бынæ ттæ м. Уæ бынæ тты хъуамæ ирон фæ сивæ дæ й æ фсад саразат, кусгæ дæ р хъуамæ кæ ной ацы æ фсæ дтæ æ мæ хъахъхъæ нгæ дæ р хъуамæ кæ ной йæ алыварс. Абонæ й фæ стæ мæ нал уыдзысты нæ дæ р къæ лæ тджынтæ, нæ дæ р уæ лæ синтæ, нæ дæ р дæ лæ синтæ. Дæ ттын уын æ гъдауæ н æ мæ фæ ткæ н: аразут зæ ппадзтæ — хæ дзары цал удгоймаджы уыдзæ н, уал. Афтæ саразут зæ ппадз, æ мæ лæ гбæ рц куыд уа зæ ппадзы æ рхуыссæ нтæ. Бинонты цал райгуыра, уал ног зæ ппадзы сарæ зтæ уа. Галиудзинад чи кæ на, уыдон удæ гасæ й хъуамæ ныххизой зæ ппадзмæ æ мæ афтæ хъуамæ амæ лой. Кæ д зæ ппадзы чи бахауди, уымæ н фæ стагмæ рæ стдзинад разына, уæ д зæ рæ дты бакæ нут æ мæ уыдон сын хъуамæ зæ гъой: «Тæ рхонмæ гæ сгæ ды зылын дæ, рахиз зæ ппадзæ й æ мæ адæ мы æ хсæ н æ рзил, бакус, куыд иннæ тæ». Кæ д зæ рæ дты ныхасмæ нæ æ рцæ уа, уæ д сылгоймæ гтæ й саразут иронвæ ндаг æ мæ уыдон хъарæ джы рæ стæ джы дзурдзысты: «Ды мæ лæ тæ н æ вгъау дæ, ды бахаудтæ зынджы хуымæ тæ джы, цæ рынхъуаг дæ, рахиз æ мæ дæ адæ мимæ, ирон адæ мимæ цы дзырд радтай Къаукъазæ н — æ з дæ н ирон, зæ гъгæ, æ мæ хъуамæ цæ рон ирон дзыллæ имæ Къаукъазы æ гъдæ уттыл. Хъуамæ рахизай». Кæ д та сын нæ рахиза, уæ д та йæ м ноджы иронвæ ндаг кæ нынц зæ ронд лæ гтимæ æ мæ йын лæ гъзтæ кæ нынц.

Кæ д йæ бон нал у æ мæ уыйонг ахауди, уæ д æ м æ рвитынц фæ сивæ ды æ мæ йæ рахæ ссынц æ ддæ мæ æ мæ йын æ ххуыс кæ нынц, кæ д ма, дам, раздæ ха. Кæ ннод, кæ д амæ ла, уæ д фæ стæ мæ зæ ппадзы æ вæ рынц.

Иу ныхасæ й, Къаукъаз йæ лæ ппуты адих кодта æ гас Ирыстоныл, хæ йттæ сын радта, æ гас Ирыстоны байуæ рста йе ’стдæ с лæ ппуйæ н.

Алы ран, Къаукъазы лæ ппутæ кæ м сты, уым Къаукъазы лæ ппутæ н æ взæ рст лæ гтæ чи сты, æ ууæ нкджын лæ гтæ æ мæ уыдоны расидтмæ чи нæ байхъуса, уыдон дæ р хъуамæ зæ ппадзы ныххауой.

Кæ д йæ хæ дæ г, æ взæ рст лæ г, æ ууæ нкджын лæ г исты галиудзинад сараза Ирыстонæ н, уæ д Къаукъазы лæ ппутæ н йæ фыдæ й бар ис æ мæ ахæ м æ взæ рст æ ууæ нкджын лæ джы дæ р ныппара зæ ппадзы.

Къаукъаз цы æ стдæ с фæ лыст нысæ нттæ сарæ зта йе ’стдæ с лæ ппуйæ и, уыдонæ й алы фæ лыстæ й иутæ ныууагъта йæ химæ, иннæ тæ радта лæ ппутæ н æ мæ сын загъта: «Уый уын нысæ нттæ, ахæ ссут, иутæ сымах уæ нт, иннæ тæ — мæ нмæ. Исты зындзинады куы ныххауат, уæ д мын ацы нысан æ рвитут æ ууæ нкджын лæ гимæ æ мæ уæ уæ д æ з базондзынæ н, кæ цы лæ ппу бахауд зындзинады. Кæ д уæ м цин, хорздзинад уа, уæ ддæ р мын хъусын кæ нут. Хистæ р лæ ппу Ирон, Къаукъаз куы базæ ронд, уæ д хæ дзары баззадис.

Æ хсæ в æ мæ бон рæ зынц хъæ утæ, сахартæ. Æ гас Ирыстоны уыцы хорздзинæ дтæ, дæ сныдзинæ дтæ, кæ цытæ уыдис Царциаты адæ мтæ н, баззадис æ гас Ирыстоны: хæ дзар аразыны дæ сныдзинад, бæ лæ гътæ аразыны дæ сныдзинад. Æ фсæ йнаг аразындзинад дæ р фæ зынд Къаукъазæ н. Ацы дæ сныдзинады фæ рцы æ хсæ вæ й-райсоммæ фæ зынын байдайы сахартæ æ мæ хъæ утæ.

Хъусынц ацы хорз æ гъдæ уттæ æ мæ куыстытæ Ирыстонæ й æ ддæ дæ р цы адæ мтæ цæ рынц, уыдон æ мæ сæ м цæ уынц Къаукъазы æ рвыст лæ ппутæ м æ мæ сæ курынц:

— Æ рцæ рæ м мах дæ р ам. Мах дæ р фæ нды иронтæ суæ вын, мах дæ р фæ нды уе ’гъдæ уттыл цæ рын, мах дæ р фæ нды нæ сывæ ллæ тты схъомыл кæ нын, куыд иронтæ.

Цæ виттон хъуыддагæ й, махæ й æ ддæ дæ р уыдысты иннæ адæ мтæ м хистæ ртæ, кæ цытæ н сæ нæ мттæ уыдис Къамбиз æ мæ Псаманит [2]. Псаманитæ н уыдис цъусдæ р адæ м æ мæ уыдис иу лæ ппуйы хицау. Къамбизæ н та зæ нæ г нæ уыдис, уæ д æ рæ мысыдис Къамбиз æ мæ Псаманитмæ уазæ гуаты бацыдис, кæ д, дам, мын йæ лæ ппуйы аргæ вдид, уыцы хъуыдыйæ. Псаманит Къамбизæ н иттæ г хорз бафысым ис, фæ лæ йын йæ иунæ г лæ ппуйы уæ ддæ р нæ аргæ вста. Къамбиз куы аздæ хтис, уæ д бартхъирæ н кодта:

— Ды мын хорз фысымдзинад нæ радтай мæ нæ н, зæ гъгæ, гъеныр æ з дын схос кæ ндзынæ н, дæ лæ ппуйы дын мæ хæ дæ г аргæ вддзынæ н.

Ирыстонæ н йæ ном куыннæ айхъуыстис æ ддагон адæ мтæ м дæ р æ мæ сæ хистæ рты онг дæ р, ома, Ирыстоны адæ мы æ ргæ вдæ н, дам, нал ис.

Уымæ гæ сгæ Псаманит стардта йæ лæ ппуйæ н йемæ йæ фæ ллой, цыдæ риддæ р уыдис, сæ вæ рдта теуатыл, дзыгуынтыл, бæ хтыл æ мæ йæ лæ ппуимæ рарвыста, уыцырдыгæ й æ ввахсдæ р чи уыдис, Къаукъазы уыцы фыртмæ æ мæ йын лæ ппу загъта:

— Курын дæ, уый дын мæ фыды фæ ллой, цыдæ риддæ р у, уый дын мæ адæ м. Сымах стут æ стдæ с æ фсымæ ры æ мæ мæ н дæ р айсут нудæ сæ м æ фсымæ рæ н. Мæ фыды фæ ллой цыдæ риддæ р у, уыдон дæ р сымахмæ хæ ссын. Къамбиз нæ м æ рцыдис æ мæ хъуамæ мæ фыдæ н мæ н аргæ вдын кодтаид, куыд уазæ гæ н.

Къаукъазы лæ ппу йæ хи æ ууæ нк лæ гæ н радта йæ нысан æ мæ Псаманиты лæ ппуйæ н загъта:

— Ацу мæ фыдмæ æ мæ акæ н демæ ацы лæ ппуйы дæ р, фæ ллой ам баззайæ д.

Йæ фыдæ н ныстыдта [? ]: «Йæ адæ мтæ дæ р мæ нмæ радта. Гъеныр дын цы аскъуыддзаг кæ на мæ фыд, ууыл баззайдзæ н».

Æ рцыдысты Къаукъазмæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, йæ сæ рæ й йын акуывта лæ ппу, йæ зонгуытыл æ рлæ ууыди, балæ гъстæ кодта, загъта йын:

— Дæ уæ н ис æ стдæ с лæ ппуйы æ мæ дæ курын, мæ н дæ р айсай нудæ сæ м лæ ппуйæ н.

Ноджы йын радзырдта, цæ й тыххæ й ралыгъдис хæ дзарæ й, радзырдта йын Къамбизы хъуыддаг.

Къаукъазæ н ацы хъæ стытæ куы ракодта лæ ппу, уæ д ын Къаукъаз загъта:

— Исын дæ, ды уыдзынæ мæ нæ н нудæ сæ м лæ ппу, дæ ном уыдзæ нис Саулæ г. Æ рвитын дæ мæ нæ мæ лæ ппумæ йæ нысанимæ фæ стæ мæ, цæ мæ й Псаманиты адæ мы йæ химæ æ рбакæ на, йæ адæ мы йын Иры фæ сивæ димæ схæ ццæ кæ на, Къамбизы ныппырх кæ на, йæ хи йын æ рцахса Къамбизæ н æ мæ мын ардæ м æ рхæ ццæ кæ на.

Цалынмæ уыдон ныххæ ццæ уыдаиккой Къаукъазы лæ ппумæ, уалынмæ Къамбиз базыдта Псаманиты лæ ппу кæ й ацыдис Ирыстонмæ, Къаукъазмæ хъаст кæ нынмæ.

Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Къамбиз схæ цыдис æ мæ йæ хи доны баппæ рста.

Ацы æ ппæ т адæ м, Иры фæ сивæ д æ мæ Псаманиты адæ м куы балæ бурдтой Къамбизы адæ ммæ, уæ д уыдон загътой:

— Къамбиз нал ис, фæ лæ мах нæ хи дæ ттæ м Къаукъазы адæ мæ н. Махæ н тынг æ хсызгон у, уæ къухы кæ й бахаудыстæ м æ мæ уе ’гъдæ уттыл кæ й цæ рдзыстæ м. Махæ н æ хсызгон у, Къамбиз йæ хи доны кæ й баппæ рста.

Уæ д Къаукъазы лæ ппу йæ химæ райста Къамбизы æ мæ Псамаииты адæ мты æ мæ сын хистæ рæ н баурæ дта Саулæ джы. Уыдон дæ р уыцы æ гъдæ уттыл баурæ дта, цы ’гъдæ уттæ йын Къаукъазæ й дзырдгонд уыдис.

Рацыди та рæ стæ г. Къаукъаз иттæ г смæ ллæ г ис, рацарди фондзсæ дæ азы, фæ лæ йæ лæ ппу Ирон, кæ д уый дæ р базæ ронд ис, уæ ддæ р йæ фыды фæ дзæ хстытæ йæ бон у нырма æ ххæ ст кæ на.

Амардис Къаукъаз.

Рацыдысты та бирæ азтæ, мæ йтæ, бонтæ. Нарти дæ р амардис. Ирон архайы. Нартийы цот сбирæ сты, мæ хур. Бирæ цот сын баззадис.

Ирон дæ р амардис.

Рацыдысты та бирæ азтæ, мæ йтæ, бонтæ æ мæ Къаукъазы лæ ппутæ дæ р иууылдæ р фæ мардысты рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ, фæ лæ сæ цот, Нартийы цот, баззадис. Уыдон сбирæ сты. Абон дæ р ма Ирыстоны хъуысы Нарты цот бирæ кæ й уыдысты, уый.

Нартийы цотæ й разæ й чи ацыдаид, схистæ р уыдаид Ирыстоны, уый уыдис Гуыдар.

Гуыдар афтæ арæ зта Ирыстоны æ мæ куыд Къаукъаз. Цыдæ риддæ р æ гъдæ уттæ фæ лтау ныууагъта, уыдоныл фидар хæ цыди Гуыдар. Кæ д æ мæ Къаукъаз æ фсæ нгарз кусæ ндæ ттæ, хъæ дæ рмæ джы кусæ ндæ ттæ, пысулы кусæ ндæ ттæ арæ зта, уæ д Гуыдар уымæ й уæ лдæ р ницы сарæ зта.

Хистæ рдзинад кодта Гуыдар. Алырдæ м цыдис Гуыдар æ мæ афтæ мæ й хистæ рдзинад кодта. Гуыдармæ дæ р афтæ цыдысты, куыд Къаукъазмæ, айсут нæ, зæ гъгæ, Ирыстонмæ. Мах дæ р, зæ гъг&a






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.