Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Фарнæг æмæ Удхæссæджы фембæлд






Царциаты Фарнæ г ахæ м бонджын разындис æ мæ йæ ис, йæ бонæ н бакæ нæ н нал уыдис. Йæ ном арвы нæ рдау ахъæ р ис. Йæ кой хуры рухсау апырх ис. Чи у фосджын, уый у бонджын. Фарнæ г дæ р раст ахæ м уыдис. Йæ фосрæ гъæ уттæ дардыл уыдысты. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ сыл-иу азылди. Рæ гъаугæ стæ семæ Фарнæ джы тыххæ й кæ фджынæ г [1] бандон хастой. Фарнæ г-иу куы фæ зындаид, уæ д æ й ууыл бадын кодтой. Хæ ссынæ н рæ уæ г уыдис, бадынæ н — фæ лмæ н.

Иу бон Фарнæ г йæ рæ гъæ уттæ уынæ г зылдис æ мæ уыны диссаг: быценаг [2] адæ м мард рахæ ссынц æ мæ сыл Фарнæ г амбæ лди. Æ гъдау сын радта æ мæ быцентæ й иу лæ джы фæ рсы:

— Ацы мард цавæ р у, сылгоймаг æ ви нæ лгоймаг?

— Нæ лгоймаг у, — зæ гъы быценон лæ г.

— Гæ р, æ мæ нæ лгоймаг дæ р мæ лы?

— Мæ лы, мæ лы! Нæ уыныс, мæ нæ нæ лгоймаджы мард хæ ссæ м, уый?

— Оххай, æ мæ уæ дæ мæ лæ тæ н цæ сгом нал ис?

— Кæ м ма ис цæ сгом? Мæ лæ т дурæ й фидардæ р у, хивæ нд, æ дзæ сгом.

Фарнæ г араст и дарддæ р, йæ уæ нгтæ ныууæ ззау сты марды тыххæ й, хъуыдытæ кæ ны: уæ дæ нæ лгоймаг низæ й куыд хъуамæ амæ ла; гæ нæ н ис исчи йæ амара, дон æ й фæ ласа, фурды бахауа, фæ лæ низæ й та куыд? Уымæ й цæ й мæ лæ н ис?

Мæ лæ ты бардуаг, удхæ ссæ г æ м касти æ мæ Фарнæ джы ’рдæ м ракодта йæ фæ ндаг, кæ рæ дзийыл амбæ лынц. Удхæ ссæ г æ м дзуры:

— Дæ фæ ндаг раст уа, Фарнæ г!

— Дæ хъуыддаг раст уæ д дæ уæ н дæ р, — зæ гъы йын Фарнæ г.

— Цæ уыл хъуыды кæ ныс афтæ тынг? — афарста йæ Удхæ ссæ г.

— Куыннæ хъуыды кæ нон, — зæ гъы фарнæ г, — абон быценон адæ м мард рацæ йхастой, йæ низæ й, дам, амард. Дисы бацыдтæ н: а, искæ й къухæ й мæ лæ н ис, мæ лæ н ис донластæ й дæ р, фурды бахауынæ й дæ р, айнæ гæ й рахаугæ йæ дæ р, фæ лæ низæ й нæ лгоймаг куыд хъуамæ амæ ла?

— Кæ й уд дын ахæ ссон, — фæ рсы Удхæ ссæ г, — цæ мæ й йæ фенай, кæ цы рынчыны зоныс?

— Рынчынтæ й фылдæ р цы ис, фæ лæ рынчын мæ лæ тмæ цы бар дары? Дæ лæ уыцы хъæ уы иу æ рыгон чызг æ мæ лæ ппу рынчынтæ сты. Кæ рæ дзи рагæ й уарзтой æ мæ ныр фæ рынчын сты, уый тыххæ й куыд хъуамæ амæ лой. Æ з искæ й уды бархæ ссæ г нæ дæ н, абоны хъуыддаджы фæ стæ бамбæ рстон, мæ хи уд дæ р мæ н кæ й нæ у. Кæ й уд дæ фæ нды, уый уд ахæ сс.

— Уæ дæ мын мæ бæ хыл фæ хæ ц, — зæ гъы Удхæ ссæ г, — ды цы чызг æ мæ лæ ппуйы кой кæ ныс, æ з уыдон удтæ рахæ сдзынæ н.

Фарнæ г Удхæ ссæ джы бæ хыл хæ цы, Удхæ ссæ г та уыцы чызг æ мæ лæ ппумæ фæ цыди. Фарнæ джы зæ рдæ мæ Удхæ ссæ джы бæ х фæ цыди æ мæ зæ гъы:

— Удхæ ссæ г уадз, удтæ хæ сса, æ з та йын йæ бæ х фæ кæ нон мæ хицæ н.

Фарнæ г йæ хи бæ хæ й æ рхызти, бæ ласы цонгыл æ й абаста æ мæ Удхæ ссæ джы бæ хыл сбадти. А ныр ацæ уа, афтæ Удхæ ссæ г фæ зынди, уыцы æ рыгон чызг æ мæ лæ ппуйы мардæ й æ рхаста. Удхæ ссæ г Фарнæ гмæ дзуры:

— Мæ бæ х давынмæ мын хъавыдтæ? Дæ хи бæ х бæ тгæ куы бакодтай.

Фарнæ г фефсæ рмы ис, бакасти чызг æ мæ лæ ппуйы мæ рдтæ м æ мæ зæ гъы:

— Хатырæ й уæ д, фæ лæ бабæ ллыдтæ н дæ бæ хмæ, зæ гъын ыл æ з не сфидаудзынæ н, уый тыххæ й йыл абадтæ н.

Удхæ ссæ г ныххудти æ мæ зæ гъы:

— Мæ бæ хыл никуы ацыдтæ, мæ нæ дын ехс æ мæ йыл ауай, цы фенай, уый мын зæ гъдзынæ, куы ’рцæ уай, уæ д.

Фарнæ г удхæ ссæ гæ й ехс райста, бæ хмæ йæ февзыста. Удхæ ссæ джы бæ х дымгæ йау атахти арвы кæ рæ тты. Фарнæ г алцæ мæ дæ р цырд касти æ мæ бынатмæ æ рхæ ццæ, æ рхызти бæ хæ й. Удхæ ссæ г æ й фæ рсы:

— Зæ гъ-ма, Фарнæ г, цытæ федтай?

— О, ме скæ нæ г дуне, — зæ гъы Фарнæ г, — цы диссаг у дуне. Зæ хх у карчы айкау тымбыл, йæ уæ лæ цæ рын, æ мæ мæ м афтæ мæ й та стыр касти, арвыл тæ хгæ йæ та — гыццыл. Цæ мæ н афтæ у? Æ мбæ хсæ н дзы никуы ис.

— О, уæ дæ куыд лидзынмæ хъавыдтæ мæ нæ й, мæ бæ х мын куы аластаис, уæ д? — фæ рсы йæ Удхæ ссæ г, — ныр цу дæ фæ ндагыл, мæ лæ ты рады хыгъд арæ зт у. Кæ й рад æ рцæ уа, æ з уый уды фæ хæ ссын. Фæ лæ мæ лæ т у алы хуызы, æ мæ кæ мæ н куыд фыст у, уымæ й йын фæ хицæ н нæ й. Ацы чызг æ мæ лæ ппу тухæ н кодтой сæ низæ й æ мæ сын сæ удтæ дæ р уымæ н хæ ссын. Æ взæ рæ й никуы ницы сарæ зтой, фæ лæ сæ рады мæ лæ т æ рцыдис æ мæ сын мæ нæ сæ удтæ хæ ссын. Зæ хх тымбыл уымæ н у, æ мæ цасфæ нды фæ цæ уай, уæ ддæ р дæ фыццаг бынатмæ æ рцæ удзынæ æ мæ ма уæ д давын та цы у?

— Уæ дæ мæ мæ лæ т та кæ д уыдзæ нис? — фæ рсы Фарнæ г.

— Уый сусæ ггад у. Уымæ н зæ гъæ н нæ й. Уæ д мæ сты кæ мæ дæ, уыдоны раздæ р фæ цæ гъддзынæ, дæ маст сæ райсдзынæ, стæ й дæ м дæ цард диссаг нал фæ кæ сдзæ ни. Лæ г хъуамæ маст дæ р æ мбара æ мæ цин дæ р.

— Уæ д та мын уый зæ гъ: мæ усæ й, мæ нæ й чи раздæ р мæ лдзæ н?

— Уый та уæ хиуыл баст у, — зæ гъы Удхæ ссæ г, — усæ н маст куы кæ най, уæ д ус раздæ р амæ лдзæ ни. Усæ н кад кæ ныс, уæ д та лæ г раздæ р мæ лы. Афтæ у цард.

Удхæ ссæ г ацыди, ахаста йемæ чызг æ мæ лæ ппуйы мæ рдтæ. Фарнæ г дæ р бабæ рæ г кодта йæ рæ гъæ уттæ æ мæ рацæ йцыд. Йæ иу рæ гъаугæ с хъæ р кæ ны:

— Фæ дис, мæ рæ гъау мын дæ лимон фæ тæ ры!

Фарнæ г фæ лæ ууыди, акасти фæ йнæ рдæ м. Дæ лимон доны сæ рты багæ пп кодта, фæ лæ йæ дзабыр цъымарайы аззади. Дзабыр ахæ м уыдис æ мæ дзы фондзыссæ дз лæ джы бацыдаиккой. Фарнæ джы рæ гъаугæ стæ фæ дисы рацыдысты, Фарнæ г йæ хæ дæ г дæ р. Уæ д сыл талдзы къæ вда рацыди. Фарнæ г æ д фыййæ уттæ, æ д фос дæ лимоны дзабыры бацыдысты. Дзабыр донæ й дзаг кодта æ мæ сæ дон йæ сæ рмæ иста фосæ й, адæ мæ й. Фарнæ г зæ гъы:

— О, ме сфæ лдисæ г, ай цы у, дзабыры хуылфы куы хуыдуг кæ нæ м?!

Уæ д иу чызг разгъоры æ мæ хъæ р кæ ны:

— Баххуыс мын кæ нут, дæ лимон мæ ахсы!

Фарнæ г чызджы дзабыры хуылфæ й систа, чызг йæ сæ рбæ ттæ н райхæ лдта, цыппарырдæ м æ й айтыгъта æ мæ къæ вда дзабырмæ нал цыди. Дæ лимон иу къæ дзæ хы сæ рæ й касти. Фарнæ г дзабыры фындз фæ хуынкъ кодта æ мæ къæ вда дон ууылты акалди, дæ лимоны раласта æ мæ бабын ис. Фарнæ г чызгмæ дзуры:

— Къæ вдайы уардæ й нæ фервæ зын кодтай дæ сæ рбæ ттæ ны фæ рцы æ мæ дын цы хорзы бацæ уон?

— Сымах та мæ н дæ лимонæ й аирвæ зын кодтат, — зæ гъы чызг, тыххæ й мæ йæ хицæ н кодта, цы хорзы уын бацæ уон?

— Уæ дæ кæ д афтæ у, — зæ гъы Фарнæ г, — уæ д мæ хистæ р рæ гъаугæ с æ нæ ус у æ мæ йæ бинойнаг бау.

Чызг дæ р уæ лдай ницыуал загъта. Фарнæ г сын стыр чындзæ хсæ в скодта чызг æ мæ рæ гъаугæ сæ н иу абонæ й иннæ абонмæ æ мæ царды дзæ бæ хæ й цæ ргæ йæ баззадысты. Хорздзинад дыууæ рдæ м у: де ’нæ уарзæ гыл фæ хæ цыд талæ у [3], сæ рбахъуыды боны — дæ хæ рзгæ нæ гæ н йæ фарсмæ балæ уу.

Афтæ сæ мбæ лди Фарнæ г Удхæ ссæ гыл, фæ лæ ма уæ ддæ р хъуыды кодта: лæ г амæ лы, фæ лæ йæ фарн баззайы.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.