Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Царциаты Лока






Царциаты Фарнæ джы зæ нæ гæ й иу Лока хуынди. Хибарæ й царди, хæ дзар дæ р ма йын куы уыдаид, иу дæ рæ нгъауы [1] царди. Фарнæ гæ й Лока раджы ферох, ис ма йын ахæ м фырт æ ви нæ. Лока йæ хицæ н æ ддæ цард кодта хъæ уæ й. Царциаты ныхасмæ нæ цыди, сæ уынаффæ йы никуы уыди, æ гæ рыстæ мæ й йæ фæ ныкгуыз рахуыдтой. Фæ кæ с æ мæ та уæ лæ Лока йæ къæ риты [2] кæ цыдæ р сыхæ й æ рцæ уы йæ дæ рæ нгъаумæ. Фос æ м нæ уыд æ мæ Царциатæ дис кодтой, цæ мæ й цæ ры Лока. Се ’хсæ н æ мбисондæ н баззади:

— Локайы цард у хур æ мæ донæ й, йæ цард æ рвиты æ нæ стурæ й, фæ лæ фæ ндонæ й.

Лока никæ й хъыгдардта, никæ й æ фхæ ргæ кодта. Исчи йæ куы фарстаид йæ цардæ й, уæ д-иу дзырдта:

— Мæ рад дæ р уыдзæ ни.

Царциатæ й бирæ тæ й Лока ферох ис. Иу бон Фарнæ джы фæ рсынц Царциатæ:

— Уæ дæ дын Лока та куыд у, Лока?

— О, уый кой ма кæ нут, — зæ гъы сын Фарнæ г, — æ нæ ныгæ д мард æ мæ æ нæ мард удæ гас у. Æ гад мæ кæ ны æ мæ ма мæ нæ й цæ й фарны лæ г ис.

Фарнæ гмæ тынг хъыг касти Локайы ми. Сфæ нд кодта йæ сафын. Иу бон æ м дзуры:

— Сугтæ ласын æ мæ мæ м фæ кæ с.

Араст сты хъæ дмæ. Фарнæ г хины нуæ зт йемæ ахаста, хъæ ды кæ рон æ рбадынц æ мæ йын дзы бануазын кодта. Лока афынæ й вæ ййы. Фарнæ г æ й иу стыр бæ ласмæ ныббаста, йæ хæ дæ г рацæ уы.

Уæ д Лока райхъал ис, йæ хи айвæ зта, уыны — бæ ласмæ у баст. Бæ лас æ д уидæ гтæ стоны, йæ фæ дыл æ й ласæ гау ракодта æ мæ Фарнæ гмæ дзуры:

— Мæ нæ дæ уисойаг бæ лас.

Фарнæ г Нагъуыимæ ракæ сынц æ мæ зæ гъы:

— Оххай, ай дзы бынтон куы ницы æ нхъæ л уыдтæ н æ мæ бæ лас æ д уидæ гтæ йæ фæ дыл куы æ рласта.

Нагъуымæ фæ комкоммæ сты, дзургæ ницы скодтой æ мæ Лока йæ хæ дзармæ бацыди.

Фарнæ г та йæ м дыккаг хатт дзуры:

— Уарппы бынæ й мын хæ дзар рахæ ссинаг ис æ мæ мæ м фæ кæ с.

Араст та сты иумæ Уарппы бынмæ. Локайы та хины нуæ зтæ й фæ расыг кæ ны Фарнæ г æ мæ йæ ставд æ ндзæ лмттæ йарæ зт хæ дзарыл бабæ тты, йæ хæ дæ г раздæ хти.

Лока æ рфынæ й, фæ лæ куы райхъал, уæ д йæ хи айвæ зта, фены — хъæ дын хæ дзармæ у баст, Лока йæ раласта йæ фæ стæ æ мæ та Фарнæ гмæ бадзырдта:

— Мæ нæ, дæ уисойæ цы хæ дзар сæ рфдзынæ, уый.

Хъæ рмæ та Фарнæ г æ мæ Нагъуы рауадысты. Фарнæ г зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г! Амæ тых куы нæ уаид, уæ д ма ахæ м хæ дзар йæ фæ дыл исчи ласы?!

Нагъуы æ мæ Лока та кæ рæ дзимæ бакастысты æ мæ Нагъуы мидбылхудт бакæ ны.

Лока та сæ химæ ацæ уы. Æ ртыккаг хатт дæ р Локамæ фæ дзуры Фарнæ г æ мæ йын зæ гъы:

— Фурды был мæ фосрæ гъау хизынц. Иу кæ ф сæ йе ’взагæ й рацахсы æ мæ уый марынмæ фæ цæ уæ м.

Ацæ уынц иумæ, фæ лæ та ацы хатт дæ р Локайæ н Фарнæ г бануазын кæ ны хины нуæ зт æ мæ Лока бафынæ й вæ ййы. Ныууадзы йæ фурды был æ мæ рацæ уы Фарнæ г. Уæ д Локамæ кæ ф æ рбабырыди, йе ’взагæ й йын йæ къахыл фæ хæ ст и, фехъал вæ ййы, фæ лæ йæ уæ дмæ кæ ф аныхъуыры. Лока кард фелвæ ста æ мæ кæ фы лыгтæ кæ нын систа. Кæ ф æ м дзуры:

— Ма мæ амар, мæ фындзæ й дæ раппардзынæ н!

— Йе, хæ рæ г цыдæ р, исчи мæ кæ фы лукъа хона.

— Уæ д та дæ мæ дзыхæ й раппардзынæ н.

— Æ мæ мæ исчи кæ фы омдзæ г хона.

— Уæ д та дæ амиздзынæ н.

— Ау, æ мæ мæ дæ мицъыра хоной.

Лока кæ фы зæ рдæ слыгтæ кодта æ мæ кæ ф мардæ й донбылыл æ рхауди. Лока кæ фы рахиз фарс æ рлыг кодта æ мæ уырдыгæ й рабырыди. Кæ фы фындзы хуынчъы уæ рдæ хдзых [3] акодта, æ рхаста йæ Фарнæ гмæ æ мæ йæ м бадзырдта:

— Мæ нæ дын дæ сихойраг æ рхастон.

Хъæ рмæ Фарнæ г æ мæ Нагъуы ракæ сынц. Нагъуы йæ м хъæ лдзæ ггъуыз равдисы, Фарнæ г та зæ гъы:

— Оххай, ай цавæ р тыхы хицау у, цæ уылнæ йæ хи æ ргом кæ ны.

Кæ фмæ æ ркæ сынц, дисы бахауынц æ мæ Фарнæ г фæ рсы Локайы:

— Ахæ м тыхы хицау кæ м дæ, уым дæ хи цæ мæ н æ гад кæ ныс?

— Бæ ргæ не ’гад кæ нин, дæ фыдыхойы мын куы раттис, уæ д.

— Уæ у-уа, уый æ бузылд [4] куы уыдзæ н, Царциатæ мыл куы худдзысты. Иннæ мæ й йæ курджытæ куы ис хохы бадæ г фыййау æ мæ уæ йыг, уыдон дæ уæ н Нагъуыйы кæ м ратдзысты.

— Уыдонимæ æ з фидаудзынæ н.

Фехъуыстой хохы бадæ г фыййау æ мæ уæ йыг, Нагъуыйыл Лока дзуры, уый. Иу бон сæ дыууæ тæ дæ р рацæ уынц скъæ фæ г. Лока донбыл хуыссыди, уыдон æ й уым æ рбаййафынц. Хохы бадæ г фыййау æ м дзуры:

— Ды мæ разæ й Нагъуыйы куыд хæ ссыс? Кæ д æ й æ з уарзын, зæ гъ-ма, уæ д раздæ р мæ н цæ уылнæ фæ рсыс?

Уæ д уæ йыг дæ р Локамæ дзуры:

— Нагъуыимæ мах стæ м лымæ нтæ, нæ фæ ндон иу у, уæ д мын куыд хæ ссыс мæ сæ р æ взæ рмæ?

Лока сæ м дзуры:

— Кæ д бавзардзыстут уæ тых мæ разы, æ ргом уын зæ гъын: Нагъуыйы раттон — уыдзынæ н разы.

Хохы бадæ г фыййау æ мæ уæ йыг уæ д кæ рæ дзимæ февналынц, æ рмдзæ фæ й — нæ рсынц, уæ хскдзæ фæ й — мæ лынц. Иу сæ иннæ уыл нæ тых кæ ны. Хохы бадæ г фыййау кард фелвæ ста, уæ йыджы цæ сты йæ фæ тъыссы æ мæ йын йæ гагуы сæ ппары. Уæ йыг дæ р кард фелвасы æ мæ хохы бадæ г фыййауы был ныллыг кæ ны. Сæ дыууæ дæ р цæ фтæ й фæ цæ уынц нысан бынатмæ æ мæ сæ хи дзæ бæ х кæ ныныл схæ цыдысты. Уæ дæ й ардæ м Нагъуыйыл сдзурæ г нал фæ цис, Лока та Нагъуымæ æ нхъæ лмæ касти.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.