Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Уадæджы амард






Хуыцау фæ сидтис йе ’мсæ ртæ м æ мæ сæ м дзуры:

— Царциатæ хорз нæ бакодтой, не ’мвынг чи бадти, не ’мсæ р чи уыди, уыцы мæ ликк æ лдары рамардтой не ’вастæ й, уыимæ ма фæ цагътой еугуыппарты дæ р æ мæ сын æ й куыд ныббарæ м?

Тутыр Царциатæ м маст хаста, дзуры Хуыцаумæ:

— Мах бардуæ гтæ стæ м, нæ фарс чи вæ ййы, уый Царциатæ амарынц, сæ тыхджынтæ й бирæ нал ис, фæ лæ ма æ ххæ ст Уадæ джы куы амарын кæ никкам, уæ д Царциатæ махмæ лæ гъстæ мæ цæ удзысты, уымæ н æ мæ сæ м фидар кæ стæ р нал уыдзæ н.

— Дæ фæ нд хорз у, фæ лæ Уадæ джы æ рцахсын зын у.

— Уадæ г балцыты арæ х цæ уын райдыдта, — зæ гъы Тутыр, сау гуымирыл æ й бафтауæ м, уый йын хос кæ ндзæ н. О, фæ лæ йæ размæ фæ цæ уæ м.

Тутыры дзырдтыл бардуæ гтæ сразы сты æ мæ Уадæ джы размæ фæ цыдысты. Уадæ г ницы зыдта, рацæ йцыди балцы æ мæ йыл бардуæ гтæ амбæ лынц.

— Кæ йонг цæ уыс, Уадæ г?

— Кæ йонг уыны цæ ст, уыйонг.

— Цæ ст дардыл уыны, — зæ гъынц бардуæ гтæ, — фæ лæ дæ мадырвадæ лтæ й сæ иу, сау гуымир сау комы цæ рæ г у, æ мæ уый фыдраны ис, уый куы суадзис, уæ д дæ мах дæ р æ мæ де ’фсымæ р Суа дæ р фæ бузныг уаиккам.

— Уæ дæ йæ м æ з цæ уын, — зæ гъы Уадæ г, æ мæ фæ раст и сау коммæ. Цæ уы æ мæ уыны диссаг: сау гуымир у бæ стытæ, йæ къæ хтыл тымбыл дур баст, йæ цæ нгтыл ставд хъæ д баст, йæ астæ у айнæ гмæ æ лхъывд. Уадæ г æ й фæ рсы:

— Цы кæ ныс, мæ мадырвад?

— Дæ мад дæ хурæ й бафсæ дæ д, — зæ гъы сау гуымир, — æ з Изел [1] Хуыцауæ й æ лгъыст дæ н, ам мæ ныббаста, фезмæ лæ н мын нæ й. Ноджы мыл Джамиды [2] сардыдта æ мæ мæ йæ маст исы. Цъегъо донæ й [3] мæ фæ лдисы, ихын хæ лццæ ттæ [4] мыл ныссылынц. Мæ нæ н уыдис хорз ус, лæ г йæ буары йæ хи уыдта, йæ дзыккутыл-иу дымгæ куы ’рбадымдта, уæ д алы ’взагæ й суасыдаиккой, йæ ном Амазан, хæ дзары сыгъдæ г агар [5]. Изел хуыцау мын æ й тыхæ й иста, нæ йæ лæ вæ рдтон æ мæ мыл цы ’рцыд, уымæ æ рбакæ с. Мæ цилхъ къæ дзæ хы тигъыл баст, йæ бынмæ йын арт бакæ н. Арты æ взæ гтæ цилхъмæ хæ ццæ кæ ндзысты, бæ ттæ нтæ судздзысты æ мæ цилхъ æ д рæ хыс æ рхаудзæ н. Сис æ й, мæ бæ ттæ нтæ мын алыгтæ кæ н æ мæ дын уыцы хорздзинад мæ хиуыл нæ ныууадздзынæ н.

— Баххуыс дын кæ ндзынæ н, — зæ гъы Уадæ г, — фæ лæ, мыййаг, куы амæ лон, уæ д мын мæ мард Суамæ фæ хæ ццæ кæ н, ам куыннæ баззайон, афтæ.

Уадæ г цилхъы бынмæ арт скодта, арты æ взæ гтæ карды бæ ттæ нтæ м æ ххæ сстысты æ мæ бæ ттæ нтæ ссыгъдысты. Цилхъ æ д рæ хыс æ рхаудта. Уадæ г æ й систа. Цилхъы кæ рддзæ мæ й фæ цъогъа кодта [6] æ мæ Уадæ джы дзых йæ дзоныгъыл æ рбалыг кодта. Цилхъ фесхъиудта æ мæ сау гуымиры дзыхы фæ мидæ г ис. Сау гуымир цилхъы йæ дæ ндæ гтæ й рацахста, бæ ттæ нтæ æ рбалыгтæ кодта, феуæ гъд и, Уадæ гмæ бауади, фæ лæ уæ дмæ уый уыди мард.

Сау гуымир ныккатай кодта æ мæ зæ гъы:

— Сау æ рдиаг ныккæ ндзæ н Суа йе ’фсымæ рыл, фæ лæ йæ м æ нæ цæ угæ дæ р нæ й.

Сау гуымир Уадæ джы мард Царциаты калакмæ æ рхаста, Суамæ тæ фæ рфæ сгæ нгæ бацыди æ мæ йын зæ гъы:

— Мæ хæ рæ фырт мæ н тыххæ й кæ м бабын, уый тыххæ й йæ уадындз фæ стагæ ттæ н баззайæ д, фæ лæ йын йæ маст Джамидæ й сисдзынæ н.

Уадæ джы зæ ппадзы бавæ рдтой. Сау гуымир фæ цыди Джамидмæ. Уыны иу ран: Джамид ракæ ны Амазаны, усы сбæ гънæ г кодта æ мæ йæ хæ рдмæ æ ппары, тухæ нæ й йæ мары. Сау гуымир сæ хсæ сти ныоффытæ кодта, ауыдта йæ Джамид, Амазаны аскъæ фта, фидары йæ смидæ г кæ ны æ мæ æ фсæ н дуæ рттæ ныхгæ дта. Сау гуымир æ фсæ н дуæ рттæ ратыдта æ мæ Джамиды йæ ронбастыл æ рбалыг кодта. Джамиды марды астæ уæ й уæ лæ мæ Уадæ джы зæ ппадзыл цыртæ н ныссагъта, астæ уæ й дæ лæ мæ та йæ хи дуармæ ныссагъта Джамиды марды æ мæ дзы бадæ н скодта. Сау гуымир тынг мысыди Уадæ джы, йæ хи нывондæ н куыд æ рхаста йæ мадырвады сæ рыл. Сау гуымир йæ хицæ н йæ усы удæ гасæ й ныффæ лдыста, стæ й Амазаны сæ р ралыг кодта, йæ риуыл æ й æ рцауыгъта, уый фæ стæ йæ сæ р ныффæ ртт ласта дурыл æ мæ мардæ й æ рхауди сау гуымир. Уæ дæ й баззади: хæ рæ фырт тугисæ г у, зæ гъгæ. Гъе, уымæ н баззади ахæ м æ мбисонд: «Цы лæ г бинонтæ скæ на, уымæ й хæ рæ фырт гуыры. Хæ рæ фырт та йæ маст фæ исы тугæ й».

V. ЦАРЦИАТЫ КÆ СТÆ РТÆ






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.