Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Едыса æмæ зылындзых Еугар






Царциаты Едыса йæ рæ гъау фæ цæ йтардта хизынмæ. Кæ сы æ мæ зылындзых Еугар дæ р йæ рæ гъауты раскъардта. Еугар рагæ й хъуыста Едысайы ном, фæ лæ йæ цæ сгомæ й нæ зыдта. Хъавгæ та йæ м уæ вгæ кодта.

Едыса сау хъæ ды кæ рон баурæ дта йæ рæ гъауты, Еугар та хъæ ды бын.

Еугар Едысайы куы федта, уæ д æ м æ рбацæ йцыди. Едыса лидзын йæ сæ рмæ не схаста, фæ лæ йæ тарст дæ р нæ равдыста.

Еугар ахæ м уыди, цæ стытæ сасиры йæ стæ, дæ ндæ гтæ дуæ ртты йæ стæ, цæ нгтæ аххæ рджыты стæ вдæ н, зæ нгтæ дурдзæ джындзы хуызæ н.

Æ рбацыди Едысмæ Еугар æ мæ йæ фæ рсы:

— Чи дæ, ам мæ бæ стæ йы цы ми кæ ныс?

— Рæ гъаугæ с дæ н, — загъта Едыса йæ хицæ й.

— Æ мæ кæ й рæ гъау хизыс?

— Царциаты Едысайы.

— Ау æ мæ уый æ з рагæ й куы агурын, йæ хæ дзар мын бацамон.

— Хъæ умæ куы ныххæ ццæ уай, уæ д дзы уымæ й бæ рзонддæ р хæ дзар никæ мæ н ис. Райсом хур куыддæ р æ рбакæ са, афтæ раздæ р цы хæ дзарыл сæ мбæ ла, уым цæ ры Едыса.

Еугар та зæ гъы:

— Уæ дæ мын райсоммæ мæ рæ гъаумæ дæ р дæ хъус фæ дар, стæ й дын æ мбис ратдзынæ н.

— О, фæ дардзынæ н, — загъта Едыса æ мæ Еугар араст и Царциаты ’рдæ м.

Едыса бирæ нæ фæ касти, Еугары хæ дзары дуармæ балæ ууыди æ мæ бадзырдта:

— Еугар, ам дæ цы?

Хъæ рмæ Еугары ус ракасти æ мæ зæ гъы:

— Еугар рæ гъауимæ ис, фæ лæ рахиз, уæ дмæ уый дæ р зындзæ ни.

Едыса бахызти мидæ мæ. Пылыстæ г къæ лæ тджыныл рабадти, фæ йнæ рдæ м йæ цæ ст ахаста æ мæ суыдта фæ ндыр къулыл.

Еугары ус фынг авæ рдта Едысайы раз, фæ лæ Едыса ницæ мæ æ вналдта. Уæ д æ й ус фæ рсы:

— Уазæ г, цæ уылнæ истæ мæ æ вналыс?

Едыса загъта:

— Æ з ахæ м адæ мы мыггаг дæ н, мæ цуры чи нæ уа, уæ д нæ февналдзынæ н. Иунæ гæ й хæ рын хуыснæ джы хъуыддаг у.

Ус йæ цуры æ рбадт, фæ лæ та Едыса нæ хæ ры. Фæ рсы та йæ:

— Цæ уылнæ хæ рыс ныр та?

— Уымæ н æ мæ нуæ зтæ й кæ мæ фæ сидон, чи ацахода мæ нуазæ нæ й, ахæ мæ й ам никæ й уынын.

— Æ з ацаходдзынæ н, — загъта Еугары ус Едысайæ н.

Ус нуазæ нтæ æ ркодта, фæ лæ та Едыса нæ исы нуазæ ны. Ус та йæ ноджыдæ р фæ рсы:

— Цæ й, ныр та цæ уылнæ нуазыс?

— Уæ лæ къулыл цы фæ ндыр ис, уымæ й мын кæ д цæ гъдыны бар ратдзынæ, фæ йнæ æ ртæ нуазæ ны куы ануазæ м, уый фæ стæ, уæ д хæ ргæ дæ р æ мæ нуазгæ дæ р бакæ ндзынæ н.

Ус загъта:

— Уый мæ фыды номыл дарын, фæ лæ дзы цæ гъдын ничи зоны.

— Æ з дзы ацæ гъддзынæ н, — загъта Едыса.

Фæ йнæ æ ртæ нуазæ ны анызтой. Едыса фæ ндыры райста æ мæ дзы райдыдта цæ гъдын афтæ:

 

Иунæ г мæ гуыр у,

Цæ мæ й мæ гуыр у, гъей?

Тар хъæ д йæ хæ дзар,

Сау дур — нывæ рзæ н, гъей.

Кæ рдæ г — йæ гобан,

Сыфтæ р — йæ хъæ ццул, гъей.

Æ фсымæ р нæ зоны,

Хо дæ р ын нал и, гъей.

Хъæ ды сау халон

Тæ ригъæ ддаг у, гъей.

Иунæ г æ рвылбон

Мæ линаг дæ р у, гъей.

Нæ й йæ м фæ кæ сæ г,

Нæ й йыл фæ кæ уæ г, гъей.

Хъæ уæ й иппæ рд у,

Цардæ й дзæ гъæ л у, гъей.

Мæ нæ н мæ фæ ндаг,

Сæ фæ нты адаг, гъей.

Æ з ууыл цæ удзынæ н,

Дзæ гъæ л мæ лдзынæ н, гъей.

Мæ мард уæ д — холы,

Алчидæ р зоны, гъей.

 

Ацы ныхæ стæ м Еугары усы зæ рдæ бахъарм ис æ мæ Едысайыл бахаудта. Едыса йæ æ рчъицын кодта æ мæ йæ фæ рсы:

— Цæ мæ н дын уыди мæ цагъд хъыг?

Ус зæ гъы:

— Дæ кадæ г мын мæ зæ рдыл æ рбалæ ууын кодта мæ фыды. Ацы зылындзых Еугар мæ н тыххæ й аскъæ фта. Мæ фыд мæ н агургæ йæ иунæ гæ й хатти, цардæ й фæ дзæ гъæ л, кæ сæ г æ м нал уыд æ мæ дзæ гъæ л мард кæ мдæ р фæ кодта. Сырдтæ н холыйаг фæ ци. Мæ зæ рдæ суынгæ г уый тыххæ й.

— Ау, кæ д афтæ у, уæ д Еугаримæ цæ ргæ та куыд кæ ныс?

— Цы кæ нон, уæ дæ, æ рвылæ хсæ в расыг вæ ййы, йæ уæ лхъус фæ лæ ууын, стæ й мæ сбæ гънæ г кæ ны, расыгæ й мæ бæ гънæ гæ й къуыбылойау хынджылæ г кæ ны. Куы мæ цыппæ ртыл цæ уын кæ ны, куы мæ фæ ласы дзыккутæ й, гъе уый дын мæ цард.

— Æ мæ йын йæ мæ лæ т нæ зоныс?

— Нæ зонын.

— Уæ дæ мæ м хъус. Еугар куы ’рцæ уа, уæ д æ м худгæ йæ ракæ с. Æ з бамбæ хсдзынæ н æ мæ уæ м хъусдзынæ н. Дæ у фæ рсдзæ ни, цæ мæ н хъæ лдзæ г дæ ацы хатт. Ды йын зæ гъдзынæ, зæ гъгæ, мын дæ у йеддæ мæ никуы ничи ис, æ мæ йæ ракъахдзынæ йæ мæ лæ т цæ мæ й у, уый.

Уыйадыл Едыса æ хсæ в Еугары усы фарсмæ æ ркъул кодтой, райсомы та йæ рæ гъауты бæ рæ ггæ нæ г ацыди.

Еугар ныццыди Царциатæ м. Райсомы хур раздæ р цы хæ дзарыл сæ мбæ лди, уырдæ м бацыдис æ мæ бахъæ р кодта:

— Едыса, æ ддæ мæ мæ м ракæ с!

Хъæ рмæ цары æ мæ къулты сагтæ æ рызгъæ лдысты, стæ й йæ м Едысайы ус Донбеттырон рауади æ мæ зæ гъы:

— Чи дæ?

— Æ з Еугар дæ н, Едыса ам ис?

— Ам нæ й, рæ гъауимæ ис сау хъæ ды.

— Ау æ мæ мæ уæ дæ сайгæ фæ кодта?

— Ахæ м нæ у, сайгæ чи фæ кæ на, — зæ гъы та Донбеттырон.

Еугар иу тахт ракодта Сау хъæ дмæ. Æ рцыдис, фæ лæ Едыса бамбæ хсти. Загъта Едыса йæ хицæ н: «Ауыл зондæ й куы нæ фæ тых уон, уæ д ын тыхæ й ницы бакæ ндзынæ н».

Еугар сау хъæ ды бамидæ г и, аракæ с-бакæ с кодта, фæ лæ не ссардта Едысайы. Едысайы фосæ й авд стуры амыртт-мыртт кодта. Банхъæ лмæ кастис, фæ лæ Едыса нæ зынди. Изæ ры Едысайы рæ гъауы æ мæ йæ хи рæ гъауы дæ р Еугар йæ химæ æ ртардта. Еугармæ йæ ус худгæ рауади æ мæ йæ м дзуры:

— У, дæ нывонд фæ уон, цæ й бирæ фос æ ртардтай.

Еугар фæ джих ис æ мæ зæ гъы:

— Куы никуы дæ федтон афтæ дзургæ, уæ д ныр цы кодтай?

— Мæ зæ рдæ дæ барухс и, уыйас фæ ллойæ æ мæ куыннæ бахудон.

— Уæ дæ ахсæ в куывд кæ нын.

Авд стуры æ рбавгæ рста, уæ ларты сæ бавæ рдта. Уæ дмæ æ рталынги. Еугарыл ус тыхстытæ кæ ны, хъæ быстæ йæ кæ ны.

Уæ д фыд систой, фынгтæ равæ рдтой, йæ усы та рабæ гънæ г кодта æ мæ дзы къуыбылойау хъазы. Ус æ м дзуры:

— Гъе уыйас дæ уарзын, æ мæ тæ худы куы зонин, дæ уд кæ м ис, уый, уæ д æ й бæ мбæ джы тыхтæ й дарин.

Еугар зæ гъы:

— Мæ нæ н мæ лæ н нæ й. Æ з амæ лдзынæ н мæ хи аххосæ й æ рмæ ст.

— Дæ хи аххосæ й куыд амæ лдзынæ, уый никуыма уыди.

— Мæ нæ н ис мæ лæ т ахæ м хуызы: мæ фæ ттæ мын æ ртæ йы сырх зынг куы скæ най æ мæ сæ мæ мицъырайы куы стулай, уæ д фыдхъæ бæ р ныууыдзынæ н. Гъе уыцы æ ртæ фатæ й у мæ мæ лæ т, фæ лæ æ з мæ мицъыра доны бакалын, кæ нæ хур бынаты амизын, цæ мæ й асур уа, уый тыххæ й.

Еугары уæ д йæ ус тынгдæ р хъæ быстæ байдыдта бæ гънæ гæ й, нуазæ нтæ йæ м авæ ры æ мæ йæ м зилы.

Еугар арасыг ис æ мæ иумæ æ рхуыссыдысты. Уадидæ гæ н йæ хуыр-хуыр ссыди.

Едыса уыдта ацы митæ, йæ хи барæ й нæ равдыста. Уæ д Еугармæ мизын æ рцыди æ мæ йæ м ус къæ рта бадардта æ мæ йын зæ гъы:

— Гъе уым ахуыпп кæ н, æ з æ й акалдзынæ н, тæ гъзы уард кæ ны æ мæ дæ уазал бацæ удзæ ни.

Еугар йæ усыл баууæ ндыди, къæ ртайы амызта. Ус æ й амбæ хста æ мæ æ ндæ р къæ ртайæ дуармæ дон акалдта. Сусæ гæ й æ ртæ фаты авæ рдта Едысамæ. Едыса фæ тты сырхзынг скодта æ мæ сæ Еугары доныхуыппы стылдта æ мæ æ ндон фидар фестадысты. Уый фæ стæ иу фат æ рдыныл афидар кодта æ мæ Еугармæ дзуры Едыса:

— Уæ лæ мæ сыст, хæ рæ г!

Еугар фæ тæ ррæ ст ласта, уæ дмæ йæ Едыса бахста æ мæ фат Еугары риуы амидæ г ис. Еугар ныззыр-зыр кодта. Уæ д та йæ дыккаг хатт фехста æ мæ æ рхаудта. Æ ртыккаг хатт æ й фехста æ мæ йæ уд систа. Еугар амардис.

Йæ фæ стæ ус Едысайæ н лæ вæ рттæ ракодта, кадимæ йæ рарвыста æ мæ йæ цæ гатмæ фæ цыди.

Едыса йæ рæ гъау æ мæ æ ндæ р фæ ллæ йттимæ раздæ хти æ мæ сæ химæ Царциатæ м æ рцыди. Æ рымбырд сты Едысайыл Царциатæ, кад ын кодтой.

Едыса йе ’фтиаг фосæ й Царциатæ н стыр куывдтæ фæ кодта къуырийæ -къуыримæ. Царциатæ дæ р æ ввонг фосæ й сæ ком уагътой, Едысайы лæ вæ рттæ й æ мæ æ фтиæ гтæ й хайджын уыдысты æ нæ хъæ н Царциатæ, æ мæ Едысайы ном кадæ н хастой.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.