Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Фарнæджы мæлæт






Фарнæ г Царциаты æ хсæ н кад æ мæ радæ й фæ царди. Ныр базæ ронд и æ мæ йæ бафæ ндыди йæ фыртты арæ хстдзинад базонын, сæ хи æ нæ сæ фыд сæ бон бауыдзæ н дарын, уый. Иу бон рарынчын ис, фæ дзырдта йæ фырттæ м æ мæ сын зæ гъы:

— Нæ зонын, нæ зонын, фæ лæ уын ныр куы амæ лон, уæ д мæ куыд ныгæ ндзыстут?

— Куыд нын бацамонай, афтæ, — зæ гъынц ын йæ фырттæ.

Фарнæ г рабадæ гау кодта, йæ чъылдыммæ быцæ у нывæ рзæ н сæ вæ рдта, йæ фырттæ йæ уæ лхъус лæ ууынц æ мæ зæ гъы:

— Уæ дæ хъусут мæ амындтæ м. Æ з уыдтæ н балцы, иу æ дзæ рæ г бæ стæ м ахаудтæ н, кæ сын æ мæ фурд йæ хи сырх дары. Æ ххормаг дæ р сдæ н, зæ гъгæ, исты куы ахæ рин, хæ ринагæ й дæ р мæ м ницы уыди. Ауыдтон, цыдæ р мард хуыссы. Загътон: ам мæ н чи фендзæ н, цæ й йæ къæ дзил ын афыцон. Къæ дзилыл арт акодтон. Уый куыддæ р æ нахъинонау базмæ лыд, йæ къæ дзилæ й мæ фехста, йæ хæ дæ г фурды смидæ г æ мæ фурд тынгдæ р ныссырх и. Æ з атахтæ н æ мæ нæ дуары раз мæ фæ ртт фæ цыдис. Уый уыдис стыр кæ ф. Куы амæ лон, уæ д мын уый фыдæ й чи схæ рнæ г кæ ндзæ ни?

— Æ з! — фæ хъæ р кодта хистæ р фырт.

— Хорз, фæ лæ мын раздæ р радзурдзынæ дæ балцы хабар.

Фарнæ г ногæ й дзуры:

— Уæ дæ мæ дыккаг амынд та у ахæ м: уыдтæ н та балцы, сæ ххормаг дæ н. Иу æ дзæ рæ г бынатмæ ахаудтæ н. Федтон уым хъуаз [1] хизгæ. Йæ æ хсыр йæ фæ здонæ й мызти, смондаг дæ н йе ’хсырмæ. Æ хсыр адагыл згъордта æ мæ дзы иу ус гуымбыл ахста. Зæ гъын, уыцы усæ й цыхт ракурон, фæ цæ й йæ м цыдтæ н, фæ лæ мæ хъуаз йæ дзыхæ й фелвæ ста, ныззыввыт мæ ласта æ мæ мæ цæ лхъ нæ хæ дзары размæ фæ цыди. Мæ æ ххормагдзинад дæ р мæ байрох. Уыцы хъуазы гуымбылæ й мын чи схæ рнæ г кæ ндзæ н?

— Æ з! — фæ хъæ р кодта дыккаг лæ ппу.

— Хорз, фæ лæ мын радзурдзынæ раздæ р дæ балцы хабар.

Ногæ й дзуры Фарнæ г:

— Ме ’ртыккаг амынд та у: уыдтæ н та балцы, иу хохмæ бахаудтæ н, кæ сын — иудзонгон хуым кæ ны. Дыууæ лæ джы йын къæ луа [2] змæ нтынц, доны бæ сты хыссæ йыл сæ туг бауадзынц. Уæ д сæ иу хыссæ йыл дон акодта, туг æ м фаг кæ й нал уыди, уый тыххæ й. Лæ гхор æ й ауыдта æ мæ йын йæ туг ацъырдта, марды фехста æ ддæ мæ. Иннæ лæ г æ м луæ рст къæ луа авæ рдта, иудзонгон дзы ахордта, стæ й афынæ й. Æ з уæ хст стæ вд кодтон, иудзонгоны цæ стыты йæ фæ тъыстон. Уый афтæ тынг ныббогъ кодта æ мæ мæ йæ комы дымгæ рахаста. Лæ г мæ м кæ сгæ йæ баззади. Нæ хæ дзары цур сæ мбæ лдтæ н, ехх, уыцы къæ луайæ мын чи схæ рнæ г кæ ндзæ н?

— Æ з! — фæ хъæ р кодта æ ртыккаг лæ ппу.

— Хорз, фæ лæ мын радзурдзынæ дæ балцы хабар раздæ р, — зæ гъы Фарнæ г.

Фарнæ г та дзуры:

— Уæ дæ ме ’ннæ амынд та у ахæ м: уыдтæ н та балцы, бахаудтæ н лæ гхормæ. Уый йæ мадæ н цыдæ р дардта, смондаг æ м дæ н, дойны дæ р мын уыди. Лæ гхор къус иуварс æ рæ вæ рдта, æ з æ м бауадтæ н. Къусы бын чысыл аззади нуæ зтæ й, мæ дзыхыл æ й сдардтон. Лæ гхоры мад мæ ауыдта, ме ’фцæ гготæ й мæ ныззыввыт ласта æ мæ нæ хæ дзары раз æ рхаудтæ н. Уый нуæ зта æ лутон æ мæ мын дзы чи самал кæ ндзæ ни мæ хæ рнæ гæ н?

— Æ з! — фæ хъæ р кодта цыппæ рæ м лæ ппу.

— Хорз, фенæ м, — зæ гъы Фарнæ г, — фæ лæ мын радзурдзынæ раздæ р дæ балцы хабар.

Ногæ й та Фарнæ г зæ гъы:

— Уæ дæ ма мæ м ахæ м амынд дæ р ис: уыдтæ н та балцы æ мæ арв æ рбасасæ ста, бæ стæ ихуазал ссис, фыдтымыгъ скодта, зæ хх салди. Цы ма фæ уыдаин, уый нал зыдтон. Суыдтон саджы хуыссæ н, уым саджы лæ ппын уыди, мæ хъæ бысмæ йæ систон. Йæ мад æ рбацыди, æ хсыр ын дардта, мæ нæ н дæ р авæ рдта йе ’хсырæ й. Бынтон бахъарм дæ н. Мæ хид калди. Райсомы сыстадтæ н æ мæ мæ саг Царциаты хъæ усæ р уæ зæ гмæ æ рхаста. Бузныг ын загътон. Ныр куы амæ лон, уæ д мын уыцы саджы хъуынæ й мæ ингæ ны къултæ чи сараздзæ ни, цæ мæ й мын мæ рдты бæ сты хъарм уа?

— Æ з! — фæ хъæ р кодта фæ ндзæ м лæ ппу.

— Хорз, фендзынæ н дæ, фæ лæ мын раздæ р радзурдзынæ дæ балцы хабар.

Фарнæ г алæ ууыди æ мæ та зæ гъы:

— Уæ дæ ма мæ м ахæ м амынд дæ р ис: балцы та уыдтæ н, бахаудтæ н фысгæ смæ. Фысгæ сы уæ рыччытæ хъазгæ рацæ йцыдысты сæ мæ дтимæ. Иу урс уæ рыкк дзы уæ ззау цыдис, йæ мад æ м дзуры: «Тагъддæ р рацу, уæ д та нæ хицаумæ уазæ г ис æ мæ кусæ рттагæ н дæ разæ й искæ й аргæ вддзæ н». Уæ рыкк дзуры: «Фысымы бæ ркад æ з дæ н, кæ д мæ н аргæ вда, уæ д-иу мын мæ туг дурдзæ джындзы бын ауадзæ д, стæ й йын йæ фосмæ æ фтаудзынæ н мæ рдты бæ стæ йæ». Æ з æ ххормаг дæ р сдæ н. Фысгæ с мæ суазæ г кодта, уыцы уæ рыччы мын аргæ вста, йæ туджы йын дурдзæ джындзы бын ауадзын кодтон æ мæ — йæ фосыл фылдæ р фос æ фтыди. Уæ рыччы фыд бауæ ларт кодтам æ мæ уыйонг ныннæ рсти, æ гас комы адæ мæ н дæ р сфаг уыдаид. Куы амæ лон, уæ д мын уыцы фысгæ сы фосæ й хæ рнæ гæ н иу уæ рыкк чи æ ркæ ндзæ ни?

— Æ з! — фæ хъæ р кодта æ хсæ зæ м лæ ппу.

— Хорз, фенæ м дæ, фæ лæ -иу раздæ р дæ балцы хабар радзур.

Фарнæ г сулæ фыди æ мæ та зæ гъы:

— Ис ма мæ м иу ахæ м амынд: балцы та уыдтæ н, иу доны былмæ бахæ ццæ дæ н. Чидæ р хъæ р кæ ны фаллаг былæ й: «Доныл мæ ахæ сс!» Фæ тæ ригъæ д ын кодтон, балæ гæ рстон доны, кæ сын æ мæ хæ рз къаннæ г лæ г. Сæ вæ рдтон æ й ме ’ккой æ мæ йæ рахастон, фæ лæ æ ккойæ нал хизы зæ хмæ. Фæ рсын æ й: «Рахиз зæ хмæ, цы дын кодтон æ взæ рæ й?» Уый зæ гъы: «Ныффæ лдис мæ æ мæ ахизон». Æ з æ й фæ рсын: «Бæ х нæ дæ, куыд дæ ныффæ лдисон?» Уый зæ гъы: «Дæ хицæ н мæ ныффæ лдис». Гæ нæ н мын нал уыд æ мæ дзурын: «Нæ ма æ гас дæ н, фæ лæ куы амæ лон, уæ д дæ мæ фырттæ мæ нæ н ныффæ лдисдзысты». Нал фидыдтам. Уæ д æ й хуыссæ г æ рцахста, афынæ й æ мæ йæ ме ’ккойæ сабыр райстон, зæ ххыл æ й æ рæ вæ рдтон, кард æ м ныддардтон, уый бæ х фестади, узæ лынтæ мыл систа. Гъе, уыцы бæ хы мын чи ныффæ лдисдзæ н?

— Æ з! — фæ хъæ р кодта æ вдæ м фырт.

— Хорз, фæ лæ мын радзурдзынæ раздæ р дæ балцы хабар.

Дыккаг бон дæ р та Фарнæ г фæ дзырдта йæ фырттæ м æ мæ сын зæ гъы:

— Мæ хи хорз нал хатын, фæ лæ ма мæ удæ гасæ й куы фенин, сымахæ й мын чи цы ныфс радта, уый куыд сæ ххæ ст кодта. О, мæ хистæ р хъæ бул, дæ рад у, фæ цу æ мæ мын уыцы кæ фы фыдæ й æ рхæ сс.

Хистæ р лæ ппу йæ бæ х сифтыгъта æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г! Цæ уын æ з балцы, рæ ствæ ндаг мæ кæ н, цæ мæ й кæ фы фыд баст уа фæ сарцы.

Араст и хистæ р лæ ппу, бирæ фæ цыди, бахæ ццæ изæ рырдæ м иу хъæ умæ, уыны диссаг: иу бери [3] мыдыбындзытæ нымайы, иу ын дзы нæ зыны, Фæ лвæ ра дзы хуым кæ ны. Бери йемæ схыл ис, фæ бынæ й æ мæ хъæ р кæ ны:

— Чи мæ фервæ зын кæ на, уымæ н ратдзынæ н, цы кура, уый.

Лæ ппу Фæ лвæ райы фæ хибар кодта æ мæ бери фервæ зти, фæ рсы лæ ппуйы:

— Цы хорзы дын бацæ уон?

— Кæ фы фыд мæ хъæ уы, Сырх фурды чи цæ ры, ахæ м кæ фы фыд.

Бафидауын кодта берийы Фæ лвæ раимæ. Уæ д бери адугъ кодта æ мæ æ нæ хъæ н кæ ф æ рбахаста. Лæ ппу йын раарфæ кодта æ мæ йæ хæ дзармæ раздæ хти кæ фимæ, радзырдта Фарнæ гæ н, кæ ф ын куыд самал кодта, уый. Фарнæ г зæ гъы:

— Оххай, ме сфæ лдисæ г, мæ фыццаг фырт ме знаг Фæ лвæ райы кæ д бафидауын кодта, уæ д мæ амæ лæ ты фæ стæ базондзæ нис цæ рын æ нæ мæ н.

Фæ бузныг дзы æ мæ йæ дыккаг фыртæ н зæ гъы:

— Фæ цу æ мæ мын, цы хъуазы федтон, уый æ хсырæ й ахст гуымбыл æ рхæ сс.

Дыккаг лæ ппу дæ р бæ х сифтыгъта æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г, дæ умæ æ з кувын! Мæ къухты бафтау, мæ фыды тыххæ й цы гуымбыл курын.

Араст и лæ ппу, иу хъомгæ смæ бахауди, уый гуымбыл ахста, фæ лæ йын-иу йæ гуымбылы Фæ лвæ ра ахордта. Хъомгæ с стыхсти. Уый уыди берийы хъомгæ с. Уæ д бери æ мæ Фæ лвæ ра схыл сты æ мæ бери фæ бынæ й ис, хъæ р кæ ны:

— Чи мæ фервæ зын кæ на, уымæ н ратдзынæ н, цы кура, уый!

Фарнæ джы дыккаг лæ ппу Фæ лвæ райы рахибар кодта æ мæ бери фервæ зти, фæ рсы лæ ппуйы:

— Цы хорздзинад агурыс?

— Хъуазы æ хсырæ й ахст гуымбыл мын радт.

Лæ ппу Фæ лвæ ра æ мæ берийы бафидауын кодта, стæ й гуымбыл райста æ мæ сæ химæ æ рцыдис. Фарнæ гæ н радзырдта, гуымбыл куыд самал кодта, уый. Фарнæ г зæ гъы:

— Оххай, ме скæ нæ г! Мæ дыккаг фырт дæ р ме знаг Фæ лвæ раимæ ссардта æ взаг æ мæ мæ амæ лæ ты фæ стæ базондзæ ни цæ рын адæ мимæ.

Фарнæ г уымæ й дæ р фæ бузныг ис æ мæ йе ’ртыккаг лæ ппуйæ н зæ гъы:

— Фæ цу æ мæ мын æ рхæ сс, цы къæ луайы кой кодтон, уымæ й.

Æ ртыккаг лæ ппу дæ р бæ х сифтыгъта æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г, зæ рдыл цы лæ ууа мæ фыды фæ дзæ хст, цæ мæ й æ рхæ ссон уымæ н къæ луа.

Араст и йæ фæ ндагыл, уыны диссаг: адæ м иу ран бадынц, дих кæ нынц кæ рдзын æ мæ дзы иуы хай нæ фæ цис. Иу карк хоры æ фсир рацæ йхаста, бери йæ рацахста, æ фсиры байста, йе ’рмтты æ хсæ н æ й рассадта æ мæ дзы къæ луа акодта. Хай кæ й нæ фæ ци кæ рдзынæ й, уымæ н æ й авæ рдта, фæ лæ йын æ й Фæ лвæ ра байста. Бериимæ та схыл сты æ мæ бери фæ бынæ й ис. Хъæ р кæ ны бери:

— Чи мæ фервæ зын кæ на, уымæ н ратдзынæ н, цы кура, уый.

Фарнæ джы æ ртыккаг лæ ппу Фæ лвæ райы рахибар кодта æ мæ бери фервæ зти, фæ рсы лæ ппуйы:

— Цы хорзы дын бацæ уон?

— Армыдзаг къæ луа мæ хъæ уы.

Лæ ппу бери æ мæ Фæ лвæ райы бафидауын кодта, уæ д ын бери дзæ къулы дзаг къæ луа радта. Лæ ппу сæ химæ æ рцыди æ мæ йæ фыдæ н радзырдта, къæ луа куыд самал кодта, уый. Фарнæ г дзы фæ бузныг ис æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г! Ацы лæ ппу дæ р хылгæ нджыты кæ м бафидауын кодта, уым æ нæ мæ н цæ рын базондзæ ни адæ мимæ.

Фарнæ г фæ дзырдта йæ цыппæ рæ м фыртмæ æ мæ йын зæ гъы:

— Фæ цу æ мæ мын æ лутон нуæ зт æ рхæ сс.

Цыппæ рæ м лæ ппу дæ р бæ х сифтыгъта æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г! Мæ цыд — æ нусон ма уæ д æ лгъыстаг, мæ къухы бафтæ д хойраг — æ лутон.

Цæ уы лæ ппу йæ фæ ндагыл, иу ран диссаг уыны: хуымгæ нæ г галæ й хуым кæ ны. Гал куы сдойны вæ ййы, уæ д ын хуымгæ нæ г æ лутон адары æ мæ гал йæ фæ ллад ницæ мæ уал фæ дары. Фæ лвæ ра сæ м фæ зынди æ мæ æ лутон байсы хуымгæ нæ гæ й. Уый бери ауыны æ мæ Фæ лвæ раимæ схыл вæ ййы. Бери фæ бынæ й ис æ мæ та хъæ р кæ ны:

— Чи мæ фервæ зын кæ на, уымæ н ратдзынæ н, цы дома, уый.

Фарнæ джы цыппæ рæ м лæ ппу Фæ лвæ райы рахибар кæ ны æ мæ бери фервæ зти. Бери лæ ппуйы фæ рсы:

— Цы дын раттон?

— Къусы дзаг æ лутон мын ратт.

Лæ ппу Фæ лвæ ра æ мæ берийы бафидауын кодта æ мæ тъæ пæ нæ джы дзаг æ лутон йæ фыдмæ æ рхаста, радзырдта йын, куыд йæ къухы бафтыди, уый. Фыд дæ р дзы фæ бузныг и æ мæ зæ гъы:

— О, ме сфæ лдисæ г, амæ дæ р мæ зæ рдæ нал æ хсайдзæ ни мæ амæ лæ ты фæ стæ, ме знаг Фæ лвæ раимæ ссардта æ взаг.

Фæ дзырдта Фарнæ г фæ ндзæ м фыртмæ, афтæ йын зæ гъы:

— Фæ цу, цы сагæ й дын дзырдтон, уый хъуынæ й мын æ рхæ сс.

Фæ ндзæ м лæ ппу бæ х сифтыгъта æ мæ дзуры:

— О, ме скæ нæ г, мæ фæ ндаг даргъ у, зын, фæ лæ мын бафтау мæ къухтæ м фæ лмæ н саджы хъуын.

Цæ уы фæ ндзæ м лæ ппу, схъызыди йыл æ мæ уыны: саджы лæ ппын уазалы гæ в-гæ в кæ ны, залиаг калм æ м æ рбабыры. Бери калмы нæ уадзы саджы лæ ппынмæ. Уæ д Фæ лвæ ра фæ зынди æ мæ бериимæ схыл сты. Бери фæ бынæ й æ мæ хъæ р кæ ны:

— Чи мæ фервæ зын кæ на, уымæ н дæ ттын, цы кура, уый. Фæ ндзæ м лæ ппу Фæ лвæ райы иуырдæ м акодта, калмы скъуыхтæ кодта, бери дæ р фервæ зти æ мæ дзуры лæ ппумæ:

— Цы хорз дын ракæ нон?

— Мæ н хъæ уы саджы хъуын армы дзаг.

Лæ ппу Фæ лвæ ра æ мæ берийы бафидауын кодта. Бери ауади æ мæ калмы мардыл арт бакодта. Тæ ф сагыл сæ мбæ лди æ мæ уым февзæ рди. Йæ лæ ппыны удæ гасæ й куы федта, уæ д сцин кодта. Бери сагмæ дзуры:

— Ацы лæ ппуйы руаджы фервæ зти дæ лæ ппын, армы дзаг æ й хъæ уы саджы хъуын.

Саг йæ хи ралвынын кодта æ мæ лæ ппу дæ лармы бæ рц саджы хъуын йæ фыдмæ æ рхаста. Радзырдта, куыд æ й ссардта, уый. Фарнæ г дæ р та фæ цин кодта æ мæ зæ гъы:

— О, ме сфæ лдисæ г! Хорз у знаджы марын, фæ лæ йын æ мбарын хъæ уы йæ ми дæ р. Амæ дæ р мæ зæ рдæ нал æ хсайдзæ ни мæ амæ лæ ты фæ стæ.

Фæ дзырдта Фарнæ г йæ æ хсæ зæ м фыртмæ, зæ гъы йын:

— Де ’фсымæ ртæ расгуыхтысты, фæ лæ ма мын ды дæ р уæ рыччы хъус куы ’ркæ нис æ ххæ ст.

Æ хсæ зæ м фырт дæ р бæ х сифтыгъта æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г! Мæ зæ рдæ у рыст. Фæ лæ хъуамæ æ ркæ нон мæ фыды тыххæ й иу чысыл уæ рыкк.

Араст и йæ фæ ндагыл лæ ппу, бирæ фæ цыдис, бахауд фысгæ смæ. Фысгæ с æ мæ Фæ лвæ ра цæ уылдæ р быцæ у кодтой. Фысгæ с хъул ныкъкъуырдта æ мæ берийы хъæ бысы абадти. Бери фестади, фысгæ смæ æ рхæ ццæ ис, Фæ лвæ раимæ схыл сты æ мæ та бери фæ бынæ й ис, хъæ р кæ ны:

— Чи мæ фервæ зын кæ на, уымæ н ратдзынæ н, цы кура, уый! Æ хсæ зæ м лæ ппу Фæ лвæ райы иуырдæ м акодта æ мæ бери сыстади. Фæ рсы лæ ппуйы:

— Цы хорз мæ агурыс?

— Иу уæ рыччы хъус мæ хъæ уы.

Лæ ппу бери æ мæ Фæ лвæ райы бафидауын кодта, стæ й урс уæ рыкк райста, æ рцыдис йæ фыдмæ æ мæ йын радзырдта, уæ рыкк куыд ссардта, уый. Фарнæ г зæ гъы:

— О, ме сфæ лдисæ г! Бынтон æ вæ стаг мæ нæ кæ ныс. Ме знаг Фæ лвæ раимæ æ взаг чи ссардта, уый æ нæ мæ н дæ р цæ рдзæ ни.

Фæ бузныг и уыцы лæ ппуйæ дæ р Фарнæ г æ мæ дзуры йе ’вдæ м фыртмæ:

— Фæ цу, хъæ бул, цы бæ хы кой дын кодтон, уый мын æ ркæ н.

Кæ стæ р лæ ппу йæ бæ хы сифтыгъта æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г! Цы у мæ байраг, куы нæ ссарон мæ фыды номыл иу бæ хы байраг.

Араст и йæ фæ ндагыл, иу ран уыны ахæ м хабар: адæ м куывды сты æ мæ дзы цæ уы бæ хдугъ. Дугъы сты берийы фырт æ мæ Фæ лвæ ра дæ р. Берийы фырт разæ й кæ нын байдыдта, уæ д Фæ лвæ ра цæ хгæ р фæ зылдта йæ бæ хы æ мæ берийы фырт бæ хæ й ахауди. Бери йæ хи нал баурæ дта æ мæ Фæ лвæ раимæ схыл ис. Бери та ныр дæ р фæ бынæ й, хъæ р кæ ны:

— Чи мæ фервæ зын кæ на, уымæ н ратдзынæ н, цы кура, уый!

Фарнæ джы кæ стæ р лæ ппу Фæ лвæ райы раиуварс кодта. Бери фервæ зти æ мæ фæ рсы лæ ппуйы:

— Цы дæ хъæ уы мæ нæ й?

— Дæ бæ х мын радт, мæ хион æ нæ фæ разгæ у.

Уыцы лæ ппу та бафидауын кодта бери æ мæ Фæ лвæ райы æ мæ бæ х райста. Сæ химæ æ рцыдис, йæ фыдæ н радзырдта, бæ хы куыд самал кодта, уый. Фарнæ г зæ гъы:

— О, ме сфæ лдисæ г! Мæ фыртты тых базыдтон, ме знагмæ дæ р ссардта фæ ндаг, цæ рдзæ ни æ нæ мæ н. Ме скæ нæ г, фæ лдисгæ мæ куыд ракодтай, афтæ мæ маргæ дæ р акæ н.

Фæ дзырдта ма йæ фырттæ м æ мæ сын зæ гъы:

— Æ з амæ лдзынæ н, фæ лæ æ з цы фарнæ й цардтæ н, уый уæ къухæ й ма ахауæ д.

Уæ фыды фарн хæ ссут кадимæ. Мæ нæ н бери уыдис мæ хуыздæ р хæ лар, мæ зондæ й-иу фæ бынæ й, уый уыдтат. Мæ н фæ ндыди уæ арæ хстдзинад базонын. Уе ’фтиаг фæ ллæ йттæ та амонынц: кæ ф — хъæ здыг царды нысан, гуымбыл — фосджын уæ вын, къæ луа — хорджын уæ вын, æ лутон — нуæ зтæ й уæ здандзинад æ вдисын, саджы хъуын — бинонты хъарм цард, уæ рыкк — уазæ гуарз æ мæ æ гъдау дæ ттын, бæ х — хæ дзар барæ гджын уæ вын æ мæ -иу фæ лдыст уæ д мæ лæ ты бон нæ лгоймагæ н. Мæ амарды фæ стæ ацы авд миниуæ гæ й цух ма уæ д мæ хæ дзар.

Фарнæ г амарди. Царциатæ йыл æ рымбырд сты, æ гъдау ын лæ вæ рдтой. Æ рцыдысты йæ м уæ ларв цæ рджытæ, Донбеттыртæ дæ р æ мæ йын алчи дæ р æ гъдау лæ вæ рдта. Аларды зæ гъы:

— Рухсаг у, Фарнæ г, амæ й фæ стæ мæ дæ фырттыл бафтыд де стыр фарн æ мæ дæ хъæ здыгдзинад.

Донбеттыр зæ гъы:

— Рухсаг у, Фарнæ г, амæ й фæ стæ мæ дæ фырттыл бафтыд кæ фты фарндзинад, донау дæ фæ ндаг сыгъдæ г æ хсырау, дæ кæ стæ рты цард — адджын.

Уацилла зæ гъы:

— Рухсаг у, Фарнæ г, амæ й фæ стæ мæ дæ хæ дзарвæ ндаг хорæ й уæ д бонджын, сæ ном та — номджын.

Тутыр зæ гъы:

— Рухсаг у, Фарнæ г, амæ й фæ стæ мæ дæ кæ стæ ртæ н нуæ зт уæ д æ лутон æ мæ сæ ном та — æ нусон.

Æ фсати зæ гъы:

— Рухсаг у, Фарнæ г, амæ й фæ стæ мæ урс уæ рыкк уæ д æ ргæ вст дæ номæ н, дæ кæ стæ ртæ н та — амондæ н.

Фæ лвæ ра зæ гъы:

— Рухсаг у, Фарнæ г, æ взæ р æ взæ рæ й нæ фыстæ уы, фæ лæ мæ м быцæ у кодтай, дæ фырттæ афтæ кæ м расгуыхтысты, уым нæ хæ рамдзинад мауал уæ д, бирæ дын цæ рæ д, саджы хъуынау хъарм уæ д.

Уастырджи зæ гъы:

— Рухсаг у, Фарнæ г, амæ й фæ стæ мæ дæ кæ стæ ртæ бæ хджын æ мæ барæ гджын фæ уæ д, чи сæ фæ хъæ уа, уымæ н та-иу бæ х фæ лдисгæ уæ д.

Бери зæ гъы:

— Рухсаг у, Фарнæ г, нæ зыдтон, ай дæ фырттæ сты æ мæ мæ ме знагимæ уыдон бафидауын кодтой авд хатты. Авд хатты амындæ й зонд чи нæ базона, уый сæ фт у, дæ кæ стæ рты ном уæ д кадимæ, сæ балцы цыд — фарнимæ.

Царциатæ зæ ппадз сарæ зтой Фарнæ гæ н, бæ х ын ныффæ лдыстой æ мæ йæ бавæ рдтой. Фарнæ джы фыртты лæ ггадæ й уазджытæ тынг фæ бузныг сты, арфæ тæ сын фæ кодтой ноджы æ мæ фæ цыдысты сæ хæ дзæ рттæ м.

Афтæ фæ цис Царциаты фондз æ фсымæ рæ й дыккаджы цард.

28. Хæ тгар æ мæ йæ фырттæ

Хæ тгар Царциатæ й уыди, иу бон цуаны ацыди æ мæ фехста саг. Саг коммæ ныттылди, Хæ тгар дæ р йæ фæ стæ æ рцыди. Йæ хицæ н скодта физонæ г æ мæ хæ рыныл æ рбадти. Хæ тгар фæ стаг комдзаг куы кодта, уæ д æ м ныхъхъæ р чындæ уыди:

— Хæ тгар, ма бахæ р уыцы хайы!

Хæ тгар йæ къух æ руагъта, комдзагыл хæ цы æ мæ фæ йнæ рдæ м кæ сы. Хъуыды кæ ны: «Чи мæ м дзуры, ам куы ничи ис, уæ д?» Систа комдзаг, а ныр æ й ахæ ра, афтæ та хъæ р фæ цыди:

— Хæ тгар, ма бахæ р уыцы хайы.

Йæ къухы та æ руагъта, ногæ й акасти, фæ лæ та никæ й уыны. Систа та дзыхмæ фæ стаг хайы æ мæ та æ ртыккаг хатт хъæ р фæ цыди:

— Хæ тгар, ма бахæ р уыцы хайы, мæ н хъæ уы!

Хæ тгар æ м дзуры:

— Чи дæ, рацу æ мæ бахæ р.

— Фæ уром дæ хи æ мæ уал мусонг æ ркæ н.

Хæ тгар мусонг ацарæ зта, сагдзармæ й йæ æ рæ мбæ рзта æ мæ банхъæ лмæ касти. Хур дæ р аныгъуылди, фæ лæ йæ м цæ уæ г нæ й. Сфæ нд кодта сæ химæ рацæ уын. А ныр рацæ уа, афтæ та хъусы:

— Хæ тгар, кæ дæ м цæ уыс, фæ лæ уу мæ м!

— Абондæ ргъы дæ м кæ сын, фæ лæ чи дæ, æ ргом мæ м цæ уылнæ цæ уыс? Мæ нæ н та талынг кæ ны æ мæ мын зын цæ уæ н уыдзæ ни.

— Талынджы цæ уын æ дасдæ р у знагæ й, æ мæ фæ лæ уу. Бынтон æ рталынги. Уæ д хох фегом ис æ мæ дзы рухс ракалдис.

Уырдыгæ й дзырдæ уы:

— Хæ тгар, мидæ мæ рахиз.

Хæ тгар уырдæ м бацыди æ мæ зæ гъы:

— Фарн а бынаты.

— Фæ рнæ йдзаг у, æ рбад бандоныл, — ахæ м ныхас æ м райхъуысти.

Хæ тгар акасти, фæ лæ никæ й уыны.

— Сбад Хæ тгар! — райхъуысти та ныхас.

Хæ тгар æ рбадтис. Кæ сы: хæ дзар уыди диссаг, авгæ й къуымтæ, цæ хæ ртæ калдтой астæ рдтытæ.

Дзурæ г та фæ рсы:

— Хæ тгар, мæ хай цы фæ ци?

— Мæ химæ.

— Фынгыл æ й æ рæ вæ р.

Хæ тгар физонæ джы хай æ ртыкъахыг фынгыл æ рæ вæ рдта. Уæ д мидæ ггаг уатæ й разынди сылгоймаг, бурбын сæ рыхъуынтæ быд дыууæ фæ лтæ рæ й, сæ рыл бæ рцау бадынц. Размæ рахызти. Хай систа æ мæ йæ ахордта. Уый фæ стæ тæ мæ нтæ скалдта. Сылгоймаджы дæ ллагхъуырты лæ г йæ хи уыдта, ныхæ й стъалытæ зынди æ мæ йын йæ развæ ндаг рухс кодта. Никуы федта Хæ тгар ахæ м диссаг, дурдзавдау аззадис йæ бадæ ны, аджихтæ ис. Сылгоймаг та дзуры:

— Цæ уыл хъуыды кæ ныс, Хæ тгар, æ ви мæ цард дæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы?

— Цæ угæ та куыннæ кæ ны, фæ лæ айонг рацардтæ н æ мæ айхуызон фæ лыст æ мæ фæ лындзгонд хæ дзарæ й нырмæ никуы федтон.

— Ныр ма цы рацардтæ æ мæ цы федтаис, исты дыл фæ дджи ивазджытæ [1] куыннæ сбирæ ис.

Сылгоймаг æ рхаста хæ рд уæ д, нуæ зт уæ д. Райдыдтой хæ рын æ мæ нуазын, сæ сæ ры дæ р цæ уын байдыдта æ мæ хуыссын афон æ рцис. Хæ тгарæ н уат æ ркодта сылгоймаг, йæ хæ дæ г иннæ хатæ нмæ бахызти. Йæ дарæ с раласта, уæ гъд æ ркæ нгæ [2] ма фæ уагъта йæ хиуыл сылгоймаджы буар æ ркæ нгæ йæ афтæ тынг зынди æ мæ цымæ бæ гънæ гæ й лæ ууы, ахæ м.

Сылгоймаг æ рхуыссыди. Хæ тгарыл хуыссæ г нал хæ цыди æ мæ рафт-бафт кодта. Сфæ нд кодта йæ цуры æ рхуыссын, фæ лæ йæ ныфс нæ хаста æ мæ ныуулæ фыди, «офф», зæ гъгæ.

— Цы кæ ныс, Хæ тгар, цæ уыл улæ фыс, — афарста сылгоймаг.

— Ницы, афтæ, — загъта Хæ тгар.

— Уæ дæ схуысс, дæ амонд цы уа, уый уыдзæ ни.

Хæ тгар æ рхуыссыди. Сылгоймаг дæ р æ рфынæ й ис. Хæ тгар нал фæ лæ ууыди æ мæ сылгоймаджы фарсмæ абырыди, фæ цæ рдзæ ф æ й кодта.

Сылгоймаг æ м дзуры:

— Цы ми бакодтай, Хæ тгар?

Уый зæ гъы:

— Мæ бон дæ м нал уыди кæ сын æ мæ мын ныббар.

— Цы ма дын барон, фæ кæ мæ ныр дæ бæ стæ м. Рацыдысты иумæ талынджы. Цæ уынц мæ йдары. Сылгоймаджы ныхы стъалыйæ рухс кæ лы æ мæ сæ развæ ндагыл æ дæ рсгæ цæ уынц.

Хæ тгар йæ саджы марды дæ р раккой кодта. Царциатæ м æ рхæ ццæ сты æ мæ цæ гат сыхæ й хуссармæ сылгоймаджы ныхы стъалы боны хуызæ н кодта. Хæ тгар фæ рсы:

— Ныр мемæ рацыдтæ, фæ лæ дæ номæ й куы нæ зонын, уæ д мæ Царциатæ куы фæ рсой, уæ д сын цы зæ гъон?

— Æ з дæ н Хуыцауы хæ рæ фырт Таусæ рухс.

Хæ тгар бакодта йæ хæ дзармæ Таусæ рухсы. Таусæ рухс хуыйын байдыдта дарæ с æ мæ Царциаты сыхы ахæ м нал баззади, йæ фæ лысты æ мбисæ хсæ вæ й райсом боны цъæ хмæ кæ мæ н не сцæ ттæ кодта.

Райсом куыддæ р бон дзир-дзур кодта, афтæ Таусæ рухс зæ гъы Хæ тгарæ н:

— Царциатæ н сæ фæ лысты байуар.

Æ хсæ выцæ стæ й Хæ тгар зилын байдыдта æ мæ алкæ мæ н дæ р йæ фæ лысты радта.

Уæ д Царциатæ æ рымбырд сты æ мæ зæ гъынц Хæ тгарæ н:

— Нæ чындзы нын фенын кæ н.

Хæ тгар Таусæ рухсы ракæ ны. Царциатæ дзы ныббузныг сты æ мæ загътой:

— Ахæ м чындз кæ м у, уым йæ номыл мæ сыг саразæ м. Царциатæ фидар мæ сыг райдыдтой аразын Таусæ рухсы тыххæ й. Мæ сыг сырæ зти æ мæ йæ схуыдтой Таусæ рухсы мæ сыг. Йæ фæ стæ куывд ныззылдтой æ мæ кад кодтой Таусæ рухсæ н.

Цыдысты бонтæ, афæ дзтæ, Хæ тгар æ мæ Таусæ рухсæ н райгуырди дыууæ фаззоны, дыууæ лæ ппуйы. Дыууæ дæ р уыдысты бурхил æ мæ уæ нгджын, схуыдтой лæ ппуты Бурæ берд æ мæ Бурæ нæ г. Афтæ та сæ уымæ н схуыдтой, æ мæ æ мхуызон бур рауадысты. Рæ зыдысты Бурæ берд æ мæ Бурæ нæ г. Бон рæ зыдысты къуыри бæ рц, къуыри — мæ йдзыд кодтой, мæ й — афæ дздзыд. Бахъомыл сты. Сæ лæ джы ранмæ рацыдысты.

Иу заманы дыууæ æ фсымæ ры цуаны фæ цыдысты тар хъæ дмæ, ницæ уыл хæ ст кодтой. Уыцы рæ стæ джы зылын гуыбын еугуыппартæ æ рбафсæ рстой Царциатæ м. Ницы уал сæ м уагътой. Царциатæ н сæ хæ стхъомтæ балцы уыдысты. Æ нхъæ л нæ уыдысты, искуы сæ бæ стæ мæ бырсдзæ н, уый. Царциаты адæ мы цæ гъдынтæ систой еугуыппартæ. Хæ тгар зæ ронд баци, йæ рæ сугъд ус Таусæ рухсимæ мæ сыгмæ бацыдысты, сæ хиуыл дуæ рттæ рахгæ дтой æ мæ сыл уырдыгæ й райдыдтой хæ цын. Еугуыппарты мæ рдты тугæ й дон фестади Царциаты сых. Ницы фæ рæ зтой мæ сыджы сисынæ н.

Уæ д мæ сыгмæ уасинтæ æ вæ рын байдыдтой. Фæ лæ сæ Хæ тгар æ мæ Таусæ рухс цагътой дывæ р фыддæ рæ й.

Бурæ берд æ мæ Бурæ нæ г загътой:

— Нæ фæ стæ Царциатæ й цыдæ р хæ сты хъæ р цæ уы.

Ратындзыдтой æ мæ æ рхæ ццæ сты. Райдыдтой æ ртывæ р хæ ст еугуыппартимæ. Зылын гуыбын æ мæ æ рдæ гцъындæ уæ вæ г еугуыппартæ фыддæ р митæ байдыдтой. Мæ сыджы ракалдтой, уым фесты Хæ тгар æ мæ йæ ус дæ р.

Бурæ берд æ мæ Бурæ нæ г уый куы федтой, уæ д та фыддæ р цæ ф ныккодтой сæ хи се знæ гтыл, еугуыппартыл. Æ нæ хъæ н къуыри фæ хæ цыдысты, æ нæ хъæ н къуыри не ’рулæ фыдысты, стæ й сæ хæ дæ г дæ р фæ мард сты.

Еугуыппартæ цы ссардтой, уый семæ ахастой. Царциаты цæ рæ нуæ ттыл арт бафтыдтой, кæ й та тыххæ й фæ ккодтой, фæ лæ Царциатæ н сæ хæ стхъомтæ фæ зындысты. Уæ д еугуыппартæ лидзынмæ фесты. Цыдæ ртæ ма сæ м бафтыди, афтæ мæ й сæ хи бæ стæ м фæ лыгъдысты.

Афтæ фесæ фти Царциатæ н сæ иу сых, Хæ тгар кæ м царди, уый.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.