Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Царциаты равзæрд






Уæ д иу ахæ м арвы дуар фегом вæ ййы, уарын райдайы æ мæ къæ вда къæ рта [1] кæ лæ гау ныккæ лы, арвы тыгъдадыл цыхцырæ гтæ равзæ рди. Уый Хуыцау йе ’мвынгонтимæ бадти æ мæ кæ й нуæ зтой, иннæ йы калдтой.

Хуыцауы фынгыл бадтысты зæ дтæ æ мæ дауджытæ æ мæ уыдоны æ мбæ лттæ. Уым уыдысты Хур æ мæ Мæ й дæ р, фæ лæ расыгæ й Хуыцауы хонгæ уæ вджытæ æ рра митæ куы кодтой, уæ д уыдон фæ тæ ргай сты æ мæ сæ хи райстой. Уæ ды заманы æ хсæ в æ мæ бон нæ уыдысты. Иугæ ндзон рухс уыди дуне. Хур æ мæ Мæ й радыгай тавтой зæ дты, дауджыты, уыдоны æ мбæ лтты.

Хуыцау та рæ гъытæ кæ ны, фæ лæ акасти æ мæ йæ хуынды нал уыдысты Хур æ мæ Мæ й. Хуыцау фæ рсы:

— Уæ дæ Хур æ мæ Мæ й цы фесты, кæ дæ м фæ цыдысты?

Зæ дтæ й йæ м чидæ р бадзырдта:

— Табу дæ хицæ н, Хуыцау, фæ лæ фæ цыдысты.

Хуыцау сæ м фидиуæ г фервыста. Фидиуæ г Хурмæ ахæ ццæ ис æ мæ йын зæ гъы:

— Хуыцау дæ м сиды.

Хур зæ гъы:

— Хуыцау йæ хицæ н Хуыцау у, райы æ мæ кайы, фæ лæ уый фынгыл бадинаг æ з нæ дæ н. Хæ ринагæ й хынджылæ г кæ нут, нуæ зты дзæ гъæ лы калут. Хъамылы хуытæ й фыддæ р фестут. Нæ ацæ удзынæ н, хæ тæ нты цæ уын.

Фидиуæ г Мæ ймæ æ рхæ ццæ ис æ мæ йæ м дзуры:

— Хуыцау дæ хоны, фæ зын æ м.

Мæ й дзуры:

— Хуыцау йæ хицæ н Хуыцау у, æ з Хуримæ иугæ ндзон уый æ мæ йе ’мдзæ хдонты хъарм радыгай дарæ м. Арвы кæ рæ ттыл зилæ м æ нæ рынцойæ, улæ фт нын нæ дæ тты сымах хуызæ н. Æ взæ р хуыты хæ рд æ мæ нозт кæ нут, уæ бын чъизи, уæ ном ницы, хорздзинадæ й ницы сарæ зтат. Ды, Хуыцауы минæ вар, дæ хи айс æ мæ нæ м дæ хи мауал равдис.

Фидиуæ г минæ вар аздæ хти, радзырдта Хуыцау æ мæ уый æ мвынгонтæ н Хур æ мæ Мæ йы ныхæ стæ. Хъыг сæ м æ ркасти, æ мæ скодтой карз тæ рхон.

— Абонæ й фæ стæ мæ Хур æ мæ Мæ й кæ рæ дзимæ тырнæ нт, фæ лæ кæ рæ дзи мауал æ ййафæ нт. Рухс æ мбисыл уæ д, æ мбис та талынг. Хур боны цæ уæ д, Мæ й — æ хсæ вы тары.

Тæ рхон æ рцыди Хур æ мæ Мæ йыл. Уæ д Хур смæ сты, йæ карз тынты калдта боныгон æ мæ фæ лмæ цыдысты. Мæ й дæ р смæ сты æ мæ сæ м уазал тынтæ калдта. Уæ ларвы цæ рджытæ куы тæ вды фæ лмæ цыдысты, куы та — уазалы. Æ рæ мбырд сты ногæ й æ мæ та тæ рхон кæ нынц.

Хуыцау зæ гъы:

— Мах цыдæ риддæ р ми бакодтам — нæ хицæ н, фæ лтау сын сæ куырдиатмæ байхъусæ м.

Рарвыстой та фидиуæ г Хур æ мæ Мæ ймæ. Фидиуæ г зæ гъы:

— Цы уæ хъæ уы Хуыцауæ й, Хур æ мæ Мæ й, уый мын зæ гъут.

Хур æ мæ Мæ й загътой:

— Улæ фæ н бынат агурæ м.

Фидиуæ г загъта Хур æ мæ мæ йы ныхас Хуыцауæ н. Хуыцау фæ рсы йе ’мбæ лтты:

— Ныр цы бакæ нæ м, а дунейыл Хур æ мæ Мæ й цæ рддзæ уæ н [2] кæ нынц æ мæ улæ фæ н бынат курынц.

Зæ дтæ загътой:

— Улæ фæ н бынат сæ дыууæ йæ н раттæ н нæ й, уæ д æ мхуызон æ ндавдзысты иу ранæ й æ мæ дуне арты хай бауыдзæ н, фæ лтау сæ иу боны тавæ д, иннæ та изæ ры уазуддзæ ф [3] кæ нæ д.

Сразы ис Хуыцау зæ дты фæ ндоныл.

Хуыцау ихдон Мæ йыл бакалы æ мæ Мæ йы рухс фæ талынг ис. Мæ й уæ дæ й фæ стæ мæ Хурау нал тавы. Хуыцауы фæ ндонæ й Хур æ дзæ ф бандоныл [4] бадт æ рцыди, æ мæ йын сыстæ н нал ис, бадгæ йæ тавы. Мæ й йын фæ ндаг агуры, æ хсæ вæ й-бонæ й зилы, фæ лæ Хуыцауы раз йæ бон ницы у. Уæ д Хур смæ сты ис. Æ дзæ ф бандоны ныццæ вы æ мæ Хурæ й къæ рт фæ хауы, уыцы къæ рт фæ хауы, уыцы къæ ртты Мæ й уд бауадзы æ мæ мигътæ равзæ рынц. Ныры мигътæ Мæ йы цæ ссыгтæ сты. Мигътæ сæ хи лæ бурæ г скæ нынц æ мæ сыл Хуыцау стыр къуыбар рахсы. Къуыбар мигъæ ртæ хæ й анæ рсы æ мæ дзы Зæ хх равзæ рди. Зæ хх бынат æ рцахста, фæ лæ тæ вд кодта æ мæ абухти, кæ м сызмæ нты, уырдæ м дымгæ рыг æ мæ сыджыт скъæ фы, кæ м рæ гътæ, кæ м хæ хтæ, кæ м фæ зтæ, кæ м дæ лвæ зтæ аззади Зæ хх. Афтæ сæ взæ рдысты дзыхъхъытæ æ мæ къуыбыртæ. Зæ хх фестади дзæ нæ ты бынат, фæ лæ йыл нæ змæ лæ г уыди, нæ — тæ хæ г. Уырдæ м Хур ныккасти, Зæ хх йæ зæ рдæ мæ цыди, фæ лæ æ нкъард кодта.

Хуыцау та базыдта Хуры æ нкъард æ мæ йæ м рарвыста:

— Цы кæ ныс, Хур, уый дын бадæ н дæ хицæ й æ мæ мæ армæ й. Цæ уыл ма маст кæ ныс?

Хур зæ гъы:

— Алæ мæ т бæ стæ м мæ тынты фервитын, алæ мæ т бæ стæ тыл фæ лгæ сын, фæ лæ та мæ тынты æ нкъардæ й райсын. Уыцы алæ мæ т бæ стæ йы æ з змæ лæ г нæ уынын, уæ д цæ уыл цин кæ нон?

Хуыцау та йе ’мвынгонтæ н ракодта Хуры ныхæ стæ æ мæ загъта:

— Хур агуры змæ лджыты, йæ тынтыл цæ мæ й хъазой.

Зæ дтæ загъынц:

— Бар дæ хи, Хуыцау, сараз æ ппæ тдæ р, дæ у куыд фæ нды. Æ рмæ ст афтæ: кæ рæ дзи ма æ мбарæ нт змæ лджытæ, кæ ннод кæ рæ дзи куы ’мбарой, уæ д ма дæ уæ й цæ й Хуыцау уыдзæ ни, сомбон дæ м сæ хæ дæ г бырдзысты.

Хуыцау Зæ ххыл разылди, йе ’ртты дзаг сыджыт систа, лыстæ г æ й æ рмур кодта, баулæ фыди сыл, стæ й йæ акалдта æ мæ загъта:

— Змæ лæ г фестут.

Уыцы сыджыты æ згъæ лæ нтæ фестадысты лыстæ г бырджытæ: кæ лмытæ, хъæ ндилтæ, уаллæ ттæ, бындзытæ, хилджытæ, æ мæ бæ стæ сæ фтой, зæ хх къахтой, кæ рæ дзи ахстой.

Хур та ныттархуыз ис, æ мæ та Хуыцаумæ фехъусын чындæ уыди. Хуыцау та йæ фидиуæ гæ н бафæ дзæ хста, зæ гъгæ, цы ма агуры Хур.

Фидиуæ гæ н Хур зæ гъы:

— Зæ гъ Хуыцауæ н, æ з уымæ й уый нæ агуырдтон, кæ цыты сфæ лдыста.

Фидиуæ г та Хуыцауæ н Хуры хъаст ракодта. Хуыцау зæ гъы йе ’мвынгонтæ н:

— Хур разы нæ у ме сфæ лдисгæ тыл.

Зæ дтæ загътой:

— Фестырдæ р кæ н де сфæ лдисгæ ты æ мæ сæ æ ндæ р хуызæ н дæ р фæ кæ н.

Хуыцау та разылди зæ ххыл. Стыр сыджыты къуыбæ рттæ акодта æ мæ сæ донæ й бапырх кодта, стæ й загъта:

— Змæ лæ г фестут.

Уыдонæ й та равзæ рдысты къаддæ р сырдтæ: бирæ гътæ, æ рсытæ, тæ рхъустæ, рувæ стæ, сагтæ, дзæ бидыртæ æ мæ æ ндæ ртæ.

Хур сæ м касти æ мæ уыдта: сырдтæ кæ рæ дзи фыд хæ рынц, æ рдзы рæ сугъд сафынц. Тынгдæ р смæ сты, йæ тынты уæ ларв цæ рджытыл ауагъта æ мæ сæ фæ лмæ цын кодта тæ вды.

Хуыцау та æ ртыккаг хатт рарвыста фидиуæ г Хурмæ.

Фидиуæ г Хурмæ æ рхæ ццæ ис æ мæ йæ фæ рсы:

— Цæ уыл ма мæ сты дæ, Хур, Хуыцауы йæ базонын фæ нды.

Хур зæ гъы:

— Зæ гъ Хуыцауæ н: Уый алæ мæ ттаг бæ стæ йæ хынджылæ г кæ ны. Мæ н ахæ м змæ лджытæ нæ хъæ уынц. Мæ н хъæ уы Зæ ххы рæ сугъддзинады æ вæ рын чи зоны, йæ хъахъхъæ нын кæ й бон у, æ мæ кæ д тыххæ й нæ, уæ ддæ р зонды фæ рцы Зæ ххыл ныртæ ккæ цы змæ лджытæ ис, уыдоныл тых кæ на. Хуыцау кæ й сæ взæ рын кодта, уыдон кæ рæ дзи фыдхортæ сты. Мæ н хъæ уы ахæ м змæ лджытæ, кæ рæ дзи фыд куыннæ хæ рой.

Фидиуæ г рафæ змыдта Хуры ныхæ стæ Хуыцауæ н. Хуыцау æ мæ йе ’мбæ лттæ та тæ рхон кæ нынц. Уæ д зæ дтæ й иу зæ гъы:

— Рафæ лдис-иу ахæ м змæ лæ джы, иннæ тæ й хицæ н чи кæ на, Зæ ххæ н йæ хицæ й куыд уа, махмæ йын фæ ндаг куыннæ уа, цардыл уæ д, фæ лæ æ мбал ма зонæ д.

Хуыцау зæ ххыл йæ фæ ндаг ракодта, сыджыт змæ ст скодта, къæ дзæ хы фæ рчытæ йыл æ рæ вæ ры æ мæ сæ сыджыт змæ сты бафидар кæ ны, хохаг суадон ауадзы змæ стыл æ мæ равзæ рди лæ г. Сыджыт фыд фестади, къæ дзæ хы фæ рчытæ — сæ р фестынц, хохаг суадон — туг фесты.

Лæ г базмæ лыди, фæ лæ уыди гоби, нæ — дзыхæ й дзырдта, нæ — йæ дзых кодта. Уæ д дымгæ йы бардуаг Галæ гон лæ джы хъусты ныхситт ласта æ мæ хъустæ фæ ндырдзæ гъдау базмæ лыдысты. Лæ г фестади æ цæ г адæ ймаг. Лæ г акасти фæ йнæ рдæ м. Хур æ й рæ вдыдта, Мæ й йæ м ныккасти, цард æ м бахудтис. Лæ г цыди зæ ххыл, куы иу ран, куы æ ндæ р ран æ рбынат кæ ны. Йæ цард цуанæ й, Хуыцау раздæ р кæ й сфæ лдыста, уыцы фосæ й, кæ м дыргъ æ мæ халсар бахордта. Уыцы лæ г кодта рацу-бацу, ома кодта цæ рддзу цард. Ардыгæ й равзæ рди Царциаты мыггаг. Лæ г — цæ рддзой, цардагурæ г, цардгæ нæ г. Царциаты мыггаг фæ стагмæ фесæ фт, фæ лæ сæ ном кадимæ баззади.

Афтæ равзæ рди Царциаты мыггаг.

2. Царциаты равзæ рды кадæ г (вариант)

Хуыцау куывд арæ зта æ мæ йæ фынгыл йе ’мсæ ртæ уыдысты:

Дауджытæ йæ м иумæ æ рцыдысты,

зæ дтæ сæ м иннæ рдыгæ й æ рцыдысты,

Рыны бардуагæ й æ мæ æ ндæ рæ й, иууыл

Хуыцауы æ рхуынды уыдысты.

Хуыцау кувы æ мæ та рæ гъ расиды.

Хæ рынц æ мæ нуазынц, хъазынц æ мæ зарынц

Дардыл зæ лы сæ зарæ г.

Уым Хур дæ р хуындуаты уыди Мæ йимæ.

Радысты се ’ппæ т иумæ.

Уæ д Хуыцау æ рæ хснырсы æ мæ йæ сæ т

Хуры нуазæ ны ныххауы.

Хур рамæ сты ис æ мæ Хуыцаумæ дзуры:

— Махты цæ рын нæ уадзыс, æ рмæ ст дæ хицæ н æ ппæ т арыс.

 

Дæ хуындæ й æ нæ хуынд хуыздæ р у. Мæ нæ дæ сæ тæ й дзаг кæ ныс нуазинаг, абонæ й фæ стæ мæ Хуры дæ фынгыл нал фендзынæ.

 

Хур нуазæ ны фынгыл фæ цæ ф кæ ны,

Нуазæ н пырхытæ ныввæ ййы,

Мæ й та дзы хуылыдз бавæ ййы.

Фестынц иууыл сæ фынгтæ й, загъд æ мæ замана,

Расыг зæ дтæ кæ рæ дзи нæ мгæ кодтой

Дауджытæ та гуыппытæ кодтой

Иннæ тæ дæ р мыхъхъытæ систой.

Схъомпал æ мæ сдзæ лгъа-мæ лгъа сты:

чи кæ й надта, уый бæ рæ г нал уыд,

чи кæ й цавта — ацу æ мæ йæ базон.

Хур æ мæ Мæ й рацæ йхъуызыдысты.

Уæ д сæ Хуыцау ауыны,

Замды кард [1] фехсы,

Замды кард Хуры къудийыл сæ мбæ лы,

Хуры къуди, уырдыгæ й атæ хы,

Судзгæ, уыраугæ æ мæ пиллон калгæ.

Уæ д та дыккаг замды карды фехсы стыр Хуыцау.

Уый та Мæ йы къудийыл сæ мбæ лы.

Мæ йы къуди атæ хы,

йæ уæ лæ дымгæ сыстад,

Мæ й йæ цæ ссыгтæ акалы

æ мæ къудийыл æ рхауынц.

Уæ д Хуры къудийыл дæ р аныдзæ вынц,

тæ ф мигъау сбадти.

Мæ йы къуди дон фестади æ мæ уарæ гау Хуры къудийыл æ ркалди.

Хуры къуди фæ ууазалдæ р ис.

Къуди та тæ хынæ й банцадис,

уымæ й равзæ ры сау Зæ хх дæ р.

Хур тавы йæ удæ й равзæ ргæ буары,

Мæ й йæ хъахъхъæ ны тыхдымгæ тæ й.

Зæ дтæ æ мæ дауджытæ,

уыдонæ н се ’мбæ лттæ,

кæ рæ дзийыл ныххауынц,

кæ рæ дзийыл омынц,

чи сæ йæ быны мизгæ кодта,

чи та йе ’мбалыл омгæ кодта.

Куыйтау кæ рæ дзи омдзæ гтæ сдæ рдтой,

хуытау кæ рæ дзимæ æ фсæ рстой.

Хур æ мæ сыл мæ й худгæ кодтой,

сæ буарæ й сæ взæ ргæ Зæ ххыл цинтæ кодтой.

Иу абонæ й иннæ абонмæ

Уæ ларв цæ рджытæ хуыррыт фынæ й кодтой.

Дыккаг бон сыл Хур æ мæ Мæ й та

уыдон æ взæ рдзинадыл зарæ г скодтой.

Зарæ г азæ лыди, уæ лæ рвты хъуысти.

Зарæ г анæ рыд, Хуыцæ уттæ йæ м хъуыстой.

Æ гад сæ м æ ркасти сæ ми æ рæ джиау.

Хуыцау йæ лæ ггадгæ нджытæ н дзуры:

— Фынгтæ амæ рзут, хæ рды асæ рфут,

иуыл дзыхъхъыннæ уæ гæ й алчи йæ хи ахсæ д

Аргъæ ныдоны [2] Хуры тынтæ м ахъарм кæ нут.

Аргъæ ныдоны Хуры тынтæ м авæ рынц.

Хур йæ тынтæ нæ дæ тты, Хуыцаумæ барвиты:

— Æ з Аргъæ ныдон нæ бахъарм кæ ндзынæ н, кæ д мын æ ртæ фæ ндиаджы сæ ххæ ст кæ ндзынæ, кæ ннод дын ком нæ ратдзынæ н.

Хуыцау рарвиты:

— Де ’ртæ фæ ндиагæ й иуы сæ ххæ ст кæ ндзынæ н.

Хур Аргъæ ныдон хъарм кæ ны.

Хуыцæ уттæ дзы сæ хи цæ хсынц,

сыгъдæ гæ й рацæ уынц æ мæ та фынгтыл рабадынц.

Ногæ й къахонтæ [3] сæ разы февзæ рынц.

Фынгтæ æ ртасынц алы хæ ринагæ й.

Асдæ рд нæ уромы алы нуазинагæ й.

Хур æ мæ Мæ ймæ Хуыцау хонæ г арвиты.

Хур æ м барвиты:

— Кæ д мæ дыккаг фæ ндиаг сæ ххæ ст кæ най, уæ д ацæ удзынæ н.

Мæ й дæ р фæ зæ гъы:

— Æ з дæ р Хуры ныхасыл разы дæ н. Хуыцау ком радта.

Хур æ мæ Мæ й дæ р та Хуыцаумæ бацæ уынц,

Нуазæ нты цолхътæ [4] сæ м авæ рынц.

Хур æ мæ Мæ й кæ рæ дзимæ бакæ сынц. Хур зæ гъы:

— Мах нæ бакомдзыстæ м,

цалынмæ не ’ртыккаг фæ ндиаг нын сæ ххæ ст кæ най.

Хуыцау та сын ком радта уымæ й дæ р.

Ногæ й райдыдтой рæ гъытæ,

ногæ й хъæ лдзæ гдзинад байдыдтой.

Сæ ранмæ та фæ ххæ ццæ кодтой.

Хур уæ д фестади, Хуыцаумæ дзуры:

— Бæ ркад уæ д а фынгыл, фæ лæ ныр афон у,

мæ фыццаг фæ ндиаг мын сæ ххæ ст кæ н. Хуыцау фæ рсы:

— Зæ гъ дæ фæ ндиаджы. Хур дзуры:

— Замды кард мæ нæ й кæ й атыдта,

ууыл Мæ йы хай йæ цæ ссыг байтыдта.

Уыдонæ й равзæ рди ног бæ стæ — Зæ хх.

Мах фæ нды уыцы ран змæ лæ г цæ мæ й уа,

змæ лæ г зæ ххон йæ хицæ й сæ взæ рæ д.

Хуыцау адзырдта йæ тæ хоймæ [5],

уымæ н æ рбахæ ссын кæ ны зæ ххæ й сыджыты хай.

Хуыцау æ й æ ууæ рды йе ’ртты ’хсæ н.

Зæ хмæ йæ ракалы къуыбæ рттæ й.

Равзæ рынц сырдæ й, змæ лæ гæ й, бырæ гæ й.

Байдзаг сæ вæ ййы Зæ хх æ гæ ронæ й.

Фынг та цæ уы дарддæ р йæ тынджы.

Рæ гъытæ арæ х, хæ ринаг — парахат.

Хур дыккаг хатт сысты, дзуры Хуыцаумæ:

— Æ ххæ ст мын мæ дыккаг фæ ндиаджы ныр ды куы сæ ххæ ст кæ нис, уæ д хæ рын æ мæ нуазын æ нцонæ йдæ р кæ никкам.

Хуыцау дзуры:

— Зæ гъ дæ фæ ндиаджы. Хур та йæ м дзуры:

— Зæ хх змæ лæ г фестадис. Кæ рæ дзи хæ рæ г систы.

Ахæ м хорз мын куы ракæ нис:

иутæ н дзы сæ цард халсарæ й куы уаид, æ ммыст кæ д бынтон нæ фесæ фиккой.

Хуыцау та йæ тæ хойты рарвиты.

зæ ххæ й хуылыдз мæ ры схæ ссын кæ ны.

Райсы йæ йæ химæ.

Алы нывтæ дзы скæ ны,

Алы халсар æ мæ дыргътæ саразы,

Ракалы сæ Зæ хмæ.

Равзæ рынц дыргътæ, халсартæ.

Равзæ рынц æ ппæ т хъæ уæ г хæ ринæ гтæ.

Хуыцæ уттæ та дарддæ р сæ бадты сæ р кæ нынц.

Хæ рынц, нуазынц, кæ рон ын нæ арынц.

Рацыд та рæ стæ г цасдæ рæ й,

Хур нæ уæ гæ й сыстади, дзуры Хуыцаумæ:

— Бузныг дæ ракæ ндтæ й, бузныг дæ бæ ркæ дтæ й,

Фæ лæ хуыздæ р уаид, ме ’ртыккаг фæ ндиаг,

ме ’ртыккаг тыхст хъуыддаг,

уый ма мын куы саразис.

Бузныг дæ уаиккам æ з æ мæ Мæ й дæ р.

Хуыцау та радзуры:

— Зæ гъ, уæ ддæ р.

Хур æ м дзуры:

— Зæ ххыл кæ й рафæ лдыстай,

се ’ппæ тдæ р хорз сты, се ’ппæ т дæ р хъæ удзысты,

фæ лæ цалдæ н кæ рæ дзи ныр куынæ г кæ ндзысты,

бæ стæ сафгæ кæ ндзысты æ ррайау.

Ног цæ рæ г дзы сæ взæ рын кæ н ахæ мы:

се ’гасæ й зондджындæ р, се ’гасæ й барджындæ р.

Хуыцау та йæ тæ хоймæ фæ сиды, тæ хоймæ дзуры:

— Зæ ххæ й мын донæ г [6] къуыбарæ гимæ [7] къæ дзæ гтæ [8] æ рбахæ сс. Тæ хой йын сæ æ рбахæ ссы, Хуыцаумæ сæ ратты.

Хуыцау къуыбæ рæ гты донæ гæ й азмæ ста, къæ дзæ гты сыл андæ гъта,

ехсæ й йæ рацавта, стæ й йæ Зæ хмæ раппæ рста.

Хуыцау загъта:

— Змæ лæ г фест!

Змæ ст туг, фыд æ мæ стæ г фестади.

Уый фæ стæ йæ къахыл слæ ууыди,

цæ уынтæ систа, кæ стытæ кодта.

Дардыл фæ лгæ сыд, бæ стæ йæ зæ рдæ мæ цыд.

Райдыдта лæ г цæ уын цуаны,

сырды фыдæ й царди, алы халсар хордта,

цыд рæ стæ г, афтæ лæ г цæ рддзу кодта.

Кæ м ыл талынг кодта, уым уыди йæ хæ дзар.

Арвы бын уæ вгæ йæ — Хурæ й хæ дон дардта,

зæ ххыл къахæ й цæ угæ йæ — зæ ххæ й дзабыр кодта.

Лæ г цæ рддзу кодта, лæ г амæ лттæ кодта,

цардагур лæ г царди æ мæ йæ схуыдтой

Царци.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.